Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут

Ревеккӕйы фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын

Ревеккӕйы фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын

РЕВЕККӔ. Ахӕм ном искуы фехъуыстай? * ~ Бирӕ бӕстӕты чызджытыл ахӕм ном арӕх сӕвӕрынц. Стӕй ма ӕмбӕлы, ӕнӕхъӕн дунейы цы чиныг зонынц уым дӕр – Библийы. Уыцы сылгоймаджы тыххӕй исты зоныс? ~ Хорз уаид, Ревеккӕйы тыххӕй фылдӕр куы базониккам, уымӕн ӕмӕ нын йӕ хабар баххуыс кӕндзӕн ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынӕн.

Йегъовӕйӕн чи лӕггад кодта, уыцы сылгоймӕгтӕй Библийы кӕй нӕмттӕ ’мбӕлы, уыдонӕй Ревеккӕ у дыккаг. Зоныс, фыццаг чи уыд, уый? ~ Саррӕ, Авраамы ус. Зӕрондырдӕм Саррӕйӕн райгуырди Исахъ. Уый уыд йӕ иунӕг сывӕллон. Ныр та базонӕм, Ревеккӕйы Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнын куыд бафӕндыд ӕмӕ Исахъимӕ куыд фембӕлд, уый тыххӕй.

Хуыцау Авраам ӕмӕ Саррӕйӕн куы загъта, Харранӕй сыстут ӕмӕ Ханааны зӕхмӕ ацӕут, зӕгъгӕ, уымӕй рацыд 60 азӕй фылдӕр. Тынг куы базӕронд сты, уӕд сын Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, лӕппу сын кӕй райгуырдзӕн. Хъуамӕ йыл сывӕрдтаиккой ном – Исахъ. Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн, сӕ хъӕбулы куыд тынг уарзтой, уый. Исахъ гыццыл лӕппу нал уыд, йӕ мад Саррӕ 127-аздзыдӕй куы амард, уӕд. Исахъ йӕ мады зианыл тынг хъыг кодта. Авраамы нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ фырт Ханааны чызджытӕй искӕй ракуырдтаид, уымӕн ӕмӕ ханаайнӕгтӕ Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кодтой. Уымӕ гӕсгӕ йӕ лӕггадгӕнӕджы, ӕвӕццӕгӕн, Елиезеры, арвыста йӕ хӕстӕджытӕм Харранмӕ, цӕмӕй йын уырдыгӕй ус ӕркодтаид. Уыцы горӕтмӕ та цӕуын хъуыди 800 километрӕй фылдӕр! (Райдиан 12:4, 5; 15:2; 17:17, 19; 23:1)

Елиезер ӕмӕ Авраамы иннӕ лӕггадгӕнджытӕ сӕ хӕссинӕгтӕ ӕмӕ чындзӕн лӕвӕрттӕ дӕс теуайыл сӕвӕрдтой ӕмӕ араст сты Харранмӕ. Куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕрлӕууыдысты цъайы цур. Елиезер ӕй зыдта, фӕссихор адӕм сӕхицӕн ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр дон хӕссынмӕ кӕй цӕудзысты. Елиезер Хуыцаумӕ скуывта, цӕмӕй, цы чызджы равзӕрстаид, уый йын бацамыдтаид. Зонгӕ та йӕ афтӕ бакодтаид, ӕмӕ, дон-ма мын авӕр, зӕгъгӕ, кӕмӕн загътаид, уый йын ахӕм дзуапп куы радтаид: «Табуафси, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр ратдзынӕн дон».

Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад! Цъайы цурмӕ ӕрбацыд «тынг рӕсугъд чызг» – Ревеккӕ. Елиезер дзы дон куы ракуырдта, уӕд ын чызг загъта: «Дӕ теуатӕн дӕр дын ӕрбахӕсдзынӕн дон». Цалынмӕ цъайӕ дон исынмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ дыууӕрдӕм разгъор-базгъор кодта, уӕдмӕ йӕм Елиезер «дисгӕнгӕ» касти. Ахъуыды-ма кӕн: цӕмӕй Ревеккӕ уыцы дӕс теуайы донӕй бафсӕстаид, уый тыххӕй йӕ хъуыди 1 000 литры сисын!

Елиезер ын раарфӕ кодта ӕмӕ йын радта зынаргъ лӕвӕрттӕ. Базыдта, Ревеккӕ Авраамы хӕстӕг Вафуилы чызг кӕй у. Ревеккӕ сӕ сӕхимӕ фӕхуыдта, цӕмӕй сӕм ӕхсӕвы ӕрлӕууыдаиккой. Йӕхӕдӕг та разӕй алыгъд хӕдзары фӕхабар кӕнынмӕ, Ханаанӕй сӕм Авраамӕй ӕрвыст уазджытӕ кӕй ӕрбацыд, уый тыххӕй.

Ревеккӕйы ’фсымӕр Лаван йӕ хойы къухы зынаргъ лӕвӕрттӕ куы федта ӕмӕ куы базыдта, Елиезер Авраамы лӕггадгӕнӕг кӕй у, уӕд ӕй хӕдзармӕ бахуыдта. Фӕлӕ сӕм Елиезер куы бацыд, уӕд загъта: «Цӕй фӕдыл ӕрбацыдтӕн, уый цалынмӕ нӕ радзурон, уӕдмӕ ницы бахӕрдзынӕн». Ӕмӕ радзырдта, Авраам ӕй цӕмӕн рарвыста, уый. Вафуил, чызджы мад ӕмӕ Лаван хъуыддаг куы базыдтой, уӕд бацин кодтой ӕмӕ сразы сты, цӕмӕй Ревеккӕ Исахъмӕ смой кодтаид.

Уӕд Елиезер ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ фынгыл ӕрбадтысты, ӕмӕ ӕхсӕвы дӕр уым баззадысты. Райсомӕй куы сыстадысты, уӕд Елиезер загъта: «Ныр мӕ ауадзут мӕ хицаумӕ». Фӕлӕ Ревеккӕйы мад ӕмӕ ’фсымӕры фӕндыд, цӕмӕй ма «дӕс боны уӕддӕр» ӕрлӕууыдаиккой. Ревеккӕйӕн йӕхи куы бафарстой, цӕуыс, зӕгъгӕ, уӕд сразы, «цӕуын», зӕгъгӕ. Ӕмӕ уыйадыл Елиезеримӕ Ханаанмӕ ацыдысты. Афтӕмӕй Ревеккӕ сси Исахъы ус (Райдиан 24:1–58, 67).

Ревеккӕ йӕ ’мбӕрста: чи зоны, йӕ ныййарджыты ӕмӕ йе ’мбӕлтты никуыуал фендзӕн. Куыд дӕм кӕсы, ӕнцон ын уыд ахӕм хъуыдытимӕ дард бӕстӕмӕ ацӕуын? ~ Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Фӕлӕ йын Йегъовӕ раарфӕ кодта, йӕ фӕнд ын ӕнӕзивӕгӕй кӕй сӕххӕст кодта, уый тыххӕй. Йӕ байзӕддагӕй райгуырд нӕ Ирвӕзынгӕнӕг – Йесо Чырысти. Мах дӕр Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын куы фӕнда, уӕд махӕн дӕр арфӕ кӕндзӕн (Ромӕгтӕм 9:7–10).

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Дӕ сывӕллонимӕ йӕ куы кӕсай, уӕд ацы нысан (~) цы хъуыдыйады фӕстӕ лӕууа, уым хъӕуы иу гыццыл ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон дзуапп ратта.

ФАРСТАТӔ:

▪ Чи уыди Ревеккӕ ӕмӕ йыл Елиезер кӕм сӕмбӕлд?

▪ Авраамы цӕуылнӕ фӕндыд, цӕмӕй Исахъ Ханааны чызджытӕй искӕй ракуырдтаид?

▪ Ревеккӕ хорз ус кӕй уыдзӕн, уый куыд рабӕрӕг ис?

▪ Ревеккӕйы хабар нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?