Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сӕ уырнындзинадӕй сты фӕзминаг

Ахуыр кодта йӕхи рӕдыдтытыл

Ахуыр кодта йӕхи рӕдыдтытыл

ИОНӔ алцӕуылдӕр разы уыд, ӕрмӕст куы ницы хъуыстаид. Тыхдымгӕйы ниуын, науы бӕндӕнты хъыррыст, доны стыр уылӕнтӕ науыл сӕхи куыд ныццӕвынц ӕмӕ фӕйнӕджыты къӕс-къӕс куыд ссӕуы, уыдӕттӕ йын йе уӕнгты уыйас тас нӕ уагътой, матростӕ ӕмӕ капитаны хъӕрӕй йӕ зӕрдӕ йӕхи къултыл куыд хоста. Уыдон ӕппӕт тыхтӕй архайдтой, цӕмӕй нау ма фӕдӕлдон уыдаид. Ионӕ зыдта, уыцы бӕллӕхы йӕ аххосӕй кӕй бахаудысты!

Ионӕ ахӕм ӕвирхъау уавӕры куыд бахауд? Йӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз стыр рӕдыд ӕруагъта. Цымӕ цы сарӕзта? Ӕмӕ уыцы рӕдыдӕн сраст кӕнӕн нӕ уыд? Ацы фарстатӕн дзуапп куы базонӕм, уӕд бирӕ цӕуылдӕртыл сахуыр уыдзыстӕм. Зӕгъӕм, Ионӕйы хабарӕй базондзыстӕм, Хуыцауыл фидарӕй чи ӕууӕнды, уыдон дӕр кӕй фӕрӕдийынц ӕмӕ сӕ бон кӕй у сӕ рӕдыд сраст кӕнын.

Пехуымпар Галилейӕ

Ионӕйы пехуымпарӕй сӕвӕрдта Йегъовӕ Хуыцау. Фӕлӕ Ионӕйы тыххӕй чи зоны, уый йын арӕхдӕр йӕ рӕдыдыл фӕхъуыды кӕны, зӕгъгӕ, ӕгоммӕгӕс уыд. Фӕлӕ йӕм ӕндӕр миниуджытӕ дӕр уыди. Рох кӕнын нӕ хъӕуы, Йегъовӕ йӕ йӕхӕдӕг кӕй сӕвӕрдта пехуымпарӕй. Иузӕрдион кӕнӕ рӕстзӕрдӕ куы нӕ уыдаид, уӕд ын йӕ бар ахӕм ахсджиаг хъуыддаг нӕ бакодтаид.

Ионӕйы тыххӕй нӕ бон у цыдӕртӕ базонын 2 Паддзӕхты 14:25. Райгуырд горӕт Гафхеферы, Назаретӕй 4 километры дарддӕр. Назареты та аст ӕнусы фӕстӕ цард Йесо Чырысти *. Ионӕ пехуымпар уыд, Израилы дӕсмыггаг паддзахады паддзах Йеровоам II заман. Уӕдмӕ пехуымпар Илиа ӕгас нал уыд, йӕ фӕстӕ цы пехуымпар уыд, Елисей, уый дӕр амард, Йеровоамы фыд паддзах куы уыд, уыцы рӕстӕг. Кӕд уыцы пехуымпарты рӕстӕджы Йегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй израилӕгтӕ мӕнгхуыцау Ваалӕн мауал куывтаиккой, уӕддӕр та раст динӕй адзӕгъӕл сты. Уыцы заман бӕстӕйӕн цы паддзах уыд, уый Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕрдзинад арӕзта (2 Паддзӕхты 14:24). Уӕдӕ Ионӕйы лӕггад ӕнцон нӕ уыд, фӕлӕ йӕ уӕддӕр иузӕрдионӕй ӕххӕст кодта.

Фӕлӕ Ионӕйы цард иу бон цӕхгӕр фӕивта. Йегъовӕ йын бахӕс кодта, тынг зын ӕм чи фӕкаст, ахӕм хъуыддаг. Цы йын бахӕс кодта Йегъовӕ?

«Сыст, ацу стыр горӕт Ниневимӕ»

Йегъовӕ Ионӕйӕн загъта: «Сыст, ацу стыр горӕт Ниневимӕ, ӕмӕ йын фехъусын кӕн, йе ’взӕрдзинӕдтӕ мӕм кӕй фехъуыстысты» (Ионӕ 1:2). Зын бамбарӕн нӕу, Ионӕ цӕмӕн фӕтарст, уый. Ниневи уыд скӕсӕнырдыгӕй, къахӕй йӕм цӕуын хъуыд иу мӕймӕ ’ввахс 800 километры бӕрц. Фӕлӕ фӕндаг йӕхӕдӕг нӕ уыд тӕссаг. Ионӕ хъуамӕ Ниневийы фехъусын кодтаид, Йегъовӕ кӕй тӕрхон кӕндзӕн ӕгъатыр ӕмӕ тугмондаг ассириӕгтӕн. Ӕмӕ кӕд Ионӕмӕ Хуыцауы адӕм нӕ хъуыстой, уӕд ӕм, цымӕ, мӕнг диныл хӕст адӕм цы цӕстӕй ракастаиккой? Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕгӕн иунӕгӕй стыр Ниневийы йӕ бон цы уыд саразын? Уыцы горӕт фӕстӕдӕр схуыдтой «тугзӕйты горӕт» (Наум 3:1, 7).

Ионӕ афтӕ хъуыды кодта ӕви нӕ, уый нӕ зонӕм, фӕлӕ бӕлвырд зонӕм, кӕй алыгъд, уый. Йегъовӕ йӕ скӕсӕнырдӕм арвыста, Ионӕ та ныгуылӕнырдӕм тынг дард алыгъд. Бахӕццӕ Иоппимӕ, ӕмӕ Фарсисмӕ чи цыд, уыцы науыл сбадт. Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, Фарсис Испанийы кӕй уыд. Кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ уыд, уӕд Ионӕйы Ниневийӕ ацӕуын хъуыд 3 500 километры дарддӕр. Стыр денджызыл ӕй (ныр Зӕххастӕуы денджыз) кӕрӕй-кӕронмӕ бахъуыдаид иу азы бӕрц цӕуын! Йегъовӕйы ныхас сӕххӕст кӕныны бӕсты Ионӕ цӕуылфӕнды дӕр разы уыд!

Цымӕ уый тыххӕй Ионӕйы тӕппуд схонӕн ис? Афтӕ хъуыды кӕнынмӕ тагъд кӕнын нӕ хъӕуы. Дарддӕр куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй Ионӕ ныфсджын адӕймаг уыд. Фӕлӕ уый дӕр махау ӕнӕххӕст уыд ӕмӕ тох кодта йӕ хъӕндзинӕдтимӕ (Псалом 51:5). Цымӕ мах никуы ницӕмӕй тарстыстӕм?

Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нын Хуыцау зын хъуыддаг бахӕс кодта, ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕнӕн дӕр нӕй. Гӕнӕн ис, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар адӕмӕн дзурын дӕр тӕрсӕм, кӕд уый чырыстӕттӕн сӕ хӕс у, уӕддӕр (Матфейы 24:14). Куыд ӕнцонтӕй ферох кӕнӕн ис Йесо Чырыстийы ныхӕстӕ: «Хуыцауӕн... алцыдӕр у йӕ бон», ома Хуыцауы ӕххуысӕй йе ’ппӕт фӕдзӕхстытӕ дӕр сӕххӕст кӕндзыстӕм (Марчы 10:27). Кӕд нӕ ацы ныхӕстӕ иуӕй-иу хатт ферох вӕййынц, уӕд Ионӕйы бамбардзыстӕм. Фӕлӕ Ионӕ куы алыгъд, уӕд ыл цы ’рцыд?

Йегъовӕ зонд амоны йӕ хивӕнд пехуымпарӕн

Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм, Ионӕ науыл куыд сбадти, ӕвӕццӕгӕн, финикиаг уӕзласӕн науыл. Ионӕ касти, капитан ӕмӕ матростӕ нау денджызмӕ цӕуынмӕ куыд цӕттӕ кодтой, уымӕ. Стӕй араст сты, зӕхх дардӕй-дарддӕр кодта ӕмӕ нал зынд. Ионӕйы ныфс фӕзынд, цӕмӕй тарст, уымӕй кӕй фервӕзт. Фӕлӕ ӕвиппайды боныхъӕд фӕивта.

Денджызы ахӕм тыхджын дымгӕ сыстад ӕмӕ йӕ уылӕнтӕ афтӕ стыр уыдысты, ӕмӕ абон цы наутӕ ис, уыдон йӕ разы хъазӕнты хуызӕн уыдаиккой. Уыцы стыр уылӕнты сӕрыл хъӕдын нау гыццыл ӕмӕ лӕмӕгъ куыннӕ зындаид, уӕлӕмӕ-иу ӕй куы систа ӕмӕ-иу ӕй куы ’рӕппӕрста, уӕд? Фӕстӕдӕр Ионӕ ныффыста: «Йегъовӕ денджызыл стыр дымгӕ радымын кодта». Фӕлӕ науыл куы уыд, уӕд, цымӕ, уый зыдта? Уый бӕрӕг нӕу. Фӕлӕ Ионӕ уыдта, науыл цы адӕм уыд, уыдон алыхуызон хуыцӕуттӕн куыд лӕгъстӕ кодтой. Фӕлӕ сын кӕй нӕ баххуыс кӕндзысты, уый дӕр зыдта. Ионӕ ныффыста: «Гыццыл ма, ӕмӕ нау ныппырх уыдаид» (Ионӕ 1:4; Левит 19:4). Фӕлӕ цы Хуыцауӕй алыгъд, уымӕ ма куыд куывтаид?

Ионӕ ӕмбӕрста, йӕ бон сын баххуыс кӕнын кӕй нӕ уыд ӕмӕ науӕн йӕ бынмӕ ныххызт, схуыссыд ӕмӕ тарф фынӕй баци *. Капитан Ионӕйы ӕрцагуырдта, райхъал ӕй кодта ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй уый дӕр йӕ хуыцаумӕ скуывтаид. Матростӕ зыдтой, тыхдымгӕ дзӕгъӕлы кӕй нӕ райдыдта ӕмӕ хӕлттӕ ӕппарын райдыдтой, цӕмӕй базыдтаиккой, бӕллӕх сӕ кӕй тыххӕй баййӕфта, уый. Ионӕйы зӕрдӕ фыртӕссӕй куыннӕ сызмӕлыдаид, куы никӕй хал схауд, уый куы федта, уӕд. Уалынмӕ рабӕрӕг, аххосджын чи уыд, уый. Йегъовӕ тыхджын дымгӕ Ионӕйы тыххӕй радымын кодта ӕмӕ стӕй афтӕ сарӕзта, цӕмӕй йӕ хал схаудаид (Ионӕ 1:5–7).

Ионӕ матростӕн алцыдӕр радзырдта: Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кодта, йӕ коммӕ кӕй нӕ бакаст ӕмӕ дзы кӕй алыгъд, ӕмӕ тӕссаг уавӕры йӕ аххосӕй кӕй бахаудысты. Ионӕ федта, уыцы адӕм куыд тынг старстысты, уый. Бафарстой йӕ, цы бакӕнын хъӕуы, цӕмӕй сӕ нау дӕр ӕмӕ сӕхи дӕр фервӕзын кӕной. Цымӕ сын Ионӕ цы загъта? Ӕвӕццӕгӕн, Ионӕ йӕхимӕдӕг барызт, куы ахъуыды кодта, уазал, знӕт денджызы йӕ куы ныппарой, ууыл, уӕд. Фӕлӕ куыд бауагътаид уыцы адӕмы сӕфын, кӕд ӕмӕ зыдта, куыд сӕ фервӕзын кӕна, уый? Ӕмӕ загъта: «Сисут мӕ ӕмӕ мӕ денджызы баппарут, ӕмӕ уӕд денджыз ӕрсабыр уыдзӕн; уымӕн ӕмӕ ӕз зонын, ацы тыхдымгӕ уӕ мӕн тыххӕй кӕй баййӕфта» (Ионӕ 1:12).

Ацы ныхӕстӕ тӕппуд адӕймаг нӕ загътаид. Ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон уыд, ахӕм уавӕры Ионӕ йӕхи мӕт кӕй нӕ кодта, уый. Куыд уынӕм, афтӕмӕй Ионӕйӕн фидар уырнындзинад уыд. Махӕн дӕр нӕ бон у иннӕтыл нӕхицӕй тынгдӕр мӕт кӕнын (Иоанны 13:34, 35). Куы фенӕм, чидӕр фӕкӕсынхъуаг кӕнӕ ныфссаст кӕй у, йӕ уырнындзинад кӕй ӕрлӕмӕгъ, уӕд ын баххуыс кӕнӕм? Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм!

Ӕвӕццӕгӕн, матростӕ Ионӕйы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд сӕ фыццаг нӕ бафӕндыд, цӕмӕй йӕ доны ныппӕрстаиккой, уымӕн ӕмӕ йын фӕтӕригъӕд кодтой. Тынгдӕр архайын райдыдтой, цӕмӕй исты хуызы аирвӕзтаиккой. Фӕлӕ сын ницы уад. Дымгӕ знӕтӕй-знӕтдӕр кодта. Ӕппынфӕстаг сын ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, ӕмӕ Ионӕйы Хуыцау Йегъовӕмӕ скуывтой, хатыр дзы ракуырдтой ӕмӕ Ионӕйы денджызы ныппӕрстой (Ионӕ 1:13–15).

Йегъовӕ Ионӕйӕн ныххатыр кодта ӕмӕ йӕ фервӕзын кодта

Ионӕ знӕт доны амӕттаг баци. Ӕвӕццӕгӕн, фыццаг ленк кӕныныл дӕр архайдта, нау дардӕй-дарддӕр куыд кӕны, уый уынгӕйӕ. Фӕлӕ йӕ доны уылӕнтӕ сӕ быны фӕкодтой ӕмӕ сабыргай-сабыргай ныгъуылын райдыдта ӕмӕ йӕ ӕппындӕр ницыуал ныфс уыд.

Фӕстӕдӕр Ионӕ ныффыста, уыцы рӕстӕг ӕм цы хъуыдытӕ фӕзынд, уый. Ӕвӕццӕгӕн, йӕ цард йӕ цӕстытыл ауад. Ӕнкъардӕй ахъуыды кодта, Иерусалимы Йегъовӕйы рӕсугъд кувӕндон кӕй никуыуал фендзӕн. Ӕмбӕрста, денджызы арфӕй-арфдӕр куыд ныгъуылы, хӕхтӕн сӕ бындзӕфхадмӕ куыд ныххӕццӕ ӕмӕ йыл доны зайӕгойтӕ куыд стыхстысты. Уыцы ран хъуамӕ йӕ мӕлӕт ссардтаид (Ионӕ 2:2–6).

Фӕлӕ мӕнӕ диссаг! Цыдӕр ӕм ӕрбаленк кӕны – стыр, сау ӕндӕрг. Йӕ цурмӕ ӕрбаввахс, йе стыр дзых бакодта ӕмӕ йӕ аныхъуырдта!

Ууыл хъуамӕ хъуыддаг ахицӕн уыдаид. Фӕлӕ диссаг, Ионӕ удӕгасӕй баззад! Нӕдӕр цъӕлтӕ ныцци, нӕдӕр уыцы цӕрӕгойы гуыбыны тайын райдыдта, нӕдӕр дзы хуыдуг фӕци. Удӕгасӕй баззад, кӕд кӕсаджы мидӕг йӕ мӕлӕт хъуамӕ ссардтаид, уӕддӕр. Ӕмӕ Ионӕ бамбӕрста, Хуыцауы фӕрцы кӕй аирвӕзт. Фидарӕй зӕгъӕн ис, Йегъовӕ Хуыцау «афтӕ кӕй бакодта, ӕмӕ Ионӕйы стыр кӕсаг аныхъуырдта» * (Ионӕ 1:17).

Рӕстӕг цыдис. Ионӕ ахӕм саудалынг бынат йӕ царды никуы федта, ӕмӕ райдыдта хъуыдытӕ кӕнын ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцаумӕ кувын. Йӕ куывды ныхӕстӕ фыст сты йӕ чиныджы дыккаг сӕры ӕмӕ дзы бирӕ цыдӕртӕ базонӕн ис йӕхи тыххӕй. Бӕрӕг у, Фыстад хорз кӕй зыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ чиныджы Псаломтӕй бирӕ хъуыдытӕ ис фыст. Стӕй ма йӕ куывдӕй бӕрӕг у, хорздзинадӕн кӕй аргъ кодта, уый дӕр. Фӕстагмӕ загъта: «Ӕз та бузныджы ныхӕстимӕ дӕуӕн нывонд ӕрхӕсдзынӕн, ӕмӕ цы дзырд радтон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн. Йегъовӕйӕ у ирвӕзындзинад» (Ионӕ 2:9, 10).

Ионӕ йӕхицӕй зыдта, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕй кӕйфӕнды дӕр, кӕдфӕнды дӕр ӕмӕ кӕмфӕнды дӕр фервӕзын кӕна. Суанг кӕсаджы гуыбыны дӕр Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕджы федта ӕмӕ йӕ фервӕзын кодта (Ионӕ 1:17). Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы бон уыд афтӕ бакӕнын, цӕмӕй стыр кӕсаджы гуыбыны ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы адӕймаг удӕгасӕй баззадаид. Хорз уаид, абон дӕр нӕ зӕрдыл куы дарӕм, Йегъовӕ Хуыцауы къухы кӕй ис «нӕ улӕфт» (Данел 5:23). Улӕфгӕ дӕр ӕмӕ цӕргӕ дӕр уый фӕрцы кӕнӕм. Уый тыххӕй дзы бузныг стӕм? Уӕдӕ йӕ коммӕ хъуамӕ ма кӕсӕм?

Цымӕ Ионӕ Йегъовӕйы хорздзинадӕн аргъ кӕнын сахуыр ӕмӕ йӕ коммӕ бакаст? О. Ионӕ цы кӕсаджы хуылфы уыд, уый ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы фӕстӕ былгӕронмӕ баленк кодта ӕмӕ йӕ зӕхмӕ раппӕрста (Ионӕ 2:10). Ахъуыды-ма кӕн: ӕппӕт уыцы хабӕртты фӕстӕ Ионӕйы ленк кӕнын дӕр нӕ бахъуыд! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕм ис ӕмӕ йӕ кӕцырдӕм цӕуын хъӕуы, уый йӕхӕдӕг хъуамӕ базыдтаид. Фӕлӕ тагъд рӕстӕджы хъуамӕ равдыстаид, Йегъовӕйӕ бузныг уыд ӕви нӕ, уый. Ионӕ 3:1, 2 фыст ис: «Уый фӕстӕ Йегъовӕ Ионӕйӕн дыккаг хатт загъта: „Сыст ӕмӕ ацу стыр горӕт Ниневимӕ, ӕмӕ дын цы зӕгъон, уый сын фехъусын кӕн“». Цымӕ Ионӕ куыд бакодта?

Нал фӕстиат кодта. Библийы кӕсӕм: «Ионӕ сыстад, ӕмӕ Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ Ниневимӕ ацыд» (Ионӕ 3:3). Уӕдӕ Хуыцауы коммӕ бакаст. Бӕрӕг у, йӕ рӕдыдтытӕй цӕуылдӕр кӕй сахуыр. Уыцы хъуыддаджы дӕр мах хъӕуы Ионӕйы уырнындзинад бафӕзмын. Не ’ппӕт дӕр тӕригъӕдджын стӕм ӕмӕ не ’ппӕт дӕр рӕдийӕм (Ромӕгтӕм 3:23). Фӕлӕ цымӕ нӕ ныфс асӕтты ӕви нӕ рӕдыдтытӕй цӕуылдӕр сахуыр вӕййӕм ӕмӕ дарддӕр Хуыцауы коммӕ фӕкӕсӕм ӕмӕ йын зӕрдиагӕй фӕлӕггад кӕнӕм?

Цымӕ Йегъовӕ Ионӕйӕн раарфӕ кодта, коммӕгӕс кӕй уыд, уый тыххӕй? Ӕнӕмӕнг. Ӕвӕццӕгӕн, Ионӕ фӕстӕдӕр базыдта, науыл чи уыд, уыдон кӕй фервӕзтысты. Ионӕ йӕхи донмӕ куы ныппарын кодта, уӕд дымгӕ уайтагъд банцад ӕмӕ матростӕ «Йегъовӕйӕ тынг фӕтарстысты» ӕмӕ сӕ мӕнг хуыцӕуттӕн нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн ӕрхастой нывӕндтӕ (Ионӕ 1:15, 16).

Фӕстӕдӕр та Ионӕ ноджы стырдӕр арфӕдзинадӕй схайджын. Стыр кӕсаджы хуылфы цы рӕстӕг уыд, уый Йесо Чырысти абарста, йӕхӕдӕг ингӕны цы рӕстӕг уыд, уыимӕ (Матфейы 12:38–40). Куыд цин кӕндзӕн Ионӕ, куы райгас уа ӕмӕ уыцы хабар куы базона, уӕд! (Иоанны 5:28, 29). Йегъовӕйы фӕнды дӕуӕн дӕр раарфӕ кӕнын. Цымӕ ды дӕр Ионӕйау дӕ рӕдыдтытыл ахуыр кӕндзынӕ ӕмӕ Хуыцауы коммӕ зӕрдиагӕй кӕсдзынӕ?

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 7 абз. Ионӕ Галилейӕ кӕй уыд, уый цымыдисаг у, уымӕн ӕмӕ фарисейтӕ Чырыстийы тыххӕй сӕрбӕрзондӕй дзырдтой: «Ӕркӕс... ӕмӕ йӕ фендзынӕ, иу пехуымпар дӕр Галилейӕ кӕй нӕ рацӕудзӕн» (Иоанны 7:52). Бирӕ тӕлмацгӕнджыты ӕмӕ ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, фарисейты ныхӕстӕ раст нӕ уыдысты, зӕгъгӕ, Галилей ницы уадиссаг горӕт у ӕмӕ дзы иу пехуымпар дӕр нӕ рацыд. Фарисейтӕ ницӕмӕ дардтой истори ӕмӕ пехуымпарӕдтӕ (Исай 9:1, 2).

^ 17 абз. Септуагинтӕйы ма фыст ис, Ионӕ хуыр-хуыр кӕй кодта. Фӕлӕ Ионӕ тарф фынӕй кӕй кодта, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын уӕлдай нӕ уыд, йӕ алыварс цытӕ цыд, уый. Адӕймаг тынг куы фӕтыхсы, уӕд ӕм ӕцӕгдӕр фынӕй кӕнын фӕцӕуы. Зӕгъӕм, Йесо Чырысти Гефсиманы дыргъдоны йӕ мӕлӕты размӕ куы хъизӕмар кодта, уӕд Петр, Иаков ӕмӕ Иоанны «маствӕллад уӕнгтыл хуыссӕг фӕтых» (Лукайы 22:45).

^ 25 абз. Рагон дзуттаг дзырд «кӕсаг» рагон грекъаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтой «денджызы стыр цӕрӕгойӕ» кӕнӕ «стыр кӕсагӕй». Зын зӕгъӕн у, цавӕр цӕрӕгойы кой цӕуы, уый. Фӕлӕ Зӕххастӕуы денджызы цӕры, адӕймаджы ӕнӕхъӕнӕй чи аныхъуырдзӕн, ахӕм стыр акулӕтӕ. Ӕндӕр денджызты та цӕры ноджы стырдӕр акулӕтӕ. Зӕгъӕм, китовая акулӕйӕн йӕ дӕргъ вӕййы 15 метры кӕнӕ уымӕй даргъдӕр!

[Рамкӕ/Ныв 13 фарсыл]

Ионӕйы хабар ӕцӕг кӕй уыд, ууыл дызӕрдыг кӕнынц

▪ Цымӕ Ионӕйы чиныджы цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдон ӕцӕгдӕр ӕрцыдысты? Ууыл рагӕй дызӕрдыг кӕнынц. Нӕ рӕстӕджы дӕр Библийы ныхмӕ чи дзуры, уыдон Ионӕйы чиныджы тыххӕй зӕгъынц, зӕгъгӕ, уый аргъау у, таурӕгъ у кӕнӕ ӕрымысгӕ хабар. 19 ӕнусы иу фыссӕг ныффыста, Ионӕйы ӕмӕ стыр кӕсаджы хабар иу сауджын куыд бамбарын кодта, уый. Ионӕ, дам, ӕрлӕууыд Иоппийы уазӕгдзӕрӕны, «Кит», зӕгъгӕ, ӕмӕ йе ’хцатӕ куы фесты, уӕд ӕй ратардтой. Афтӕ, дам, Ионӕйы кит «аныхъуырдта» ӕмӕ йӕ стӕй «раппӕрста». Библийы ныхмӕ чи дзуры, уыдон Ионӕйы аныхъуырынмӕ куыд рӕвдз сты, афтӕ кӕсаг дӕр нӕ уыд!

Ацы чиныджы хабӕрттыл бирӕтӕ цӕуылнӕ ӕууӕндынц? Уымӕн ӕмӕ дзы диссаджы хабӕрттӕ фыст ис. Дызӕрдыг чи кӕны, уыдон та диссӕгтыл не ’ууӕндынц, уымӕн гӕнӕн нӕй, зӕгъгӕ. Фӕлӕ афтӕ хъуыды кӕнын раст у? Ахъуыды-ма кӕн: «Библийы фыццаг ныхӕстыл ӕууӕндын? Уым фыст ис: „Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх“» (Райдиан 1:1). Ацы ныхӕстыл тынг бирӕ ӕмбаргӕ адӕм ӕууӕндынц. Фӕлӕ уыдоны фӕдыл адӕймагмӕ фылдӕр фарстатӕ фӕзыны, Библи цы диссӕгты кой кӕны, уыдонимӕ абаргӕйӕ.

Ахъуыды-ма кӕнӕм: дун-дуне ӕмӕ зӕххыл цы диссӕгтӕ ис, уыдон чи сфӕлдыста, уый, Ионӕйы чиныджы цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдонӕй кӕцы нӕ сарӕзтаид? Тыхдымгӕ рауадзын? Стыр кӕсагӕн адӕймаджы аныхъуырын кӕнын? Кӕнӕ йӕ фӕстӕмӕ раппарын кӕнын? Ӕгӕрон тых кӕмӕ ис, уымӕн уыдӕттӕ зын не сты (Исай 40:26).

Хуыцау кӕй нӕ саразы, ахӕм диссӕгтӕ дӕр иуӕй-иухатт вӕййы. Зӕгъӕм, 1758 азы дам, Зӕххастӕуы денджызы иу науӕй адӕймаг рахауд ӕмӕ йӕ акулӕ аныхъуырдта. Фӕлӕ акулӕйы сармадзанӕй фехстой. Цӕф акулӕ лӕджы фӕстӕмӕ раппӕрста ӕмӕ йӕ наумӕ удӕгасӕй систой. Кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ уыд, уӕд нӕм ацы хабар тынг ӕнахуыр фӕкӕсдзӕн, фӕлӕ уӕддӕр уый диссаг нӕ уыд. Цымӕ Хуыцауӕн йӕ бон нӕ уыд уымӕй диссагдӕр хъуыддӕгтӕ саразын?

Дызӕрдыг чи кӕны, уыдон зӕгъынц, зӕгъгӕ, адӕймаг кӕсаджы хуылфы ӕртӕ боны удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн, фӕхуыдуг уыдзӕн. Фӕлӕ адӕм сахуыр сты стыр балӕттӕ ӕлхъывд уӕлдӕфӕй йедзаг кӕнын ӕмӕ дзы стӕй доны бын бирӕ рӕстӕг улӕфын. Хуыцаумӕ та фылдӕр хъару ӕмӕ зонд ис. Ау, йӕ бон нӕ уыд, цӕмӕй Ионӕ ӕртӕ боны улӕфыдаид ӕмӕ цардаид? Иу хатт Йегъовӕйы зӕд Йесо Чырыстийы мад Марийӕйӕн загъта: «Хуыцау цы зӕгъа, уый ӕнӕсӕххӕстӕй нӕ баззайдзӕн» (Лукайы 1:37).

Ионӕйы чиныджы цы фыст ис, уый ӕцӕг кӕй у, уый ма цӕмӕй бӕрӕг у? Ионӕ науы ӕмӕ дзы чи уыд уыдоны тыххӕй бӕлвырд хабӕрттӕ ныффыста. Ионӕйы 1:5 фыст ис, зӕгъгӕ, матростӕ дзаумӕттӕ денджызы ӕппӕрстой, цӕмӕй йӕ фӕрогдӕр кодтаиккой. Рагон историктӕ ӕмӕ дзуттаг дины ахуыргӕндтӕ фыстой, тыхджын дымгӕ-иу куы сыстад, уӕд-иу ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй кодтой. Ионӕ фӕстӕдӕр Ниневийы тыххӕй цы ныффыста, уый дӕр историкты ӕмӕ археологты хъуыдымӕ гӕсгӕ раст у. Уымӕй уӕлдай ма, Ионӕ ӕртӕ боны стыр кӕсаджы хуылфы кӕй уыд, уый Йесо Чырысти абарста, йӕхӕдӕг ӕртӕ боны ингӕны кӕй фӕуыдзӕн, уыимӕ (Матфейы 12:38–40). Уӕдӕ Чырыстийы ныхӕстӕй дӕр бӕрӕг у, Ионӕйы чиныджы цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдон ӕцӕг кӕй ӕрцыдысты, уый.

«Хуыцау цы зӕгъа, уый ӕнӕсӕххӕстӕй нӕ баззайдзӕн» (ЛУКАЙЫ 1:37).

[Ныв 10 фарсыл]

Ионӕ матростӕн загъта, цӕмӕй йӕ доны ныппӕрстаиккой