Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ фидӕн цавӕр уыдзӕн, уый равзар

Дӕ фидӕн цавӕр уыдзӕн, уый равзар

Дӕ фидӕн цавӕр уыдзӕн, уый равзар

«Хуыцау сфӕлдыста адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ, сфӕлдыста йӕ Хуыцаумӕ гӕсгӕ. Сфӕлдыста сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй» (Райдиан 1:27).

АЦЫ зындгонд ныхӕстӕ фыст сты Библийы райдианы ӕмӕ нын ӕргом кӕнынц, Хуыцау йӕ рӕстӕджы цы стыр диссӕгтӕ скодта, уыдонӕй иу – сфӕлдыста ӕххӕст адӕймӕгты, Адам ӕмӕ Евӕйы (Екклесиаст 3:11). Йегъовӕ Хуыцау се Сфӕлдисӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сын загъта: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут. Уӕ бар цӕуӕд денджызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл, хӕдзарон фосыл ӕмӕ, зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлы, уыдоныл дӕр» (Райдиан 1:28).

Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн цы загъта, уымӕй сын бамбарын кодта йӕ фӕндон. Хъуамӕ цот уагътаиккой, зӕхмӕ зылдаиккой ӕмӕ йӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр дзӕнӕт скодтаиккой, цӕмӕй дзы сӕ байзӕддӕгтимӕ цардаиккой. Хуыцау сын рагацау сӕ ныхыл нӕ ныффыста, цас хъуамӕ фӕцардаиккой ӕмӕ кӕд хъуамӕ амардаиккой, уый. Фӕлӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта диссаджы фидӕнӕй: раст цы у, уый куы кодтаиккой ӕмӕ йӕ коммӕ куы кастаиккой, уӕд ӕнустӕм амондджынӕй цардаиккой.

Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ уый тыххӕй адӕм иууылдӕр зӕронд кӕнынц ӕмӕ мӕлынц. Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Иов загъта: «Сылгоймагӕй чи райгуырд, уыцы адӕймагӕн йӕ цард у цыбыр ӕмӕ мастӕй дзаг» (Иов 14:1). Афтӕ цӕмӕн рауад?

Библи нын ӕмбарын кӕны: «Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд» (Ромӕгтӕм 5:12). Уыцы «иу адӕймаг» уыд Адам. Уый Хуыцауы хуымӕтӕг, фӕлӕ бӕлвырд фӕдзӕхстмӕ зонгӕ-зонын нӕ байхъуыста (Райдиан 2:17). Афтӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй йын нал уыд дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрыны бар. Фӕлӕ ма йӕхицӕй уӕлдай уыцы цардӕй йӕ байзӕддӕгты дӕр ӕнӕхай фӕкодта ӕмӕ сын бынӕн ныууагъта ӕрмӕстдӕр тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт. Уӕдӕ нӕм хорзӕй ницы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Ног цард аразыны рӕстӕг

Уыцы хабарӕй мин азтӕ куы рацыд, уӕд Библийы Хуыцауы фӕндӕй фыст ӕрцыд: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29). Библи фидарӕй зӕгъы, Хуыцау Едемы цӕхӕрадоны зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Фыст дзы ис, Хуыцау тагъд рӕстӕджы цы сараздзӕн, уый: «Ныссӕрфдзӕн сын сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта». Хуыцау йӕхӕдӕг зӕгъы: «Мӕнӕ, цы аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!» (Раргомад 21:4, 5).

Хуыцау алцыдӕр йӕхи афон кӕй аразы, уымӕ гӕсгӕ ’взӕры ахӕм фарста: зӕрдӕ цы диссаджы цардӕй бавӕрдта, уый кӕд уыдзӕн? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр дзурынц, Библи нӕ рӕстӕг «фӕстаг бонтӕ» кӕй хоны ӕмӕ Хуыцау «ӕппӕт дӕр ног» куы араза, уыцы рӕстӕг тынг ӕввахс кӕй у (2 Тимофеймӕ 3:1). Фӕнды нӕ, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнай ӕмӕ базонай, уыцы диссаджы фидӕнӕй куыд схайджын уай, уый. Стӕй ма дӕ хонӕм: «Агур Йегъовӕйы, цалынмӕ йӕ ссарӕн ис, уӕдмӕ. Сид ӕм, цалынмӕ ӕввахс у, уӕдмӕ» (Исай 55:6). Дӕ зӕрдыл дар, дӕ цард ӕмӕ дӕ фидӕн хъысмӕтӕй кӕнгӕ кӕй не сты, фӕлӕ дӕхицӕй!

[Хицӕнгонд текст 8 фарсыл]

«Цы аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!»