Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц

Хуыцау адӕмӕн ӕнусон цард цӕмӕн лӕвар кӕны?

Хуыцау адӕмӕн ӕнусон цард цӕмӕн лӕвар кӕны?

▪ Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй нын Хуыцау лӕвар кӕны «ӕнусон цард» (Иоанны 6:40). Цӕмӕн? Рӕстдзинад афтӕ кӕй домы, уый тыххӕй?

Рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ адӕймаг хъуамӕ райса, цы аккаг у, уый. Фӕлӕ, цымӕ, цӕрыны аккаг стӕм? Не стӕм. Библийы фыст ис: «Зӕххыл нӕй иу ахӕм раст адӕймаг дӕр, ӕрмӕст хорздзинад чи араза ӕмӕ чи нӕ рӕдийа» (Екклесиаст 7:20). Рӕдийгӕ чи кӕны, ома тӕригъӕд чи аразы, уыцы адӕймаг у ӕфхӕрды аккаг. Хуыцау фыццаг адӕймаджы, Адамы, бафӕдзӕхста, тӕригъӕд цы бон ракӕна, уыцы бон кӕй амӕлдзӕн (Райдиан 2:17). Фӕстӕдӕр апостол Павел Хуыцауы фӕндӕй ныффыста: «Тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй» (Ромӕгтӕм 6:23). Уӕдӕ кӕд Адамы байзӕддӕгтӕ иууылдӕр мӕлӕты аккаг сты, уӕд сын Хуыцау ӕнусон цардӕй зӕрдӕ цӕмӕн ӕвӕры?

Ӕнусон цард у «лӕвар». Хуыцау адӕмӕн ахӕм лӕвар кӕй кӕны, уымӕй бӕрӕг у, тынг нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нӕм фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у. Библи зӕгъы: «Се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ ӕнӕхай фесты Хуыцауы кадӕй. Гъемӕ уӕдӕ, рӕстгӕнджытыл нымад кӕй ӕрцыдысты, уый сын у лӕвар – йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ, Йесо Чырысти сӕ кӕй балхӕдта ӕмӕ кӕй ссӕрибар сты, уый фӕрцы» (Ромӕгтӕм 3:23, 24).

Кӕд не ’ппӕт дӕр мӕлӕты аккаг стӕм, уӕддӕр Хуыцауы фӕнды, чи йӕ уарзы, уыдонӕн ӕнусон цард балӕвар кӕнын. Цымӕ уый раст у? Библийы фыст ис: «Хуыцау раст нӕ кӕны? Уымӕн гӕнӕн нӕй! Хуыцау Моисейӕн афтӕ загъта: „Кӕмӕ мӕ бафӕнда, уымӕ уыдзынӕн фӕлмӕнзӕрдӕ, ӕмӕ мӕ кӕмӕн бафӕнда, уымӕн фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн“... Ды чи дӕ, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ дзурай?» (Ромӕгтӕм 9:14–20).

Иуӕй-иу бӕстӕты тӕрхонгӕнӕг кӕнӕ хицауадӕй исчи хатт ныххатыр кӕны, карз тӕрхон кӕмӕн рахӕссынц, уыцы фыдгӕнӕгӕн. Фыдракӕнд чи саразы, уыцы адӕймаг разы куы вӕййы, цы йын стӕрхон кӕнынц, уыимӕ ӕмӕ бӕрӕг куы вӕййы, кӕй фӕивта, уӕд тӕрхонгӕнӕг кӕнӕ президент, цы тӕрхон ын рахастой, уый аивы кӕнӕ йын бынтондӕр ныххатыр кӕны. Уымӕй равдисы стыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинад.

Йегъовӕйӕн дӕр йӕ бон у, цӕмӕй тӕригъӕдджынтӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕна, кӕд ӕфхӕрды аккаг сты, уӕддӕр. Чи йӕ уарзы ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн зӕрдӕ ’вӕры ӕнусон цардӕй. Уымӕ йӕ разӕнгард кӕны уарзондзинад. Библийы фыст ис: «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ дзы чи тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, уый цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, уӕддӕр ын адджын у» (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35).

Йегъовӕ нӕ тынг кӕй уарзы, уый бӕрӕг у, йӕ Фырты кӕй рарвыста, цӕмӕй фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ мах тыххӕй йӕ цард нывондӕн ӕрхастаид. Чырысти йӕ Фыды тыххӕй загъта: «Хуыцау дуне афтӕ тынг бауарзта, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа ӕнусон цард» (Иоанны 3:16).

Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йын йӕ фӕндон чи ’ххӕст кӕны, уыдоны уый дӕр уарзы, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, стӕй, мӕгуыр уой ӕви хъӕздыг, уӕддӕр. Уӕдӕ Хуыцау адӕмӕн ӕнусон цард кӕй лӕвар кӕны, уымӕй бӕрӕг сты йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ йе стыр уарзондзинад.

[Хицӕнгонд текст 15 фарсыл]

Хуыцау адӕмӕн ӕнусон цард кӕй лӕвар кӕны, уымӕй бӕрӕг сты йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ йе стыр уарзондзинад