Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон

Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон

Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон

Библийы фыст ис: «Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон, арвы бын алы хъуыддагӕн дӕр ис йӕхи рӕстӕг». Ацы ныхӕстӕ загъта зондджын паддзах Соломон. Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, зӕгъгӕ, ис рӕстӕг райгуырынӕн ӕмӕ рӕстӕг амӕлынӕн, ис рӕстӕг аразынӕн ӕмӕ пырх кӕнынӕн, ис рӕстӕг уарзынӕн ӕмӕ рӕстӕг де сӕфт уынынӕн. Фӕстагмӕ та загъта: «Гъемӕ цы пайда ис адӕймагӕн, уӕззау фыдӕбон цӕуыл кӕны, уымӕй?» (Екклесиаст 3:1–9).

АЦЫ ныхӕстӕ чи бакӕса, уый, чи зоны, ахъуыды кӕна, зӕгъгӕ, Библи афтӕ зӕгъы, алцӕмӕн дӕр йӕхи афон кӕй ис, ома хъысмӕт кӕй ис. Цымӕ ӕцӕгдӕр Библи афтӕ дзуры? «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр... Хуыцауы комытӕфӕй» фыст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ иу хай иннӕ хайы ныхмӕ хъуамӕ ма уа. Ӕркӕсӕм, ацы фарстайы фӕдыл ма Библийы цы фыст ис, уымӕ (2 Тимофеймӕ 3:16).

Кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн...

Екклесиасты чиныджы Соломон дарддӕр ныффыста: «Ӕмӕ та ахъуыды кодтон, зӕгъын, акӕсон, хуры бын цытӕ цӕуы, уымӕ, ӕмӕ федтон: цӕрдӕг чи у, уыдон нӕ рамбулынц дугъы ӕмӕ тыхджынтӕ – тохы, хӕринаг зондджынтӕм нӕ вӕййы, ӕмӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ – ӕмбаргӕтӕм, ӕмӕ зонындзинӕдтӕ кӕмӕ ис, аргъ уыдонӕн нӕ фӕкӕнынц». Цӕуылнӕ? Соломон бамбарын кодта: «Кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Екклесиаст 9:11).

Соломон хъысмӕты кой нӕ кодта, фӕлӕ бамбарын кодта, адӕймагӕн йӕ бон кӕй нӕу зонын йӕ хъуыддӕгтӕй цы рауайдзӕн, уый, «уымӕн ӕмӕ, кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны». Арӕх адӕймагыл исты хорз, йе та ӕвзӕр хабар уый тыххӕй ӕрцӕуы, ӕмӕ уыцы рӕстӕг уыцы бынаты кӕй разынд.

Ахъуыды-ма кӕнӕм ацы ныхӕстыл, «цӕрдӕг чи у, уыдон нӕ рамбулынц дугъы», зӕгъгӕ. Чи зоны фехъуыстай кӕнӕ кастӕ, 1984 азы Лос-Анджелесы (АИШ, Калифорни) Олимпиадӕйы сылгоймӕгтӕ ӕртӕ мин метры куы лыгъдысты, уӕд цы ’рцыд, уый. Дыууӕйы дзы уыд ныфс, сызгъӕрин майдан кӕй рамбулдзысты. Иу дзы уыди Англисӕй иннӕ та – Америкӕйӕ. Фӕлӕ ӕрдӕг фӕндагыл кӕрӕдзи скъуырдтой. Сӕ иу ахауд ӕмӕ йӕ бон дугъ кӕнын нал уыд, иннӕмӕн та йӕ ныфс асаст ӕмӕ кӕронмӕ куы ӕрбалыгъд, уӕд ӕвдӕм уыд.

Цымӕ сӕ амонд афтӕ уыд? Иуӕй-иутӕ зӕгъдзысты, о, зӕгъгӕ. Фӕлӕ кӕрӕдзи кӕй скъуырдтой, уый тыххӕй фӕхӕрд сты, ӕмӕ уый базонын та рагацау никӕй бон уыд. Уӕд та, кӕрӕдзи кӕй скъуырдзысты, уый сӕ ныхыл фыст уыд? Исчи та зӕгъдзӕн, о, зӕгъгӕ. Фӕлӕ комментатортӕ куыд загътой, афтӕмӕй кӕрӕдзи уый тыххӕй скъуырдтой, ӕмӕ иу иннӕйы размӕ нӕ уагъта, уымӕн ӕмӕ дыууӕ тыхджын спортсменӕн дӕр сӕ бон уыд сызгъӕрин майдан рамбулын. Библийы фыст ис: «Кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны». Уӕдӕ адӕймаг исты хъуыддагмӕ куыдфӕнды цӕттӕ ма уа, уӕддӕр ыл ӕрцӕуы ӕнӕнхъӕлӕджы хабӕрттӕ, ӕмӕ уый йӕ хъысмӕтимӕ баст нӕ вӕййы.

Ӕмӕ уӕд Библийы афтӕ фыст кӕй ис, «алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон», зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбаргӕ у? Цымӕ нӕ бон у нӕ цардыл ӕмӕ нӕ фидӕныл бандавын?

Алы хъуыддагӕн дӕр ис йӕхи афон

Соломон нӕ дзырдта, адӕймагӕн йӕ цард йӕ ныхыл фыст кӕй у, фӕлӕ дзырдта, Хуыцауы фӕндоны тыххӕй ӕмӕ уыцы фӕндон адӕмы цардимӕ куыд баст у, ууыл. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Уый бӕрӕг у иннӕ стихтӕй. Соломон бирӕ хъуыддӕгтӕ куы ранымадта ӕмӕ афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, уыдонӕй «алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон», уӕд ныффыста: «Ӕз федтон, Хуыцау адӕймаджы фыртты цы хъуыддӕгты хай бакодта, уыдон. Уый йӕ рӕстӕджы ӕппӕт дӕр скодта диссаг» (Екклесиаст 3:10, 11).

Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ адӕм хъуамӕ бирӕ алыхуызон куыстытӕ кодтаиккой. Соломон дзы цалдӕр ранымадта. Хуыцау ма нын радта ахӕм бар, цӕмӕй нӕхи цы куыст фӕнды, уый аразӕм. Фӕлӕ цӕмӕй нӕ куыст фӕрӕстмӕ уа, уый тыххӕй алцыдӕр йӕхи бӕлвырд афоныл хъуамӕ аразӕм. Екклесиасты 3:2 фыст ис: «Ис рӕстӕг садзынӕн ӕмӕ рӕстӕг, цы ныссагътай, уый стонынӕн». Зӕхкусӕг зоны, кӕд цы тауын хъӕуы, уый. Цымӕ уыцы хуымӕтӕг хъуыддаг куы ницӕмӕ ӕрдара ӕмӕ мыггаг йӕ афоныл куы нӕ байтауа, уӕд цы рауайдзӕн? Кӕд бирӕ бафыдӕбон кодта, уӕддӕр хорз тыллӕг куы не ’рзайа, уӕд афтӕ зӕгъдзӕн, мӕ амонд афтӕ уыд, зӕгъгӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Хорз тыллӕг уый тыххӕй не ’рзад, ӕмӕ мыггаг йӕ афоныл нӕ байтыдта. Сфӕлдисӕг ӕрдзы алцӕмӕн дӕр цы ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ куы архайдтаид, уӕд хъуыддаг ӕндӕрхуызон рауадаид.

Хуыцау адӕймагӕн рагацау йӕ цард йӕ ныхыл нӕ ныффыста кӕнӕ хабӕрттӕ куыд цӕудзысты, уый не спълан кодта. Фӕлӕ радта бӕлвырд закъӕттӕ, цӕмӕй адӕм сӕ хъуыддӕгтӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ аразой. Цӕмӕй адӕм сӕ хъуыддӕгтӕй зӕрдӕрухс уой, уый тыххӕй хъуамӕ цӕрой Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ алы хъуыддагӕн дӕр цы рӕстӕг снысан кодта, уымӕ гӕсгӕ архайой. Уӕдӕ Хуыцау рагацау адӕймаджы цард не сныв кодта, фӕлӕ загъта, йӕ фӕндон цӕй мидӕг ис ӕмӕ йӕ кӕй нӕ аивдзӕн, уый. Йегъовӕйы пехуымпар Исай загъта: «Мӕ дзыхӕй цы дзырд рацӕуы, уый мӕм фӕстӕмӕ ӕнӕсӕххӕстӕй не ’рбаздӕхдзӕн, фӕлӕ сараздзӕн, мӕнӕн ӕхсызгон цы у, уый, ӕмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, цӕй тыххӕй йӕ арвыстон, уый» (Исай 55:11).

Уӕдӕ Хуыцаумӕ зӕххы ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы «ныхас» кӕнӕ фӕндон ис, уый куыд сӕххӕст уыдзӕн?

Хуыцауы фӕндон ӕмӕ рӕстӕг

Соломон Хуыцауы тыххӕй загъта: «Уый йӕ рӕстӕджы алцыдӕр скодта диссаг». Стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Адӕмӕн сӕ зӕрдӕты нывӕрдта ӕнусон цард дӕр, ӕмӕ кӕронмӕ никуы базондзысты, ӕцӕг Хуыцау цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон» (Екклесиаст 3:11).

Ацы ныхӕсты тыххӕй бирӕ ис фыст, фӕлӕ сӕ хъуыды у ахӕм: не ’ппӕт дӕр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕхъуыды кӕнӕм, цӕмӕн цӕрӕм ӕмӕ нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл. Рагӕй фӕстӕмӕ адӕмӕн иу хъуыддаг зын бамбарӕн у: адӕймаг уый тыххӕй цӕры, цӕмӕй фыдӕбон кӕна ӕмӕ стӕй амӕла? Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр адӕймагӕн у йӕ бон хъуыды кӕнын канд абоны цардыл нӕ, фӕлӕ фидӕныл дӕр. Уымӕй уӕлдай мах фӕнды ӕнустӕм цӕрын. Цӕмӕн? Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй Хуыцау адӕмы зӕрдӕты нывӕрдта ӕнусон цард.

Адӕймаджы ӕнустӕм цӕрын кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ фӕхъуыды кӕны, мӕлӕты фӕстӕ ма цард ис ӕви нӕ. Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ мӕлӕты фӕстӕ адӕймаджы уд цӕргӕйӕ баззайы. Иннӕты та уырны реинкарнаци. Кӕмӕдӕр та афтӕ кӕсы, Хуыцау алцыдӕр рагацау кӕй ныффыста ӕмӕ нӕ бон ницы у аивын. Фӕлӕ ацы хъуыдытӕй иуӕй дӕр адӕймаджы зӕрдӕ нӕ барухс вӕййы. Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ адӕм сӕхи зондӕй «никуы базондзысты, ӕцӕг Хуыцау цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон».

Ахуыргӕндтӕ ӕмӕ философтӕ рагӕй фӕстӕмӕ хъуыды кӕнынц адӕймаджы цардимӕ ӕмӕ мӕлӕтимӕ баст фарстатыл, фӕлӕ сын сӕ бон нӕу дзуапп ссарын. Уыцы фарстатӕн дзуапп раттын йӕ бон у Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕты ӕнусон цард уый сӕвӕрдта ӕмӕ нын ӕй ӕрмӕстдӕр уый ратдзӕн. Библийы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис: «Дӕ къух байгом кӕныс ӕмӕ алкӕмӕн дӕр раттыс, йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» (Псалом 145:16). Библи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд базондзыстӕм цард ӕмӕ мӕлӕтимӕ баст фарстатӕ, стӕй Хуыцаумӕ зӕххы ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый (Ефесӕгтӕм 3:11).

[Хицӕнгонд текст 5 фарсыл]

«Цӕрдӕг чи у, уыдон нӕ рамбулынц дугъы» (Екклесиаст 9:11)

[Хицӕнгонд текст 6 фарсыл]

Зӕхкусӕг йӕ афоныл мыггаг куы нӕ байтауа ӕмӕ хорз тыллӕг куы нӕ райса, уӕд ӕй хъысмӕты аххос кӕндзӕн?

[Хицӕнгонд текст 7 фарсыл]

Хуыцау нын нӕ зӕрдӕты ӕнусон цард кӕй нывӕрдта, уымӕ гӕсгӕ хъуыды кӕнӕм цард ӕмӕ мӕлӕтыл