Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесо Чырысти. Уымӕй хуыздӕр ма кӕй хъуамӕ бафӕзмӕм?!

Йесо Чырысти. Уымӕй хуыздӕр ма кӕй хъуамӕ бафӕзмӕм?!

ФӔНДЫ дӕ, цӕмӕй дӕ цардӕй дӕ зӕрдӕ рухс кӕна ӕмӕ амондджындӕр уай? Апостол Петр нын бамбарын кодта, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы, уый: «Чырысти дӕр сымах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат» (1 Петры 2:21). Йесо Чырысти диссаджы адӕймаг уыди. Йӕ царды тыххӕй йын фылдӕр куы базонӕм, уӕд бирӕ цӕуылдӕртыл сахуыр уыдзыстӕм. Чырыстийы куы фӕзмӕм, уӕд нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ рухс кӕндзӕн ӕмӕ ноджы амондджындӕр уыдзыстӕм. Цӕй уӕдӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм, цы миниуджытӕ йӕм уыди, уыдонӕй иуӕй-иутӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, нӕ бон ӕй цӕмӕй у бафӕзмын, ууыл.

Чырысти лӕггад дӕр кодта, улӕфын дӕр зыдта. Чырысти кӕд йӕхӕдӕг афтӕ загъта, «мӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕнон, уый дӕр [мын] нӕй, зӕгъгӕ», уӕддӕр адӕмӕй йӕхи дард нӕ ласта ӕмӕ цардыл цин кӕнын зыдта (Матфейы 8:20). Зӕгъӕм-иу, уазӕгуаты дӕр цыди (Лукайы 5:29). Йӕ фыццаг диссӕгтӕй иу уыд, чындзӕхсӕвы донӕй диссаджы хӕрзад сӕн кӕй фестын кодта, уый. Уымӕй бӕрӕг у, адӕмы ’хсӕнмӕ дӕр кӕй цыд ӕмӕ царды хордзинӕдтӕй дӕр йӕхи кӕй нӕ цух кодта (Иоанны 2:1–11). Фӕлӕ Чырысти бамбарын кодта, ӕппӕты ахсджиагдӕр ын цы уыд, уый: «Мӕнӕн мӕ хӕринаг у, чи мӕ рарвыста, уый фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын» (Иоанны 4:34).

Цы саразӕн ис, цӕмӕй нӕ царды бынат уа Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн дӕр ӕмӕ улӕфынӕн дӕр?

Чырысти хуымӕтӕг адӕймаг уыди. Чырысти уыди хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕлмӕн адӕймаг. Исты хъуыддаджы фӕдыл-иу ӕм куы бацыдысты кӕнӕ-иу ӕм зын фарста куы радтой, уӕд-иу никуы смӕсты. Иухатт, йӕ алыварс бирӕ адӕм куы ӕрӕмбырд, уӕд ын йӕ уӕлӕдарӕсыл иу сылгоймаг андзӕвыд. Уыцы сылгоймаджы ныфс уыд, кӕй сдзӕбӕх уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ 12 азы рынчын уыд уӕззау низӕй. Чи зоны, кӕмӕдӕр афтӕ фӕкаст, ӕмӕ уый ӕгӕр хивӕнд ми уыд, фӕлӕ йӕ Йесо нӕ бафхӕрдта ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта» (Марчы 5:25–34). Сывӕллӕттӕ дӕр ӕй тынг уарзтой, никуы-иу ахъуыды кодой, зӕгъгӕ ныл схъӕр кӕндзӕн кӕнӕ нӕ атӕрдзӕн (Марчы 10:13–16). Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ дӕр ныхас кодта ӕргом ӕмӕ фӕлмӕнӕй. Уыдон дӕр дзы нӕ тарстысты, фӕлӕ-иу ын комкоммӕ дзырдтой, цы хъуыды кодтой, уый (Марчы 6:30–32).

Куыд дӕм кӕсы, иннӕтӕ дӕ хуымӕтӕг адӕймагыл нымайынц?

Адӕмы зын ӕмбӕрста ӕмӕ уыди тӕригъӕдгӕнаг. Чырыстийы диссаджы миниуджытӕй иу уыди, адӕмы рыст кӕй ӕмбӕрста ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кодта, уый. Апостол Иоанн радзырдта, зӕгъгӕ, Йесо куы федта, Марийӕ йе ’фсымӕры зианыл куыд кӕуы, «уӕд йӕхицӕн дӕр йӕ зӕрдӕ суынгӕг ӕмӕ нынкъард» ӕмӕ «йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты». Зианмӕ ӕрцӕуӕг адӕм уый фенгӕйӕ бамбӕрстой, куыд тынг уарзта уыцы бинонты ӕмӕ кӕй не ’фсӕрмы кодта, йӕ зӕрдӕйы маст ӕргом равдисын. Уый фӕстӕ хъуыддагӕй дӕр равдыста, ӕцӕгдӕр адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кодта, уый ӕмӕ йе ’мбалы райгас кодта! (Иоанны 11:33–44).

Ӕндӕр хатт та йӕм бацыд хъотырӕй рынчын адӕймаг. Уыцы ӕлгъаг низӕй рынчын чи уыд, уыдон-иу хъуамӕ иннӕтӕй хибарӕй цардаиккой. Уыцы адӕймаг ын ныллӕгъстӕ кодта: «Мӕ буц Хицау, ӕрмӕст дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ». Йесо уал ӕм фыццаг йӕ къух бадардта, андзӕвыд ыл, стӕй йын загъта, йӕ зӕрдӕйы сойау чи ахъардта, ахӕм ныхӕстӕ: «Фӕнды мӕ. Сдзӕбӕх у» (Матфейы 8:2, 3). Чырысти адӕмы ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ дзӕбӕх кодта, ӕмӕ йыл Библийы ныхӕстӕ сӕххӕст уыдаиккой, фӕлӕ йӕ зӕрдиагӕй фӕндыд, цӕмӕй адӕм сӕ мӕстытӕ ферох кодтаиккой. Бирӕтӕ йын зонынц йӕ ныхӕстӕ, «куыд [уӕ] фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр». Чырысти йӕхӕдӕг дӕр царди ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ (Лукайы 6:31).

Адӕмы зын кӕй ӕмбарыс, уый дӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у?

Чырысти уыди уӕззау зондыл хӕст ӕмӕ арфуынӕг. Йесо кӕд йӕхӕдӕг иунӕг хатт дӕр нӕ фӕрӕдыд, уӕддӕр иннӕтӕй уый нӕ домдта. Стӕй адӕммӕ уӕлейӕ дӕлӕмӕ дӕр нӕ касти. Уымӕй уӕлдай хъуыддаг кӕронмӕ бамбарыныл архайдта. Иухатт, «тӕригъӕдджынӕй кӕй зыдтой», ахӕм сылгоймаг ын йӕ цӕссыгтӕй йӕ къӕхтӕ ныхсадта. Сылгоймаг уымӕй равдыста йе ’стыр уырнындзинад ӕмӕ Хуыцауӕй бузныг кӕй уыд, уый. Чырысти уазӕгуаты кӕмӕ уыд, уыцы адӕймаг сылгомаджы йӕ зӕрдӕйы мидӕг карз уайдзӕфты бын фӕкодта ӕмӕ бадис кодта, Чырысти йӕ куыд нӕ бафхӕрдта, ууыл. Фӕлӕ Йесо уыдта, уыцы сылгоймаджы зӕрдӕ сыгъдӕг кӕй уыд, уый ӕмӕ йын йӕ тӕригъӕдтӕ йӕ цӕстмӕ нӕ бадардта. Йесо йын загъта: «Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Фарнимӕ цу». Чырысти йӕхи афтӕ фӕлмӕнӕй кӕй равдыста, уый, ӕвӕццӕгӕн, сылгоймагыл тынг фӕзынд ӕмӕ йӕ цард дӕр фӕивта (Лукайы 7:37–50).

Дӕу дӕр зонынц, иннӕтӕй зӕрдиагӕй чи раппӕлы ӕмӕ бауайдзӕф кӕнынмӕ чи нӕ фӕтагъд кӕны, ахӕм адӕймагӕй?

Чырысти адӕмӕн аргъ кодта ӕмӕ никӕй хъулон кодта. Йесойы зӕрдӕйӕн уӕлдай зынаргъ уыди Иоанн, ӕвӕццӕгӕн, йӕ хӕстӕг кӕй уыди ӕмӕ удыхъӕдӕй дӕр ӕмхуызон кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ *. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕй нӕ хицӕн кодта ӕмӕ йын уӕлдай буц митӕ нӕ кодта (Иоанны 13:23). Иоанн ӕмӕ йе ’фсымӕр Иаков Чырыстийӕн афтӕ куы бакодтой, дӕ Паддзахады нын кадджын бынӕттӕ ратт, зӕгъгӕ, уӕд сын уый загъта: «Мӕ рахиз фарс ӕмӕ мӕ галиу фарс чи ӕрбаддзӕн, уый мӕнӕй кӕнгӕ нӕу» (Марчы 10:35–40).

Чырысти адӕмӕн кӕддӕриддӕр кад кодта, иннӕтау сыл былысчъилтӕ нӕ кодта. Зӕгъӕм, йӕ рӕстӕджы сылгоймӕгтӕ нӕлгоймӕгтӕй дӕлдӕрыл нымад уыдысты, фӕлӕ сын Чырысти та кад кодта. Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй у, уый фыццаг хатт комкоммӕ сылгоймагӕн загъта, ӕмӕ уыцы сылгоймаг дзуттаг дӕр нӕ уыди, фӕлӕ самариаг. Уыцы адӕмыхаттмӕ та дзуттӕгтӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастысты, суанг сын салам дӕр нӕ лӕвӕрдтой (Иоанны 4:7–26). Йӕ райгасы хабар дӕр фыццаг сылгоймӕгтӕн фехъусын кодта (Матфейы 28:9, 10).

Адӕмы, мыййаг, хъулон кӕныс, ӕндӕр адӕмыхаттӕй кӕй сты кӕнӕ ӕндӕр истӕй тыххӕй?

Йӕ бинонты раз ыл цы хӕстӕ уыд, уыдон ӕххӕст кодта. Ӕвӕццӕгӕн Йесойы фыд Иосиф амарди, Йесо нырма ӕрыгон лӕппу куы уыд, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ йӕ, чи зоны, бахъуыд пълотниччы куыст кӕнын, цӕмӕй йӕ мад ӕмӕ йӕ кӕстӕр хоты ӕмӕ ’фсымӕрты дардтаид (Марчы 6:3). Йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ та йӕ ахуыргӕнинаг Иоаннӕн бахӕс кодта, цӕмӕй йын йӕ мад Марийӕйыл батыхстаид (Иоанны 19:26, 27).

Ды дӕр, дӕ бинонты раз дыл цы хӕстӕ ис, уыдон, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ’ххӕст кӕныс?

Чырысти уыди ӕцӕг ӕмбал. Йесо диссаджы ӕмбал уыди. Йе ’мбӕлттыл йӕ зӕрдӕ никуы фӕхудти, рӕдийгӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй, кӕд уыцы иу рӕдыдтытӕ бирӕ хатт арӕзтой, уӕддӕр. Кӕд, сӕхи куыд дардтой, уый алыхатт йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыд, уӕддӕр ын сӕйрагдӕр уыдысты сӕ хорз миниуджытӕ ӕмӕ, цы нӕ уыдысты, уыдӕттӕ сыл нӕ мысыд. Афтӕмӕй равдыста, ӕнувыд ӕмбал кӕй уыд (Марчы 9:33–35; Лукайы 22:24–27). Чырысти-иу йӕ ныхасыл нӕ ныллӕууыд, фӕлӕ-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн фадат лӕвӕрдта, цӕмӕй-иу сӕ хъуыдытӕ сӕрибарӕй дзырдтаиккой (Матфейы 16:13–15).

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзта (Иоанны 13:1). Уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй, ӕмӕ исчи йӕ хӕлӕртты сӕрвӕлтау йӕ уд куы ратта» (Иоанны 15:13). Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, адӕймаг йе ’мбӕлтты тыххӕй йӕ цард ратта, уымӕй стырдӕр уарзондзинад ма цы хъуамӕ уа?

Де ’мбӕлттыл ӕнувыд вӕййыс, кӕд дӕ смӕсты кӕнынц кӕнӕ дӕ фӕхъыг кӕнынц, уӕддӕр?

Чырысти уыди ныфсхаст адӕймаг. Иуӕй-иу нывгӕнджытӕ Йесойы афтӕ сныв кӕнынц, цыма ӕдых ӕмӕ тӕппуд адӕймаг уыди. Фӕлӕ Чырыстийы тыххӕй Библийы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, кӕй уыди хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын адӕймаг. Зӕгъӕм, дыууӕ хатты кувӕндонӕй базаргӕнджыты сӕ фӕллӕйттимӕ ратардта (Марчы 11:15–17; Иоанны 2:14–17). Адӕм ӕм ӕрцахсынмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгты бахъахъхъӕныны тыххӕй размӕ рацыд ӕмӕ ныфсджынӕй загъта: «Куы уын загътон, уый ӕз дӕн. Кӕд мӕн агурут, уӕд адоны ауадзут» (Иоанны 18:4–9). Понти Пилат дӕр куы федта, Чырысти йӕ хъизӕмӕрттӕн куыд хъӕбатырӕй ныффӕрӕзта, уӕд тынг бадис кодта ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ – Адӕймаг!» (Иоанны 19:4, 5).

Куы бахъӕуы, уӕд ды дӕр ныфсджынӕй фӕархайыс?

Уӕдӕ нын Чырысти йӕ диссаджы миниуджытӕй у фӕзминаг. Куыд царди, афтӕ куы цӕрӕм, уӕд амондджындӕр уыдзыстӕм. Апостол Петр дӕр уый тыххӕй загъта, цӕмӕй йын йӕ къахвӕдтыл цӕуӕм. Ды дӕр ууыл архайыс?

Чырысти йӕ цард радта адӕмы тыххӕй

Чырысти нын царды ӕрмӕст фӕзминаг нӕу. Йӕхицӕй афтӕ загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгдзинад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоанны 14:6). Йесо адӕмӕн ӕрмӕст уымӕй нӕ баххуыс кодта, цӕмӕй Хуыцауы хуыздӕр базыдтаиккой, фӕлӕ ма сын байгом кодта фӕндаг ӕнусон цардмӕ дӕр (Иоанны 3:16).

Йесо Чырысти загъта: «Адӕймаджы Фырт... уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матфейы 20:28). Йӕ цард адӕмы тыххӕй кӕй радта, уый руаджы сын фӕзынд ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны фадат. Цымӕ мах та цы хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм? Чырысти бамбарын кодта: «Ӕнусон цард та уымӕй кӕнгӕ у, цӕмӕй базоной дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3).

Уӕдӕ, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм, уый тыххӕй хъӕуы Чырыстийы тыххӕй фылдӕр базонын, уый куыд царди, афтӕ цӕрын ӕмӕ, йӕхи мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, ууыл ӕууӕндын. Дӕ хорзӕхӕй, ды дӕр рӕстӕг ссар, цӕмӕй базонай, Библийы цы фыст ис, уый ӕмӕ Чырыстийау йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕр *.

Чырысти нын равдыста, куыд хъуамӕ цӕрӕм, уый. Йӕхи нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый нӕ ирвӕзын кӕны тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй (Ромӕгтӕм 6:23). Ӕвӕдза, куыд кӕуинаг уаид нӕ уавӕр, Йесо Чырысти куы нӕ уыдаид, уӕд! Уӕдӕ уыл царды зындзинӕдтӕ афтӕ ма ӕруӕз кӕнӕнт, цӕмӕй уын рӕстӕг мауал уа ӕппӕты кадджындӕр адӕймаг Чырыстийы царды тыххӕй фылдӕр базонынӕн ӕмӕ йӕ къахвӕдтыл цӕуынӕн.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 12 абз. Иоанны мад Саломи, ӕвӕццӕгӕн, уыди Чырыстийы мад Марийӕйы хӕрз хо. Абар Матфейы 27:55, 56 стихтӕ Марчы 15:40 ӕмӕ Иоанны 19:25 стихтимӕ.

^ 26 абз. Чырыстийы зӕххон царды тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Рамкӕ/​Нывтӕ 29 фарсыл]

▪ Чырысти адӕмӕн аргъ кодта ӕмӕ никӕй хъулон кодта

▪ Йесо йӕ царды кӕронмӕ уыди ӕцӕг ӕмбал

▪ Чырысти уыди ныфсхаст адӕймаг

Чырыстийы къахвӕдтыл цӕуыныл архайыс?

[Нывтӕ 27 фарсыл]

Чырысти лӕггад дӕр кодта, улӕфын дӕр зыдта...

уыди хуымӕтӕг адӕймаг

адӕмы зын ӕмбӕрста