Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц

Чырысти хистӕр зӕд Михаил у?

Чырысти хистӕр зӕд Михаил у?

▪ Цыбырдзырдӕй, о. Бирӕ адӕмтӕм адӕймагмӕ цалдӕр номӕй фӕдзурынц. Библийы цы нӕмттӕ ис, уыдоны хабар дӕр афтӕ у. Зӕгъӕм, Иаковы ма хуыдтой Израил дӕр (Райдиан 35:10). Апостол Петрӕн та уыди фондз номы: Симеон, Симон, Петр, Кифӕ ӕмӕ Симон Петр (Матфейы 10:2; 16:16; Иоанны 1:42; Хъуыддӕгтӕ 15:7, 14). Ӕмӕ йӕ кӕцӕй зонӕм, Михаил Чырыстийы ӕндӕр ном кӕй у, уый? Ӕркӕсӕм, Библийы цы фыст ис, уымӕ.

Библийы фондз хатты ӕмбӕлы хъомысджын зӕд Михаилы ном. Ӕртӕ хатты ӕмбӕлы Данелы чиныджы. Данелы 10:13, 21 стихты куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Михаил ӕххуысмӕ фӕзынд иу зӕдмӕ. Уыцы стихты Михаил хуыйны «стыр кънйӕзтӕй сӕ иу» ӕмӕ «уӕ кънйаз». Данелы 12:1 стихы фыст ис, кӕроны рӕтӕджы кӕй «сыстдзӕн Михаил, дӕ адӕмы сӕрыл чи хӕцы, уыцы номдзыд кънйаз».

Михаилы кой ма цӕуы Раргомады 12:7 стихы. Фыст дзы ис иу ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй: «Михаил ӕмӕ йӕ зӕдтӕ» хӕцыдысты Хӕйрӕгимӕ ӕмӕ йӕ дӕлимонтимӕ ӕмӕ сӕ уӕлӕрвтӕй раппӕрстой.

Дӕ хъус-ма ӕрдар, уӕлдӕр цы стихты кой скодтам, уым Михаил ӕвдыст кӕй у, Йегъовӕ Хуыцауы адӕмы чи хъахъхъӕны ӕмӕ йын йӕ сӕйраг знаг Хӕйрӕджы ныхмӕ чи тох кӕны, ахӕм хӕстон зӕдӕй.

Иудӕйы чиныджы 9 стихы Михаил хуыйны хистӕр зӕд. Ныхӕстӕ «хистӕр зӕд» Библийы бирӕон нымӕцы никуы ӕмбӕлынц. Иудӕйы чиныгӕй уӕлдай ма ацы ныхӕстӕ ӕмбӕлынц ӕрмӕстдӕр 1 Фессалоникӕгтӕм 4:16 стихы. Уым апостол Павел Чырыстийы тыххӕй ныффыста: «Хицау [Йесо] йӕхӕдӕг ӕрцӕудзӕн уӕларвӕй ӕмӕ райхъуысдзӕн йӕ барджын хъӕлӕс, хистӕр зӕды хъӕлӕс, ӕмӕ Хуыцауы уадындзы уаст». Уӕдӕ ацы стихмӕ гӕсгӕ хистӕр зӕд у Йесо Чырысти йӕхӕдӕг.

Уӕдӕ, уӕлдӕр цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ цы зӕгъӕн ис? Йесо Чырысти у хистӕр зӕд Михаил. Ном Михаил нысан кӕны «Чи у Хуыцауы хуызӕн», Йесо та – «Йегъовӕ у ирвӕзындзинад». Ацы нӕмттӕ нын не ’ргом здахынц Чырыстийы сӕйраг хъуыддагмӕ – Хуыцауы хицаудзинады фарс кӕй лӕууы, уымӕ. Филиппӕгтӕм 2:9 стихы фыст ис: «Хуыцау... [Йесойы] сӕвӕрдта ноджы уӕлдӕр ӕмӕ йын нӕ бавгъау кодта, ӕппӕт иннӕ нӕмттӕй бӕрзонддӕр чи у, ахӕм ном».

Рох кӕнын нӕ хъӕуы, Чырыстийы цард зӕххыл райгуырыны размӕ бирӕ раздӕр кӕй райдыдта. Цалынмӕ нӕ райгуырд, уӕдмӕ Марийӕмӕ фӕзынд зӕд ӕмӕ йын загъта, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй басывӕрджын уыдзӕн ӕмӕ йын, цы лӕппу райгуырдзӕн, ууыл кӕй хъуамӕ сӕвӕра ном Йесо (Лукайы 1:31). Зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ Чырысти арӕх дзырдта, раздӕр уӕлӕрвты кӕй цард, уый тыххӕй (Иоанны 3:13; 8:23, 58).

Уӕдӕ хистӕр зӕд Михаил у Йесо Чырысти зӕхмӕ ’рцӕуыны размӕ. Куы райгас ӕмӕ фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уӕд та ногӕй сси Михаил, ома хистӕр зӕд, цӕмӕй «нӕ Фыд Хуыцауы кадджын» кӕна (Филиппӕгтӕм 2:11).