Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фидӕны цы уыдзӕн, уый чи зоны?

Фидӕны цы уыдзӕн, уый чи зоны?

Фидӕны цы уыдзӕн, уый чи зоны?

«Ӕз дӕн Хуыцау... Райдианӕй дзурын, цы ’рцӕудзӕнис, уый, ӕмӕ раджы замантӕй – цы нӕма ис, уый тыххӕй» (Исай 46:9, 10).

МАХ цӕрӕм змӕст дунейы. Политологтӕ, экономисттӕ ӕмӕ социологтӕ иртасынц истори ӕмӕ абоны цард, цӕмӕй базоной, фидӕны цы уыдзӕн, уый. Иннӕты та сӕ фидӕн зонын тынг кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ фӕфӕрсынц астрологты кӕнӕ дӕсныты. Фӕлӕ арӕх фӕфыдӕнхъӕл вӕййынц. Цымӕ ацы дунемӕ, нӕ бинонтӕм ӕмӕ нӕхимӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый базонӕн ӕппындӕр нӕй? Искӕй бон у фидӕн зонын?

Райдианы цы ныхӕстӕ ис, уыдон Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕ загъта пехуымпар Исайӕн. Уыцы ныхӕстӕй бӕрӕг у, фидӕны цы уыдзӕн, уый ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы бон кӕй у зӕгъын. Исайы уылты Йегъовӕ загъта, израилӕгтӕ Вавилоны уацарӕй кӕй ссӕрибар уыдзысты, фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ кӕй ӕрыздӕхдзысты ӕмӕ Иерусалим ӕмӕ йӕ кувӕндон ногӕй кӕй сараздзысты. Бӕлвырдӕй та уыцы пехуымпарады цы уыди загъд? 200 азы раздӕр Исай загъта, Вавилоныл чи фӕуӕлахиз уыдзӕн, уый ном – Кир. Уымӕй уӕлдай ма Исай загъта, Кир куыд архайдзӕн, уый: Евфраты цӕугӕдон ӕндӕрырдӕм аздахдзӕн ӕмӕ афтӕмӕй горӕтмӕ бабырсдзӕн. Стӕй горӕты стыр дуӕрттӕ ӕнӕрхъуыдыйӕ гомӕй кӕй баззайдзысты, ӕмӕ уый руджы Кир ӕнцонтӕй кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн (Исай 44:24–45:7).

Хуыцауимӕ абаргӕйӕ адӕймагӕн йӕ бон нӕу фидӕн зонын. Зондджын паддзах Соломон загъта: «Райсомы бонӕй ма ’ппӕл, уымӕн ӕмӕ, цы ’рхӕсдзӕн, уый нӕ зоныс» (Ӕмбисӕндтӕ 27:1). Афтӕ у абон дӕр. Адӕймагӕн йӕ бон нӕу йӕхи фидӕн дӕр зонын. Цымӕ Хуыцауӕн та йӕ бон у зӕгъын, фидӕны цы уыдзӕн, уый? Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уый хорз зоны, уыимӕ адӕймаджы удыхъӕд ӕмӕ зондахаст дӕр. Ӕмӕ йӕ куы бафӕнда, уӕд йӕ бон у рагацау зӕгъын, адӕймаг ӕмӕ суанг ӕнӕхъӕн адӕмыхӕттытӕ куыд архайдзысты, уый. Уымӕй уӕлдай ма, йӕ бон у, хъуыддӕгтӕ йӕхи куыд фӕнды, афтӕ аразын. Йӕ пехуымпарты уылты исты куы фӕзӕгъы, уӕд афтӕ бакӕны, цӕмӕй «йӕ лӕггадгӕнӕджы ныхас сӕххӕст уа ӕмӕ йӕ минӕвӕрттӕ цы хъусын кӕнынц, уый ма фӕмӕнг уа» (Исай 44:26). Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн у йӕ бон ацы ныхӕстӕ зӕгъын.

Йесо Чырысти кӕй райгуырдзӕн, уый тыххӕй иу-700 азы раздӕр дзырдта пехуымпар Исай. Фӕлӕ 18 ӕнусӕй фӕстӕмӕ Библийы ныхмӕ чи дзуры, уыдон дызӕрдыг кодтой, Исайы чиныг Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй уыд, ууыл. Уыдон дзырдтой, зӕгъгӕ, Исайы чиныджы пехуымпарӕдтӕ ӕцӕг нӕ уыдысты, фӕлӕ хабӕрттӕ ныффыстой, куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ. Цымӕ ӕцӕгдӕр афтӕ уыд? 1947 азы Мард денджызмӕ ’ввахс иу лӕгӕты ссардтой Исайы чиныг ӕмӕ ӕндӕр рагон тыхтӕттӕ. Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй уыцы чиныг фыст ӕрцыд, Чырыстийы райгуырдмӕ ма сӕдӕ азӕй фылдӕр куы хъуыд, уӕд. Уӕдӕ Библи раргом кодта, фидӕны цы уыдзӕн, уый.

Исайӕн ӕмӕ Библийы фысджытӕн сӕ бон нӕ уыд фидӕны хабӕрттӕ сӕхи зондӕй ныффыссын. Уыдон «дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, сыгъдӕг уд сын куыд амыдта, афтӕ» (2 Петры 1:21). Иннӕ статьяты лӕмбынӕг ӕркӕсдзыстӕм, Йесо Чырыстийы царды тыххӕй Исай цы пехуымпарӕдтӕ ныффыста, уыдонмӕ. Стӕй та аныхас кӕндзыстӕм, Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ рӕстӕджы ӕмӕ фидӕны тыххӕй цы дзырдтой, ууыл.