Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у
Ӕрыгӕтты цӕттӕ кӕнӕм цардмӕ
«Мӕ лӕппутимӕ ныхас кӕнын мын тынг ӕхсызгон уыди. Цыдӕриддӕр дзырдтон, уымӕ лӕмбынӕг хъуыстой ӕмӕ мӕ коммӕ кастысты. Фӕлӕ ныр фестырдӕр сты ӕмӕ ӕдзухдӕр нӕ ныхас быцӕумӕ рахизы, суанг Хуыцауӕн лӕггад кӕнынимӕ баст хъуыддӕгты дӕр. Афтӕ мын фӕзӕгъынц: „Ӕдзухдӕр Библийыл хъуамӕ ныхас кӕнӕм?“ Кӕд раздӕр ахӕм хабӕрттӕ ӕндӕр бинонты уыдтон, уӕддӕр мӕ хъуыдыйы никуы ӕрцыд, мӕ хӕдзары дӕр афтӕтӕ кӕй уыдзӕн» (Реджи *).
КӔД дӕуӕн дӕр дӕ сывӕллӕттӕ рӕзгӕ кары сты, уӕд уый диссаджы рӕстӕг у, уымӕн ӕмӕ уыныс, куыд стыр кӕнынц, уый. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлдзынӕ. Дӕ бинонты ’хсӕн афтӕ нӕ уыд?
▪ Дӕ лӕппу ма гыццыл куы уыд, уӕд ӕдзух дӕ фарсмӕ уыд, цыма дыл баст уыд, афтӕ. Ныр та куы фестырдӕр, уӕд ӕй фӕнды йӕхи зондӕй цӕрын.
▪ Дӕ чызг къаддӕр куы уыд, уӕд дын йӕ хабӕрттӕ дзырдта. Фӕлӕ ныр фестырдӕр, ӕмӕ ныхас кӕны ӕрмӕстдӕр йе ’мбӕлттимӕ.
Кӕд ахӕм цӕуылдӕртыл сӕмбӕлыс, уӕд афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ дӕ сывӕллон фыдзонд у. Фӕлӕ цымӕ цӕмӕн фӕивта? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй ахъуыды кӕнӕм, рӕзгӕ кары сывӕллон куыд ивы, ууыл.
Ахсджиаг рӕстӕг
Сывӕллонӕн йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ йӕ царды алцыдӕр фыццаг хатт вӕййы – фыццаг къахдзӕфтӕ, фыццаг ныхас, фыццаг хатт ацӕуы скъоламӕ. Ахӕм рӕстӕг мад ӕмӕ фыды цинӕн кӕрон дӕр нал вӕййы, уымӕн ӕмӕ фӕуынынц, сӕ сывӕллӕттӕ кӕй стыр кӕнынц, уый.
Сывӕллон куы фестыр кӕны, уыцы рӕстӕг дӕр ахсджиаг у, кӕд иуӕй-иу ныййарджытӕ уый зын рӕстӕгыл нымайынц, уӕддӕр. Ӕмӕ сӕ бамбарӕн дӕр ис. Цымӕ цы ’рцӕуы сӕ коммӕгӕс сывӕллоныл, куы фестырдӕр вӕййы, уӕд, сдзырд ӕм цӕуылнӕуал вӕййы? Сывӕллоны царды уый ахсджиаг рӕстӕг цӕмӕн у?
Библийы фыст ис, ахӕм рӕстӕг кӕй ралӕууы, ӕмӕ «адӕймаг ныууадзы йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады» (Райдиан 2:24). Уыцы рӕстӕг цины рӕстӕг дӕр у ӕмӕ ӕнкъард дӕр у, фӕлӕ йӕм хъуамӕ цӕттӕ кӕнат уӕ сывӕллоны. Уӕд хъуамӕ йӕ бон уа зӕгъын, апостол Павел куыд загъта, афтӕ: «Ӕз саби куы уыдтӕн, уӕд сабийы ныхӕстӕ кодтон, мӕ зонд дӕр уыди сабийы зонд, мӕ хъуыдытӕ дӕр уыдысты сабийы хъуыдытӕ, фӕлӕ куы слӕг дӕн, уӕд сывӕллоны митӕ ныууагътон» (1 Коринфӕгтӕм 13:11).
Ныр дӕ лӕппу кӕнӕ дӕ чызг йӕхи гыццыл сывӕллоны хуызӕн нал дары, ахуыр кӕны йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп дӕттын, йӕхи зондӕй архайын, цӕмӕй уый фӕстӕ йӕ бон уа хицӕнӕй цӕрын. Иу чиныг
ӕрыгон бонтӕ хоны, хӕдзарӕй ацӕуынмӕ цӕттӕ кӕныны рӕстӕг.Фӕлӕ ныртӕккӕ зын бауырнӕн у, дӕ «гыццыл» лӕппу кӕнӕ чызг ӕнӕ дӕуӕй цӕрын кӕй базондзӕн, уый. Чи зоны фӕхъуыды кӕныс:
▪ «Мӕ лӕппу йӕ сынтӕг ӕфснайын дӕр куы нӕ зоны, уӕд хицӕнӕй куыд цӕрдзӕн?»
▪ «Мӕ чызг хӕдзармӕ афоныл куы никуы ӕрбацӕуы, уӕд ӕй куыстӕй нӕ ратӕрдзысты, куы рӕджы кӕна, уӕд?»
Кӕд афтӕ фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕ рох ма уӕд: цӕмӕй дӕ сывӕллон йӕхи зондӕй цӕрын сахуыр уа, уымӕн хъӕуы рӕстӕг. Фӕлӕ уал нырма уыныс, «ӕнӕзонддзинад арф кӕй бады сывӕллоны зӕрдӕйы» (Ӕмбисӕндтӕ 22:15).
Фӕлӕ дӕ сывӕллоны раст фӕндагыл куы аразай, уӕд дзы ӕмбаргӕ адӕймаг рауайдзӕн, «йӕ зондӕй чи архайы ӕмӕ афтӕмӕй йӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын чи сахуыр кодта», ахӕм адӕймаг (Дзуттӕгтӕм 5:14).
Ӕрыгӕттӕн баххуыс кӕнӕн куыд ис?
Цӕмӕй дӕ сывӕллон царды фӕндагыл цӕуын сахуыр уа, уый тыххӕй йын хъӕуы баххуыс кӕнын, цӕмӕй уа «ӕмбаргӕ» ӕмӕ йӕхи бон уа уынаффӕтӕ хӕссын (Ромӕгтӕм 12:1, 2). Дӕлдӕр Библийӕ цы хъуыдытӕ ис, уыдон дын баххуыс кӕндзысты.
Филиппӕгтӕм 4:5: «Уе ’мбаргӕдзинадӕй уӕ зонӕд алчидӕр». Зӕгъӕм, уӕ сывӕллоны фӕнды хӕдзармӕ фӕстӕдӕр цӕуын. Ды йын уайтагъд, нӕ, зӕгъгӕ, загътай. Уый дӕр фӕтӕргай: «Цыма уын гыццыл сывӕллон дӕн нырма!» Фӕлӕ йын цалынмӕ афтӕ нӕ загътай, дӕхи сывӕллоны хуызӕн дарыс, зӕгъгӕ, уӕдмӕ уал ахъуыды кӕн: ӕрыгӕтты фӕфӕнды, цӕмӕй сын, цас ӕмбӕлы, уымӕй фылдӕр сӕрибардзинад уа, фӕлӕ сын ныййарджытӕ та, цас ӕмбӕлы, уымӕй къаддӕр сӕрибардзинад фӕдӕттынц. Дӕ бон ын у рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фылдӕр бартӕ дӕттын кӕнӕ, цы дзуры, уый бамбарыныл бацархайын?
Ахъуыды кӕн, дӕ сывӕллонӕн фылдӕр бартӕ цы хъуыддаджы ис раттӕн, ууыл. Бамбарын ын кӕн, фылдӕр сӕрибардзинад ын рӕстӕгмӕ кӕй дӕттыс, цӕмӕй фенай, фылдӕр бартӕ раттӕн ын ис ӕви нӕ. Кӕд йӕхи, куыд ӕмбӕлы афтӕ нӕ дара, уӕд та йын къаддӕр бартӕ уыдзӕн (Матфейы 25:21).
Колоссӕгтӕм 3:21: «Фыдӕлтӕ, уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, цӕмӕй сӕхимӕ ма ныхъхъусой». Иуӕй-иу ныййарджытӕ сӕ сывӕллоны фезмӕлын дӕр нӕ фӕуадзынц, цыдӕриддӕр аразы, уымӕ сӕ хъус лӕмбынӕг фӕдарынц. Йе ’мбӕлттӕ чи хъуамӕ уой, уый йын фӕдзурынц ӕмӕ телефонӕй кӕимӕ фӕныхас кӕны, уымӕ сусӕгӕй фӕхъусынц. Фӕлӕ уый ницы пайда вӕййы. Акъахдзӕф кӕнын ӕй куы нӕ фӕуадзынц, уӕд сывӕллоны тынгдӕр фӕфӕнды сӕрибарӕй цӕрын ӕмӕ уымӕн фадӕттӕ дӕр ссары. Ӕдзухдӕр ын йе ’мбӕлтты фыдкой куы кӕнат, уӕд ӕй тынгдӕр фӕнддзӕн семӕ лымӕн кӕнын. Цӕуыл фӕдзуры, уымӕ сусӕгӕй куы хъусат, уӕддӕр ссардзӕн, йе ’мбӕлттимӕ фылдӕр рӕстӕг куыд ӕрвита, уый фадат, зонгӕ дӕр ӕй нӕ бакӕндзыстут, афтӕ. Уӕ сывӕллоны алы къахдзӕф дӕр куы нымайат, уӕд къаддӕр зондзыстут, цы кусӕг у, уый. Уемӕ цӕргӕйӕ йӕхи зондӕй цӕрын куы нӕ сахуыр уа, уӕд хицӕнӕй цӕргӕйӕ дӕр нӕ сахуыр уыдзӕн.
Сывӕллонимӕ куы ныхас кӕнат, уӕд-иу ын бамбарын кӕнут, йӕ хъуыддӕгтӕ йӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты, уый. Зӕгъӕм, йе ’мбӕлтты фыдкой кӕныны бӕсты йӕ бафӕрс: «Де ’мбалы дын исы фыдракӕнды тыххӕй куы ӕрцахсой, уӕд уый дӕуыл куыд фӕзындзӕн?» Баххуыс ын кӕн, цӕмӕй бамбара: йе ’мбӕлттӕн цы ном ис, ахӕм ном уыдзӕн йӕхицӕн дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 11:17, 22; 20:11).
Ефесӕгтӕм 6:4: «Уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, фӕлӕ сӕ хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут». Ныхӕстӕ «зондыл аразут», ӕрмӕст уый нӕ нысан кӕнынц, цӕмӕй сын дзурӕм, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Сывӕллоны хъӕуы ахуыр кӕнын, цӕмӕй ӕгъдауджын уа. Уый уӕлдай ахсджиаг у, рӕзгӕ кары куы уа, уӕд. «Сывӕллӕттӕ куыд стырдӕр кӕнынц, афтӕ сӕ ӕндӕрхуызон хъомыл кӕнын хъӕуы ӕмӕ семӕ фылдӕр ныхас кӕнын хъӕуы»,– загъта иу фыд (2 Тимофеймӕ 3:14).
Цыдӕр хъуыддаджы сывӕллон демӕ куы нӕ разы кӕна, уӕд ӕй бафӕрс, дӕ бынаты уый та куыд бакӕнид. Уадз ӕмӕ ахъуыды кӕна, афтӕ бакӕнын раст цӕмӕн уыдзӕн кӕнӕ цӕуылнӕ уыдзӕн, ууыл. Стӕй уыцы фарстайыл къуырийы мидӕг ногӕй аныхас кӕн.
Галатӕгтӕм 6:7: «Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн». Цӕмӕй гыццыл сывӕллоны цӕуылдӕр сахуыр кӕнай, уый тыххӕй йӕ къуымы слӕууын кӕнын кӕнӕ йӕ, тынг цы уарзы, уымӕй фӕцух кӕнын дӕр фаг вӕййы. Рӕзгӕ кары сывӕллонимӕ та хуыздӕр уыдзӕн ныхас кӕнын, цӕмӕй-иу ахъуыды кӕна, йӕ хъуыддӕгтӕ йӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты, ууыл (Ӕмбисӕндтӕ 6:27).
Сывӕллон искӕмӕй хӕс куы райса, уӕд ын ӕй йӕ бӕсты фидын нӕ хъӕуы кӕнӕ йӕ йе ’взӕр бӕрӕггӕнӕнты тыххӕй ахуыргӕнӕджы раз раст кӕнын дӕр нӕ хъӕуы. Уадз ӕмӕ бамбара, йӕ хъуыддӕгтӕ йӕ цӕмӕ ӕркӕнынц, уый ӕмӕ ахуыр кӕна.
Ныййарджыты фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллон рӕзгӕ кары зындзинӕдты сӕрты ӕнцонтӕй ахиза ӕмӕ царды фӕндагыл фидар къахдзӕфтӕй цӕуа. Фӕлӕ царды афтӕ нӕ рауайы. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр уын диссаджы фадат ис, цӕмӕй «уӕ сывӕллоны йӕ гыццылӕй раст фӕндагыл сӕвӕрат» (Ӕмбисӕндтӕ 22:6). Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайат, уӕд уыцы хъуыддаджы ӕнтыстджын уыдзыстут.
[Фиппаинаг]
^ 3 абз. Ном ивд у.
АХЪУЫДЫ КӔН...
Мӕ сывӕллон цалынмӕ хицӕнӕй цӕрын нӕ райдыдта, уӕдмӕ сахуыр:
▪ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ цы хъуыддӕгтӕ хауы, уыдон пълан кӕнын?
▪ раст уынаффӕтӕ хӕссын?
▪ адӕмимӕ хӕларӕй цӕрын?
▪ йе ’нӕниздзинадыл тыхсын?
▪ ӕхцайӕ раст пайда кӕнын?
▪ хӕдзар ӕфснайын?
▪ йӕ разы цы нысӕнттӕ сӕвӕры, уыдонмӕ тырнын?
[Ныв 12 фарсыл]
Дӕ лӕппу кӕнӕ дӕ чызгӕн дӕ бон у фылдӕр сӕрибардзинад раттын, йӕхи куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы дара, уӕд?