Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Раст дин ахуыр кӕны, цӕмӕй Хуыцауы Ныхасӕн аргъ кӕнӕм

Раст дин ахуыр кӕны, цӕмӕй Хуыцауы Ныхасӕн аргъ кӕнӕм

Раст дин ахуыр кӕны, цӕмӕй Хуыцауы Ныхасӕн аргъ кӕнӕм

ЧЫРЫСТИ стыр аргъ кодта Хуыцауы Ныхас Библийӕн. Уый бӕрӕг у, Хӕйрӕг ӕй куы фӕлвӕрдта, уӕд ын цы дзуапп лӕвӕрдта, уымӕй (Матфейы 4:4–11). Зӕгъӕм, Йесо куыд бакодта, Хӕйрӕг ын куы дзырдта, цӕмӕй дуртӕй дзултӕ фестын кодтаид, уӕд? Нӕ йӕм байхъуыста, фӕлӕ йын загъта, пехуымпар Моисей Хуыцауы фӕндӕй цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдон. Фыст сты Дыккаг закъоны 8:3 стихы. Хӕйрӕг ын афтӕ куы загъта, бакув мын ӕмӕ дын дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ дӕр ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уӕд та куыд бакодта? Нӕ йын сразы, фӕлӕ йын загъта, Дыккаг закъоны 6:13 стихы цы ныхӕстӕ ис фыст, уыдон.

Ахъуыды-ма кӕн: кӕд Чырысти Хуыцауы Фырт уыд, уӕддӕр адӕмы йӕхи зондӕй нӕ ахуыр кодта, фӕлӕ Библийӕ. Адӕмы ӕрхъуыдыгонд ӕгъдӕуттӕ Хуыцауы Ныхасӕй ахсджиагдӕрыл нӕ нымадта (Иоанны 7:16–18). Фӕлӕ уӕды рӕстӕджы дины разамонджытӕй бирӕтӕ Хуыцауы Ныхасӕн ахӕм аргъ нӕ кодтой. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ сын се ’гъдӕуттӕ сӕйрагдӕр уыдысты. Йесо сын комкоммӕ загъта: «Сымах Хуыцауы ныхас уе ’гъдӕуттӕй баивтат. Цӕстмӕхъустӕ, пехуымпар Исай сымах тыххӕй рӕстытӕ дзырдта: „Ацы адӕм мӕ кадджын кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕтӕ та дард сты мӕнӕй. Дзӕгъӕлы мын кувынц, уымӕн ӕмӕ цы амонынц, уыдон адӕмы ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытӕ йеддӕмӕ ницы сты“» (Матфейы 15:6–9).

Чырыстон динтӕ ӕмӕ ӕндӕр динтӕй дӕр бирӕтӕ зӕгъынц, Библийӕн кӕй аргъ кӕнынц. Фӕлӕ дӕм куыд кӕсы, бирӕтӕ дзы сразы уыдзысты, Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ раст чи нӕу, уыцы ӕгъдӕуттӕ ныууадзыныл? Ӕркӕсӕм дыууӕ хъуыддагмӕ.

Кады нӕмттӕ.

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: Чырысти дины разамонджытӕн бауайдзӕф кодта, кады нӕмттӕ кӕй уарзынц ӕмӕ стыр бынӕттӕм кӕй тырнынц, уый тыххӕй. Загъта сын: «Уыдон уарзынц фынгтыл уӕлейӕ бадын, ӕмбырдгӕнӕнты та – разӕй. Уарзынц, цӕмӕй сын базарты адӕм сӕ сӕрӕй кувой ӕмӕ сӕм, ахуыргӕнӕг, зӕгъгӕ, дзурой». Йӕ фыдылдзӕуджытӕн та Чырысти загъта: «Фӕлӕ сымахмӕ, ахуыргӕнӕг, зӕгъгӕ, мачи дзурӕд, уымӕн ӕмӕ уын иу ахуыргӕнӕг ис, сымах та уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут. Стӕй зӕххыл уӕ фыд дӕр макӕй хонут, уымӕн ӕмӕ уын иу Фыд ис – уӕларвон Фыд» (Матфейы 23:1–10).

ФАРСТА: Цы динтӕ зоныс, уыдонӕн сӕ разамонджытӕ кады нӕмттӕ уарзынц ӕмӕ стыр бынӕттӕм тырнынц, ӕви Чырыстийы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ уыдӕттӕй сӕхи хизынц?

Нывтӕн (иконӕтӕн) кувын.

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: «Ма араз дӕхицӕн, уӕлейӕ арвыл цы ис, бынӕй зӕххыл цы ис ӕмӕ зӕххӕй дӕлдӕр дӕтты цы ис, уыдонӕн сӕ цыртсурӕттӕ ӕмӕ сӕ нывтӕ. Сӕ разы дӕ зонгуытыл ма лӕуу ӕмӕ сын ма кув» (Рацыд 20:4, 5).

Апостол Иоанн чырыстӕтты фӕдзӕхста: «Уӕхи хизут мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй» (1 Иоанны 5:21).

ФАРСТА: Цы динтӕ зоныс, уыдон Библийы бӕлвырд фӕдзӕхстмӕ хъусынц ӕмӕ Хуыцаумӕ кувгӕйӕ иконӕтӕй нӕ пайда кӕнынц?

Уӕ бон у раст дин ссарын

Кӕд абон тынг бирӕ динтӕ ис, уӕддӕр нӕ бон у, цардмӕ чи кӕны, уыцы раст фӕндаг, ома дин, ссарын. Бирӕ цӕмӕйдӕрты ис базонӕн, «нӕ Хуыцау ӕмӕ нӕ Фыды цӕсты сыгъдӕг, ӕнӕфау дин» кӕцы у, уый (Иаковы 1:27). Ацы статьяты Библийӕ цы стихтӕ ис, уыдон уын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй раст дин кӕцы у, уый базонат.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕмӕ раттут, статьяты цы фарстатӕ ис, уыдон. Цы дзуапп уын ратдзысты, ууыл-иу ахъуыды кӕнут, ӕмӕ бафӕзмут, фыццаг ӕнусы горӕт Верийы цӕрджыты. Апостол Павел семӕ куы ныхас кодта, уӕд «Фыстад лӕмбынӕг иртӕстой, зӕгъгӕ нын цы дзуры, уыдӕттӕ раст сты ӕви нӕ» (Хъуыддӕгтӕ 17:11). Кӕд сымах дӕр Верийы цӕрджытау Хуыцауы Ныхасӕн аргъ кӕнут ӕмӕ йӕ лӕмбынӕг ахуыр кӕнут, уӕд ссардзыстут, цардмӕ чи кӕны, уыцы раст фӕндаг. Фӕлӕ йыл ацӕудзыстут ӕви нӕ, уый та уӕхицӕй кӕнгӕ у.

[Хицӕнгонд текст 9 фарсыл]

Кӕцы дин разӕнгард кӕны адӕмы Библи ахуыр кӕнынмӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной, Хуыцауы тыххӕй цы базонынц, уый раст у ӕви нӕ?