Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау нозтмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

Хуыцау нозтмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

Хуыцау нозтмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

НЕ СФӔЛДИСӔДЖЫ нӕ хорз кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ нын бӕрцӕй нуазыны бар дӕтты *. Радта «сӕн, цӕмӕй адӕймаджы зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕна, ӕмӕ оливӕйы сой, цӕмӕй дзы цӕсгом ӕрттива, ӕмӕ дзул, цӕмӕй дзы адӕймаг йӕ зӕрдӕ фидар кӕна» (Псалом 104:15). Йесо Чырысти дӕр иу хатт чындзӕхсӕвы куы уыд, уӕд донӕй сарӕзта «хорз сӕн» (Иоанны 2:3–10).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау тынг хорз зоны, нозт адӕймаджы буар ӕмӕ сӕры магъзы куыстыл куыд фӕзыны, уый. Библийы руаджы нӕ нӕ уӕларвон Фыд ахуыр кӕны, пайда нын цы у, ууыл ӕмӕ нӕ карзӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй хъӕбӕр нозтмӕ ’мхиц ма уӕм (Исай 48:17). Комкоммӕ нӕ фӕдзӕхсы:

«Уӕхи сӕнӕй ма ныррасыг кӕнут – уый адӕймаджы ӕркӕны ӕнӕгъдау митӕм» (Ефесӕгтӕм 5:18). «Расыггӕнджытӕ... Хуыцауы паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты» (1 Коринфӕгтӕм 6:9–11). Библийы фыст ис, Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы «фыднозт, минас уарзын ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ» (Галатӕгтӕм 5:19–21).

Ӕркӕсӕм, фыднозт тӕссаг цӕмӕй у, уымӕ.

Фыднозт цӕмӕй тӕссаг у?

Кӕд нозт адӕймагӕн кӕмдӕр пайда у, уӕддӕр тынг фӕзыны адӕймаджы зонд ӕмӕ буары уӕнгты куыстыл. Ӕркӕсӕм, адӕймаг ӕгӕр куы бануазы, уӕд ыл нозт куыд фӕзыны, уымӕ.

Нозтуарзаг адӕймагӕн йӕ хъуыдытӕ дзӕгъӕл кӕнын райдайынц ӕмӕ, цы аразы, уый нал фембары. (Ӕмбисӕндтӕ 23:33). Фыццаг статьяйы кӕй кой кодтам, уыцы нозтуарзаг адӕймаг Аллен загъта: «Алкоголизм буары низ нӕу, фӕлӕ зонды. Алкоголикӕн фӕивы йӕ зондахаст ӕмӕ цардмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдайы. Нал ӕй фембары, цы аразы, уымӕй иннӕтӕн зиан кӕй кӕны, уый».

Адӕймаг фыднозт куы кӕна, уӕд, ӕрвонгӕй цы нӕ саразид, уый дӕр сараздзӕн. Хуыцауы Ныхас нӕ фӕдзӕхсы: «Хӕтындзинад, зӕронд сӕн ӕмӕ ног сӕн адӕймагӕн йӕ зонд фӕцӕуын кӕнынц» (Оси 4:11). Куыд? Нозт адӕймаджы хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъартӕнтӕ афтӕ сзыгъуыммӕ кӕны, ӕмӕ йӕм раздӕр раст цы нӕ каст, уый йӕм хорз кӕсын райдайы. Раст цы у, уый аразын ын зындӕр вӕййы. Нозтуарзаг адӕймаг йе ’фсарм фесафы, ӕмӕ йӕ уый та бӕллӕхмӕ ’ркӕны.

Иу нӕлгоймаг, Джон, зӕгъгӕ, йӕ усимӕ фӕхыл ис ӕмӕ мӕстджынӕй ресторанмӕ ацыд. Гыццыл мын фенцондӕр уа, зӕгъгӕ, иу цалдӕр куы анызта, уӕд йӕ фарсмӕ иу сылгоймаг ӕрбадт. Цалдӕр ма куы анызта, уӕд уырдыгӕй иумӕ рацыдысты ӕмӕ ӕмуат ӕрцыдысты. Стӕй Джон йӕхи фӕсмонӕй хордта, раздӕр хъуыды дӕр кӕуыл нӕ акодтаид, ахӕм ми кӕй бакодта. Ахӕм хабар ыл ӕрцыд, ӕгӕр кӕй банызта, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй.

Адӕймаг фыднозт куы фӕкӕны, уӕд, цы фӕдзуры ӕмӕ цы фӕаразы, уый нал фембары. Библийы фыст ис: «Йӕ сӕр додойаг кӕмӕн у?.. Хылтӕ чи кӕны?.. Бон-изӕрмӕ сӕн чи нуазы», уыдон. Адӕймаг ӕгӕр куы нуаза, уӕд ӕм афтӕ кӕсдзӕн, «цыма хуыссы денджызы астӕу, наупӕлӕзы хъӕды цъуппыл» (Ӕмбисӕндтӕ 23:34). Стӕй райхъал вӕййы ӕмӕ фӕзӕгъы: «Цавтой мӕ, фӕлӕ мын нӕ рысти. Надтой мӕ, фӕлӕ йӕ не ’мбӕрстон» (Ӕмбисӕндтӕ 23:35).

Адӕймаг фыднозт куы фӕкӕны, уӕд йе ’нӕниздзинад фӕцуды. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, нозт адӕймагыл «фӕстагмӕ калмау фӕхӕцдзӕн, маргджын калмау дзы йӕ марг бауадздзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 23:32). Дохтыртӕ дӕр разы сты ацы ныхӕстимӕ. Адӕймаг ӕгӕр куы нуаза, уӕд ын уый маргӕй уӕлдай нӕу. Фыднозт ӕркӕны ракмӕ, гепатитмӕ, панкреатитмӕ, зӕрдӕнизтӕм. Нозтӕй игӕр фехӕлы, сӕкӕрнизӕй рынчын чи у, уыдонӕн сӕ сӕкӕр ӕгӕр ӕрхауы, сывӕрджын сылгоймагӕн та нозт фӕзыны йӕ сывӕллоныл, стӕй ма расайы бирӕ ӕндӕр низтӕ дӕр. Адӕймаг иу хатт дӕр фыднозт куы бакӕна, уӕд, гӕнӕн ис, комӕйы ныххауа кӕнӕ мӕлгӕ дӕр акӕна. Фӕлӕ фыднозт ноджы фылдӕр бӕллӕхтӕ расайы, ӕмӕ уый тыххӕй та иу медицинон чиныджы дӕр фыст нӕй.

Ӕппӕты стырдӕр зиан. Кӕд адӕймаг нозтӕй нӕ расыг кӕны, фӕлӕ арӕх нуазы, уӕддӕр ын тӕссаг у, Хуыцауы зӕрдӕхудты куы бацӕуа, уымӕй. Библийы бӕлвырдӕй фыст ис: «Додой сӕ къона, райсомӕй раджы чи сысты ӕмӕ карз нозт агурӕг чи фӕзилы, суанг талынгтӕм сӕн чи фӕнуазы ӕмӕ фыррасыгӕй, цы фӕкӕны, уый чи нал фембары!» Куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ? Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Исай бамбарын кодта, фыднозт адӕймагыл куыд фӕзыны, уый: «Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕм нӕ кӕсы, нӕ йын уыны йӕ къухты фыдӕбон» (Исай 5:11, 12).

Хуыцауы Ныхас нӕ фӕдзӕхсы: «Сӕнӕй бӕрц чи нӕ зоны, уыдонимӕ ма у» (Ӕмбисӕндтӕ 23:20). Ацӕргӕ сылгоймӕгтӕн та дзуры, цӕмӕй «ма уой нозтмӕ ӕмхиц» (Титмӕ 2:3). Цӕуылнӕ? Сындӕггай адӕймаг – ӕмбаргӕ дӕр ӕй нӕ бакӕны, афтӕ – нозтыл фӕцахуыр вӕййы ӕмӕ арӕхӕй-арӕхдӕр нуазын райдайы. Фӕстагмӕ та йӕ хабар афтӕ рауайы, ӕмӕ райсомӕй «райхъал вӕййы, цӕмӕй та ногӕй нозт агура» (Ӕмбисӕндтӕ 23:35). Адӕймаг, уый размӕ ’хсӕв йӕхи хорз кӕй федта, уый тыххӕй сӕумӕрайсомӕй нозт куы агура, уӕд хъуамӕ ахъуыды кӕна, нозт ӕй цӕмӕ ’ркӕндзӕн, ууыл.

Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, сӕнӕй ӕфсис чи нӕ зыдта, минас кӕнын чи уарзта, чи фылдӕр бануаздзӕн, ууыл-иу чи ерыс кодта, уыдон дзуапп ратдзысты, удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн тӕрхон кӕнынмӕ цӕттӕ чи у, уымӕн (1 Петры 4:3, 5). Чырысти дӕр абоны уӕззау рӕстӕджыты тыххӕй куы дзырдта, уӕд загъта: «Сымах та уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды сагъӕстӕй ма ӕруӕззау уой, ӕмӕ уӕ уыцы [Йегъовӕйы] бон ӕнӕнхъӕлӕджы ма ӕрӕййафа, ӕмӕ хызы бахауӕгау ма фӕуат» (Лукайы 21:34, 35).

Уӕдӕ, цымӕ, нозтуарзаг адӕймагӕн йӕ бон цы у саразын, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ фырнозтӕй ма ’руӕззау уа?

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Ацы статьяйы дзырд «нозт» амоны бӕгӕнымӕ, сӕнмӕ ӕмӕ ӕндӕр нозтмӕ.

[Нывтӕ 4, 5 фӕрстыл]

Адӕймаг ӕгӕр куы бануазы, уӕд йӕхи бирӕ бӕллӕхты баппары