Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Пехуымпарӕдтӕ нӕ рӕстӕджы тыххӕй

Пехуымпарӕдтӕ нӕ рӕстӕджы тыххӕй

Пехуымпарӕдтӕ нӕ рӕстӕджы тыххӕй

БИБЛИЙЫ фыст уыд, Хуыцауы Паддзахад зӕхмӕ ӕнустӕм сабырдзинад ӕмӕ амондджын цард кӕй ӕрхӕсдзӕн (Данел 2:44). Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта кувын: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:10). Чырысти Оливӕбӕлӕсты хохыл йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, уыцы Паддзахад цалынмӕ бартӕ йӕ къухмӕ нӕ райса, уый хӕдразмӕ дунейы цытӕ цӕудзӕн, уый. Ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн уыдзысты бӕрӕггӕнӕнты хуызӕн. Дӕлдӕр цы хабӕрттыл цӕуы дзырд, уыдон дӕхи цӕстӕй нӕ уыныс?

Стыр хӕстытӕ. Йесо Чырысти загъта: «Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ» (Матфейы 24:7). 1914 азы размӕ-иу хӕстытӕ арӕхдӕр уыдысты иу адӕмыхатты ’хсӕн. Фыццаг дунеон хӕст та зӕххӕн йӕ фылдӕр хайыл апарахат. Уымӕй уӕлдай ма, уӕдмӕ адӕм кӕй нӕ зыдтой, ахӕм тӕссаг хӕцӕнгарз дӕр фӕзынд. Зӕгъӕм, ӕрхъуыды кодтой, цӕрджытыл бомбӕтӕ чи ӕппӕрста, ахӕм аэроплантӕ. Бӕстӕтӕ хӕцӕнгарз аразын кӕй райдыдтой, уымӕ гӕсгӕ фӕцагъды, раздӕримӕ абаргӕйӕ, тынг бирӕ адӕм. Уыцы хӕсты цы 65 милуан ӕфсӕддоны хӕцыд, уыдонӕн се ’мбисы бӕрц йе цӕфтӕ фесты, йе та сӕ маргӕ акодтой. 20 ӕнусы азӕй-азмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр адӕм цагъды кодта. Иу историкы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Дыккаг дунеон хӕсты цас ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ хуымӕтӕг адӕм фӕмард, уыдонӕн сӕ нымӕц «никуы ничи сбӕлвырд кӕндзӕн». Хӕстытӕн абон дӕр нӕй кӕрон.

Бирӕ рӕтты ӕххормаг ӕййафдзысты. «Адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг» (Матфейы 24:7). 2005 азы иу журналы фыст уыди: «Абон ӕдзух ӕххормаг чи ӕййафы кӕнӕ мамӕлайы къӕбӕрӕй чи цӕры, уыдон сты 854 милуан адӕймаджы – авд адӕймагӕй иу» («Science»). 2007 азы Иугонд Нациты Организацийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 33 бӕстӕйы сӕ цӕрджыты цӕмӕй фӕдарой, уый фаг хойраг сӕм нӕ уыд. Цымӕ уый гӕнӕн куыд ис, кӕд ӕмӕ дунейы фылдӕрӕй-фылдӕр хор тауынц, уӕд? Иу уый, ӕмӕ адӕмы фӕдарынӕн цы мӕнӕу хъӕуы, уымӕй аразынц этанол. Иу газеты ныффыстой, зӕгъгӕ, цӕмӕй иу стыр машинӕйы ӕнӕхъӕн бак этанол ныккӕнай, уый тыххӕй хъӕуы, иу адӕймагӕн афӕдзы фаг цас мӕнӕу хъӕуы, уыйбӕрц («The Witness»). Хъӕздыг бӕстӕты дӕр хойраг зынаргъдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ бирӕты хъӕуы ӕвзарын: хӕринаг балхӕной ӕви, зӕгъӕм, хостӕ кӕнӕ газӕн бафидой.

Стыр зӕххӕнкъуыстытӕ. Йесо Чырысти загъта: «Уыдзӕн стыр зӕххӕнкъуыстытӕ» (Лукайы 21:11). Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ абон зӕххӕнкъуысты тыххӕй цас адӕм мӕлы, уыйбӕрц никуы, уӕд нӕ рӕдийыс. 2007 азы иу индиаг сейсмолог Р. К. Чадха загъта: «Абон зӕххӕнкъуыстытӕ ӕгас дунейы дӕр тынг сарӕх сты... Ӕмӕ афтӕ цӕмӕн у, уый ничи зоны». Уымӕй уӕлдай, зӕххӕнкъуыстытӕ арӕх кӕм вӕййы, уым адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕнынц, бирӕ мӕрдтӕ дӕр дзы уый тыххӕй вӕййы. Америкӕйаг геологты хъуыдымӕ гӕсгӕ, «фӕстаг 500 азы цы зӕххӕнкъуыстытӕ уыд», уыдонӕй иуы дӕр уыйбӕрц адӕм нӕ фӕмард, 2004 азы Индиаг океаны цы зӕххӕнкъуыст ӕмӕ цунами уыд, уым цас адӕм бабын. «Историйы ма уыд ӕрмӕстдӕр иу аз, уымӕй фылдӕр адӕм кӕд фӕмард».

Хос кӕмӕн нӕй, ахӕм низтӕ. Чырысти загъта: «Сыстдзӕн фыднизтӕ» (Лукайы 21:11). Ӕнӕхъӕн дунейы, рагӕй кӕимӕ тох кӕнынц, уыцы низтӕй ӕмӕ ног низтӕй тынг бирӕ адӕм фӕрынчын вӕййы, дзӕбӕх кӕнын та сӕ зын у. Зӕгъӕм, бирӕ бӕстӕтӕ малярийӕйы ныхмӕ тох кодтой, фӕлӕ сын уӕддӕр ницы бантыст. Уымӕй уӕлдай милуантӕ амӕлы, рагӕй кӕй ныхмӕ тох кӕнынц, ахӕм низтӕй, зӕгъӕм, туберкулезӕй, СПИД-ӕй ӕмӕ ӕндӕр ног низтӕй. Адӕмы ӕнӕниздзинадыл чи тыхсы, уыцы организаци куыд зӕгъы, афтӕмӕй «абон адӕмӕн се ’ртыккаг хай рынчын сты туберкулезӕй». Стӕй ма зӕгъы, зӕгъгӕ, ВИЧ-ы тыххӕй бирӕ бӕстӕты туберкулез кӕй парахат кӕны. Алы секунд дӕр иу адӕймаг фӕрынчын вӕййы туберкулезӕй, ӕмӕ йыл хостӕ дӕр нал тых кӕнынц. 2007 азы иу журналы фыст уыд, зӕгъгӕ, Европӕйы иу адӕймагмӕ ссардтой туберкулезы ахӕм формӕ, ӕмӕ йын иу хосӕн дӕр йӕ бон ницы у («New Scientist»).

Ӕгъдау ӕмӕ ’фсарм нал уыдзӕн. Йесо Чырысти загъта: «Фыдхъуыддӕгтӕ кӕй сарӕх уыдзысты, уый аххосӕй адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн» (Матфейы 24:12). Стӕй ма апостол Павел дӕр загъта, адӕммӕ ӕгъдау ӕмӕ ’фсарм кӕй нал уыдзӕн. Хуыцауы Паддзахад ацы дунейӕн кӕрон куы скӕна, уый размӕ «фӕстаг бонты» цавӕр цард уыдзӕн, уый тыххӕй ныффыста: «Адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг, хъал, сӕрбӕрзонд, Хуыцауы фаудзысты, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсдзысты, хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзысты, уыдзысты мӕнгард, бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн, уыдзысты зындзырд, иннӕты фыдкой кӕндзысты, хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, уыдзысты ӕгъатыр, хорздзинад нӕ уарздзысты, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты, уыдзысты хивӕнд, сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсдзысты, Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ, сӕхи афтӕ ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауыл иузӕрдион сты, фӕлӕ сӕ цардӕй та уый бӕрӕг нӕ уыдзӕн» (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Куыд дӕм кӕсы, адӕм нӕ фӕфыддӕр сты?

Дуне ахӕм уавӕрмӕ цӕмӕн ӕрцӕудзӕн, ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕ Йесо Чырысти ӕмӕ апостол Павел нӕ ранымадтой. Фӕлӕ сӕ пехуымпарӕдты бӕлвырд загътой, цы хабӕрттӕ цӕудзӕн ӕмӕ адӕмӕн цавӕр зондахаст уыдзӕн, уый. Ӕмӕ уыдӕттӕ абон нӕхи цӕстӕй уынӕм. Фидӕны тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Исай ма загъта, Чырысти зӕхмӕ кӕй ӕрцӕудзӕн. Уымӕй уӕлдай ма загъта, Хуыцауы Паддзахад зӕххыл цы диссаджы цард скӕндзӕн, уый тыххӕй дӕр. Ууыл та аныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы.

[Ныв 6 фарсыл]

«Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ»

[Ныв 7 фарсыл]

«Сыстдзӕн фыднизтӕ»

[Барлӕвӕрдӕй]

© WHO/​P. Virot