Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хорз фыд цавӕр хъуамӕ уа?

Хорз фыд цавӕр хъуамӕ уа?

«Фыдӕлтӕ, уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, цӕмӕй сӕхимӕ ма ныхъхъусой» (Колоссӕгтӕм 3:21).

ФЫД цы хъуамӕ араза, цӕмӕй йӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕна? Хъуамӕ ӕмбара, цы ахсджиаг хӕс ыл ис, уый. «Фыд йӕ хӕстӕ куыд ӕххӕст кӕны, уымӕй бирӕ кӕнгӕ у, сывӕллонӕн йӕ зондахаст ӕмӕ йӕ удыхъӕд цавӕр уыдзысты, уый»,– фыст ис психологийы тыххӕй иу журналы.

Фыдӕн йӕ хӕс цы у? Бирӕ бинонтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ фыдӕн йӕ хӕс у бафхӕрын. Сывӕллон йӕхи ӕвзӕр куы фӕдары, уӕд арӕх мад фӕзӕгъы: «Мӕнӕ уал дӕ фыд ӕрбацӕуа!» Цӕмӕй сывӕллонӕй ӕмбаргӕ адӕймаг рауайа, уый тыххӕй йӕ бафхӕрын дӕр фӕхъӕуы. Фӕлӕ хорз фыд уай, уымӕ фылдӕр цыдӕртӕ хауы.

Хъыгагӕн, бирӕтӕн нӕ уыд, кӕй бафӕзмыдтаиккой, ахӕм фыд. Иуӕй-иутӕ схъомыл сты ӕнӕ фыдӕй. Иннӕтӕн та уыд карз, тызмӕг фыд, ӕмӕ ныр сӕхӕдӕг дӕр сӕ сывӕллӕттимӕ сӕхи афтӕ дарынц. Ахӕм фыдӕн йӕ бон цы у саразын, цӕмӕй йӕ зондахаст аива ӕмӕ хорз фыд уа?

Ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕ ис Библийы – бинонты цардӕн разамынд кӕм ис, уыцы чиныджы. Уыцы уынаффӕтӕ ӕнӕуи ныхӕстӕ не сты, фӕлӕ сты адӕймаджы пайдайӕн. Библийы уынаффӕтӕй бӕрӕг у, чи йӕ ныффыссын кодта ӕмӕ бинонты цардӕн бындур чи ӕрӕвӕрдта, уый зонд – Йегъовӕ Хуыцауы зонд (Ефесӕгтӕм 3:14, 15). Уӕдӕ дын кӕд сывӕллӕттӕ ис, уӕд хорз уаид, куы ’ркӕсис, фыд цахӕм хъуамӕ уа, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уымӕ *.

Фыд йӕ хӕстӕ хорз куы ’ххӕст кӕна, уӕд уый сывӕллонӕн ӕрмӕст йе ’нӕниздзинад ӕмӕ удыхъӕдыл нӕ фӕзындзӕн, фӕлӕ ма йӕ Хуыцауы уарзын дӕр сахуыр кӕндзӕн. Фыд йӕ сывӕллоны куы уарза ӕмӕ йӕ хорз ӕмбал куы уа, уӕд сывӕллонӕн ӕнцондӕр уыдзӕн Хуыцауы уарзын. Библийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Йегъовӕ у не Сфӕлдисӕг ӕмӕ нӕ Фыд (Исай 64:8). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, фыд ӕнӕмӕнг цы ӕхсӕз хъуыддаджы хъуамӕ араза, уымӕ. Аныхас кӕндзыстӕм, фыд Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайа, уӕд ын уый куыд баххуыс кӕндзӕн йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн.

1 Дӕ сывӕллоны уарз

Йегъовӕ у ӕппӕты хуыздӕр Фыд. Йесо Чырыстимӕ Хуыцау цы зӕрдӕ дары, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Фыд уарзы йӕ Фырты» (Иоанны 3:35; Колоссӕгтӕм 1:15). Йегъовӕ цалдӕр хатты загъта йӕ Фыртӕн, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ дзы райгонд кӕй у. Чырысти донаргъуыд куы райста, уӕд Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй загъта: «Ды дӕ мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Лукайы 3:22). Йесо Чырысти фидарӕй зыдта, йӕ Фыд ӕй кӕй уарзы. Уымӕй фыд цӕуыл ахуыр кӕны?

Дӕ сывӕллонӕн ӕдзухдӕр дзур, кӕй йӕ уарзыс. Фондз сывӕллоны фыд Келвин загъта: «Ӕппынӕдзухдӕр мӕ сывӕллӕттӕн дзырдтон, кӕй сӕ уарзын, уый. Ӕмӕ сын уый ӕрмӕст дзургӕ нӕ кодтон, фӕлӕ дзы алкӕуылдӕр зӕрдиагӕй тыхстӕн. Гыццылӕй-иу сӕ бын куы схуылыдз кодтой, уӕд-иу сӕ раивтон ӕмӕ-иу сӕ найгӕ дӕр кодтон». Стӕй ма сывӕллӕттӕ хъуамӕ зоной, райгонд сӕ кӕй дӕ, уый. Хъӕуа-нӕхъӕуа сын ма уайдзӕф кӕн, фӕлӕ сӕ зӕрдиагӕй ӕппӕл. Донизетийӕн ис дыууӕ стыр чызджы ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Фыд йӕ сывӕллӕттӕй хъуамӕ истӕй тыххӕй ӕппӕла». Сывӕллӕттӕ куы зоной, райгонд сӕ кӕй дӕ, уӕд сӕхицӕн аргъ кӕндзысты. Ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы дӕр тынгдӕр уарздзысты.

2 Фӕзминаг сын у

Йесо аразы, йӕ «Фыды цы аразгӕ уыны, уый» (Иоанны 5:19). Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ Йесо уыдта, йӕ Фыд цы «арӕзта», уый ӕмӕ стӕй йӕхӕдӕг дӕр афтӕ кодта. Сывӕллӕттӕ дӕр афтӕ сты. Зӕгъӕм, лӕг йӕ усӕн куы аргъ кӕна, уӕд йӕ лӕппу куы сыстыр уа, уӕд уый дӕр сылгоймӕгтӕн аргъ кӕндзӕн. Фыд йӕхи куыд дары, уый ӕрмӕст лӕппуйыл не ’ндавы, фӕлӕ йӕ чызг нӕлгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсдзӕн, ууыл дӕр.

Мыййаг, дӕ сывӕллӕттӕн хатыр курын зын у? Ам дӕр та фыдӕй бирӕ кӕнгӕ у. Иу хатт Келвинӕн йӕ дыууӕ лӕппуйы зынаргъ къамисӕн асастой. Фырмӕстӕй стъол къухӕй ахӕм цӕф фӕкодта, ӕмӕ дыууӕ дихы фӕци. Йӕхиуыл кӕй нӕ фӕхӕцыд, уый йӕм худинаг ӕркасти ӕмӕ хатыртӕ ракуырдта йӕ усӕй ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕй. Келвинмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ хатыр кӕй ракуырдта, уый йӕ сывӕллӕттыл хорзӕрдӕм фӕзынд, ӕмӕ ныр сӕхицӕн дӕр зын нӕу хатыр курын.

3 Семӕ рӕстӕг ӕрвит

Йегъовӕ у «амондджын Хуыцау» (1 Тимофеймӕ 1:11). Уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, йӕ Фырт Чырыстийӕн дӕр тынг ӕхсызгон кӕй уыди йемӕ рӕстӕг ӕрвитын. Ӕмбисӕндты 8:30 фыст ис, Йесо йӕ Фыдимӕ куыд ӕнгом уыд, уый тыххӕй: «Ӕз уыдтӕн [Фыды] фарсмӕ куыд дӕсны кусӕг. Ӕз уыдтӕн йе стыр цин алы бон дӕр». Куыд тынг уарзтой Фыд ӕмӕ Фырт кӕрӕдзи!

Сывӕллӕттӕ хъуамӕ хъомыл кӕной, фарн кӕм ис, ахӕм бинонты ’хсӕн. Уый тыххӕй хорз у семӕ хъазынӕн рӕстӕг арын. Иумӕ куы хъазат, уӕд кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр уыдзыстут. Феликс дӕр ууыл разы у, ис ын стыр лӕппу: «Мӕ лӕппуимӕ иумӕ нӕ рӕстӕг куы фервитӕм, уӕд ноджы ӕввахсдӕр вӕййӕм. Алыхуызон хъӕзтытӕй фӕхъазӕм, не ’мбӕлттимӕ нӕ рӕстӕг фервитӕм ӕмӕ искуыдӕм улӕфынмӕ ацӕуӕм. Уыдӕтты фӕрцы нӕ бинонтӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыддӕр кӕнынц».

4 Ахуыр сӕ кӕн Хуыцауы уарзын

Йесо Чырыстийы ахуыр кодта йӕ Фыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд зӕгъын: «[Фыдӕй] цы фехъуыстон, уый дзурын дунейӕн» (Иоанны 8:26). Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ, фыдӕн йӕ хӕс у сывӕллӕтты уаг ӕмӕ ӕгъдауыл, стӕй Хуыцауы закъоныл ахуыр кӕнын. Йӕ хӕстӕй иу у, цӕмӕй сын бауарзын кӕна, раст цы у, уый. Ууыл сӕ ахуыр кӕнын хъӕуы сӕ гыццылӕй (2 Тимофеймӕ 3:14, 15). Феликс йӕ лӕппуйӕн Библи кӕсын райдыдта, хӕрз гыццыл куы уыд, уӕд. Цымыдисаг хабӕрттӕ-иу равзӕрста «Мӕ библион радзырдты чиныгӕй» *. Йӕ лӕппу куы фестырдӕр, уӕд та йын ӕндӕр чингуытӕ каст.

Донизети загъта: «Цӕмӕй Библийы ахуыр бинонты зӕрдӕмӕ цӕуа, уый тыххӕй бафыдӕбон кӕнын хъӕуы. Хъуамӕ бӕрӕг уа, ныййарджытӕ сӕхӕдӕг Хуыцауӕн зӕрдиагӕй кӕй лӕггад кӕнынц. Афтӕ куы нӕ уа, уӕд ӕй сывӕллӕттӕ уайтагъд фӕхатдзысты». Ӕртӕ лӕппуйы фыд Карлос та загъта: «Алы къуыри дӕр нӕ бинонтӕ иумӕ ӕрӕмбырд вӕййынц, цӕмӕй алчидӕр зӕгъа, иннӕ хатт сӕ цӕуыл фӕндит аныхас кӕнын, уый». Келвин йӕ сывӕллӕттимӕ кӕмфӕнды ма уыдаид ӕмӕ цыфӕнды ма куыстаид, ӕппынӕдзухдӕр архайдта семӕ Хуыцауы тыххӕй ныхас кӕныныл. Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны Моисейы ныхӕстӕ: «Абон дын цы ныхӕстӕ фӕдзӕхсын, уыдон уӕнт дӕ зӕрдӕйы; ӕмӕ сӕ дӕ фырты зӕрдӕйы арф ӕвӕр ӕмӕ сыл дзур, хӕдзары куы бадай, фӕндагыл куы цӕуай, хуысгӕ куы кӕнай ӕмӕ куы сыстай, уӕд дӕр» (Дыккаг закъон 6:6, 7).

5 Зонд сын амон

Цӕмӕй сывӕллӕттӕ куыстуарзаг уой ӕмӕ сӕ ӕмбаргӕ адӕймӕгтӕ рауайа, уый тыххӕй сын хъӕуы зонд амонын. Иуӕй-иу ныййарджытӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ зонд амонын у сывӕллоны фӕнӕмын, ӕртхъирӕнтӕ йӕм кӕнын, дӕлӕмӕ йӕ кӕнын кӕнӕ йӕ ’фхӕрын. Фӕлӕ Библийы нӕй фыст, цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты карзӕй ӕфхӕрой. Дзуры сын, цӕмӕй сын Йегъовӕйау уарзондзинадимӕ амоной зонд (Дзуттӕгтӕм 12:4–11). Библийы фыст ис: «Фыдӕлтӕ, сымах та уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, фӕлӕ сӕ хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут» (Ефесӕгтӕм 6:4).

Иуӕй-иу хатт сывӕллоны бафхӕрын дӕр фӕхъӕуы. Фӕлӕ хъуамӕ ’мбара, цӕй тыххӕй йӕ ӕфхӕрыс, уый. Хъуамӕ йӕм афтӕ ма кӕса, ӕмӕ йӕ йӕ ныййарджытӕ нӕ уарзынц. Библи бар нӕ дӕтты сывӕллоны афтӕ фӕнӕмын, цӕмӕй фӕсахъат уа (Ӕмбисӕндтӕ 16:32). Келвин загъта: «Мӕ сывӕллӕттӕ-иу исты куы разнаггад кодтой, уӕд-иу сӕ бафхӕрдтон, фӕлӕ-иу сын бамбарын кодтон, кӕй сӕ уарзын, уый тыххӕй сӕ кӕй ӕфхӕрын».

6 Дӕ сывӕллӕтты хъахъхъӕн

Сывӕллӕтты хъӕуы ӕвзӕрдзинадӕй хъахъхъӕнын. Хъыгагӕн, ацы дунейы ис «ӕвзӕр адӕм» ӕмӕ пайда кӕнынц сывӕллӕтты ӕвӕлтӕрддзинадӕй (2 Тимофеймӕ 3:1–5, 13). Куыд бахъахъхъӕнӕм нӕ сывӕллӕтты? Библи дӕтты зондджын уынаффӕ: «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы, ӕвӕлтӕрдтӕ та размӕ ацӕуынц ӕмӕ бӕллӕхы бахауынц» (Ӕмбисӕндтӕ 22:3). Цӕмӕй сӕ фыдбылызӕй бахъахъхъӕнай, уый тыххӕй хъуамӕ къӕрцхъус уай. Рагацау хъуыды кӕн, тӕссаг сын цы уыдзӕн, ууыл ӕмӕ бацархай, цӕмӕй сӕ бахъахъхъӕнай. Зӕгъӕм, кӕд сывӕллонӕн Интернетмӕ кӕсыны бар дӕттыс, уӕд хъуамӕ зона, йӕхи цӕмӕй хиза, уыдӕттӕ. Чи зоны, хуыздӕр уыдзӕн компьютер ахӕм ран сӕвӕрын, цӕмӕй дӕм зына, цӕмӕ дзы кӕсы, уый.

Фыд хъуамӕ йӕ сывӕллӕттӕн амона, ацы ӕгъдаухӕлд дуне тӕссаг цӕмӕй у, уый. Уӕ сывӕллӕттӕ зонынц, иунӕгӕй куы уой, уӕд сӕхи хӕлд адӕмӕй куыд бахъахъхъӕной? * Хъуамӕ зоной, сӕ буары ӕфсӕрмыйаг уӕнгтӕ цӕй тыххӕй сты ӕмӕ цӕй тыххӕй не сты, уый. Келвин загъта: «Мӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын никӕй бар бакодтон, суанг сӕ ахуыргӕнджыты бар дӕр. Мӕ хӕс уыд, цӕмӕй сын мӕхӕдӕг амыдтаин, лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы вӕййы, уый ӕмӕ сын дзырдтон, сывӕллӕттӕн тыхми чи кӕны, ахӕм адӕм кӕй ис». Келвины сывӕллӕттӕ се ’ппӕт дӕр дзӕбӕх схъомыл сты ӕмӕ ныр сӕхицӕн ис бинонтӕ.

Хуыцауӕй ӕххуыс агур

Фыд йӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы куы бауарзын кӕна, уӕд сын уый уыдзӕн ӕппӕты хуыздӕр ӕххуыс. Ӕмӕ ацы хъуыддаджы тынг ахсджиаг у, цӕмӕй фыд йӕхӕдӕг уа фӕзминаг. Донизети зӕгъы: «Сывӕллӕттӕ хъуамӕ уыной, фыд йӕхӕдӕг Хуыцауы тынг кӕй уарзы, уый. Уӕлдай тынгдӕр уый хъуамӕ бӕрӕг уа, исты зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлы, уӕд. Уӕд рабӕрӕг вӕййы, Йегъовӕйыл йӕ ныфс куыд тынг дары, уый. Бинонтӕ иумӕ куы кувой, Хуыцауӕн йӕ хорздзинӕдты тыххӕй ӕдзух бузныг куы дзурой, уӕд сывӕллӕттӕ ахуыр кӕндзысты, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй Хуыцау се ’мбал уа, уый».

Уӕдӕ хорз фыд цавӕр хъуамӕ уа? Хъуамӕ Йегъовӕ Хуыцауӕй ӕххуыс агура, уымӕн ӕмӕ уымӕй хуыздӕр ничи зоны, сывӕллӕттӕ куыд хъомыл кӕнын хъӕуы, уый. Хуыцауы Ныхас цы уынаффӕтӕ дӕтты, уыдонмӕ гӕсгӕ уӕ сывӕллӕтты куы ахуыр кӕнат, уӕд фендзыстут, куыд ӕххӕст кӕнынц Ӕмбисӕндты 22:6 стихы ныхӕстӕ: «Дӕ сывӕллоны йӕ гыццылӕй раст фӕндагыл сӕвӕр, ӕмӕ куы базӕронд уа, уӕд дӕр ӕй нӕ ныууадздзӕн».

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 6 абз. Кӕд ацы статьяйы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон сӕйраджыдӕр фыдмӕ хауынц, уӕддӕр дзы бирӕтӕ мадмӕ дӕр хауынц.

^ 18 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 25 абз. Сывӕллӕтты хӕлд адӕмӕй куыд бахъахъхъӕнӕн ис, уый тыххӕй фылдӕр фыст ис 2007 азы октябры «Райхъал ут!»-ы (уыр.), 3–11 фф., мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Ныв 19 фарсыл]

Фыд хъуамӕ йӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг уа

[Ныв 20 фарсыл]

Фыд хъуамӕ йӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы бауарзын кӕна

[Ныв 21 фарсыл]

Сывӕллӕттӕн зонд амонын хъӕуы фӕлмӕнӕй