Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

Йӕ ныхасӕн хицау у

Йӕ ныхасӕн хицау у

ЙЕСО НАВИН 23:14

МЫЙЙАГ дын адӕмыл ӕууӕндын зын у? Хъыгагӕн, абон, ӕцӕгдӕр, адӕм кӕрӕдзийыл нал ӕууӕндынц. Дӕ зӕрдӕ кӕуыл дардтай, уыцы адӕймаг дӕ куы асайа кӕнӕ йӕ ныхас куы нӕ сӕххӕст кӕна, уӕд ыл, ӕвӕццӕгӕн, нал ӕууӕнддзынӕ. Фӕлӕ ис, дӕ бон фидарӕй ӕууӕндын кӕуыл у, ахӕм чидӕр. Библийы, Ӕмбисӕндты 3:5 стихы фыст ис: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл». Цӕмӕн у нӕ бон Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ дарын? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп ссарӕм, уый тыххӕй ма ахъуыды кӕнӕм, йӕ ныфс ӕгасӕйдӕр Йегъовӕйыл чи дардта, уыцы адӕймаджы ныхӕстыл. Уыцы адӕймаг у Йесо Навин ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ фыст сты Библийы, Йесо Навины чиныджы 23 сӕры 14 стихы.

Ӕркӕсӕм, цалынмӕ ацы ныхӕстӕ загъта, уӕдмӕ цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонмӕ. Йесо Навин Моисейы фӕстӕ сси Израилы адӕмы разамонӕг. Цыди йыл 110 азы бӕрц. Йӕ царды дӕргъы, Йегъовӕ израилӕгты тыххӕй цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон йӕхи цӕстӕй федта. Уыцы стыр хъуыддӕгтӕй иу уыд, Хуыцау сӕ 60 азы размӕ Сырх денджызыл кӕй акодта ӕмӕ сӕ кӕй фервӕзын кодта, уый. Йесо Навин хъуыды кодта йӕ царды хабӕрттыл ӕмӕ сфӕнд кодта ӕрӕмбырд кӕнын Израилы «хистӕр лӕгты, сӕ мыггӕгты хистӕрты, сӕ тӕрхонгӕнджыты ӕмӕ сӕ хицӕутты» (Йесо Навин 23:2). Уыцы адӕмӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон, ӕрмӕст цард чи рацард, ахӕм зӕронд лӕджы ныхӕстӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ Хуыцауыл фидарӕй чи ӕууӕндыд, уыцы адӕймаджы зондджын ныхӕстӕ.

Йесо Навин загъта: «Ӕз цӕуын, зӕххыл алы адӕймагӕн дӕр цы фӕндагыл цӕугӕ у, ууыл». Уымӕй йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ бирӕ кӕй нал фӕцӕрдзӕн. Йӕ мӕлӕт хӕстӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ цардыл бирӕ фӕхъуыды кодта. Цымӕ, Хуыцауӕн иумӕ кӕимӕ лӕггад кодта, уыцы адӕмӕн фӕстагмӕ цы загъта?

«Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕмӕнг – иууылдӕр сӕххӕст сты. Иу дӕр дзы нӕ фӕмӕнг». Ахӕм ныхӕстӕ йӕ бон уыд зӕгъын, Хуыцауыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи ӕууӕндыд, ӕрмӕстдӕр уыцы адӕймагӕн. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Йесо Навинӕй? Йӕ цардыл йӕ цӕст ахӕсгӕйӕ йӕ бон уыд фидарӕй зӕгъын, Йегъовӕ йӕ ныхасӕн алкӕддӕр хицау кӕй у *. Уӕдӕ бӕрӕг у, Йесо Навины цы фӕндыд зӕгъын, уый: израилӕгтӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кодтаиккой, Йегъовӕ сын фидӕны тыххӕй зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ууыл.

Йесо Навины 23:14 стихы тыххӕй иу чиныджы фыст ис: «Библийы цы зӕрдӕвӕрдтӕ ис, уыдонӕй кӕцыфӕндыдӕр райсут ӕмӕ стӕй ӕркӕсут, уый фӕдыл истори цы зӕгъы, уымӕ. Ӕмӕ рабӕрӕг уыдзӕн, иунӕг ныхас дӕр дзы кӕй нӕ фӕмӕнг, уый». Мах дӕр алцыдӕр лӕмбынӕг куы раиртасиккам, уӕд нӕ бон уаид Йесо Навинау зӕгъын, Йегъовӕ йӕ ныхас алкӕддӕр кӕй ӕххӕст кӕны (1 Паддзӕхты 8:56; Исай 55:10, 11).

Библийы фыст сты Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ ӕмӕ куыд сӕххӕст сты, уый. Цыдӕртӕ дзы нӕхи цӕстӕй дӕр федтам. Фыст ма дзы ис, Йегъовӕ фидӕны тыххӕй цы загъта, уый дӕр *. Цӕуылнӕ ис уыцы зӕрдӕвӕрдтӕм ӕркӕсӕн? Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд базондзынӕ, Хуыцау йӕ ныхасӕн алкӕддӕр хицау кӕй вӕййы ӕмӕ йыл ӕууӕндӕн кӕй ис.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 4 абз. Адон сты, Йесо Навины рӕстӕг чи сӕххӕст, уыцы зӕрдӕвӕрдтӕй иуӕй-иутӕ: Йегъовӕ Израилӕн зӕрдӕ бавӕрдта, зӕхх сын кӕй ратдзӕн (абар Райдиан 12:7 ӕмӕ Йесо Навин 11:23). Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, израилӕгты египетӕгты къухӕй кӕй ссӕрибар кӕндзӕн (абар Рацыд 3:8 ӕмӕ Рацыд 12:29–32). Йегъовӕ загъта, йӕ адӕмы цух кӕй ницӕмӕй уадздзӕн (абар Рацыд 16:4, 13–15 ӕмӕ Дыккаг закъон 8:3, 4).

^ 6 абз. Хуыцау фидӕны тыххӕй цы загъта, уый фӕдыл фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 3, 7 ӕмӕ 8 сӕртӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.