Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у

Мӕ цардӕмбалы бинонтимӕ нӕ кӕрӕдзи хуыздӕр куыд ӕмбарӕм?

Мӕ цардӕмбалы бинонтимӕ нӕ кӕрӕдзи хуыздӕр куыд ӕмбарӕм?

Дженни *: «Ме ’фсин-иу мӕ ӕдзух йӕ ныхтӕ ныссагъта. Райан дӕр-иу мӕ цӕгатмӕ куы ӕрбацыд, уӕд-иу уый дӕр хуыздӕр уавӕры нӕ уыд. Никуы федтон, цӕмӕй мӕ мад ӕмӕ мӕ фыд ӕндӕр искӕй афтӕ ӕфхӕрдтаиккой! Нӕ ныййарджытӕм ацӕуын нӕ дыууӕйӕн дӕр бӕллӕх ӕрцыдӕй уӕлдай нӕ уыд».

Райан: «Мӕ мадмӕ афтӕ касти, ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕй хуыздӕр нӕй. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, Дженни нӕ хӕдзары къӕсӕрӕй куы бахызт, уӕдӕй фӕстӕмӕ йын йӕ алы ныхас ӕмӕ йӕ алы фезмӕлд дӕр „сасирӕй луӕрста“. Уӕдӕ мӕ каистӕ дӕр афтӕ: ӕдзух сӕ уый хъуыстон, нӕ чызджы аккаг нӕ дӕ, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уымӕй фыддӕр та уыд, иунӕгӕй-иу куы баззадыстӕм, уӕд-иу нӕ алчидӕр йӕ ныййарджыты сӕрыл кӕй хӕцыд ӕмӕ-иу кӕрӕдзийы уайдзӕфты бын кӕй фӕкодтам».

ЛӔГ ӕмӕ ус кӕрӕдзийы бинонтӕм цы цӕстӕй фӕкӕсынц, уый тыххӕй бирӕ хъазӕн ныхӕстӕ фехъусӕн ис. Фӕлӕ царды мидӕг уый афтӕ худӕг нӕ вӕййы. Иу сылгоймаг Индийӕ, Ринӕ, зӕгъгӕ, загъта: «Ме ’фсин-иу алыхатт дӕр йӕхи нӕ хъуыддӕгты тъыста. Мӕ бон ӕм сдзурын кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй-иу мӕ пырх лӕгыл акалдтон. Ӕмӕ-иу уый дӕр, мӕгуыр, цы акодтаид, уый нал зыдта: мӕ фарс хӕцыдаид ӕви йӕ мады фарс».

Фӕлӕ, цымӕ, ныййарджытӕ сӕ бинонджын сывӕллӕтты цардӕн сӕхи уынаффӕгӕнӕг цӕмӕ скӕнынц? Райдианы цы Дженнийы кой скодтам, уый афтӕ хъуыды кӕны: «Ӕвӕццӕгӕн сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ хъӕбул йӕ цард ӕвӕлтӕрд адӕймагимӕ кӕй сбаста, уый тыххӕй бинонты амондӕй ницы фендзӕн». Ринӕйы лӕг Дилип та афтӕ зӕгъы: «Ныййарджытӕм афтӕ фӕкӕсы, нӕ комы комдзӕгтӕй цы хъӕбулы фӕхастам, уымӕн зонд ма бацамонӕм, уый та куыд, зӕгъгӕ. Стӕй-ма, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дӕр фӕтыхсынц, адон цардӕн нырма ницы ӕмбарынц, ӕмӕ амондджын куыд уыдзысты».

Раст зӕгъгӕйӕ, иуӕй-иу хатт ӕфсин ӕмӕ каистӕ сӕ цоты цардӕн сӕхи уынаффӕгӕнӕг уый тыххӕй скӕнынц, ӕмӕ сын цот уыцы бар фӕдӕттынц. Ӕркӕсӕм, Австралийы цӕрӕг Майкл ӕмӕ Лианны хабармӕ. Майкл дзуры: «Лианн схъомыл ӕнгом бинонты ’хсӕн. Алчидӕр-иу дзы йӕ хъуыды сӕрибарӕй дзырдта. Лианны куы ракуырдтон, уӕд ма-иу уый фӕстӕ дӕр йӕ фыдимӕ уынаффӕ кодта, ӕрмӕстдӕр махмӕ чи хаудта, ахӕм хъуыддӕгты фӕдыл дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мӕ каис фендджын лӕг у, фӕлӕ Лианн мемӕ кӕй нӕ уынаффӕ кодта, уый мын хъыг уыди».

Уӕдӕ бӕрӕг у, нӕлгоймаг йӕ каистимӕ, ус та йӕ хицау ӕмӕ йе ’фсинимӕ иумӕйаг ӕвзаг куы нӕ ссара, уӕд сӕхи бинонты цард дӕр амондджын кӕй нӕ уыдзӕн. Цымӕ уӕ бинонтӕй та цы зӕгъӕн ис? Сымах уӕ кӕрӕдзи ’мбарут? Ӕркӕсӕм-ма, арӕх цавӕр дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй нӕ бамбарынц кӕрӕдзи бинонтӕ ӕмӕ цы саразӕн ис, уымӕ.

ФЫЦЦАГ ХЪУЫДДАГ. Дӕ цардӕмбал йӕ ныййарджытыл ӕгӕр ахуыр у. Испанийӕ иу нӕлгоймаг, Луис, зӕгъгӕ, загъта: «Мӕ бинойнаджы хъуыдымӕ гӕсгӕ, йӕ ныййарджытӕм хӕстӕг куы нӕ цӕрӕм, уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ сыл нӕ зӕрдӕ сивтам. Фӕлӕ нын лӕппу куы райгуырд, уӕд нӕм мӕ мад ӕмӕ мӕ фыд арӕхдӕр цӕуын райдыдтой, ӕмӕ йын уый та хъыг уыди. Уый тыххӕй-иу арӕх хыл дӕр фестӕм».

Афтӕ цӕмӕн рауайы? Бинонты царды тыххӕй Библийы фыст ис: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар» (Райдиан 2:24). Ныхӕстӕ «иу буар» ӕрмӕст уымӕ нӕ амонынц, лӕг ӕмӕ ус иумӕ кӕй цӕрынц, фӕлӕ хицӕн бинонтӕ кӕй сты ӕмӕ сын сӕ бинонты цард сӕ цӕгатӕй ахсджиагдӕр кӕй у (1 Коринфӕгтӕм 11:3). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ алкӕддӕр сӕ ныййарджытӕн кад кӕной ӕмӕ сӕ ма рох кӕной (Ефесӕгтӕм 6:2). Фӕлӕ дӕм кӕд, мыййаг, афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ цардӕмбал йӕ ныййарджытыл дӕуӕй ӕнувыддӕр у, уӕд та?

Цы саразӕн ис? Хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕс. Дӕ цардӕмбал ӕцӕгдӕр йӕ ныййарджытыл ӕгӕр ахуыр у? Ӕви дӕхӕдӕг дӕ ныййарджытимӕ афтӕ ӕнгом нӕ дӕ? Мыййаг сын дӕ цӕст нӕ уарзы, уыдон сӕ кӕрӕдзийыл афтӕ ӕнувыд кӕй сты, уый? (Ӕмбисӕндтӕ 14:30; 1 Коринфӕгтӕм 13:4; Галатӕгтӕм 5:26).

Цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп раттай, уый тыххӕй хъуамӕ дӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсай. Уый тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ, кӕд уӕ кӕрӕдзийы ныййарджыты тыххӕй арӕх фӕзагъд кӕнут, уӕд уый уыдоны аххос нӕу, фӕлӕ уӕхи.

Лӕг ӕмӕ ус арӕх сӕ кӕрӕдзи уый тыххӕй нӕ бамбарынц, ӕмӕ сын цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл иу хъуыды нӕ вӕййы. Бацархай дӕ цардӕмбалы бамбарыныл (Филиппӕгтӕм 2:4; 4:5). Мексикӕйӕ иу нӕлгоймаг, Адриан, афтӕ хъуыды кӕны: «Мӕ цардӕмбалӕн йӕ бинонтӕ кӕрӕдзи никуы ’мбӕрстой. Уымӕ гӕсгӕ сын ӕз дӕр сӕ уындмӕ тынг нӕ бӕллыдтӕн. Фӕстагмӕ та сӕ мӕхи бынтондӕр хизын райдыдтон, ӕмӕ сӕ бирӕ азты та уынгӕ дӕр нӕ фӕкодтон. Фӕлӕ уый мӕ бинойнагӕн хъыг уыди, уымӕн ӕмӕ йӕ туг, йе стӕг сты, уӕлдайдӕр та йӕ мады тынг уарзта».

Фӕстӕдӕр Адриан йӕ хъуыды фӕивта: «Ӕмбӕрстон ӕй, мӕ бинойнаг йӕ ныййарджытимӕ ӕгӕр бирӕ рӕстӕг куы ’рвита, уӕд ыл уый хорзырдӕм кӕй нӕ фӕзындзӕн. Фӕлӕ сӕ нӕхи бынтондӕр хизӕм, уый дӕр хорзмӕ не ’ркӕндзӕн. Уымӕ гӕсгӕ бацархайдтон, цӕмӕй мӕ каистӕм арӕхдӕр цыдаиккам» *.

УЫНАФФӔ. Уӕ дыууӕ дӕр гӕххӕттыл ныффыссут, уӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ фыццаджыдӕр цӕй тыххӕй нӕ фембарут уӕ кӕрӕдзийы ныййарджыты. Уӕ бон у райдайын ахӕм ныхӕстӕй: «Мӕнмӕ гӕсгӕ...». Стӕй уӕ гӕххӕттытӕ уӕ кӕрӕдзимӕ раттут. Бацархайут, иннӕйы цы тыхсын кӕны, уый бамбарыныл. Уайдзӕфтӕ кӕнынмӕ-иу ма фӕут, фӕлӕ ахъуыды кӕнут, цы саразӕн ис, ууыл.

ДЫККАГ ХЪУЫДДАГ. Каистӕ кӕнӕ ӕфсин ӕмӕ хицау ӕдзух уӕ цардӕн сӕхи уынаффӕгӕнӕг фӕкӕнынц. Хъазахстанӕй иу сылгоймаг, Неля, зӕгъгӕ, загъта: «Нӕ чындзӕхсӕвы фӕстӕ иу-авд азы бӕрц ме ’фсин ӕмӕ мӕ хицауимӕ цардыстӕм. Ӕдзух-иу мыл цыдӕр фаутӕ ’вӕрдтой: куы сывӕллӕтты, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ хъомыл кӕнын, куы хӕринаг кӕнын нӕ зонын, куы та, куыд ӕфснайын, уый сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. Мӕ цардӕмбалимӕ ӕмӕ-иу ме ’фсинимӕ дӕр аныхас кӕнын афӕлвӕрдтон, фӕлӕ-иу уавӕр фыддӕр йеддӕмӕ хуыздӕр нӕ фӕци».

Афтӕ цӕмӕн рауайы? Кӕд дӕхицӕн бинонтӕ ис, уӕд дын дӕ ныййарджытӕ дӕ бинонтӕн уынаффӕгӕнӕг нал сты. Библи зӕгъы: «Алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти, сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг», ома йӕ лӕг (1 Коринфӕгтӕм 11:3). Фӕлӕ, уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ кад кӕной сӕ ныййарджытӕн. Ӕмбисӕндты 23:22 стихы фыст ис: «Дӕ ныййарӕг фыдмӕ хъус ӕмӕ, дӕ мад кӕй базӕронд, уый тыххӕй йыл былысчъилтӕ ма кӕн». Фӕлӕ, зӕгъӕм, уӕддӕр уӕ ныййарджытӕ уӕ цардӕн сӕхи уынаффӕгӕнӕг кӕнынц, уӕд та уын куыд кӕнгӕ у?

Цы саразӕн ис? Ахъуыды кӕнут, уӕ ныййарджытӕ уын ӕдзух уынаффӕтӕ цӕмӕн фӕдӕттынц, ууыл. Райдианы цы Райаны кой кодтам, уый загъта: «Иуӕй-иу хатт ныййарджытӕн фӕхъӕуы равдисын, раздӕрау сын кӕй аргъ кӕнут, уый». Чи зоны, барӕй нӕ вӕййынц, фӕлӕ сын афтӕ рауайы. Кӕд афтӕ у, уӕд уын баххуыс кӕндзысты Библийы ныхӕстӕ: «Кӕд-иу уӕ иу иннӕмӕ истӕуыл хӕрам уа, уӕд-иу ын ныббарӕд ӕмӕ-иу ын зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнӕд» (Колоссӕгтӕм 3:13). Фӕлӕ кӕд, де ’фсинимӕ ӕмӕ дӕ хицауимӕ (кӕнӕ дӕ каистимӕ) кӕй нӕ фидауыс, уый тыххӕй дӕ цардӕмбалимӕ дӕр уӕ кӕрӕдзийы не ’мбарут, уӕд та саразӕн ис?

Иуӕй-иу бинонтӕ аскъуыддзаг кодтой, сӕ ныййарджытимӕ алцӕуылдӕр кӕй нӕ дзурдзысты ӕмӕ, цы аразинаг сты, уый тыххӕй дӕр семӕ алыхатт кӕй нӕ уынаффӕ кӕндзысты. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сын хъуамӕ карзӕй зӕгъат, нӕ цардмӕ уӕ ницы хъуыддаг ис, зӕгъгӕ *. Арӕхдӕр фаг вӕййы, цӕмӕй, нӕхи куыд дарӕм, уымӕй равдисӕм, нӕ цардӕмбалы хъуыды нын фыццаг бынаты кӕй ис. Зӕгъӕм, Японӕй иу нӕлгоймаг, Масаюки, зӕгъгӕ, дзуры: «Дӕ ныййарджытӕ цыдӕр хъуыддаджы фӕдыл сӕ хъуыды куы зӕгъой, уӕд-иу ма фӕтагъд кӕн, „хорз“, зӕгъгӕ, зӕгъыныл. Рох дӕ ма уӕд, дӕхицӕн бинонтӕ кӕй ис. Фыццаг уал базон, дӕ цардӕмбал уый тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый».

УЫНАФФӔ. Дӕ цардӕмбалимӕ аныхас кӕн, уӕ ныййарджытӕ ахӕмӕй цы бакӕнынц кӕнӕ цы фӕдзурынц, ӕмӕ уый фӕстӕ сымах уӕ кӕрӕдзиимӕ фӕбыцӕу вӕййут. Гӕххӕттыл ныффыссут, уӕ ныййарджытимӕ цавӕр хъуыддӕгты тыххӕй дзурдзыстут ӕмӕ уынаффӕ кӕндзыстут, ууыл, фӕлӕ рох ма кӕнут, кад сын кӕй хъуамӕ кӕнат, уый дӕр.

Уӕ ныййарджытимӕ уӕ кӕрӕдзийы хуыздӕр ӕмбардзыстут, афтӕ цӕмӕн бакодтой, ууыл-иу куы ахъуыды кӕнат, уӕд. Стӕй уӕ хъус дарут, цӕмӕй уӕхи бинонты фарн дӕр уый тыххӕй ма хӕла. Дженни загъта: «Иуӕй-иу хатт нӕм-иу нӕ ныййарджыты тыххӕй ныхас куы рауад, уӕд-иу нӕ дыууӕ дӕр рафыхтыстӕм. Сӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй-иу куы ныхас кодтам, уӕд-иу нӕ кӕрӕдзийы зӕрдӕтӕ цы скъахтам, ӕндӕр ницы. Фӕлӕ, рӕстӕг куыд цыд, афтӕ сахуыр стӕм, цӕмӕй, нӕ хистӕрты ма фауӕм, афтӕмӕй ныхас кӕнӕм, цы нӕ фӕтыхсын кӕны, ууыл. Уый руаджы нӕ кӕрӕдзийыл ноджы ӕнувыддӕр систӕм».

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 3 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ 14 абз. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕд уӕ ныййарджытӕ уӕззау тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ нӕ фӕсмон кӕнынц, уӕд раст уаид, цӕмӕй раздӕрау уӕ рӕстӕг семӕ арӕх мауал ӕрвитат (1 Коринфӕгтӕм 5:11).

^ 19 абз. Иуӕй-иу хатт фӕхъӕуы нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаджы ныййарджытимӕ ӕргомӕй аныхас кӕнын, ӕрмӕст уӕздан ӕмӕ фӕлмӕнӕй (Ӕмбисӕндтӕ 15:1; Ефесӕгтӕм 4:2; Колоссӕгтӕм 3:12).

АХЪУЫДЫ КӔНУТ . . .

▪ Мӕ цардӕмбалы ныййарджытӕм цавӕр хорз миниуджытӕ ис?

▪ Мӕ бон куыд у мӕ ныййарджытӕн дӕр кад кӕнын ӕмӕ мӕ цардӕмбалы хъуыдыйӕн дӕр аргъ кӕнын?