Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

Цы дзуры Йегъовӕ йӕхи тыххӕй?

Цы дзуры Йегъовӕ йӕхи тыххӕй?

Рацыд 34:6, 7

ХУЫЦАУМӔ цавӕр миниуджытӕ ис ӕмӕ алыхуызон уавӕрты куыд фӕархайы, уый тыххӕй цы зӕгъис? Зӕгъӕм, дӕ бон у уый тыххӕй Хуыцауӕн йӕхи бафӕрсын. Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Моисейӕн уыди ахӕм фадат. Уымӕй уӕлдай, Хуыцау Моисейӕн загъта, цӕмӕй уыцы хабары тыххӕй ныффыстаид.

Моисей Синайы хохыл Хуыцаумӕ куывта: «Курӕг дӕ дӕн, фенын мын кӕн дӕ кад» (Рацыд 33:18). Иннӕ бон ын ӕцӕгдӕр Хуыцау йӕ кад равдыста *. Моисей лыстӕггай нӕ ныффыста, цы диссаджы цӕстылуайӕн федта, уый. Фӕлӕ ныффыста, уымӕй ахсджиагдӕр цы уыд, уый – Хуыцауы ныхӕстӕ. Уӕдӕ Библийы бакӕсӕм Рацыд 34:6, 7 стихтӕ ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ йӕхи тыххӕй цы загъта, ууыл.

Фыццаджыдӕр Йегъовӕ йӕхи тыххӕй загъта, «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ» кӕй у (6 стих). Библи чи иртасы, иу ахӕм ахуыргонды хъуыдымӕ гӕсгӕ, «фӕлмӕнзӕрдӕ»-йӕ цы дзуттаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый амоны, «фыд йӕ сывӕллӕттӕм цы зӕрдӕ дары», уымӕ. «Хӕларзӕрдӕ»-йӕ цы ныхас ӕрцыд тӕлмац, уый та амоны, «фӕкӕсынхъуаг чи у, уымӕн зӕрдиагӕй баххуыс кӕнын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймагмӕ». Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ зоной, фыд йӕ сывӕллӕттыл куыд тыхсы, афтӕ тынг сыл кӕй тыхсы ӕмӕ сӕ кӕй уарзы (Псалом 103:8, 13).

Уый фӕстӕ Йегъовӕ загъта, «мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕнын», зӕгъгӕ (6 стих). Хуыцау уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы йӕ лӕггадгӕнджытӕм. Семӕ фӕразон у, сӕ хъӕндзинӕдтӕм сын нӕ ныккомкоммӕ вӕййы ӕмӕ сын рӕстӕг ратты, цӕмӕй фӕивой (2 Петры 3:9).

Дарддӕр Хуыцау загъта, йе ’нувыд уарзт ӕгӕрон кӕй у ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр раст кӕй у (6 стих). Ӕнувыд уарзтӕй сӕ кӕй уарзы, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йын йӕ адӕм зынаргъ сты (Дыккаг закъон 7:9). Йегъовӕ алы хъуыддаджы дӕр раст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ никӕй бон у асайын ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр никӕй сайы. «Ӕцӕгдзинады Хуыцау» кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у йӕ алы ныхасыл дӕр фидарӕй ӕууӕндын, фидӕны тыххӕй цы загъта, ууыл дӕр (Псалом 31:5).

Йегъовӕйы ма фӕнды, цӕмӕй зонӕм ӕндӕр ахсджиаг хъуыддаг дӕр – «хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр» (7 стих). Йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны, уыдонӕн «цӕттӕ у хатыр кӕнынмӕ» (Псалом 86:5). Фӕлӕ ӕвзӕрдзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Ӕмбарын нын кӕны, аххосджын чи у, уый ӕнӕфхӕрдӕй кӕй ницы хуызы ныууадздзӕн (7 стих). Хуыцау сыгъдӕг Хуыцау кӕй у ӕмӕ рӕстдзинад кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзӕн, зонгӕ-зонын тӕригъӕдтӕ чи аразы, уыдоны. Абон уа, райсом уа, уӕддӕр сӕ тӕригъӕдты тыххӕй дзуапп ратдзысты.

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базонӕм ӕмӕ уый бӕрӕг у, йӕ миниуджытӕ нын кӕй раргом кодта, уымӕй. Йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй дӕ ноджы фылдӕр базонын нӕ бафӕндыд?

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Моисей Йегъовӕйӕн йӕхи нӕ федта, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бон нӕу Хуыцауы фенын ӕмӕ удӕгасӕй баззайын (Рацыд 33:20). Ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕ Моисейӕн йӕ кад равдыста ӕмӕ йемӕ зӕды уылты ныхас кодта.