Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сӕрмагонд раныхас

Адӕм сабыр ӕмӕ ӕдасӕй кӕд цӕрдзысты?

Адӕм сабыр ӕмӕ ӕдасӕй кӕд цӕрдзысты?

Адӕм цӕрӕнбонты бӕллынц сабыр цардмӕ, фӕлӕ сӕ фӕндтӕ сӕ къухы не ’фтынц. Цымӕ цӕуылнӕ? Библи нын ӕмбарын кӕны, уымӕн кӕй ис дыууӕ сӕйраг аххоссаджы, стӕй ма дзы фыст ис, Хуыцау зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, адӕм ӕнустӕм сабыр ӕмӕ ӕдасӕй кӕй цӕрдзысты.

Цымӕ цӕй фӕрцы ӕмӕ кӕд ралӕудзӕн уыцы цард? Махӕй та цы кӕнгӕ у, цӕмӕй ахӕм диссаджы дунейы цӕрӕм? Ацы фарстатӕн дзуапп базонӕн ис раныхасӕй «Адӕм сабыр ӕмӕ ӕдасӕй кӕд цӕрдзысты?» Ацы раныхас арӕзт у Библимӕ гӕсгӕ. Радзурдзысты йӕ 230 бӕстӕйӕ фылдӕры, ӕмӕ йӕ фехъусӕн уыдзӕн 2010 азы 18 апрелы, хуыцаубоны, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕм ӕрӕмбырд вӕййынц, уыцы залты. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уын ӕхсызгонӕй зӕгъдзысты, кӕдӕм ӕмӕ цафон хъӕудзӕн ӕрбацӕуын, уый. Зӕрдиагӕй уӕ хонӕм.