Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕстӕртӕн

Сӕ фыдвӕндтӕ сӕхиуыл ӕрцыдысты!

Сӕ фыдвӕндтӕ сӕхиуыл ӕрцыдысты!

Хӕслӕвӕрд. Скӕн ӕй, кӕм дӕ ничи хъыгдардзӕн, ахӕм бынаты. Библи куы кӕсай, уӕд дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма ды дӕр уым дӕ: цы аразынц, уый дӕхи цӕстӕй уыныс, цы дзурынц, уый хъусыс. Дӕхи сӕвӕр сӕйраг архайджыты бынаты ӕмӕ бацархай, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарыныл.

АХЪУЫДЫ КӔН АЦЫ СКЪУЫДДЗАГЫЛ. БАКӔС ДАНЕЛ 6:1–28.

Куыд дӕм кӕсы, Дарий цавӕр адӕймаг уыд? Йе ’ддаг бакаст цахӕм уыд? Цы хъӕлӕсы уагӕй ныхас кодта? (Иу хатт ма бакӕс 14, 16, 18–20 стихтӕ.)

․․․․․

Цавӕр дзыхъхъ уыди ӕмӕ домбӕйттӕ цыхуызӕн уыдысты?

․․․․․

Куыд дӕм кӕсы, Данелы дзыхъхъы домбӕйттӕм куы ныппӕрстой ӕмӕ йын йӕ дуар куы сӕхгӕдтой, уӕд фыццаг цалдӕр минуты цы ’рцыд?

․․․․․

ЛӔМБЫНӔГДӔР АХЪУЫДЫ КӔН.

Хицӕуттӕ Данелмӕ цӕмӕн хӕлӕг кодтой? (Иу хатт ма бакӕс 3 стих.)

․․․․․

Данел ӕргом цӕмӕн куывта, кӕд йӕ бон йӕхинымӕр кувын уыди, уӕд? (Иу хатт ма бакӕс 10, 11 стихтӕ.)

․․․․․

Закъон кувыны бар кӕй нӕ лӕвӕрдта, уый Даримӕ хорз цӕмӕн фӕкасти? (Иу хатт ма бакӕс 7 стих.)

․․․․․

ЦЫ БАЗЫДТАЙ, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ. НЫФФЫСС, ЗОНДӔН ЦЫ РАЙСТАЙ...

Нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд хъӕбатыр кӕй хъуамӕ уӕм.

․․․․․

Кувын ахсджиаг кӕй у.

․․․․․

Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл кӕй тыхсы.

․․․․․

АЦЫ ХАБАРӔЙ ДЫН СТЫРДӔР ПАЙДА ЦЫ ӔРХАСТА ӔМӔ ЦӔМӔН?

․․․․․