Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у

Бинонты иумӕйаг царды фыццаг аз – «тохы быдыр»

Бинонты иумӕйаг царды фыццаг аз – «тохы быдыр»

Нӕлгоймаг: «Диссаг у, ӕмхуызонӕй нӕм куыд ницы ис! Зӕгъӕм, ӕз райсомӕй раджы сыстын, уый та уарзы ахуыссын. Иннӕ ахӕм та, хъӕлдзӕг уыдзӕн, ӕмӕ йыл ӕвиппайды цыдӕр ӕрбамбӕлдзӕн. Хӕринаг куы фӕкӕнын, уӕд та хъуыр-хъуырӕй бӕстӕ байдзаг кӕны, уӕлдайдӕр та тӕбӕгътӕ сӕрфӕнӕй мӕ къухтӕ куы асӕрфын, уӕд».

Сылгоймаг: «Ай хуызӕн мадзура дзы никуы федтон. Нӕ бинонтӕй ахӕм ничи у, ныхас кӕнын-иу бирӕ уарзтам, уӕлдайдӕр та фынгыл бадгӕйӕ. Хӕринаг куы фӕкӕны, уӕд та тӕбӕгътӕ сӕрфӕнӕй йӕ къухтӕ дӕр фӕсӕрфы. Уымӕй ӕнад дӕр мын ницы ис! Цал ӕмӕ йын цал хатты загътон уый тыххӕй. Тӕхуды, йӕ бинонты цардӕй йӕ зӕрдӕ кӕмӕн райы!».

КӔД дӕ цӕрдӕмбалимӕ иумӕ нырма бирӕ нӕ ацардыстут, уӕд, чи зоны, дӕуӕн дӕр ӕнцон нӕу. Мыййаг дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ йӕм ныронг чи нӕ уыд, ахӕм ӕвзӕр миниуджытӕ ӕмӕ йӕм хъӕндзинӕдтӕ уынын райдыдтай? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныр уӕ царды фӕзынд «ног зындзинӕдтӕ». Ӕмӕ уын уыцы зындзинӕдты цы баххуыс кӕндзӕн? (1 Коринфӕгтӕм 7:28).

Фыццаджыдӕр, афтӕ ма хъуыды кӕнут, ӕмӕ иугӕр ныр бинонтӕ стут, уӕд бинонты хъуыддӕгтӕ тынг хорз зонут. Бинонтӕ уын куы нӕма уыд, уӕдмӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, сахуыр стут уӕзданӕй ныхас кӕнын. Уыцы хъуыддаг уын, чи зоны, ноджы хуыздӕр уайын райдыдта, уарзӕттӕ куы уыдыстут, уӕд. Фӕлӕ дыууӕ адӕймаджы иумӕ цӕрын куы райдайынц, уӕд рабӕрӕг вӕййы, ӕцӕгдӕр кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнын зонынц, ӕви нӕ. Ӕмӕ сымах дӕр, чи зоны, ног цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын бахъӕуа. Цымӕ ӕнӕрӕдийгӕ уыдзыстут? Нӕ уыдзыстут! Уӕ бон аивын бауыдзӕн? Ӕнӕмӕнгӕй!

Цӕмӕй нын исты хорз уайын райдайа, уый тыххӕй хъуамӕ бафӕрсӕм, уыцы хъуыддаг хорз чи зоны, ахӕм искӕй, ӕмӕ нын уый куыд зӕгъа, афтӕ кӕнӕм. Бинонты царды хабӕрттӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ хуыздӕр ничи зоны. Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй нӕ фӕнда нӕ цард искӕимӕ баиу кӕнын (Райдиан 2:22–24). Уӕ хъус-ма ӕрдарут, йӕ Ныхас, Библи уын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу зын уавӕры бахаугӕйӕ уӕ къухтӕ ма ’руадзат ӕмӕ, бинонты царды чи хъӕуы, уыцы миниуджытыл бакусат. Йӕ уынаффӕтӕй йын куы пайда кӕнат, уӕд цӕрӕнбонты «а» ӕмӕ «о»-йӕ цӕрдзыстут.

1-АГ ХЪУЫДДАГ. САХУЫР УТ КӔРӔДЗИИМӔ УЫНАФФӔ КӔНЫН

Уый ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы? Кейдзи * цӕры Японы. Раздӕр-иу ууыл хъуыды дӕр нӕ акодта, цы уынаффӕ хӕссы, уый ӕрмӕст йӕхи тыххӕй кӕй нӕ хӕссы, фӕлӕ йӕ бинойнаджы тыххӕй дӕр. Кейдзи дзуры: «Искуыдӕм-иу нӕ куы фӕхуыдтой, уӕд-иу мӕ усӕн зӕгъгӕ дӕр ницы кодтон, афтӕмӕй-иу сразы дӕн. Уый фӕстӕ-иу рабӕрӕг, уыцы рӕстӕг-иу ӕй уазӕгуаты ацӕуынмӕ кӕй не ’вдӕлыд». Иу нӕлгоймаг та Австралийӕ, Аллен, зӕгъгӕ, загъта: «Афтӕ хъуыды кодтон, йӕ усимӕ чи уынаффӕ кӕны, уый цӕй лӕг у, зӕгъгӕ». Алленмӕ афтӕ уый тыххӕй каст, ӕмӕ йӕ афтӕ схъомыл кодтой. Дайаннӕ та, иу сылгоймаг Британийӕ, дзуры: «Ӕз сахуыр дӕн алцӕмӕй дӕр мӕ бинонты фӕрсын. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, райдианы мӕ лӕгимӕ нӕ, фӕлӕ уыдонимӕ уынаффӕ кодтон».

Цы уын баххуыс кӕндзӕн? Рох уӕ ма уӕд, Хуыцау Йегъовӕ лӕг ӕмӕ усы «иу буарыл» кӕй нымайы (Матфейы 19:3–6). Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕймаг йе ’мбӕлттимӕ дӕр ӕмӕ йӕ бинонтимӕ дӕр афтӕ ӕнгом хъуамӕ ма уа, йӕ цардӕмбалимӕ куыд хъуамӕ уа. Ӕмӕ, цӕмӕй ӕнгом уат, уый тыххӕй хъуамӕ зонат, кӕрӕдзиимӕ куыд ныхас кӕнын хъӕуы, уый.

Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон бирӕ у базонын, Йегъовӕ Авраамимӕ куыд ныхас кодта, уымӕй. Сӕ ныхас ма сын, дӕ хорзӕхӕй, бакӕс Райдианы 18:17–33 стихты. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йегъовӕ Авраамӕн кӕй аргъ кодта, уый куыд равдыста, уымӕ: 1) Йегъовӕ йын радзырдта, цы бакӕнынмӕ хъавы, уый. 2) Авраам ын куы дзырдта, цы хъуыды кӕны, уый, уӕд ӕм лӕмбынӕг байхъуыста. 3) Авраамы ныхасмӕ гӕсгӕ Йегъовӕ цӕттӕ уыд суанг йӕ фӕнд фӕивынмӕ дӕр.

УЫНАФФӔ. Дӕ цардӕмбалимӕ исты хъуыддагыл куы фӕныхас кӕныс, уӕд-иу 1) бамбарын кӕн, дӕумӕ гӕсгӕ йӕ куыд хуыздӕр уаид бакӕнӕн, уый, фӕлӕ-иу дӕ хъуыдыйыл цӕхгӕр ма ныллӕуу – бӕрӕг уӕд, кӕй йӕ ӕмбарыс, хъуыддаг ӕндӕрхуызон дӕр кӕй ис аскъуыддзаг кӕнӕн; 2) дӕ цардӕмбалы-иу йӕ хъуыдыйӕ бафӕрс, стӕй дӕ ма рох кӕнӕд, алкӕмӕн дӕр уый бар кӕй ис, цӕмӕй йын йӕхи хъуыды уа; 3) гӕнӕн кӕм уа, уым-иу дӕ цардӕмбалы ныхасыл сразы у, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уӕд де ’мбаргӕдзинад (Филиппӕгтӕм 4:5).

2-АГ ХЪУЫДДАГ. АХУЫР КӔНУТ УӔ ХЪУЫДЫТӔ УӔЗДАНӔЙ ДЗУРЫН

Уый ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы? Чи зоны, хъӕддых кӕнӕ суанг схуыст ныхас уый тыххӕй кӕныс, ӕмӕ, цы адӕм ӕмӕ цы бинонты ’хсӕн цардтӕ, уыдон дӕр афтӕ ныхас кодтой. Зӕгъӕм, Европӕйы цӕрӕг нӕлгоймаг, Лайам, дзуры: «Ӕз кӕм цардтӕн, уым адӕмы уӕздан схонӕн зынтӕй ис. Ме схуыст ныхасӕй-иу мӕ усы зӕрдӕ скъахтон. Мӕн бахъуыд ахуыр кӕнын, цӕмӕй фӕфӕлмӕндӕр уыдаин».

Цы уын баххуыс кӕндзӕн? Афтӕ хъуыды кӕнын нӕ хъӕуы, ӕмӕ дӕ цардӕмбалимӕ куыд фӕныхас кӕныс, уый йӕ зӕрдӕмӕ цӕуы (Филиппӕгтӕм 2:3, 4). Апостол Павел иу миссионерӕн цы уынаффӕ радта, уый баххуыс кӕндзӕн ног бинонтӕн дӕр: «Хицауы цагъар та хъуамӕ хыл ма кӕна, фӕлӕ хъуамӕ алкӕимӕ дӕр уа фӕлмӕн». Грекъаг ӕвзагӕй дзырд «фӕлмӕн»-ӕй цы ныхас ратӕлмац кодтой, уый ма нысан кӕны «уӕздан; сабыр» (2 Тимофеймӕ 2:24, фип.). Уӕздан ахӕм адӕймаджы ис схонӕн, цыфӕнды зын уавӕры дӕр йӕхи дарын чи зоны ӕмӕ хъуыддаг фӕлмӕнӕй, никӕй хъыджы бацӕуы, афтӕмӕй чи аскъуыддзаг кӕны.

УЫНАФФӔ. Дӕ цардӕмбалмӕ истӕй тыххӕй куы мӕсты кӕнай, уӕд дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма дӕ разы дӕ цардӕмбал нӕй, фӕлӕ де ’рдхорд кӕнӕ дӕ куысты хицау. Цымӕ ма уӕддӕр йемӕ афтӕ ныхас кӕнис ӕмӕ йын ахӕм ныхӕстӕ дзурис? Уый фӕстӕ ахъуыды кӕн, дӕ цардӕмбалӕн де ’рдхордӕй кӕнӕ дӕ хицауӕй тынгдӕр аргъ кӕнын цӕмӕн хъӕуы, ууыл (Колоссӕгтӕм 4:6).

3-АГ ХЪУЫДДАГ. АХУЫР КӔНУТ УӔ НОГ ХӔСТӔ ӔХХӔСТ КӔНЫН

Уый ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы? Нӕлгоймагӕн райдианы, чи зоны, зын уа бинонты хистӕры хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Сылгоймаг та йӕ хъуыды уӕзданӕй бамбарын кӕнын нӕ фӕзоны. Зӕгъӕм, Антонио, иу нӕлгоймаг Италийӕ, зӕгъы: «Мӕ фыд бинонты хъуыддӕгты тыххӕй ма мадимӕ никуы уынаффӕ кодта. Ӕмӕ ӕз дӕр бинонтӕ куы ’ркодтон, уӕд фыццаг мӕхи паддзахы бынаты ӕвӕрдтон». Канадӕйы чи цӕры, иу ахӕм сылгоймаг та, Дебби, зӕгъгӕ, дзуры: «Мӕ лӕгӕй домдтон, цӕмӕй сыгъдӕгдзинадмӕ йӕ хъус тынгдӕр дардтаид. Фӕлӕ-иу мӕ хъӕртӕй ницы рамбылдтон, фыддӕр-иу цы фӕцис, ӕндӕр».

Бинонты хистӕрӕн йӕ бон цы у бакӕнын? Иуӕй-иу нӕлгоймӕгтӕ нӕ фембарынц, цӕмӕй хицӕн кӕнынц ацы дыууӕ уынаффӕйы: «устытӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут» ӕмӕ «сывӕллӕттӕ... уӕ ныййарджытӕм хъусут» (Колоссӕгтӕм 3:20; 1 Петры 3:1). Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, лӕг «баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар», ӕмӕ афтӕ нӕдӕр ныййарджытӕй загъта, нӕдӕр – сывӕллӕттӕй (Матфейы 19:5). Йегъовӕ усы хоны, йӕ лӕгимӕ «чи сфидауа, ахӕм ӕххуысгӕнӕг» (Райдиан 2:18). Фӕлӕ сывӕллонӕй афтӕ никуы загъта. Куыд хъуыды кӕныс, лӕг йӕ усмӕ сывӕллоны цӕстӕй куы кӕса, уӕд афтӕ зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ бинонты цардӕн Хуыцау куыд аргъ кӕны, уый дӕр ын афтӕ аргъ кӕны?

Хуыцауы Ныхасы фыст ис, цӕмӕй лӕг йӕ усӕн уа, Чырысти ӕмбырдӕн куыд уыд, афтӕ. Дӕ усӕн ӕнцондӕр уыдзӕн дӕуӕн кад кӕнын: 1) афтӕ куы нӕ хъуыды кӕнай, ӕмӕ цыдӕриддӕр зӕгъай, уый хъуамӕ сӕххӕст кӕна уайтагъд ӕмӕ иттӕг хорз; 2) кӕрӕдзи куы нӕ фембарут, уӕддӕр ӕй, дӕхи буар куыд уарзыс, афтӕ куы уарзай (Ефесӕгтӕм 5:25–29).

Усӕн йӕ бон цы у бакӕнын? Хъуамӕ ӕмбарай, дӕ лӕджы дын Хуыцау дӕ сӕрыхицауӕй кӕй сӕвӕрдта (1 Коринфӕгтӕм 11:3). Кӕд дӕ лӕгӕн кад кӕныс, уӕд кад кӕныс Хуыцауӕн дӕр. Фӕлӕ, кӕд дӕ лӕгӕн нӕ кад кӕныс, уӕд та зӕгъӕн ис, Хуыцауӕн дӕр кӕй нӕ кад кӕныс, стӕй йын йӕ закъӕттӕ дӕр кӕй ницӕмӕ дарыс (Колоссӕгтӕм 3:18).

Исты зын хъуыддагыл куы ныхас кӕнат, уӕд-иу, цы бакӕнӕн ис, ууыл дзур, дӕ лӕджы ’фхӕрынмӕ-иу ма фӕу, фӕлӕ. Зӕгъӕм, паддзахы ус Есфир йӕ лӕгмӕ, паддзах Ахашверошмӕ, цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл бацыд. Есфир йӕ лӕджы уайдзӕфты бын нӕ фӕкодта, фӕлӕ йын уӕзданӕй йӕ хъуыды бамбарын кодта. Ӕмӕ йын йӕ лӕг дӕр йӕ ныхасмӕ байхъуыста ӕмӕ раст уынаффӕ рахаста (Есфир 7:1–4; 8:3–8). Дӕ лӕг дӕ фылдӕр уарздзӕн: 1) рӕстӕг ын куы радтай, цӕмӕй, бинонты хистӕрыл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнын сахуыр уа; 2) куы рӕдийа, уӕддӕр ын куы кад кӕнай (Ефесӕгтӕм 5:33).

УЫНАФФӔ. Дӕ цардӕмбалы цы фӕивын хъӕуы, ууыл хъуыды кӕныны бӕсты фӕлтау ахъуыды кӕн, дӕхи цы фӕивын хъӕуы, ууыл. Нӕлгоймӕгтӕн: бинонты хистӕры хӕстӕ куыд ӕххӕст кӕныс кӕнӕ сӕ кӕй не ’ххӕст кӕныс, уый дӕ бинойнагмӕ хъыг куы кӕса, уӕд ӕй бафӕрс, цы дӕ фӕивын хъӕуы, ӕмӕ дын цы зӕгъа, уый-иу ныффысс. Сылгоймӕгтӕн: кӕд дӕ лӕгмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ йын нӕ кад кӕныс, уӕд ӕй бафӕрс, цы дӕ фӕивын хъӕуы, ӕмӕ дын цы зӕгъа, уый-иу ныффысс.

Ӕгӕр бирӕ ма домут

Дыууӕ адӕймаджы амондджынӕй ӕмӕ кӕрӕдзи ӕмбаргӕйӕ цӕрын сахуыр уой, уый велосипедыл цӕуын сахуыр кӕнынӕй уӕлдай нӕу. Цалынмӕ адӕймаг велосипедыл дзӕбӕх цӕуын нӕ сахуыр вӕййы, уӕдмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ ахауы. Афтӕ бинонты хъуыддаг дӕр: райдианы, цалынмӕ кӕрӕдзи ӕмбарын нӕ сахуыр уат, уӕдмӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фӕрӕдийдзыстут.

Бинонты царды ахсджиаг у, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус сӕхиуыл ахудын дӕр зоной. Дӕ цардӕмбалы цы тыхсын кӕны, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ма кӕс, фӕлӕ дӕхи рӕдыдтытыл ахудын зон. Уӕ иумӕйаг царды фыццаг аз архай, цӕмӕй дӕ цардӕмбалы зӕрдӕ бахъӕлдзӕг кӕнай (Дыккаг закъон 24:5). Фӕлӕ сӕйраджыдӕр та разамынд Хуыцауы Ныхасы агурут. Уӕд, рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ уӕ кӕрӕдзиийыл ӕнувыддӕр кӕндзыстут.

[Фиппаинаг]

^ 9 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

АХЪУЫДЫ КӔНУТ...

▪ Мӕ зӕгъинӕгтӕ мӕ цардӕмбалӕн фӕдзурын ӕви иннӕтӕн?

▪ Абон цавӕр хъуыддагӕй равдыстон, мӕ цардӕмбалы кӕй уарзын ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕнын, уый?

[Рамкӕ/​Нывтӕ 11, 12 фӕрстыл]

Библийы фӕрцы абон амондджынӕй цӕрӕм

Тору ӕмӕ Акико цӕрынц Японы. Райдианы тынг уарзтой кӕрӕдзиийы. Фӕлӕ сӕ чындзӕхсӕвӕй аст мӕйы бӕрц куы рацыд, уӕд загътой, ахицӕн уӕм, зӕгъгӕ. Мӕнӕ цы дзурынц уый тыххӕй сӕхӕдӕг.

Тору: «Раздӕр хъуыды кодтон, мах кӕрӕдзи куыд ӕмбарӕм, афтӕ ничи, фӕлӕ фӕрӕдыдтӕн. Ӕз уарзтон спортмӕ кӕсын, мӕ ус та уарзта кинотӕ. Ӕз уарзтон искуыдӕм цӕуын, уый та – хӕдзары бадын».

Акико: «Торуйӕн-иу йӕ мад ӕмӕ йӕ фыд цыдӕриддӕр загътой, уый-иу бакодта, мӕ ныхас та йӕм нымады дӕр нӕ уыд. Иухатт ӕй бафарстон, дӕ мад дын зынаргъдӕр у ӕви ӕз? Куы йӕ базыдтон, алцыдӕр мын ӕргом кӕй нӕ дзуры, уӕд мын уый тынг зын уыди. Ӕз ын загътон, иу хъуыддаджы чи фӕсайа, уый иннӕ хъуыддаджы дӕр фӕсайдзӕн, ӕмӕ афтӕ куы кӕна, уӕд нӕ цард иумӕ кӕй нӕ ацӕудзӕн».

Тору: «Цы ма кодтаин, уый нӕ зыдтон, ӕмӕ ме ’мкусджытӕй иуы, мӕнӕй хистӕр чи уыд, ахӕмы, бафарстон, куыд бакӕнон, зӕгъгӕ. Уый мын радта ахӕм уынаффӕ: „Зӕгъ ын, цӕмӕй йӕ дзых бахгӕна. Хъуыр-хъуыр кӕнын куы райдайа, уӕд та-иу ын иу хафт авӕр“. Ӕмӕ иухатт, ӕцӕгдӕр, Акикойы ныдздзӕхст кодтон ӕмӕ стъол сфӕлдӕхтон. Уӕд тынг фӕхыл стӕм. Акико сыстад ӕмӕ ацыд Токиомӕ, гостиницӕмӕ. Уый фӕстӕ йӕм ӕз уырдӕм ацыдтӕн, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ ӕркодтаин. Фӕстагмӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдыстӕм, ахицӕн уӕм, зӕгъгӕ. Райсомӕй ӕз куыстмӕ ацыдтӕн, Акико та райдыдта йӕ дзаумӕттӕ ӕмбырд кӕнын».

Акико: «Мӕ дзаумӕттӕ къӕсӕрмӕ куы рацӕйхастон, уӕд чидӕр ӕрбадзӕнгӕрӕг кодта. Уый уыд сылгоймаг – Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Ӕз ӕй мидӕмӕ ӕрбахуыдтон».

Тору: «Цалынмӕ куыстмӕ хӕццӕ кодтон, уӕдмӕ мӕ фӕнд аивтон – хицӕн кӕнын мӕ нал фӕндыд, ӕмӕ фӕстӕмӕ хӕдзармӕ фӕтагъд кодтон. Мидӕмӕ куы бахызтӕн, уӕд кӕсын, ӕмӕ Акико иу сылгоймагимӕ ныхас кӕны. Уыцы сылгоймаг мын загъта: „Уӕ дыууӕйӕн дӕр хъуамӕ исты иумӕйаг хъуыддаг уа. Нӕ уӕ фӕнды Библи ахуыр кӕнын?“ „Куыннӕ! Цыфӕнды дӕр уӕд, ӕрмӕстдӕр ма ахицӕн уӕм!“ – загътон ӕз».

Акико: «Уыцы сылгоймаджы фӕрцы Библи ахуыр кӕнын райдыдтам. Нӕ бинонты уавӕр хуыздӕрырдӕм фӕивта мӕнӕ ацы ныхӕстӕ Библийы куы бакастыстӕм, уӕд: «Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар» (Райдиан 2:24).

Тору: «Уайтагъддӕр мӕ рӕдыд бамбӕрстон, ӕмӕ мӕ ныййарджытӕн загътон: „Абонӕй фӕстӕмӕ-иу исты уынаффӕ рахӕссыны размӕ фыццаг мӕ усимӕ аныхас кӕндзынӕн“. Уымӕй уӕлдай ма мӕ нозт дӕр ныууагътон. Стӕй куы базыдтон, Хуыцау мӕнг ныхас кӕй нӕ уарзы, уӕд архайын райдыдтон, цӕмӕй алкӕддӕр раст цы у, уый дзурон».

Акико: «Ӕз дӕр аивтон. Раздӕр-иу Тору исты куы дзырдта, уӕд-иу ын йӕ ныхасмӕ нӕ хъуыстон, мӕхи-иу куыд фӕндыд, афтӕ-иу бакодтон (Ефесӕгтӕм 5:22–24). Ныр 28 азы мах амондджынӕй цӕрӕм. Нӕ цард фӕхуыздӕр, кӕрӕдзи хуыздӕр кӕй базыдтам ӕмӕ нӕ цард Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ аразын кӕй райдыдтам, уый фӕрцы».