Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Тагъд рӕстӕджы цы уыдзӕн?

Тагъд рӕстӕджы цы уыдзӕн?

Тагъд рӕстӕджы цы уыдзӕн?

ФИДӔНЫ адӕммӕ ӕмӕ зӕхмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй апостол Петр ныффыста: «Мах, зӕрдӕ нын [Хуыцау] куыд бавӕрдта, афтӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ» (2 Петры 3:13). Уыцы «ног арв ӕмӕ ног зӕххы» тыххӕй фыццаг хатт ныффыста пехуымпар Исай (Исай 65:17; 66:22). Петр ацы пехуымпарады тыххӕй куы дзырдта, уӕд бамбарын кодта, йӕ рӕстӕджы ӕнӕхъӕнӕй кӕй нӕ сӕххӕст, уый.

Фӕстӕдӕр, нӕ эрӕйы 96 азмӕ ’ввахс, апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта «ног зӕхх» ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый (Раргомад 21:1–4). Йесо Чырысти ӕмӕ апостол Павел дзырдтой, зӕххыл цытӕ цӕудзӕн, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ нӕ райса, уӕдмӕ ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ абон ӕххӕст кӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, тагъд уыцы Паддзахад ног дуне кӕй сараздзӕн. Цымӕ цавӕр цард уыдзӕн ног дунейы? Уый тыххӕй ис фыст Исайы чиныджы.

Ног дунейы цы хорздзинӕдтӕ уыдзӕн?

Адӕм фӕрнӕй цӕрдзысты ӕмӕ иу Хуыцауӕн кувдзысты. «Сӕ хъаматӕй гутӕттӕ сараздзысты ӕмӕ сӕ ӕрцытӕй та – ӕхсӕдӕн хӕсгӕрдтӕ. Иу адӕм иннӕ адӕммӕ хъама нал сисдзӕн, ӕмӕ хӕцын дӕр нал ахуыр кӕндзысты» (Исай 2:2–4).

Адӕм ӕмӕ сырдтӕ кӕрӕдзийӕ нӕ тӕрсдзысты. «Бирӕгъ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ цӕрдзӕн уӕрыккимӕ, фыранк хуысдзӕн сӕныккимӕ; род, барцджын ӕрыгон домбай ӕмӕ хӕрзхаст фос уыдзысты иумӕ, ӕмӕ сӕ гыццыл лӕппу ракӕ-бакӕ кӕндзӕн. Хъуг ӕмӕ арс хиздзысты, ӕмӕ сӕ лӕппынтӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм хуысдзысты. Домбай та галау хӕрдзӕн хъӕмп... Мӕ сыгъдӕг хохыл фыддзинад ӕмӕ ӕвзӕрдзинад нӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ дӕттӕ денджыз куыд дзаг кӕнынц, афтӕ зӕхх байдзаг уыдзӕн Йегъовӕйы тыххӕй зонындзинӕдтӕй» (Исай 11:6–9).

Хӕринаг уыдзӕн парахат. «Ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ ацы хохыл ӕппӕт адӕмтӕн сараздзӕн куывд ӕмӕ дзы уыдзӕн дзаджджын фынгтӕ, бадт сӕн, дзаджджын хӕринӕгтӕ стӕджы магъзимӕ, уыдзӕн дзы сыгъдӕг сӕн» (Исай 25:6).

Мӕлӕт нал уыдзӕн. «[Хуыцау] мӕлӕт ӕнустӕм фесафдзӕн, ӕмӕ Иунӕг Кадджын Хуыцау Йегъовӕ ныссӕрфдзӕн цӕссыгтӕ се ’ппӕт цӕсгӕмттӕй дӕр. Ӕмӕ ӕгас зӕххыл йӕ адӕмӕй ӕгады ном сисдзӕн, уымӕн ӕмӕ уый Йегъовӕ йӕхӕдӕг загъта» (Исай 25:8).

Мӕрдтӕ райгас уыдзысты. «Чи амард, уыдон та цӕрдзысты. Мӕрдтӕ райгас уыдзысты. Райхъал ут ӕмӕ фырцинӕй хъӕр кӕнут, сыджыты чи ис, уыдон! ...Зӕхх дӕр ратдзӕн мӕрдты» (Исай 26:19).

Чырысти раст тӕрхон кӕндзӕн. «Цӕстӕй цы уына, ӕрмӕст уымӕ гӕсгӕ нӕ тӕрхон кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ хъустыл цы ӕруайа, ӕрмӕст уымӕ гӕсгӕ нӕ уайдзӕф кӕндзӕн. Мӕгуыртӕн кӕндзӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон, ӕмӕ раст уайдзӕф кӕндзӕн, цӕмӕй зӕххыл цӕрӕг сӕрныллӕг адӕмӕн хорз уа» (Исай 11:3, 4).

Куырмытӕ ӕмӕ къуырматӕ сдзӕбӕх уыдзысты. «Куырмытӕ цӕстӕй ракӕсдзысты ӕмӕ къуырматӕ хъусӕй хъусдзысты» (Исай 35:5).

Ӕдзӕрӕг быдыр дидинӕг рафтаудзӕн. «Ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ хус бӕстӕ цин кӕндзысты, ӕмӕ кӕм ницы зайы, уыцы фӕзбыдыр райдзӕн ӕмӕ сафранау дидинӕг калдзӕн. Дидинӕг калдзӕн, ӕмӕ уыдзӕн тынг хъӕлдзӕг, ӕмӕ дзы цины хъӕлӕба хъуысдзӕн» (Исай 35:1, 2).

Ног зӕхх. «Ӕз аразын ног арв [ног уӕларвон хицауад] ӕмӕ ног зӕхх [рӕстаг адӕм]; раздӕр цы уыд, уый хъуыды дӕр нал ӕркӕндзыстут ӕмӕ уӕ зӕрдыл дӕр нал ӕрлӕудзӕн. Фӕлӕ сымах хъӕлдзӕг ут, ӕмӕ ӕнустӕм цин кӕнут, ӕз цы аразын, ууыл... Уыдон [Хуыцауы ног дунейы чи цӕрдзӕн] араздзысты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ дзы цӕрдзысты; садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты. Нӕ араздзысты, цӕмӕй дзы ӕндӕр исчи цӕра, ӕмӕ нӕ садздзысты, цӕмӕй сӕ ӕндӕр исчи хӕра. Уымӕн ӕмӕ мӕ адӕмы бонтӕ уыдзысты бӕласы бонтау; ӕмӕ ме ’взӕрстытӕ сӕ къухты фыдӕбонӕй пайда кӕндзысты ӕххӕстӕй. Сӕ фӕллой дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ мастӕн нӕ гуырдзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон уыдзысты Йегъовӕйы арфӕгонд адӕмы байзӕддӕгтӕ, ӕмӕ сӕ цот дӕр уыдзысты семӕ. Цалынмӕ мӕм нӕ фӕдзурой, уӕдмӕ сын дзуапп ратдзынӕн. Нырма дзурын нӕ райдайдзысты, афтӕмӕй сӕ ӕз фехъусдзынӕн». «Цы ног арв ӕмӕ ног зӕхх сфӕлдисдзынӕн, уыдон куыд уыдзысты мӕ разы,– дзуры Йегъовӕ,– афтӕ уыдзысты уӕ байзӕддаг дӕр ӕмӕ уӕ ном дӕр» (Исай 65:17–25; 66:22).

Диссаджы фидӕн

Библийы ӕрмӕст Исайы чиныджы нӕй фидӕны тыххӕй фыст. Ис ма дзы бирӕ пехуымпарӕдтӕ, фидӕны Хуыцау цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сараздзӕн йӕ Паддзахады руаджы, Чырысти йӕ сӕргъы, афтӕмӕй *. Фӕнды дӕ ахӕм дунейы цӕрын? Уый фадат дын ис! Базон, Библи Хуыцауы ӕмӕ йӕ фӕндоны тыххӕй цы дзуры, уый ӕмӕ дӕ цы саразын хъӕуы, цӕмӕй уыцы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уай. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын зӕрдиагӕй баххуыс кӕндзысты.

[Фиппаинаг]

^ 15 абз. Хуыцауы Паддзахад цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 76–85 фф. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Ныв 8 фарсыл]

Адӕм ӕмӕ сырдтӕ кӕрӕдзийӕ нӕ тӕрсдзысты

[Ныв 9 фарсыл]

Мӕрдтӕ райгас уыдзысты

[Ныв 10 фарсыл]

Зӕхх дзӕнӕт суыдзӕн