Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау нӕ зындзинӕдтӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?

Хуыцау нӕ зындзинӕдтӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?

Хуыцау нӕ зындзинӕдтӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?

«О Йегъовӕ, дард цӕмӕн лӕууыс? Зын сахат дӕхи цӕмӕн ӕмбӕхсыс?» * (ПСАЛОМ 10:1).

ГАЗЕТТЫЛ ӕрмӕст уӕлӕнгай дӕр нӕ цӕст куы ахӕссӕм, уӕд уайтагъд бамбарӕм, зын рӕстӕджы кӕй цӕрӕм. Исты бӕллӕх ныл куы ’рцӕуы кӕнӕ нӕ хиуӕттӕй, йе та не ’мбӕлттӕй исчи куы амӕлы, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кӕнӕм, Хуыцау кӕм уыди кӕнӕ йӕм нымады дӕр не стӕм, зӕгъгӕ. Кӕмӕдӕр та, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ, кӕд ахӕм хабӕрттӕ цӕуы, уӕд Хуыцау нӕй.

Куыд дӕм кӕсы, Хуыцауы тыххӕй цы хъуыды кӕныс, уый раст у? Зӕгъӕм, фыд куыстмӕ ацыд ӕмӕ сывӕллон йӕ фӕдыл кӕуы. Сывӕллонмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ йӕ йӕ фыд ныууагъта. Ӕнӕхъӕн бон йӕ кӕуынӕй не ’нцайы ӕмӕ фӕрсы, кӕм ис, зӕгъгӕ.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллон не ’мбары, йӕ фыд ӕй кӕй нӕ ныууагъта, уый. Фӕлӕ йӕ мах зонӕм, фыд куыстмӕ кӕй ацыд, йӕ бинонтыл кӕй тыхсы, уый тыххӕй. Цымӕ мах дӕр уыцы сывӕллоны хуызӕн нӕ вӕййӕм, Хуыцау кӕм ис, зӕгъгӕ, куы фӕдзурӕм, уӕд?

Иуӕй-иуты фӕфӕнды, цӕмӕй-иу Хуыцау фыдгӕнджыты сӕ хъуыддӕгты тыххӕй уайтагъд бафхӕра. Иннӕтӕ та, сывӕллӕттӕ Дед Морозмӕ лӕвӕрттӕм куыд фенхъӕлмӕ кӕсынц, афтӕ Хуыцаумӕ цӕмӕдӕр фенхъӕлмӕ кӕсынц: чи дзы хорз куыст фӕкуры, чи цардӕмбал, кӕйдӕр та фӕнды лотерейӕйӕ рамбулын.

Уӕдӕ афтӕ уайы, ӕмӕ, кӕд Хуыцау фыдгӕнджыты уайтагъд нӕ бафхӕры кӕнӕ нын нӕ куывдтытӕ не ’ххӕст кӕны, уӕд дурзӕрдӕ у ӕмӕ ныл нӕ тыхсы. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу! Фидарӕй зӕгъӕн ис, ныртӕккӕ дӕр Йегъовӕ кӕй архайы, цӕмӕй йӕ хъӕбултӕ, ома адӕм, мацы цух ӕййафой, кӕд адӕмӕй бирӕтӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, уӕддӕр.

Фӕлӕ цымӕ Хуыцау куыд архайы? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп ссарӕм, уый тыххӕй нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, адӕм Хуыцаумӕ кӕй нӕ байхъуыстой ӕмӕ дзы кӕй адард сты, уый. Фӕлӕ уыцы уавӕр фӕивӕн ис.

Тӕригъӕд адӕмы цард куыд фехӕлдта?

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн зӕронд хӕлддзаг хӕдзар. Бирӕ азты дзы цӕрӕг нӕй ӕмӕ йӕ цар тӕдзы, йӕ дуӕрттӕ саст, ӕддейӕ йӕ къултыл цыдӕр нывтӕ ӕмӕ фыстытӕ. Кӕддӕр ацы хӕдзар цӕхӕртӕ бӕргӕ калдта, фӕлӕ афтӕмӕй бирӕ нӕ фӕлӕууыд. Цӕмӕй ахӕм хӕдзар ногӕй йӕ хуыз скала, уый тыххӕй ӕрмӕст иу бон бафыдӕбон кӕнын нӕ хъӕудзӕн.

6 000 азы размӕ адӕмӕн дӕр сӕ хабар афтӕ рауад. Иу зӕд – Хӕйрӕг – фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы, йӕ зондыл акодта ӕмӕ сын Хуыцауы закъон фехалын кодта. Цалынмӕ Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ нӕ рацыдысты, уӕдмӕ амондджынӕй цардысты дзӕнӕты – нӕдӕр тыхсгӕ истӕуыл кодтой, нӕдӕр рынчын кодтой. Уыди сын замманай фадат, цӕмӕй сӕ цот ӕмӕ сӕ цоты цотимӕ ӕнустӕм цардаиккой (Райдиан 1:28). Фӕлӕ куы фӕрӕдыдысты, уӕд сын чи хъуамӕ фӕзындаид, уыцы сывӕллӕтты цард дӕр ӕмӕ уыдоны байзӕддӕгты цард дӕр фехӕлдтой.

Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый стыр зиан ӕрхаста адӕмӕн. Библийы фыст ис: «Иу адӕймаджы [Адамы] аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд» (Ромӕгтӕм 5:12). Уыцы тӕригъӕды тыххӕй адӕм ӕрмӕст рынчын кӕнын ӕмӕ мӕлын нӕ райдыдтой, фӕлӕ ма Хуыцауӕй дӕр адард сты. Уӕдӕ, зӕгъӕн ис, нӕ уавӕр уыцы хӕлддзаг хӕдзары хуызӕн у. Хуыцауӕн кувӕг лӕг Иов адӕмы царды тыххӕй афтӕ загъта: «Цард у цыбыр ӕмӕ мастӕй дзаг» (Иов 14:1).

Цымӕ Адам ӕмӕ Евӕ кӕй фӕрӕдыдысты, уый тыххӕй Хуыцау адӕмы ныууагъта? Нӕ сӕ ныууагъта! Уӕдӕй абоны онг нӕ уӕларвон Фыд бирӕ цыдӕртӕ сарӕзта ӕмӕ аразы йӕ зӕххон хъӕбулты тыххӕй. Цӕмӕй уыцы хъуыддаг хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй аныхас кӕндзыстӕм, ӕдзӕрӕг хӕдзар рацаразынӕн цы ӕртӕ хъуыддаджы хъӕуы, ууыл, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕ куыд баст сты, Хуыцау адӕмӕн цы сарӕзта, уыимӕ.

1 Хӕдзары хицау йӕ хӕлддзаг хӕдзармӕ лӕмбынӕг куы ’ркӕстытӕ кӕна, уӕд йӕ бон у рахӕссын уынаффӕ, хӕдзар ногӕй рацараздзӕн ӕви йӕ бынтондӕр фехалдзӕн.

Куыддӕр Едемы цӕхӕрадоны адӕм йӕ ныхмӕ рацыдысты, афтӕ Хуыцау Йегъовӕ фехъусын кодта, адӕмы та ӕххӕст уавӕрмӕ кӕй ӕркӕндзӕн. Адӕмы бӕллӕхты аххосджын чи уыд, уыцы зӕдӕн Йегъовӕ загъта: «Ӕз дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ уый байзӕддаджы кӕрӕдзийӕн скӕндзынӕн знӕгтӕ. Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ» (Райдиан 3:15).

Ацы ныхӕстӕй Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ ныхмӕ йын адӕмы чи скодта, уыцы зӕды кӕй фесафдзӕн (Ромӕгтӕм 16:20; Раргомад 12:9). Уымӕй уӕлдай Йегъовӕ загъта, фидӕны «байзӕддаг» адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн * (1 Иоанны 3:8). Афтӕмӕй Хуыцау бамбарын кодта иу ахсджиаг хъуыддаг: нӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй адӕмӕн сӕ мыггаг сыскъуыйа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй ногӕй амондджынӕй цӕрой. Фӕлӕ уымӕн хъӕуы рӕстӕг.

2 Хӕдзар аразыны размӕ уал фӕхъӕуы пълан скӕнын.

Хуыцау Йегъовӕ дӕр Израилы адӕмӕн радта закъӕттӕ, стӕй сын бацамыдта, йӕ кувӕндон ын цы пъланмӕ гӕсгӕ хъуамӕ сарӕзтаиккой, уый. Библийы фыст ис: «Уыдӕттӕ иууылдӕр сты фидӕны хорздзинӕдтӕн сӕ аууон» (Колоссӕгтӕм 2:17). Пълан нырма хӕдзар куыд нӕ вӕййы, афтӕ уыцы закъӕттӕ ӕмӕ кувӕндон дӕр стырдӕр цӕмӕдӕр амонынц.

Зӕгъӕм, дзуттӕгтӕ хъуамӕ хастаиккой нывӕндтӕ, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кодтаиккой (Левит 17:11). Уыцы нывӕндтӕ амыдтой, бирӕ ӕнустӕ фӕстӕдӕр хаст чи хъуамӕ ӕрцыдаид, уыцы нывондмӕ. Уый фӕрцы ӕппӕт адӕмы тӕригъӕдтӕ дӕр хъуамӕ хатыргонд ӕрцыдаиккой *. Хуыцауӕн кӕм куывтой уыцы цатыр ӕмӕ кувӕндоны пълан амыдтой Мессийӕйы цардмӕ – йӕхи нывондӕн куы ӕрхаста, уымӕй суанг, уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уый онг. (Кӕс  7 фарс.)

3 Хӕдзары хицау ссардта, пъланмӕ гӕсгӕ йын йӕ хӕдзар ногӕй чи сараздзӕн, ахӕм кусӕг.

Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Мессийӕ разынд Йесо Чырысти. Дзуттӕгтӕ цы нывӕндтӕ хастой, уыдон амыдтой йӕ нывондмӕ. Чырысти йӕ нывонды руаджы адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй ссӕрибар кодта. Аргъауӕг Иоанн дӕр ӕй уый тыххӕй схуыдта, дуне йӕ тӕригъӕдтӕй чи ссыгъдӕг кӕндзӕн, уыцы «Хуыцауы Уӕрыкк», зӕгъгӕ (Иоанны 1:29). Чырысти уыцы хӕс йӕхимӕ зӕрдиагӕй райста. Йесо загъта: «Ӕз уӕларвӕй уый тыххӕй не ’рцыдтӕн, цӕмӕй, мӕхи цы фӕнды, уый кӕнон, фӕлӕ мӕ рарвитӕджы цы фӕнды, уый» (Иоанны 6:38).

Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ Чырыстийӕн йӕ хӕс ӕрмӕст уый нӕ уыд, цӕмӕй адӕмӕн балӕггад кодтаид ӕмӕ йӕ уд бирӕты балхӕныны тыххӕй радтаид, фӕлӕ ма цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытимӕ Паддзахады тыххӕй бадзырд сарӕзтаид (Матфейы 20:28; Лукайы 22:29, 30). Уыцы Паддзахады руаджы Хуыцау сӕххӕст кӕндзӕн, адӕмы тыххӕй йӕм цы фӕндтӕ ис, уыдон иууылдӕр. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хабар хонынц «хорз хабар» дӕр. Хуыцау йӕ Паддзахад уӕлӕрвты кӕй ӕрфидар кодта, уый ӕцӕгдӕр хорз хабар у, уымӕн ӕмӕ уыцы Паддзахады руаджы зӕххы хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзӕн (Матфейы 24:14; Данел 2:44) *.

Хуыцау ныр дӕр архайы, цӕмӕй адӕм ногӕй ӕххӕст суой

Уӕлӕрвтӕм ссӕуыны размӕ Чырысти йӕ фӕдылзӕуджытӕн бафӕдзӕхста: «Ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр [мын] цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уды номӕй... Ӕмӕ цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матфейы 28:19, 20).

Уӕдӕ Чырысти кӕй амард, уымӕй Хуыцауы фӕндон кӕронмӕ нӕма сӕххӕст, ома адӕм ӕххӕст нӕма систы. Уыцы фӕндон ӕххӕст кӕндзӕн, цалынмӕ ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ, ома цалынмӕ йӕ Паддзахад зӕххы хъуыддӕгтӕм не ’ркӕса, уӕдмӕ. Абон мах цӕрӕм уыцы рӕстӕджы. Мах уый фидарӕй зонӕм, уымӕн ӕмӕ Чырысти ацы цардӕвӕрды кӕроны кой кӕнгӕйӕ цы хабӕрттӕ ранымадта, уыдон нӕхи цӕстӕй уынӕм * (Матфейы 24:3–14; Лукайы 21:7–11; 2 Тимофеймӕ 3:1–5).

Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 236 бӕстӕйы хъусын кӕнынц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар, ӕмӕ уымӕй ӕххӕст кӕнынц Чырыстийы фӕдзӕхст. Ныртӕккӕ цы журнал кӕсыс, уый дӕр уый тыххӕй уадзынц, цӕмӕй, Хуыцауы Паддзахадӕн йӕ къухы цы бафтдзӕн, уый базонай. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы алы номыры дӕр 2 фарсыл фыст ис: «Ацы журнал... хъусын кӕны хорз хабар – тагъд рӕстӕджы Хуыцауы Паддзахад, ныртӕккӕ дӕр уӕлӕрвты чи ис, уыцы хицауад фесафдзӕн ӕппӕт фыддзинад дӕр ӕмӕ ӕгас зӕххӕй скӕндзӕн дзӕнӕт. Журнал адӕмы разӕнгард кӕны, цӕмӕй ӕууӕндой Йесо Чырыстийыл. Уый амард мах тыххӕй, цӕмӕй нӕ бон уа ӕнустӕм цӕрын. Ӕмӕ ныртӕккӕ у Паддзах Хуыцауы Паддзахады».

Чи зоны, хӕрз ӕрӕджы дӕр фехъуыстай террористты фыдракӕндты кӕнӕ ӕрдзон бӕллӕхты тыххӕй. Кӕнӕ дӕ хиуӕттӕй, йе та де ’мбӕлттӕй чидӕр амард. Фӕлӕ Библийы цы фыст ис, уый хуыздӕр куы базонай, уӕд фендзынӕ, Хуыцау адӕмы кӕй нӕ ныууагъта. Библи Хуыцауы тыххӕй дзуры: «Уый махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Хъуыддӕгтӕ 17:27). Хуыцау зӕрдӕ ’вӕры, фыццаг адӕм цы фесӕфтой, уый нын ногӕй кӕй ратдзӕн (Исай 55:11).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Библимӕ гӕсгӕ Хуыцауы ном у Йегъовӕ.

^ 16 абз. Райдианы 3:15 стих куыд ӕмбарын хъӕуы, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Баввахс у Иегъовӕмӕ», 19 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 19 абз. Уыцы фарстайы фӕдыл фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры», 5 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 22 абз. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 8 сӕр.

^ 25 абз. Уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 9 сӕр.

[Схемӕ/Нывтӕ 7 фарсыл]

 (Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

«Ӕцӕг сыгъдӕг бынаты ныв». Цатыр цӕмӕ амыдта

НЫВОНДХӔССӔН

Хуыцауы фӕндон, цӕмӕй Чырысти йӕхи нывондӕн ӕрхастаид (ДЗУТТӔГТӔМ 13:10–12).

ХИСТӔР САУДЖЫН

Чырысти (ДЗУТТӔГТӔМ 9:11).

1 Сыгъдӕггӕнӕн бон-иу сауджын ӕрхаста нывонд адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй (ЛЕВИТ 16:15, 29–31).

1 Н.э. 33 азы 14 нисаны Йесо мах тыххӕй йӕ цард нывондӕн ӕрхаста (ДЗУТТӔГТӔМ 10:5–10; 1 ИОАННЫ 2:1, 2).

СЫГЪДӔГ БЫНАТ

Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд сыгъдӕг тыхӕй райгуырд, цӕмӕй уӕлӕрвтӕм аздӕхтаид (МАТФЕЙЫ 3:16, 17; РОМӔГТӔМ 8:14–17; ДЗУТТӔГТӔМ 5:4–6).

ӔМБӔРЗӔН

Чырыстийы буар; хицӕн кодта зӕххон цард уӕларвон цардӕй (1 КОРИНФӔГТӔМ 15:44, 50; ДЗУТТӔГТӔМ 6:19, 20; 10:19, 20).

2 Хистӕр сауджын-иу бахызт, Сыгъдӕг бынатӕй Ӕппӕты сыгъдӕг бынаты ’хсӕн цы ’мбӕрзӕн уыд, уый иннӕ фарсмӕ.

2 Чырысти куы райгас, уӕд бахызт ӕмбӕрзӕны иннӕ фарсмӕ, ома уӕлӕрвтӕм ссыд, «цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз» (ДЗУТТӔГТӔМ 9:24–28).

ӔППӔТЫ СЫГЪДӔГ БЫНАТ

Уӕлӕрвтӕ (ДЗУТТӔГТӔМ 9:24).

3 Хистӕр сауджын-иу афӕдз иу хатт Ӕппӕты сыгъдӕг бынаты бадзырды чырыны раз нывонды тугӕй бапырх кодта (ЛЕВИТ 16:12–14).

3 Йесо йӕ туджы аргъ Хуыцауы размӕ куы бахаста, уӕд нӕ нӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кодта (ДЗУТТӔГТӔМ 9:12, 24; 1 ПЕТРЫ 3:21, 22).