Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у
Дӕ цардӕмбал уӕззау рынчын куы уа...
«Ахӕм низ мӕм ис, ӕмӕ ӕдзух вӕййын фӕллад ӕмӕ уӕнгмард. Уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕстдӕр мӕ цардӕмбал кусы. Фӕлӕ цас ӕхца бахардз кӕнӕм, уый тыххӕй мын никуы ницы фӕдзуры. Ӕмӕ мӕм уый тыххӕй афтӕ фӕкӕсы, цыма нӕ уавӕр афтӕ ӕвзӕр у, ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй ма уыдӕттыл дӕр мӕт кӕнон» (Ненси *).
БИНОНТЫ цард ӕнӕуи дӕр ӕнцон нӕу, фӕлӕ лӕг кӕнӕ ус уӕззау низӕй куы фӕрынчын вӕййы, уӕд та ноджы зындӕр вӕййы *. Ды дӕр, мыййаг, ахӕм уавӕры дӕ? Кӕд о, уӕд ды дӕр, чи зоны, фӕхъуыды кӕныс: «Мӕ бон куыд уыдзӕн мӕ цардӕмбалмӕ кӕсын, йе ’нӕниздзинад куы фӕфыддӕр уа, уӕд? Цас ма суыдзӕн мӕ бон мӕ цардӕмбалмӕ дӕр кӕсын, стӕй хӕринаг дӕр кӕнын, ӕфснайын дӕр ӕмӕ кусын дӕр? Афтӕ мӕм цӕмӕн кӕсы, цыма мӕ аххосӕй фӕрынчын?»
Кӕд рынчын ды дӕ, уӕд, чи зоны, хъуыды кӕныс: «Мӕ бон куы ницы у, уӕд ма цӕмӕн бӕззын? Цымӕ мӕм мӕ цардӕмбал нӕ мӕсты кӕны, рынчын кӕй дӕн, уый тыххӕй? Ныр нӕ цард нӕ фехӕлдзӕн?»
Хъыгагӕн, иуӕй-иу бинонты лӕг ӕмӕ ус ахицӕн вӕййынц, исчи сӕ уӕззау низӕй куы фӕрынчын вӕййы, уӕд. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сымахӕн дӕр уӕ бинонты цард фехӕлдзӕн.
Бирӕ бинонты цард ахӕм уавӕрты нӕ фехӕлд. Уый нӕ, фӕлӕ ма ноджы ӕнгомдӕр систы. Ӕркӕсӕм, Йошиаки ӕмӕ Кадзукойы хабармӕ. Йошиакийӕн йӕ астӕунизӕй йӕ бон ӕнӕ искӕй ӕххуысӕй фезмӕлын дӕр нӕу. Кадзуко радзырдта: «Мӕ сӕрыхицауы иунӕгӕй гыццыл дӕр фӕуадзӕн нӕй. Бон-изӕрмӕ йӕм кӕй кастӕн, уый тыххӕй мӕ бӕрзӕй, ме уӕхсджытӕ ӕмӕ мӕ къухтӕ риссын райдыдтой ӕмӕ уый тыххӕй мӕхи дӕр дохтырты ’ххуыс бахъуыд. Бонӕй рынчындоны уыдтӕн, ӕхсӕв та – мӕ лӕджы фарсмӕ. Афтӕ-иу бафӕлладтӕн, ӕмӕ-иу мӕ къӕхтыл дӕр нал лӕууыдтӕн». Кӕд ахӕм уӕззау уавӕры сты, уӕддӕр Кадзуко загъта: «Кӕрӕдзийыл ноджы ӕнувыддӕр систӕм».
Уӕдӕ бинонтӕй исчи уӕззау рынчын куы уа, уӕд сын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ахӕм уавӕрты дӕр амондджын уой? Иу хъуыддаг уый, ӕмӕ уыцы уавӕрмӕ ахӕм цӕстӕй куы кӕсой, нӕ дыууӕйы дӕр фидар фӕлӕууын хъӕуы, зӕгъгӕ, уӕд сын сӕ бинонты цард дарддӕр дӕр ад кӕндзӕн. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр Райдианы 2:24 стихы, фыст ис: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар». Уӕдӕ бинонтӕй иу уӕззау рынчын куы уа, уӕд хъуамӕ лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕной, цӕмӕй сӕ зындзинадимӕ тох кӕной.
афтӕ у, лӕг кӕнӕ ус куы фӕрынчын вӕййы, уӕд уый сӕ дыууӕйыл дӕр фӕзыны, кӕд ӕмхуызон нӕ риссынц, уӕддӕр. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзиуыл куыд ӕнгом баст сты, уый тыххӕй Библийы,Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй, йӕ къухтӕ чи не ’руадзы, ӕмӕ сын цы ӕмӕ куыд кӕнгӕ у, ууыл чи сахуыр вӕййы, уыцы бинонтӕ ӕнгомдӕр вӕййынц. Цӕуыл сахуыр сты, уыдӕттӕй бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй фыст ис Библийы дӕр. Уӕдӕ ӕркӕсӕм Библийӕ ӕртӕ уынаффӕмӕ.
Кӕрӕдзиуыл хъуыды кӕнут
«Иунӕг чи у, уымӕй дыууӕйӕн иумӕ хуыздӕр у»,– фыст ис Екклесиасты 4:9 стихы. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? 10 стих куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй, «сӕ иу куы ахауа, уӕд иннӕ схӕцдзӕн йе ’мбалыл». Ды дӕр де ’мбалыл «схӕцыс»? Кӕй йын аргъ кӕныс, уый тыххӕй йын куы дзурай, уӕд ды дӕр ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайдзынӕ.
Дӕ цардӕмбалӕн дӕ бон баххуыс кӕнын цӕмӕй у, ууыл фӕхъуыды кӕныс? Иу нӕлгоймагӕн, йӕ ном, Йонг, зӕгъгӕ, йӕ усы паралич ныццавта. Йонг дзуры: «Ӕдзух мӕ бинойнагыл фӕхъуыды кӕнын. Зӕгъӕм, мӕхӕдӕг куы сдойны вӕййын, уӕд ахъуыды кӕнын, цымӕ, уый та дон нӕ хъӕуы. Ӕддӕмӕ куы рахизын ӕмӕ исты рӕсугъд ныв куы фенын, уӕд ӕй бафӕрсын, нӕ дӕ фӕнды мемӕ абадын, зӕгъгӕ. Нӕ иуӕй цы риссы, уый риссы иннӕмӕй дӕр».
Кӕд бинонтӕй рынчын ды дӕ, уӕд, цымӕ, дӕхи бон цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ аразын нӕу? Кӕд о, уӕд уый фӕрцы дӕхицӕн дӕр аргъ кӕндзынӕ ӕмӕ дӕ цардӕмбалӕн дӕр йӕ бон уыдзӕн дӕуӕн дарддӕр ӕххуыс кӕнын.
Афтӕ ма хъуыды кӕн, мӕ цардӕмбал цы хъуаг у, уый зонын, зӕгъгӕ, фӕлтау ын уый тыххӕй йӕхи бафӕрс. Райдианы цы Ненсийы кой кодтам, уый йӕ цардӕмбалӕн загъта, йӕхи куыд фӕхаты, куы нӕ йын фӕдзуры, цас хӕрдзтӕ сын вӕййы, уый тыххӕй. Ныр йӕ лӕг фӕархайы, цӕмӕй йын уыцы хабӕрттӕ дӕр дзура.
Алчидӕр уӕ ныффыссӕд, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ йӕ цардӕмбалы бон цы у саразын, цӕмӕй уавӕр фӕхуыздӕр уа. Стӕй уӕ фыстытӕ кӕрӕдзимӕ раттут. Уый фӕстӕ уӕ дыууӕ дӕр зӕгъут, уӕ бон цы у саразын, иу-дыууӕ ахӕм хъуыддаджы.
Уӕ хъуыддӕгтӕ пълан кӕнут
Зондджын паддзах Соломон ныффыста: «Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон» (Екклесиаст 3:1). Фӕлӕ, бинонтӕй исчи уӕззау рынчын куы вӕййы, уӕд ӕнцон нӕу хъуыддӕгтӕ хорз пълан кӕнын. Цы у уӕ бон саразын, цӕмӕй уӕ бинонты цард бӕлвырд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ уа?
Ӕдзух-иу уӕ низты тыххӕй ма дзурут. Цалынмӕ уӕ иу нӕ фӕрынчын, уӕдмӕ уын цы хъуыддӕгтӕ хастой циндзинад, уыдонӕй ма уа бон исты аразын у? Кӕд нӕ, уӕд та ахъуыды кӕнут, ныр та цы ис аразӕн? Зӕгъӕм, уӕ бон у кӕрӕдзийӕн исты кӕсын кӕнӕ та, чи зоны, ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнын дӕр. Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй уын исты иумӕйаг хъуыддӕгтӕ уа. Уый руаджы ноджы амондджындӕр ӕмӕ кӕрӕдзиуыл ӕнувыддӕр уыдзыстут.
Хорз ма вӕййы иннӕтимӕ рӕстӕг ӕрвитын дӕр. Библийы фыст ис: «Йӕхи иннӕтӕй дард чи ласа, уый схивӕнд уыдзӕн. Ахӕм адӕймаг цӕудзӕн ӕппӕт куырыхон зонды ныхмӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 18:1). Ацы ныхӕстӕй куыд зыны, афтӕмӕй, йӕхи иннӕтӕй дард чи ласы, уыцы адӕймаг йӕхицӕн ӕвзӕрдӕр кӕны. Фӕлӕ адӕмы ’хсӕнмӕ чи фӕцӕуы, уый хъӕлдзӕгдӕр вӕййы. Уӕдӕ цӕуылнӕ ис искӕй уазӕгуаты фӕхонӕн?
Йӕ цардӕмбал уӕззау рынчын кӕмӕн у, уыцы адӕймагӕн хатт зын вӕййы хъуыддӕгтӕм раст цӕстӕй кӕсын. Иуӕй-иутӕ ӕгӕр бирӕ фӕкусынц ӕмӕ афтӕмӕй сабыргай сӕ хъару басӕтты ӕмӕ се ’нӕниздзинад фӕцуды. Ӕппынфӕстаг, чи зоны, йӕ бон мауал суа йӕ рынчын цардӕмбалмӕ зилын дӕр. Уымӕ гӕсгӕ дӕхи дӕр ма рох кӕн. Рӕстӕг-иу рахицӕн *. Кӕмӕндӕр фенцондӕр вӕййы, се ’мбӕлттӕй искӕимӕ, цы сӕ тыхсын кӕны, уыдӕттыл куы аныхас кӕнынц. Фӕлӕ нӕлгоймаг хъуамӕ нӕлгоймагимӕ ныхас кӕна, сылгоймаг та – сылгоймагимӕ.
кӕн, цӕмӕй иунӕгӕй искуы сабыр ран дӕ фӕллад суадзайГӕххӕттыл ныффысс, дӕ рынчын цардӕмбалмӕ кӕсгӕйӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уый тыххӕй. Уый фӕстӕ та ныффысс, дӕ бон цы у саразын. Алцыдӕр сасирӕй ма луар, фӕлӕ ахъуыды кӕн: «Бӕлвырдӕй цы ис саразӕн, цӕмӕй нӕ уавӕр гыццыл фӕхуыздӕр кӕнӕм?»
Архайут, алцӕмӕдӕр раст цӕстӕй кӕсыныл
Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Афтӕ ма дзур, раздӕр цард хуыздӕр уыди, зӕгъгӕ» (Екклесиаст 7:10). Уӕдӕ ӕгӕр бирӕ ма хъуыды кӕн, зӕгъгӕ, мӕ цардӕмбал рынчын куы нӕ уаид, уӕд нӕ цард бынтон ӕндӕрхуызон уаид. Уӕ зӕрдыл дарут, ацы дунейы адӕймаг алцӕмӕйдӕр райгонд никуы вӕййы. Ацы хъуыддаджы ӕппӕты ахсджиагдӕр у, уӕ уавӕры уӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын.
Цы уын баххуыс кӕндзӕн? Уӕ царды хорзӕй цы ис, ууыл иумӕ ныхас кӕнут. Рынчын уӕ чи у, уымӕн йе ’нӕниздзинад гыццыл дӕр куы фӕхуыздӕр уа, уӕд ууыл уӕ дыууӕ дӕр цин кӕнут. Ахъуыды-иу кӕнут, хорзӕй уӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл ӕмӕ уӕ разы, уӕ бон сӕххӕст кӕнын кӕй у, ахӕм нысӕнттӕ ’вӕрут.
Содзи ӕмӕ Акико раздӕр бирӕ рӕстӕг ӕрвыстой, цӕмӕй иннӕтӕн Хуыцауы тыххӕй базонынӕн ӕххуыс кодтаиккой. Фӕлӕ Акико уӕззау низӕй куы фӕрынчын, уӕд уыйбӕрц сӕ бон нал уыд. Сӕ ныфс куыннӕ асастаид. Фӕлӕ уыдон спайда кодтой, уӕлдӕр цы уынаффӕ ис, уымӕй. Содзи зӕгъы, йӕ хӕдзары уӕззау рынчын кӕмӕн ис, ахӕм адӕмӕн: «Уӕхимӕ-иу ма ныхъхъусут, раздӕр цы арӕзтат, уый ныр уӕ бон аразын кӕй нал у, уый тыххӕй. Алцӕмӕдӕр раст цӕстӕй кӕсут. Кӕд уӕ ныфс ис, раздӕры хъарутӕ та уӕм кӕй фӕзындзӕн, уӕддӕр уал ныр аразут, ныртӕккӕ уӕ бон цы у, уый. Ӕз дӕр, мӕ бон цы у, уымӕй мӕ бинойнагӕн ӕххуыс кӕнын». Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ цардӕмбал уӕззау рынчын у, уӕд дын ацы уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты.
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 3 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.
^ 4 абз. Ацы статьяйы ныхас цӕуы, лӕг кӕнӕ ус уӕззау низӕй рынчын куы уой, уӕд сын цы баххуыс кӕндзӕн, уый тыххӕй. Фӕлӕ бинонтӕй исчи ӕнӕнхъӕлӕджы цыдӕр бӕллӕхы куы бахауа, кӕнӕ йӕхимӕ куы ныхъхъуса, зӕгъӕм, депрессийӕ куы фӕрынчын уа, уӕд дӕр сын ацы статья баххуыс кӕндзӕн.
^ 20 абз. Иуӕй-иу хатт хуыздӕр вӕййы, цӕмӕй рынчынмӕ зила, уыцы хъуыддаг хицауад кӕмӕн бахӕс кӕны, ахӕм адӕймаг.
АХЪУЫДЫ КӔНУТ...
Дӕ цардӕмбалимӕ дӕ бон цы у саразын?
▪ Низы тыххӕй арӕхдӕр ныхас кӕнын
▪ Низы тыххӕй къаддӕр ныхас кӕнын
▪ Къаддӕр тыхсын
▪ Кӕрӕдзиуыл хъуыды кӕнын
▪ Иумӕ исты аразын
▪ Иннӕтимӕ уӕ рӕстӕг ӕрвитын
▪ Иумӕ истӕмӕ тырнын
[Ныв 14 фарсыл]
Цӕмӕй уӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй кӕсат, уый тыххӕй-иу уӕхи истӕмӕй аирхӕфсут