Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕстӕртӕн

Дӕ уырнындзинады тыххӕй ныфсджынӕй дзур!

Дӕ уырнындзинады тыххӕй ныфсджынӕй дзур!

Хӕслӕвӕрд. Скӕн ӕй, кӕм дӕ ничи хъыгдардзӕн, ахӕм бынаты. Библи куы кӕсай, уӕд дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма ды дӕр уым дӕ: цы аразынц, уый дӕхи цӕстӕй уыныс, цы дзурынц, уый хъусыс. Дӕхи сӕвӕр сӕйраг архайджыты бынаты ӕмӕ бацархай, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарыныл.

Сӕйраг архайджытӕ: Йереми, Авдемелех ӕмӕ паддзах Седеки.

Цӕуыл цӕуы ныхас: Йереми Иудӕйы адӕмӕн Хуыцауы фӕнд кӕй хъусын кӕны, халдейтӕн басӕттут, зӕгъгӕ, уый тыххӕй йӕ ныхмӕ карзӕй цӕуынц.

1 АХЪУЫДЫ КӔН АЦЫ СКЪУЫДДЗАГЫЛ. БАКӔС ЙЕРЕМИ 38:1–5.

Йереми Иудӕйы адӕмимӕ куы дзырдта, уӕд ын цымӕ ӕнцон уыд?

_______

Йереми Йегъовӕйы тӕрхоны тыххӕй куы хъусын кодта, уӕд цавӕр хъӕлӕсӕй дзырдта?

_______

ЛӔМБЫНӔГДӔР АХЪУЫДЫ КӔН.

Йеремимӕ цавӕр ныфс хъуамӕ разындаид, цӕмӕй ахӕм карз тӕрхон хъусын кодтаид?

_______

2 АХЪУЫДЫ КӔН АЦЫ СКЪУЫДДЗАГЫЛ. БАКӔС ЙЕРЕМИ 38:6–13.

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, доны дзыхъхъ цӕйас уыдаид ӕмӕ куыд ӕвзӕр тӕф кодтаид, уый.

_______

Йереми цӕуыл хъуыды кодтаид, «цъыфы ныгъуылын [куы] райдыдта», уӕд? (Ногӕй та бакӕс 6 стих.)

_______

ЛӔМБЫНӔГДӔР АХЪУЫДЫ КӔН.

Дӕ къухы цы ’рмӕг бафта, уым-иу ссар, раздӕр доны дзыхъхъытӕй куыд пайда кодтой, уый тыххӕй цы нӕ зыдтай, ахӕмӕй исты.

_________

Авдемелех Йеремийы ссӕрибар кӕнын цӕмӕн сфӕнд кодта? (Ногӕй та бакӕс 7–9 стихтӕ.)

_______

Седеки афтӕ ӕнцонтӕй цӕмӕн сразы ис, фыццаг кънйӕзты хъуыдыйыл, стӕй та Авдемелехы хъуыдыйыл? (Ногӕй та бакӕс 5 ӕмӕ 10 стих.) Цавӕр адӕймаг уыд? Ныфс ын цӕуылнӕ фаг кодта?

_______

Ацы адӕмӕй ныфсджын чи уыд ӕмӕ чи нӕ уыд? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?

_______

3 ЦЫ БАЗЫДТАЙ, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ. НЫФФЫСС, ЗОНДӔН ЦЫ РАЙСТАЙ...

Хъӕбатырдзинады тыххӕй.

_______

Ныфсджынӕй дзурыны тыххӕй.

_______

Йегъовӕмӕ чи хъусы, уыдоны куыд хъахъхъӕны.

_______

Исчи дӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд ныфсджын кӕй дӕ, уый дын куыд баххуыс кӕндзӕн, раст цы у, уый аразынӕн?

_______

4 ДӔ ЗӔРДӔ ДЫН ТЫНГДӔР ЦЫ БАЦАГАЙДТА ӔМӔ ЦӔМӔН?

_______

КӔД ДӔМ БИБЛИ НӔЙ, УӔД ӔЙ ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔЙ РАКУР КӔНӔ ЙӔ ИНТЕРНЕТЫ ССАР www.watchtower.org