Чырысти ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ адӕмы ахуыр кодтой ӕмбырдгӕнӕнты
Чырысти ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ адӕмы ахуыр кодтой ӕмбырдгӕнӕнты
«Уый фӕстӕ зилын байдыдта ӕгас Галилейыл, ӕмбырдгӕнӕнты адӕмы ахуыр кодта, хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй» (МАТФЕЙЫ 4:23).
БИБЛИЙЫ арӕх ис бакӕсӕн, Чырысти-иу ӕмбырдгӕнӕнмӕ кӕй бацыд, уый тыххӕй. Кӕм схъомыл, уыцы горӕт Назареты уыдаид, кӕнӕ-иу, арӕх кӕм ӕрлӕууыд, уыцы горӕт Капернаумы, науӕд, зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ цы горӕттӕ ӕмӕ хъӕутыл ӕрзылд, уым-иу арӕх бацыд ӕмбырдгӕнӕнтӕм ӕмӕ адӕмимӕ ныхас кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Йӕ царды кӕрон йӕ лӕггадыл хъуыды кӕнгӕйӕ Чырысти йӕхӕдӕг загъта: «Адӕмы алкӕддӕр ахуыр кодтон ӕмбырдгӕнӕнты ӕмӕ кувӕндоны, дзуттӕгтӕ иууылдӕр кӕм ӕрӕмбырд вӕййынц, уым» (Иоанны 18:20).
Йӕ апостолтӕ ӕмӕ фыццаг ӕнусы иннӕ чырыстӕттӕ дӕр ӕмбырдгӕнӕнты арӕх амыдтой Хуыцауы ныхас. Цымӕ кӕд фӕзындысты ӕмбырдгӕнӕнтӕ, Чырыстийы заман дзы цы куыстой ӕмӕ куыд арӕзт уыдысты? Цӕй уӕдӕ ацы хабӕрттӕ хуыздӕр базонӕм.
Дзуттаг адӕмы царды ӕмбырдгӕнӕнтӕ ахстой ахсджиаг бынат. Дзуттаг нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ афӕдз ӕртӕ хатты цыдаиккой бӕрӕгбӕттӕм Иерусалимы кувӕндонмӕ. Фӕлӕ уымӕй уӕлдай ӕдзух Хуыцауы
ном ардтой ӕмӕ Фыстад ахуыр кодтой ӕмбырдгӕнӕнты. Ӕмбырдгӕнӕнтӕ уыди алы ран дӕр – Палестинӕйы ӕмӕ ӕндӕр рӕтты дӕр.Цымӕ дзуттӕгтӕм ӕмбырдгӕнӕнтӕ кӕд фӕзындысты? Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Вавилоны уацары куы уыдысты, уӕд (н. э. размӕ 607–537 азтӕ). Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы кувӕндон уыди пырх. Кӕнӕ, чи зоны, фӕзындысты, уацарӕй куы ӕрыздӕхтысты, уый хӕдфӕстӕ. Уӕд сауджын Ездрӕ адӕмы разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуыцауы закъӕттӕ хуыздӕр базыдтаиккой ӕмӕ сӕ ’ххӕст кодтаиккой (Ездрӕ 7:10; 8:1–8; 10:3).
«Ӕмбырдгӕнӕн»-ӕй цы грекъаг ныхас ратӕлмац кодтой, уый фыццаг нысан кодта ӕмбырд. Ахӕм хуызы дзы пайда кодтой Септуагинтӕйы, Дзуттаг Фыстыты грекъаг тӕлмацы. Фӕлӕ, рӕстӕг куыд цыд, афтӕ ацы дзырд амонын райдыдта, адӕм-иу Хуыцауӕн бакувынмӕ кӕм ӕрӕмбырд сты, ахӕм хӕдзармӕ. Н. э. 1 ӕнусы Чырысти цы горӕтты уыди, уыдонӕй алкӕцыдӕры уыди ӕмбырдгӕнӕн. Горӕтты-иу уыди фӕйнӕ цалдӕр ӕмбырдгӕнӕны, Иерусалимы та – бирӕ. Цымӕ уыцы ӕмбырдгӕнӕнтӕ куыд арӕзт уыдысты?
Хуыцауы ном кӕм ардтой, ахӕм хуымӕтӕг хӕдзар. Дзуттӕгтӕ ӕмбырдгӕнӕн аразынӕн агуырдтой бӕрзонд бынат, йӕ бахизӕн (1) та-иу ын кодтой Иерусалимырдӕм. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый алыхатт ӕнӕмӕнг нӕ уыди.
Ӕмбырдгӕнӕнтӕ уыдысты хуымӕтӕг, бирӕ цыдӕртӕ дзы нӕ уыди. Ӕппӕты зынаргъдӕрыл нымадтой Сыгъдӕг Фыстытӕ, ӕвӕрд та уыдысты асыччы (2). Уыцы асыкк-иу уыди хибар агъуысты (3), цӕмӕй йын тӕссаг мацӕмӕй уыдаид. Рахастой-иу ӕй ӕрмӕстдӕр ӕмбырды рӕстӕг.
Асыччы фарсмӕ ӕвӕрд уыдысты бандӕттӕ (4), се ’ргом адӕмы ’рдӕм куыд уыдаид, афтӕ. Бадтысты дзы, ӕмбырдгӕнӕны разамынд чи лӕвӕрдта, уыдон ӕмӕ кадджын уазджытӕ (Матфейы 23:5, 6). Агъуысты тӕккӕ астӕу та-иу уыди бӕрзонд бынат, ныхасы чи рацыдаид, уымӕн (5). Фӕрсырдыгӕй та бадтысты адӕм (6).
Адӕм сӕхӕдӕг сӕ хъус дардтой се ’мбырдгӕнӕнтӕм. Хъӕздыгӕй-мӕгуырӕй лӕвӕрдтой мысайнӕгтӕ ӕмӕ-иу ӕм уый фӕрцы зылдысты. Цымӕ ӕмбырдтӕ та куыд цыдысты?
Ӕмбырдгӕнӕнты Хуыцауӕн куыд лӕггад кодтой? Хуыцауы дзы кадджын кодтой, йӕ ныхас ын амыдтой, куывтой ӕмӕ Сыгъдӕг Фыстытӕ кастысты. Ӕмбырды райдиан-иу бакастысты, Дыккаг закъоны 6:4 стихӕй цы скъуыддзаг райдайы, уый. Хонынц ӕй «Шемӕ». Ацы дзырд равзӕрд, 4-ӕм стих цы ныхасӕй райдайы, уымӕй: «Байхъус [Шемӕ], Израил! Нӕ Хуыцау Йегъовӕ у иунӕг Йегъовӕ».
Уый фӕстӕ-иу кастысты ӕмӕ ’мбарын кодтой Торӕ, Библийы фыццаг фондз чиныджы (ныффыста сӕ пехуымпар Моисей) (Хъуыддӕгтӕ 15:21). Стӕй-иу бакастысты, пехуымпарты чингуытӕй (хафтара́) ӕмӕ-иу ныхас кодтой, царды дзы куыд спайда кӕнӕн ис, ууыл. Хатт-иу ныхасы рацыд уазӕг. Лукайы 4:16–21 стихты фыст ис, иухатт ныхасы кӕй рацыд Чырысти.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Чырыстимӕ цы тыхтон балӕвӕрдтой, уым, абоны Библиты куыд у, афтӕ сӕртӕ ӕмӕ стихтӕ амынд нӕ уыд. Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм: Йесо Сыгъдӕг Фыстыты тыхтон йӕ галиу къухӕй иуырдӕм тухы, рахиз къухӕй та иннӕрдӕм, цалынмӕ хъӕугӕ бынат не ссардта, уӕдмӕ. Ахӕм тыхтонӕй-иу куы бакастысты, уӕд та-иу ӕй йӕ райдианмӕ стыхтой.
Арӕхдӕр Сыгъдӕг Фыстытӕ кастысты дзуттаг ӕвзагыл ӕмӕ-иу сӕ тӕлмац кодтой арамейаг ӕвзагмӕ. Грекъагау кӕм дзырдтой, уыцы ӕмбырдгӕнӕнты та пайда кодтой Септуагинтӕйӕ (грекъаг тӕлмац).
Ӕмбырдгӕнӕнтӕ хъуыдысты ӕндӕр хъуыддӕгты тыххӕй дӕр. Ӕмбырдгӕнӕнтӕ ахсджиаг бынат ахстой дзуттаг адӕмы царды. Сӕ фарсмӕ ма-иу арӕзт ӕрцыдысты ӕндӕр агъуыстытӕ дӕр ӕмӕ сӕ пайда кодтой алыхуызон хъуыддӕгты. Зӕгъӕм дзы иуӕй-иу хатт тӕрхоны хъуыддӕгтӕ дӕр ӕвзӕрстой, стӕй-иу дзы ӕндӕр хабӕртты фӕдыл дӕр ӕрӕмбырд сты. Ӕмбырдгӕнӕны фарсмӕ цы хӕрӕндӕттӕ уыди, уым-иу суанг фынгтӕ дӕр ӕрӕвӕрдтой. Цы агъуыстытӕ ма дзы уыд, уым искуы иухатт фӕндаггонтӕ дӕр ӕрлӕууыдысты.
Алы горӕты дӕр ӕмбырдгӕнӕнты мидӕг уыд скъолатӕ. Нӕ бон у нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын: агъуыст йӕ тӕккӕ дзаг у ахуыргӕнинӕгтӕй ӕмӕ ахуыргӕнӕг сывӕллӕттӕн амоны, мыдадзӕй конд фӕйнӕгыл цы стыр дамгъӕтӕ фыст ис, уыдон. Ахӕм скъолаты фӕрцы дзуттӕгтӕ зыдтой кӕсын ӕмӕ фыссын, ӕмӕ суанг хуымӕтӕг адӕм дӕр зыдтой Сыгъдӕг Фыстытӕ.
Ӕмбырдгӕнӕнтӕ сӕйраджыдӕр хъуыдысты Хуыцауӕн лӕггад кӕныны тыххӕй. Уӕдӕ диссаг нӕу, фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырдтӕн ӕмӕ дзуттаг ӕмбырдгӕнӕнтӕн бирӕ цыдӕртӕ кӕй уыд иумӕйагӕй. Цы дзы уыд ӕмхуызонӕй? Чырыстон ӕмбырдты нысан дӕр уыд Йегъовӕйы кадджын кӕнын куывдӕй, зарджытӕй, стӕй Библи кӕсын ӕмӕ йӕ ’мбарын кӕнынӕй. Цы хӕрдзтӕ-иу дзы уыд, уыдон-иу кодтой мысайнӕгты руаджы. Хуыцауы Ныхас кӕсын ӕмӕ йыл ныхас кӕнын ӕрмӕст разамонджыты хӕс нӕ уыд. Дзуттаг ӕмбырдгӕнӕнты ӕмӕ чырыстон ӕмбырдты дӕр разамынд лӕвӕрдтой хистӕр нӕлгоймӕгтӕ.
Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр архайынц, цӕмӕй се ’мбырдтӕ цӕуой, фыццаг ӕнусы Чырысти ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ цы ’гъдау ныууагътой, уымӕ гӕсгӕ. Сӕ Паддзахады залтӕ дӕр цӕмӕйдӕр рагон ӕмбырдгӕнӕнты хуызӕн сты. Раджы заманты куыд уыд, афтӕ ныр дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фыццаджыдӕр ӕрӕмбырд вӕййынц, цӕмӕй рӕстдзинад чи уарзы, уыдон Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базоной (Иаковы 4:8).
[Ныв 16, 17 фарсыл]
Ацы ныв конд у н. э. 1 ӕнусы горӕт Гамалӕйы ӕмбырдгӕнӕны пъланмӕ гӕсгӕ
[Ныв 18 фарсыл]
Ӕмбырдгӕнӕнты цы скъолатӕ уыд, уым ахуыр кодтой 6–13-аздзыд лӕппутӕ