Идӕдзтӕ. Цӕуыл тыхсынц? Цӕмӕй сын у дӕ бон баххуыс кӕнын?
Агъуысты мынӕг рухс судзы. Жаннӕ фынг ӕвӕры, исты ахӕрын хъӕуы, зӕгъгӕ. Уалынмӕ стъолмӕ фӕкомкоммӕ, ӕмӕ ныккуыдта – хъуыды дӕр ыл нӕ акодта, афтӕмӕй фынгыл раздӕрау ӕрӕвӕрдта дыууӕ тӕбӕгъы! Ныр дыууӕ азы йӕ уарзон цардӕмбал нал ис.
АДӔЙМАГӔН йӕ цардӕмбалы мӕлӕт цы рыст бавзарын кӕны, уый бамбардзӕн, ахӕм хабар кӕуыл ӕрцыд, ӕрмӕстдӕр уый. Ахӕм стыр бӕллӕх кӕуыл ӕрцӕуы, уымӕн йӕхимӕ дӕр хабар уайтагъд нӕ бахъары. Берелӕн, 72 азы кӕуыл цӕуы, ахӕм сылгоймагӕн, йӕ лӕг ӕвиппайды куы фӕзиан, уӕд ӕй уырнгӕ дӕр нӕ кодта. Берел дзуры: «Нӕ мӕм хъардта. Къӕсӕрӕй кӕй никуыуал ӕрбахиздзӕн, уый мӕ нӕ уырныдта».
Дохтыртӕ рынчынӕн йӕ къух кӕнӕ йӕ къах куы алыг кӕнынц, уӕд дӕр ма йӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йӕ уӕнг йӕ уӕлӕ ис. Йӕ лӕг кӕнӕ йӕ ус кӕмӕн амард, ахӕм адӕймагыл дӕр хатт уый хуызӕн хабар ӕрцӕуы: йӕ цардӕмбалы куы адӕмы ’хсӕн «ауыны», куы та йӕм цыдӕр сдзуры, цыма йӕ цуры ис, уыйау.
Ахӕм уӕззау хабар кӕуыл ӕрцыд, уымӕн йе ’мбӕлттӕ ӕмӕ йӕ хиуӕттӕ арӕх, сӕхи куыд дарой, уый нӕ фӕзонынц. Мыййаг, йӕ цардӕмбал кӕмӕн амард, ахӕм искӕй зоныс? Цӕмӕй йын у дӕ бон баххуыс кӕнын? Цы зонын дӕ хъӕуы, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕйы рыст фенцондӕр кӕнай? Цы у дӕ бон саразын, цӕмӕй фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууа ӕмӕ та ногӕй цардыл цин кӕна?
Раст цы нӕ уыдзӕн аразын
Ӕмбӕлттӕн ӕмӕ бинонтӕн зын вӕййы, сӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ адӕймаг куыд хъизӕмар кӕны, уымӕ кӕсын, ӕмӕ арӕх сӕ хорззӕрдӕйӕ фӕархайынц, цӕмӕй мауал маст кӕна. Фӕлӕ иу иртасӕг 700 идӕдз сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаджы хабарӕй скодта ахӕм хатдзӕг: «Цас рӕстӕг „ӕмбӕлы“ маст кӕнын, уый нӕй зӕгъӕн». Уӕдӕ зианджын адӕймаджы сабыртӕ кӕнӕм ӕмӕ йӕ Райдиан 37:34, 35; Иов 10:1).
кӕуын ма уадзӕм, уый бӕсты хуыздӕр уаид, йӕ тыппыртӕ суадзын ӕй куы бауадзиккам (Зианы рӕстӕг адӕймагмӕ истӕмӕй фӕкӕсӕм, уый хорз у, фӕлӕ афтӕ дӕр хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ нӕхимӕ райсӕм. Йӕ ус кӕмӕн амард, иу ахӕм 49-аздзыд нӕлгоймаг, Павел, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъы: «Зианы рӕстӕг мын чи ӕххуыс кодта, уыдон кӕд бирӕ хъуыддӕгтӕ сӕхимӕ райстой, уӕддӕр мын мӕхи бауагътой, цӕмӕй алы хъуыддаджы фӕдыл дӕр уынаффӕ мӕхӕдӕг хастаин. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй бузныг дӕн. Тынг мӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕ бинойнаджы зианы алцыдӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ уыдаид. Уымӕй ма йын мӕ бон уыд фӕстаг хатт балӕггад кӕнын».
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зианджынӕн ӕхсызгон вӕййы, истӕмӕй йын йӕ къух куы фӕрог кӕнынц, уӕд. Айлин, 68 азы кӕуыл цӕуы, ахӕм идӕдз сылгоймаг, зӕгъы: «Зианы хъуыддӕгтӕ спълан кӕнын ӕмӕ мын алыхуызон гӕххӕттытимӕ баст хабӕрттӕ бакӕнын тынг зын уыд, уымӕн ӕмӕ фыццаг рӕстӕг мӕ хъуыдытӕ хӕццӕ кодтой. Хорз уыди, ӕмӕ мӕм мӕ фырт ӕмӕ мӕ чындз фӕкастысты».
Чи фӕзиан, уый кой кӕнын-иу ӕфсӕрмы ма кӕн. Уӕлдӕр цы сылгоймаджы тыххӕй фыстам, Берел, зӕгъгӕ, уый афтӕ зӕгъы: «Ме ’мбӕлттӕ мын тынг ӕххуыс кодтой. Фӕлӕ-иу сӕ бирӕтӕ мӕ лӕг Джоны тыххӕй барӕй иу ныхас дӕр никуы скодтой,– цыма никуы дӕр уыди, афтӕ. Ӕмӕ мын уый кӕмдӕр хъыг уыди». Ӕцӕгдӕр, рӕстӕг куы рацӕуы, уӕд адӕймагӕн йӕхи фӕфӕнды йӕ цардӕмбалы тыххӕй искӕимӕ аныхас кӕнын. Мыййаг, хъуыды кӕныс, чи фӕзиан, уый цыдӕр хорз хъуыддаг кӕй ракодта йе та йыл цавӕрдӕр худӕг хабар кӕй ӕрцыд? Радзур ӕй йӕ цардӕмбалӕн, ма ӕфсӕрмы кӕн. Куы йӕ уынай, дӕ ныхас ын ӕхсызгон уыдзӕн, уӕд-иу зӕгъ, дӕ зӕрдӕмӕ дзы цы цыди йе та йӕ цӕй тыххӕй мысыс, уый. Афтӕмӕй фендзӕн, иннӕтӕ йын йӕ рыст кӕй ӕмбарынц (Ромӕгтӕм 12:15).
Кӕд дӕ дӕ зианджын ӕмбалӕн кӕнӕ хионӕн ӕцӕг баххуыс кӕнын фӕнды, уӕд дӕхи хиз ӕгӕр бирӕ уынаффӕтӕ дӕттынӕй. Кӕд ӕй исты уынаффӕ рахӕссын хъӕуа, уӕд-иу ӕй ма тагъд кӕн *. Арфуынӕг у. Ахъуыды кӕн, хорзӕй йын дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй йӕ царды ӕппӕты уӕззаудӕр ивындзинӕдтӕ сфӕраза.
Цӕмӕй у дӕ бон баххуыс кӕнын
Зианы хӕдфӕстӕ дӕр зианджынӕн ӕхсызгон уыдзӕн, истӕмӕйты йӕм куы фӕкӕсой. Дӕ бон ын нӕ уаид хӕринаг скӕнын, чи йӕм ӕрцыд, уыцы хӕстӕджыты суазӕг кӕнын, йе та йӕ цуры абадын?
Хъӕуы ма ӕмбарын уый дӕр, ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, ахӕм уӕззау хабар сыл кӕй ӕрцӕуы ӕмӕ иунӕгӕй кӕй баззайынц, уый иухуызон нӕ хӕссынц. Зӕгъӕм, иуӕй-иу бӕстӕты, йӕ ус кӕмӕн амард, уыцы нӕлгоймӕгтӕн се ’мбисӕй фылдӕр афӕдз ӕмӕ ӕрдӕджы мидӕг ногӕй ус ӕрхӕссынц. Сылгоймӕгты ’хсӕн та уый тынг стӕм хатт вӕййы. Цӕмӕн афтӕ у?
Бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, идӕдз нӕлгоймӕгтӕ ногӕй ус ӕрхӕссынц ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй, цӕмӕй сӕм фӕкӕсӕг уа кӕнӕ цӕмӕй сӕ фарсмӕ сылгоймаг уа. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Нӕлгоймаг фылдӕр хатт йӕ сагъӕстӕ фӕдзуры ӕрмӕстдӕр йӕ бинойнагӕн. Уымӕ гӕсгӕ, йӕ бинойнаг куы фӕзиан вӕййы, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕм афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ бынтон иунӕгӕй баззад. Нӕлгоймагӕй уӕлдай, сылгоймагӕн ӕнцондӕр вӕййы искӕмӕн радзурын, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый, кӕд хатт йӕ цардӕмбалы ӕмбӕлттӕй рохуаты аззайы, уӕддӕр. Хабар афтӕ кӕй у, уый фӕрцы гыццыл хуыздӕр ӕмбарӕм, идӕдз нӕлгоймӕгтӕй бирӕтӕ ногӕй ус ракурынӕй дарддӕр сӕ сӕрӕн ӕндӕр хуыздӕр кӕй ницы ӕрхъуыды кӕнынц, цӕмӕй иунӕг ма уой, уый тыххӕй,– кӕд, хорз кӕй нӕ базонай, ахӕм адӕймагимӕ цард баиу кӕнын тӕссаг у, уӕддӕр. Сылгоймагӕн та ӕнцондӕр вӕййы, иунӕгӕй кӕй баззад, уый сфӕразын.
Цы у дӕ бон саразын, цӕмӕй дӕ хӕлар кӕнӕ дӕ хион, сылгоймаг у ӕви нӕлгоймаг, иунӕгӕй ма ӕнкъард кӕна? Еленӕ, 49-аздзыд идӕдз сылгоймаг, зӕгъы: «Бирӕты сӕ хорззӕрдӕйӕ фӕфӕнды, цӕмӕй мын истӕмӕй баххуыс кӕной, фӕлӕ сӕхӕдӕг фыццаг къахдзӕф не скӕнынц. Арӕх фӕзӕгъынц: „Истӕмӕй фӕкӕсын дӕм куы хъӕуа, уӕд-иу мын зӕгъ“. Фӕлӕ мӕнӕн ӕхсызгондӕр вӕййы, исчи мын афтӕ куы фӕзӕгъы: „Дуканитыл азилын мӕ фӕнды, ӕмӕ мемӕ нӕ рацӕуис?“». Йӕ ус ракӕй кӕмӕн амард иу ахӕм нӕлгоймаг, Павел, зӕгъгӕ, афтӕ загъта, исчи йӕ искуыдӕм куы ахоны, уӕд ын ӕхсызгон цӕмӕн вӕййы, уый тыххӕй: «Хатт мӕ ӕппындӕр нӕ фӕфӕнды адӕмы ’хсӕнмӕ цӕуын йе та искӕмӕн мӕ сагъӕстӕ дзурын. Фӕлӕ мӕ рӕстӕг мӕ хӕлӕрттимӕ куы арвитын, уӕд мын фенцондӕр вӕййы, мӕхимӕ афтӕ иунӕг нал фӕкӕсын. Фембарын ӕй, иннӕтӕ мыл ӕцӕгдӕр кӕй тыхсынц, ӕмӕ мӕ уый ныфс бауадзы» *.
Сӕ фарсмӕ балӕууын уӕлдай тынгдӕр кӕд фӕхъӕуы
Еленӕ зӕгъы, ӕппӕты тынгдӕр ӕй ӕххуыс кӕй хъуыд, йӕ хиуӕттӕн сӕ фылдӕр фӕстӕмӕ сӕхи царды хабӕрттӕ кӕнын куы райдыдтой, уӕд. «Фыццаг рӕстӕг дӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ дӕ хиуӕттӕ дӕ фарсмӕ вӕййынц,– зӕгъы Еленӕ,– фӕлӕ сӕ стӕй алкӕмӕн дӕр йӕ цард, раздӕр куыд цыд, афтӕ ацӕуы, дӕуӕн та – нал». Ӕцӕг ӕмбӕлттӕ уый сӕ зӕрдыл дардзысты ӕмӕ ӕрмӕст фыццаг рӕстӕг нӕ, фӕлӕ алкӕддӕр уыдзысты ӕххуысмӕ цӕттӕ.
Йӕ цардӕмбал кӕмӕн нал ис, ахӕм адӕймагӕн йӕ фарсмӕ исчи уа, уый йӕ, чи зоны, уӕлдай тынгдӕр хъӕуа афӕдзы мидӕг кӕцыдӕр бонты, зӕгъӕм, йӕ чындзӕхсӕвы бон йе та, йӕ цардӕмбал кӕд амард, уыцы бон. Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы Айлин радзырдта, алы аз дӕр ын, йӕ чындзӕхсӕв цы бон уыд, уыцы бон йӕ фырт куыд баххуыс кӕны, цӕмӕй ма ӕнкъард кӕна. Айлин зӕгъы: «Алы аз дӕр мӕ уыцы бон мӕ фырт Кевин искуыдӕм акӕны. Иумӕ абадӕм, сихор бакӕнӕм, ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон вӕййӕм ӕрмӕст нӕхӕдӕг, ӕз ӕмӕ мӕ лӕппу». Кӕд дӕ хӕлӕрттӕй кӕнӕ дӕ хиуӕттӕй искӕмӕн йӕ цардӕмбал амард, уӕд хорз уаид, уыцы бонтӕ дӕ зӕрдыл куы дарис. Уӕд дӕ бон уыдзӕн, цӕмӕй уыцы зын рӕстӕг кӕнӕ дӕхӕдӕг уай йӕ фарсмӕ, кӕнӕ та ӕндӕр искӕмӕн зӕгъай (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).
Йӕ цардӕмбал кӕмӕн амард, уыдон хатт сӕхӕдӕг вӕййынц ныфсы хос иннӕтӕн. Аннӕйӕн, йӕ лӕджы мӕлӕтыл ныр аст азы кӕмӕн цӕуы, уымӕн йӕ хӕлар дӕр у идӕдз сылгоймаг, ӕмӕ дзы Аннӕ афтӕ зӕгъы: «Куыд фидар у, уый мыл тынг бандӕвта. Уымӕ кӕсгӕйӕ ӕз дӕр мӕ къухтӕ не ’руагътон».
Ӕцӕгдӕр, идӕдзӕй чи баззад, уыдонӕн райдианты сӕ зӕрдӕты цы стыр маст вӕййы, уый гыццыл куы ӕрсабыр вӕййы, уӕд арӕх сӕхӕдӕг иннӕтӕн ныфсы хос свӕййынц. Библийы кӕй кой ис, уыцы дыууӕ идӕдз сылгоймаджы, Руф ӕмӕ йе ’фсин Ноемин, кӕрӕдзийӕн ныфс ӕмӕ ӕххуыс уыдысты. Уыцы зӕрдӕмӕхъаргӕ радзырды фыст ис, Руф ӕмӕ Ноемин кӕрӕдзийӕн кӕй ӕххуыс кодтой, уый фӕрцы сӕ бон кӕй баци сӕ зӕрдӕйы маст сфӕразын ӕмӕ зын рӕстӕг фидар фӕлӕууын (Руф 1:15–17; 3:1; 4:14, 15).
«Рӕстӕг дзӕбӕх кӕнынӕн»
Йӕ цардӕмбал кӕмӕн нал ис, ахӕм адӕймаджы хъӕуы бамбарын иу хъуыддаг: йӕ цардӕмбалы ӕгӕр куы мыса ӕмӕ йӕхиуыл ӕппындӕр куы нӕ хъуыды кӕна, уӕд йӕ къахыл не слӕудзӕн. Зондджын паддзах Соломон ӕмбӕрста, кӕй вӕййы «рӕстӕг кӕуынӕн». Фӕлӕ ма афтӕ дӕр загъта, кӕй хъуамӕ уа «рӕстӕг дзӕбӕх кӕнынӕн» дӕр (Екклесиаст 3:3, 4).
Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы Павел дзуры, куыд зын вӕййы, адӕймаг йӕ мысинӕгтӕй мауал цӕра, уый. Павел зӕгъы: «Дыууӕ тала бӕласы кӕрӕдзийыл куыд стыхсой, афтӕ уыдыстӕм мӕ бинойнагимӕ. Фӕлӕ стӕй бӕлӕстӕй иу бахус ӕмӕ йӕ акалдтой, ӕмӕ иннӕ къӕдзтӕй баззад. Нӕ мӕм хъардта, мӕ бинойнаг мемӕ кӕй нал ис, уый». Иуӕй-иутӕ сӕ цардӕмбалыл йӕ мӕлӕты фӕстӕ дӕр афтӕ ӕнувыд вӕййынц, ӕмӕ сӕ нӕ фӕфӕнды, иумӕ куыд цардысты, уый ферох кӕнын. Иннӕтӕм та афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ цардыл куы цин кӕной, уӕд уымӕй сӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй рацӕудзысты, ӕмӕ уый тыххӕй адӕмы ’хсӕнмӕ дӕр нал фӕцӕуынц. Куыд сын ис баххуыс кӕнӕн, цӕмӕй сабыргай «сдзӕбӕх уой» – сӕ къахыл та слӕууой?
Уыцы хъуыддаджы фыццаг къахдзӕф у, сӕ рыст зӕрдӕйы сагъӕстӕ радзурынӕн сын куы баххуыс кӕнӕм. Герберт, йӕ бинойнаджы мӕлӕтыл ӕхсӕз азы кӕмӕн цӕуы, уый, афтӕ зӕгъы: «Уӕлдай ӕхсызгондӕр мын уыди, абӕрӕг кӕнынмӕ-иу мӕм чи ’рбацыд, уыдон-иу мӕм лӕмбынӕг кӕй хъуыстой, мӕ зӕрдӕйы цы мысинӕгтӕ ӕмӕ сагъӕстӕ уыд, уыдон радзурынӕн-иу мын кӕд ныхӕстӕ ссарын ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр. Зонын ӕй, мӕнмӕ хъусын хатт зын уыд, фӕлӕ мын мӕ уавӕры кӕй цыдысты, уый тыххӕй сӕ тынг бузныг уыдтӕн». Павелы зӕрдӕ уӕлдай тынгдӕр бацагайдта, йӕ хорз хӕлар-иу ӕй арӕх кӕй афарста, йӕхи куыд хаты, уымӕй. Павел зӕгъы: «Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ мыл кӕй тыхсти ӕмӕ мемӕ фӕлмӕнӕй кӕй дзырдта, уый мын-иу ӕхсызгон уыд ӕмӕ-иу ын арӕх радзырдтон, уыцы сахат-иу мӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый» (Ӕмбисӕндтӕ 18:24).
Зианджын адӕймаг йӕхимидӕг цӕуыл тыхсы, уый куы дзура, зӕгъӕм, цӕуыл фӕсмон 2 Самуилы 12:19–23).
кӕны, йӕхи цӕй тыххӕй ӕфхӕры, йӕхимӕ цӕй тыххӕй мӕсты кӕны, уӕд йӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй кӕсын райдайдзӕн. Паддзах Давид йӕ судзгӕ маст йе ’ппӕты хуыздӕр хӕлар Йегъовӕйӕн куы радзырдта, уӕд ын уый хъарутӕ радта, ӕмӕ йӕ бон баци йӕ ноггуырд лӕппуйы мӕлӕт сфӕразын (Адӕймагӕн йӕ цардӕмбал куы фӕзиан уа, уӕд дӕр ӕй дарддӕр цӕрын хъӕуы, кӕд ын фыццаг рӕстӕг ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр. Дӕ бон ӕй у демӕ искуыдӕм ахонын, зӕгъӕм, исты ӕлхӕнынмӕ кӕнӕ тезгъо кӕнынмӕ? Йе та дын кӕд исты кусинаг ис, уӕд ын зӕгъ, ӕмӕ дӕм фӕкӕса. Уымӕй дӕр ын баххуыс кӕндзынӕ, цӕмӕй йӕ иунӕджы царды сагъӕсты бын ма фӕуа. Кӕд сылгоймаг у, уӕд, чи зоны, йӕ бон уа, ӕмӕ дын дӕ сывӕллӕттӕм фӕкӕса йе та дын исты хӕринаг кӕнын бацамона. Кӕд нӕлгоймаг у, уӕд та дын, гӕнӕн ис, ӕмӕ хӕдзары исты бацалцӕг кӕнынӕн аххуыс кӕна. Ӕппӕт адӕтты фӕрцы адӕймаг фендзӕн, иннӕтӕ йыл кӕй тыхсынц ӕмӕ сӕ кӕй хъӕуы.
Идӕдзӕй чи баззад, уый йе ’нкъарӕнтӕ, йӕ сагъӕстӕ йӕхимидӕг куы нӕ дара, фӕлӕ сӕ иннӕтӕн ӕргом куы дзура, уӕд гыццылгай йӕ къахыл слӕудзӕн ӕмӕ та йӕм цӕрын ӕрцӕудзӕн. Чи зоны ма йӕ разы ног нысӕнттӕ дӕр сӕвӕра. Афтӕ уыд йӕ хабар Йонеттӕн дӕр, 44-аздзыд сидзӕргӕс сылгоймагӕн. Йонетт зӕгъы: «Дарддӕр та царды хабӕрттӕ кодтаин, уый мын афтӕ зын уыд, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй! Мӕ куыстытӕ кӕнын, ӕхцайы хӕрдзтӕ пълан кӕнын ӕмӕ ӕртӕ сывӕллонмӕ кӕсын ӕнцон нӕ уыд». Фӕлӕ сабыргай Йонетт базыдта йӕ хъуыддӕгтӕ пълан кӕнын ӕмӕ йӕ сывӕллӕттимӕ ӕргомдӕр ныхас кӕнын. Йе ’мбӕлтты ӕххуысыл разы кӕнын дӕр сахуыр.
«Цард ууыл нӕ фӕвӕййы»
Йӕ цардӕмбал кӕмӕн амард, уымӕн цӕмӕй йе ’мбӕлттӕ ӕмӕ йӕ хиуӕттӕ ӕцӕгдӕр баххуыс кӕной, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбарой: цалынмӕ сӕ зынаргъ адӕймаг ногӕй йӕхимӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ цалдӕр мӕйы, кӕнӕ суанг цалдӕр азы дӕр афтӕ уа, ӕмӕ-иу куы дзӕбӕх уа, куы та-иу йӕхимӕ ныхъхъуса. «Зӕрдӕйы рыст» хатт вӕййы тынг тыхджын (1 Паддзӕхты 8:38, 39).
Ахӕм рӕстӕджыты адӕймаджы фӕхъӕуы фӕлмӕнӕй баразӕнгард кӕнын, цы ’рцыд, уымӕ раст цӕстӕй кӕсынмӕ, цӕмӕй йӕ йӕ мысинӕгтӕй ма ферох уа, цард дарддӕр кӕй цӕуы, уый ӕмӕ цӕмӕй йӕхи адӕмӕй дард ма ласа. Бирӕ идӕдзтӕн афтӕ кӕй баххуыс кодтой, уый фӕрцы сӕ бон сси цардыл дарддӕр цин кӕнын. Иу-60 азы кӕуыл цӕуы, ахӕм идӕдз нӕлгоймаг, Клод, зӕгъгӕ, ныртӕккӕ йӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай Африкӕйы Хуыцауы ныхас чи хъусын кӕны, уый афтӕ зӕгъы: «Мӕлӕт дыууӕ уды кӕрӕдзийӕ куы фӕхицӕн кӕны, уӕддӕр цард ууыл нӕ фӕвӕййы».
Йӕ цардӕмбал кӕмӕн амард, уымӕн йӕ цард раздӕры царды хуызӕн нал уыдзӕн. Фӕлӕ йын кӕд мӕлӕт йӕ уарзон адӕймаджы байста, уӕддӕр ӕм бирӕ ис, иннӕтӕн кӕмӕй фӕхай кӕна, ахӕм хорздзинӕдтӕ (Екклесиаст 11:7, 8).
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 11 абз. Кӕс 12 фарсыл рамкӕ «Зӕрдылдарӕнтӕ ӕви зӕрдӕкъахӕнтӕ?».
^ 16 абз. Зианджын адӕймагӕн ма ноджыдӕр куыд ис баххуыс кӕнӕн, уый тыххӕй кӕс брошюрӕ «Куы амӕлы дӕ зӕрдиаг адӕймаг», 20–25 фӕрстӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
[Хицӕнгонд текст 11 фарсыл]
Ӕцӕг ӕмбӕлттӕ ӕрмӕст фыццаг рӕстӕг нӕ, фӕлӕ алкӕддӕр уыдзысты ӕххуысмӕ цӕттӕ
[Рамкӕ/Ныв 12 фарсыл]
Зӕрдылдарӕнтӕ ӕви зӕрдӕкъахӕнтӕ?
«Мӕ лӕджы дзаумӕттӕй бирӕ цыдӕртӕ ныууагътон,– дзуры Еленӕ, йӕ лӕг цалдӕр азы размӕ кӕмӕн амард, уый.– Куы сӕм фӕкӕсын, уӕд мӕ зӕрдыл бирӕ хорз хабӕрттӕ ӕрлӕууы. Исты аппарын дзы мӕ зӕрдӕ нӕ комы, уымӕн ӕмӕ рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ ӕнкъарӕнтӕ тынг ивынц».
Клод та, йӕ ус фондз азы размӕ кӕмӕн амард, уый, афтӕ зӕгъы: «Мӕхицӕй куы зӕгъон, уӕд мӕн, цӕмӕй мӕ бинойнаджы мӕ зӕрдыл дарон, уый тыххӕй мӕ алыварс йӕ дзаумӕттӕй ницы хъӕуы. Йӕ дзаумӕттӕй йын кӕй ницы ныууагътон, уый фӕрцы мын ӕнцондӕр уыд мӕ маст сфӕразын ӕмӕ фӕстӕмӕ мӕ къахыл слӕууын».
Ацы дыууӕ адӕймаджы ныхӕстӕй бӕрӕг у, алчи иухуызон кӕй нӕ хъуыды кӕны, чи нал ис, уый дзаумӕттӕн хуыздӕр куыд уыдзӕн бакӕнын, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ ӕмбаргӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ хиуӕттӕ уыцы хъуыддаджы зианджынӕн сӕхи хъуыды нӕ хъардзысты (Галатӕгтӕм 6:2, 5).
[Нывтӕ 9 фарсыл]
Мыййаг, кӕцыдӕр бонты уе ’ххуыс уӕлдай тынгдӕр хъӕудзӕн?
[Ныв 9 фарсыл]
Демӕ-иу сӕ искуыдӕм ахон
[Нывтӕ 10 фарсыл]
Фӕхон-иу сӕ, истытӕ куы кусат кӕнӕ улӕфынмӕ куы цӕуат, уӕд