Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс ут Хуыцаумӕ

«Фӕзмут Хуыцауы»

«Фӕзмут Хуыцауы»

Ефесӕгтӕм 4:32–5:2

ХӔЛАРЗӔРДӔ. Тӕригъӕдгӕнаг. Хатыргӕнаг. Уарзӕгой. Хъыгагӕн, ахӕм адӕм бирӕ нӕй. Дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Искуы дӕм афтӕ фӕкӕсы ӕмӕ цасфӕнды ма архайай, уӕддӕр дӕм ахӕм миниуджытӕ никуы фӕзындзӕн? Ноджы ма де ’взӕр миниуджытӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ дӕ зӕрдыл куы ’рлӕууынц, уӕд дӕ къухтӕ ӕруадзыс, ницы мӕ рауайдзӕн, зӕгъгӕ? Фӕлӕ Библийы фыст ис, не Сфӕлдисӕг кӕй зоны, нӕ бон хорзӕрдӕм ивын кӕй у.

Библи Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджыты разӕнгард кӕны: «Уӕдӕ, уарзон хъӕбултау, фӕзмут Хуыцауы» (Ефесӕгтӕм 5:1). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытыл кӕй ӕууӕнды. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Йегъовӕ Хуыцау адӕймаджы сфӕлдыста йӕхимӕ гӕсгӕ, йӕхи хуызӕн (Райдиан 1:26, 27). Уый ууыл дзурӕг у ӕмӕ Хуыцаумӕ йӕхимӕ цы миниуджытӕ ис, уыдонӕй адӕймаджы дӕр схайджын кодта *. Библи нӕ куы фӕразӕнгард кӕны, «фӕзмут Хуыцауы», зӕгъгӕ, уӕд нын, цыма, Йегъовӕ йӕхӕдӕг фӕдзуры: «Уӕ бон бауыдзӕн! Ӕз ӕй зонын, кӕд ӕнӕххӕст стут, уӕддӕр уӕ бон кӕй у мӕн бафӕзмын».

Хуыцауы миниуджытӕй нӕ бон кӕцытӕ у фӕзмын? Уый бӕрӕг у Ефесӕгтӕм 4:32 стихӕй. Уым фыст ис хӕларзӕрдӕдзинады тыххӕй, кӕрӕдзийы зын кӕй хъуамӕ ӕмбарӕм ӕмӕ хатыр кӕй хъуамӕ кӕнӕм. Ацы ныхӕсты фӕстӕ Павел загъта, «уӕдӕ» фӕзмут Хуыцауы, зӕгъгӕ (Ефесӕгтӕм 5:1). Уый фӕстӕ нын Павел фӕдзӕхсы иннӕты удуӕлдайӕ уарзын (Ефесӕгтӕм 5:2). Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй хӕларзӕрдӕ, тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ хатыргӕнаг уӕм, уӕд хъуамӕ фӕзмӕм Йегъовӕ Хуыцауы.

Цӕмӕ нӕ хъуамӕ фӕнда Хуыцауы фӕзмын? Павел зӕгъы: «Уарзон хъӕбултау, фӕзмут Хуыцауы». Куыд зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ сты! Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фӕлмӕн уарзтӕй уарзы, фыд йӕ хъӕбулты куыд уарзы, афтӕ. Чысыл лӕппу йӕ фыды хуызӕн уа, уымӕ куыд фӕбӕллы, раст афтӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ бӕллой, цӕмӕй сӕ уӕларвон Фыды хуызӕн уой.

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм барвӕндонӕй фӕзмой. Афтӕ сӕ сфӕлдыста, цӕмӕй сӕхӕдӕг ӕвзарой, куыд бакӕной, уый. Уӕдӕ Хуыцауы фӕзмдзынӕ ӕви нӕ, уый дӕхицӕй кӕнгӕ у (Дыккаг закъон 30:19, 20). Фӕлӕ дӕ рох макуы уӕд, дӕ бон кӕй у Хуыцауы миниуджытӕ фӕзмын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы фӕзмӕм, уый тыххӕй хъуамӕ зонӕм, цавӕр Хуыцау у, уый. Библийӕ базонӕн ис Хуыцауы миниуджытӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Милуангай адӕмы бафӕнды уыцы миниуджытӕ фӕзмын.

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Колоссӕгтӕм 3:9, 10 стихтӕм гӕсгӕ Хуыцау адӕймаджы йӕхи хуызӕн кӕй сфӕлдыста, уый нысан кӕны, цыдӕр миниуджытӕй йӕ кӕй схайджын кодта. Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ йӕ «удыхъӕд ногмӕ раива... чи йӕ сфӕлдыста, уый [Хуыцауы] удыхъӕдмӕ гӕсгӕ».