Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи ивы адӕймаджы цард

Библи ивы адӕймаджы цард

ЙӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ иунӕгӕй чи хъомыл кодта ӕмӕ наркотиктӕм ӕмхиц чи уыд, иу ахӕм сылгоймагӕн Уӕрӕсейӕ цы баххуыс кодта, цӕмӕй уыцы бӕллӕхӕй фервӕзтаид ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕн хорз мад суыдаид? Цалдӕр азы уынджы чи цард, ахӕм нӕлгоймагмӕ Киотойӕ (Япон) уыйбӕрц лӕгдзинад куыд разынд ӕмӕ йӕхимӕ уыйбӕрц тыхтӕ куыд ссардта, цӕмӕй, мӕгуыры къахыл кӕй тыххӕй ныллӕууыд, уыцы ӕвзӕр миниуджытӕй фервӕзтаид? Австралийы фостӕрӕгӕй чи куыста, иу ахӕм нӕлгоймагӕн йӕ нозт ныууадзынӕн цы баххуыс кодта? Бакӕсут-ма, уӕ хорзӕхӕй, уыцы адӕм сӕхи тыххӕй цы дзурынц.

«Ӕз ӕй бамбӕрстон, мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ сывӕллӕтты дарын дӕр мӕ хӕс кӕй у» (БАЙМӔТАТЫ НЕЛЯ).

ЦӔУЫ ЙЫЛ 45 АЗЫ

ЦӔРЫ УӔРӔСЕЙЫ

РАЗДӔР УЫД НАРКОМАНКӔ

Ӕз райгуырдтӕн Ирыстоны, Дзӕуджыхъӕуы. Нӕ бинонтӕ ницы хъуаг ӕййӕфтой, фӕлӕ уӕддӕр ӕз амондджын нӕ уыдтӕн. 34 азмӕ дыууӕ хатты уыдтӕн мойгонд ӕмӕ дыууӕ хатты дӕр ахицӕн дӕн. 10 азы дӕргъы та уыдтӕн наркоманкӕ. Дыууӕ хатты хуыссыдтӕн рынчындоны, цӕмӕй сӕ фервӕзтаин. Мӕ дыууӕ сывӕллоны цыма мӕхи дӕр нӕ уыдысты, ахӕм зӕрдӕ сӕм дардтон. Ме ’мбӕлттӕ ӕмӕ мӕм мӕ хӕстӕджытӕ та нымады дӕр нӕ уыдысты.

Мӕ мад уыди Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Ӕз-иу арӕх фехъуыстон, куыд-иу куыдта ӕмӕ-иу Йегъовӕйӕн куыд лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид. Ӕз та-иу мӕхинымӕр хъуыды кодтон: «Гъер дӕ цытӕ уырны! Цымӕ мын Йегъовӕ куыд хъуамӕ баххуыс кӕна?» Фӕндыди-иу мӕ наркотиктӕ ныууадзын, фӕлӕ-иу мӕм уыйбӕрц тыхтӕ нӕ разынд. Иухатт ӕнӕ наркотиктӕй фӕдӕн дыууӕ боны, фӕлӕ нал фӕрӕзтон, ӕмӕ, цӕмӕй исты хуызты хӕдзарӕй раирвӕзтаин, уый тыххӕй рудзынгӕй рагӕпп кодтон. Фӕлӕ мах цардыстӕм дыккаг уӕладзыджы, ӕмӕ мӕ къух, мӕ къах ӕмӕ мӕ астӕуы стӕг асастон. Иу мӕйӕ фылдӕр сынтӕгӕй уӕлӕмӕ нӕ сыстадтӕн.

Уыцы рӕстӕг мӕм зылди мӕ мад. Уый мын иунӕг уайдзӕф дӕр никуы бакодта, уымӕн ӕмӕ, цы уавӕры дӕн, уый ӕмбӕрста. Иухатт мын мӕ разы ныууагъта цалдӕр журналы, «Райхъал ут!», зӕгъгӕ *. Ӕз сӕ иууылдӕр бакастӕн, мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты ӕмӕ дзы бирӕ цыдӕртӕ базыдтон. Фӕстӕдӕр та Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ райдыдтон Библи ахуыр кӕнын.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Библийы фӕрцы бамбӕрстон, цы хӕстӕ мыл ис, уыдон кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕнон. Мӕ мадмӕ нал ӕнхъӕлмӕ кастӕн. Ӕз ӕй бамбӕрстон, мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ сывӕллӕтты дарын дӕр мӕ хӕс кӕй у. Ӕнцон цардыл сахуыр дӕн, фӕлӕ мӕ ныр исты куысты ныллӕууын хъуыди. Уый мӕм афтӕ зын каст, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй.

Стыр ӕххуыс ма мын фӕци, Дыккаг закъоны 6:5–7 стихты цы уынаффӕ ис, уый. Уым фыст ис, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты Хуыцауы фӕндагыл кӕй хъуамӕ аразой. Ӕз бамбӕрстон, Хуыцауы раз дзуапп кӕй дӕттын, мӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕнын, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ семӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитын райдыдтон ӕмӕ архайдтон, цӕмӕй мӕ зӕрдӕйы ныййарӕджы ӕнкъарӕнтӕ сӕвзӕрдаид.

Йегъовӕ мын йӕ рӕстдзинад кӕй базонын кодта, уый тыххӕй дзы куыд бузныг уыдтӕн, уый ныхӕстӕй зӕгъӕн нӕй. Ӕз ын мӕ цард снывонд кодтон, райстон донаргъуыд ӕмӕ сдӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн.

МӔ ЦАРД ФӔХУЫЗДӔР. Раздӕр-иу гыццыл истӕй тыххӕй дӕр рафыхтӕн. Фӕлӕ ныр мӕхиуыл хӕцын сахуыр дӕн ӕмӕ мӕ мадимӕ, стӕй мӕ сывӕллӕттимӕ дӕр нӕ кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарын райдыдтам.

Хуыцау цы хъуыддӕгтӕ нӕ уарзы, уыдонӕй ӕз дӕр ме сӕфт федтон, ӕмӕ-иу мӕ раздӕры миниуджыты тыххӕй цы бӕллӕхты бахаудтӕн, уыдонӕй фервӕзтӕн. Абон ӕз тынг цин кӕнын, нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй иннӕтӕн мӕ бон дзурын кӕй у, ууыл.

«Библи мӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодта» (МИНОРУ ТАКЕДА).

ЦӔУЫ ЙЫЛ 54 АЗЫ

ЦӔРЫ ЯПОНЫ

РАЗДӔР ЦАРД УЫНДЖЫ

Ӕз райгуырдтӕн Ямагутийы ӕмӕ цардтӕн мӕ фыдимӕ ӕмӕ мӕ фыдымадимӕ. Мӕ мады уынгӕ дӕр никуы фӕкодтон. 19 азы мыл куы цыди, уӕд мӕ фыдымад амард, ӕмӕ мӕ фыдимӕ баззадтӕн. Ӕз куыстон пъовырӕй. Мӕ фыд дӕр куыста, хӕринаг кӕм кӕнынц, ахӕм ран. Нӕ куысты графиктӕ афтӕ уыдысты, ӕмӕ нӕ кӕрӕдзи уынгӕ дӕр нӕ кодтам. Бон-изӕрмӕ куыстон ӕмӕ ме ’мбӕлттимӕ нуӕзтон – уый уыди мӕ цард.

Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ мӕ куыстӕй фӕлмӕцын райдыдтон. Стӕй-иу мӕ хицауимӕ дӕр рахыл дӕн, ӕмӕ уый тыххӕй ноджы тынгдӕр нуазын райдыдтон. 30 азы бӕрц мыл куы цыди, уӕд хӕдзарӕй ацыдтӕн, ӕмӕ кӕмдӕрты рахау-бахау кодтон. Дзул цӕмӕй балхӕдтаин, уый дӕр мӕм куы нал уыд, уӕд кусын райдыдтон, ӕхцайыл кӕм фӕхъазынц, иу ахӕм бынаты. Уыцы рӕстӕг базонгӕ дӕн иу чызгимӕ ӕмӕ йӕ ракуырдтон. Фӕлӕ дыууӕ азы ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ ахицӕн стӕм.

Мӕ цӕрдтыты тыххӕй мӕхимӕ бынтондӕр ныхъхъуыстон. Уымӕй уӕлдай уыдтӕн ӕнӕныфс адӕймаг, стӕй ма стыр хӕстӕ дӕр скодтон. Мӕ хӕстӕ цӕмӕй бафыстаин, уый мын нӕ уыд ӕмӕ мӕ ӕндӕр ранмӕ лидзын бахъуыд. Мӕ фыдмӕ ацыдтӕн ӕмӕ йемӕ иуцасдӕр ацардтӕн, фӕлӕ йӕ сайгӕ кӕй кодтон, уый тыххӕй нӕ ныхас кӕрӕдзийыл нал бадт. Уымӕй уӕлдай ма йын иу бон йе ’хца дӕр ахастон. Ӕз райдыдтон ӕхцайыл хъазын, фӕлӕ афтӕ бирӕ нӕ ахаста. Фӕстагмӕ уый онг ӕрцыдтӕн, ӕмӕ цасдӕр рӕстӕг цардтӕн вокзалы. Уый фӕстӕ ацыдтӕн Хакатӕмӕ, стӕй Химедзимӕ, ӕппынфӕстаг та Киотомӕ. Афтӕ цалдӕр азы фӕцардтӕн уынджы.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Киотойы, цӕугӕдон Камогавӕйы фарсмӕ, ис иу парк. Уым мӕм 1999 азы бацыд дыууӕ сылгоймаджы. Уыдонӕй мӕ иу бафарста: «Библи ахуыр кӕнын дӕ нӕ фӕнды?» Ӕз сразы дӕн. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мын баххуыс кодтой, цӕмӕй бамбӕрстаин, куыд ахсджиаг у Библийы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын. Стӕй мын бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй мӕхицӕн куыст ӕмӕ цӕрӕнбынат бацагуырдтаин. Се ’фсӕрмӕй иу-цалдӕр ранмӕ бацыдтӕн, цӕмӕй мӕ куыстмӕ райстаиккой, фӕлӕ мӕ, раст зӕгъгӕйӕ, кусын тынг нӕ фӕндыд. Фӕлӕ фӕстӕдӕр райдыдтон Хуыцаумӕ кувын ӕмӕ куыст зӕрдиагӕй агурын. Ӕппынфӕстаг мӕхицӕн куыст ссардтон.

Хуыцаумӕ кӕй куывтон, уый ма мын баххуыс кодта, тынг зын уавӕры куы бахаудтӕн, уӕд дӕр. Хӕс кӕмӕй дардтон, уыцы адӕм мӕ ссардтой ӕмӕ мӕ се ’хца ӕрдомдтой. Мӕ ныфс асаст. Фӕлӕ Библи кӕсгӕйӕ мӕ цӕст ӕрхӕцыд Исайы 41:10 стихыл. Уым фыст ис, Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр зӕрдӕ кӕй ӕвӕры: «Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн». Уыцы ныхӕстӕ мӕ стыр ныфс ӕмӕ хъару бауагътой. Гъемӕ ӕз дӕр мӕ дыстӕ бафӕлдӕхтон ӕмӕ мӕхиуыл нӕ ауӕрстон, афтӕмӕй куыстон. Ӕппынфӕстаг мӕ хӕстӕ иууылдӕр бафыстон. Уӕдӕ мӕ ницыуал къуылымпы кодта, ӕмӕ 2000 азы райстон донаргъуыд ӕмӕ сдӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн.

МӔ ЦАРД ФӔХУЫЗДӔР. Библийӕ цы базыдтон, уый мын баххуыс кодта, цӕмӕй мӕ фыдимӕ бафидыдтаин, ӕмӕ мын уый дӕр мӕ раздӕры митӕ ныххатыр кодта. Тынг ӕхсызгон ын уыд, Библийы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй райдыдтон. Ӕз ӕй зонын, Библийы фӕрцы кӕй баззадтӕн удӕгасӕй.

Уымӕй уӕлдай, ныр кусын ӕмӕ мӕхи дарынхъом дӕн (Ефесӕгтӕм 4:28; 2 Фессалоникӕгтӕм 3:12). Ис мын хорз ӕмбӕлттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырды (Марчы 10:29, 30). Зӕгъӕн дӕр куыд нӕй, афтӕ бузныг дӕн Йегъовӕйӕ, уымӕн ӕмӕ мын бацамыдта, цӕрын куыд хъӕуы, уый.

«Мӕ цард аивын мын тынг зын уыди» (ДЕЙВИД ХАДСОН).

ЦӔУЫ ЙЫЛ 72 АЗЫ

ЦӔРЫ АВСТРАЛИЙЫ

РАЗДӔР ТЫНГ НУӔЗТА

Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад хуындысты Вилли ӕмӕ Люси. Сывӕллон ӕз уыдтӕн иуӕндӕсӕм. Цӕргӕ та кодтам штат Квинсленды, цӕгатырдыгӕй. Нӕ хъӕу хуынди Орукун. Уым цардысты аборигентӕ, ома бынӕттон цӕрджытӕ. Орукун ис тынг рӕсугъд ран цӕугӕдон Арчеры былыл, денджызмӕ хӕстӕг. Уӕд бынӕттон цӕрджытӕн, хицауады закъонмӕ гӕсгӕ, бар нӕ уыд ӕхцайӕ пайда кӕнӕн ӕмӕ, кӕм цардыстӕм, уымӕй дарддӕр нӕ бон ацӕуын никуыдӕм уыди.

Мӕ ныййарджытӕ архайдтой, цӕмӕй мӕ ӕгъдауджын адӕймаг рауадаид. Мах, сӕ цоты, афтӕ ахуыр кодтой, цӕмӕй хистӕртӕн кад кодтаиккам, ӕмӕ, кӕд хъӕздыг нӕ уыдыстӕм, уӕддӕр нӕм цы уыд, уымӕй иннӕтӕн хай кодтаиккам. Ӕмӕ мах дӕр хистӕртӕн кад кодтам, мадӕн ӕмӕ фыдӕн кӕнӕ ’ввахс хӕстӕджытӕн куыд кад кӕнай, афтӕ.

Авд азы мыл куы цыди, уӕд мӕ фыд амард, ӕмӕ алыгъдыстӕм Мэпунмӕ, аборигентӕ кӕм цардысты, ахӕм ранмӕ. Орукунӕй йӕм цӕуын хъуыди цӕгатырдӕм 150 километры бӕрц. Дыууадӕс азы мыл куы цыд, уӕд фостӕрӕгӕй кусын райдыдтон ӕмӕ уыцы куыст бирӕ фермӕты фӕкодтон цыппор азы бӕрц. Мӕ царды уавӕртӕ уыдысты тынг уӕззау. Искуы мыл-иу иу бон ацыд ӕнӕ нозтӕй, нуазгӕ та кодтон бирӕ. Уый тыххӕй-иу ӕдзух мӕ сӕр рыст ӕмӕ-иу арӕх бӕллӕхты бахаудтӕн.

Иу хатт та тынг ныррасыг дӕн. Мӕ къӕхтыл ма тыххӕй лӕууыдтӕн, афтӕмӕй фӕндагмӕ рахызтӕн, ӕмӕ машинӕйы бынмӕ бахаудтӕн. Рынчын фӕдӕн дыууӕ азы. Ӕмӕ цы куыст кодтон, уымӕн дӕр нал сбӕззыдтӕн.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Рынчын куы уыдтӕн, уӕд мӕм ӕрбацыд мӕ зонгӕ сылгоймаг ӕмӕ мын ӕрбахаста журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Фӕлӕ мӕм бирӕ ахуыр нӕ уыд ӕмӕ кӕсын хорз нӕ зыдтон. Иухатт мын мӕ дуар ӕрбахоста, 83 азы кӕуыл цыд, ахӕм нӕлгоймаг. Уыд тынг тӕвд бон, ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ ӕрбахуыдтон, иу уазал дон бануаз, зӕгъгӕ. Нӕлгоймаг мын радта, Библийы тыххӕй фыст кӕм уыди, ахӕм литературӕ ӕмӕ мӕ бафарста, нӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕм ӕндӕр хатт ӕрбацӕуон ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый дын бамбарын кӕнон, зӕгъгӕ. Фӕстагмӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтам. Сындӕггай мӕм бахъардта: кӕд мӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнды, уӕд хъуамӕ мӕ удыхъӕды дӕр ӕмӕ мӕ царды дӕр цыдӕртӕ аивон.

Мӕ цард аивын мын тынг зын уыди. Фӕлӕ мӕ мӕ мад хистӕртӕн кад кӕнын кӕй ахуыр кодта, уымӕ гӕсгӕ аргъ кодтон, мемӕ Библи чи ахуыр кодта, уыцы ацӕргӕ нӕлгоймагӕн, стӕй мӕ зӕрдӕмӕ цыдысты Хуыцауы тыххӕй мын цы амыдта, уыдӕттӕ дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр мӕ ныфс нӕ хастон, цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнын райдыдтаин. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ Библийы цыдӕриддӕр фыст ис, уый хъуамӕ зонон.

Кӕимӕ куыстон, уыдонӕй иу уыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, ӕмӕ мын уый уыцы хъуыддаджы тынг баххуыс кодта. Мӕ хъус мын ӕрдардта Колоссӕгтӕм 1:9, 10 стихты фыст кӕй ис, хъуамӕ, «Хуыцау чи у, уый хуыздӕрӕй-хуыздӕр зонӕм», зӕгъгӕ. Ме ’мкусӕг мын бамбарын кодта, афтӕ кӕй никуы уыдзӕн, ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй алцыдӕр базонон, ӕмӕ кӕд нырма бирӕ нӕ зонын, уӕддӕр мӕ уый хъуамӕ ма къуылымпы кӕна.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын куы райдыдтон, уӕд мӕм диссаг фӕкаст, алыхуызон адӕм Хуыцауӕн иумӕ куыд лӕггад кӕнынц, уый. Се ’хсӕн ахӕм иудзинад кӕй ис, уый мӕ баууӕндын кодта, рӕстдзинад кӕй ссардтон, ууыл. 1985 азы донаргъуыд райстон ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сдӕн.

МӔ ЦАРД ФӔХУЫЗДӔР. Ӕз хуыздӕр кӕсын райдыдтон ӕмӕ ныр мӕхӕдӕг иннӕты кӕсын ахуыр кӕнын ӕмӕ сын Библи амонын. Уыцы хъуыддагӕн алы къуыри дӕр рахицӕн кӕнын бирӕ рӕстӕг. Фыццаг хатт мын «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!» цы сылгоймаг ӕрбахаста, уый дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта, донаргъуыд райста, ӕмӕ фӕстӕдӕр нӕ цард баиу кодтам. Махӕн стыр циндзинад хӕссы, иннӕ бынӕттон цӕрджытӕн Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй кӕй дзурӕм, уый.

[Фиппаинаг]

^ 9 абз. Мыхуыры йӕ уадзынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Хицӕнгонд текст 21 фарсыл]

Мӕ бинойнагимӕ нын стыр циндзинад хӕссы, иннӕ бынӕттон цӕрджытӕн Хуыцауы тыххӕй кӕй дзурӕм, уый