Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырысти йӕхи тыххӕй цы дзырдта?

Чырысти йӕхи тыххӕй цы дзырдта?

Чырысти йӕхи тыххӕй цы дзырдта?

«Йесо хорз зыдта, чи уыд, кӕцӕй уыд, цӕмӕн райгуырд ӕмӕ йӕм фидӕны цы ӕнхъӕлмӕ каст, уый» (ФЫССӔГ ГЕРБЕРТ ЛОКЬЕР).

ЦАЛЫНМӔ Чырыстийы ахуырӕдтӕ бамбарӕм ӕмӕ сыл баууӕндӕм, уый размӕ уал хъуамӕ йӕхи тыххӕй фылдӕр базонӕм. Чи уыди? Йӕ зӕххон царды размӕ ма искуы цард? Зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд? Ацы фарстатӕн Йесо йӕхӕдӕг радта дзуапп. Йӕ царды хабӕрттӕ фыст сты Библийы, бӕлвырдӕй та Матфейы, Марчы, Лукайы ӕмӕ Иоанны чингуыты.

Чырысти царди зӕххыл цӕрыны размӕ дӕр. Иухатт йӕхӕдӕг загъта: «Ӕз уыдтӕн, Авраам куы нӕма райгуырд, уӕд дӕр» (Иоанны 8:58). Чырысти райгуырд Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраамӕй иу-2000 азы фӕстӕдӕр. Фӕлӕ уӕддӕр ис зӕгъӕн, Авраамӕй хистӕр кӕй уыд. Цымӕ Йесо кӕм царди? Йӕхӕдӕг ӕй куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй ӕрцыди «уӕларвӕй» (Иоанны 6:38).

Чырысти у Хуыцауы Фырт. Йегъовӕйӕн ис бирӕ уӕларвон фырттӕ. Фӕлӕ дзы Йесойы хуызӕн ничи у. Чырысти йӕхицӕй загъта, «Хуыцауы иунӕг Фырт» кӕй у (Иоанны 3:18). Уый нысан кӕны, Хуыцау ӕй йӕхӕдӕг кӕй сфӕлдыста. Дун-дунейы цыдӕриддӕр ис, уый та сфӕлдыста йӕ иунӕг Фырты ӕххуысӕй (Колоссӕгтӕм 1:16).

Чырысти у «Адӕймаджы Фырт». Йесо йӕхи афтӕ арӕх хуыдта (Матфейы 8:20). Уымӕй равдыста, зӕххыл куы цард, уӕд, адӕймаджы хуыз чи райста, ахӕм зӕд кӕй нӕ уыд, фӕлӕ туг ӕмӕ стӕгӕй конд адӕймаг. Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ Фырты уӕларвӕй зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй райгуырдаид чындзыцыд чи нӕ уыд, уыцы чызг Марийӕйӕ. Уый руаджы Йесо райгуырд ӕххӕст, ӕнӕтӕригъӕд адӕймагӕй (Матфейы 1:18; Лукайы 1:35; Иоанны 8:46).

Чырысти у Зӕрдӕвӕрд Мессийӕ. Самариаг сылгоймаг Йесойӕн загъта: «Ӕз ӕй зонын, кӕй ӕрцӕудзӕн Мессийӕ». Уӕд ын Йесо загъта, ӕз дӕн уыцы адӕймаг, зӕгъгӕ (Иоанны 4:25, 26). Ныхӕстӕ «Мессийӕ» ӕмӕ «Чырысти» нысан кӕнынц «Сӕрст». Хуыцау Йесойы байсӕрста, ома йын бахӕс кодта, цӕмӕй йын йӕ фӕндон сӕххӕст кодтаид.

Чырысти зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд? Йӕхӕдӕг ӕй афтӕ бамбарын кодта: «Мӕн хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Лукайы 4:43). Йесо адӕмӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты ӕххуыс кодта, фӕлӕ уӕддӕр йӕ царды сӕйрагдӕр уыд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын. Уыцы Паддзахады тыххӕй цы радзырдта, уый фӕстӕдӕр базондзыстӕм.

Бӕрӕг у, Чырысти хуымӕтӕг адӕймаг кӕй нӕ уыд *. Иннӕ статьяйы фендзыстӕм, Чырыстийы ныхӕстыл кӕй фӕзынд, зӕхмӕ ӕрцӕуыны размӕ уӕлӕрвты кӕй царди, уый. Уӕдӕ нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса, цы хабар хъусын кодта, уый милуангай адӕмыл кӕй фӕзынд.

[Фиппаинаг]

^ 9 абз. Чырыстийы тыххӕй ӕмӕ йын Хуыцауы фӕндты цавӕр бынат ис, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 4 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.