Бирӕтӕ цӕмӕй тӕрсынц?
Бирӕтӕ цӕмӕй тӕрсынц?
«Ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ уырнӕг уай, цӕмӕй бамбарай, адӕммӕ бӕллӕх кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы» (СТИВЕН О’ЛИРИ, ХУССАР КАЛИФОРНИЙЫ УНИВЕРСИТЕТЫ АДЪЮНКТ-ПРОФЕССОР) *.
РАЗЫ дӕ ацы ныхӕстимӕ? Ацы статьяты дзырд цӕудзӕн, адӕм фидӕнӕй цӕмӕн тӕрсынц, ууыл. Фӕлӕ ма дзы дзырд цӕудзӕн, цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, зӕххыл цард дарддӕр дӕр кӕй уыдзӕн. Кӕд, ныртӕккӕ цы хабӕртты тыххӕй бакӕсдзынӕ, уыдон хорз схонӕн нӕй, уӕддӕр фидӕнӕй тӕрсын нӕ хъӕуы.
Ядерон хӕстӕй ныр дӕр тынг тӕссаг у. 2007 азы «Атомиртасӕг ахуыргӕндты бюллетен»-ы фыст уыд, уыцы рӕстӕг дунейы уавӕр кӕй уыд, Хиросимӕ ӕмӕ Нагасакийыл атомон бомбӕтӕ куы ӕрӕппӕрстой, уӕд куыд тӕссаг уыд, афтӕ («Bulletin of the Atomic Scientists»). Цӕмӕн? Уыцы бюллетены дзырдӕуы, 2007 азы дӕр ма дунейы кӕй уыди 27 000 ядерон хӕцӕнгарзы ӕмӕ дзы 2 000 «ахӕм уавӕры уыдысты, ӕмӕ се схӕцын кӕнынмӕ цалдӕр минуты йеддӕмӕ нӕ хъуыди». Уыдонӕй ӕрмӕст цалдӕр куы схӕцыдаид, уӕд уый дӕр ӕркодтаид тынг стыр бӕллӕхтӕм!
Цымӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ исты фӕивта, ядерон хӕстӕй ныр афтӕ тӕссаг нал у? Ӕппӕты фылдӕр ядерон хӕцӕнгарз кӕмӕ ис, уыцы фондз бӕстӕйы – Америкӕйы Иугонд Штаттӕ, Великобритани, Китай, Уӕрӕсе ӕмӕ Франци – «кӕнӕ ног ядерон хӕцӕнгарз саразыныл кусынц, кӕнӕ та фехъусын кодтой, уыцы хъуыддаг кӕй фӕнд кӕнынц»,– фыст ис «СИПРИЙЫ * ӕрвылазон чиныджы 2009 азӕн» *. Фӕлӕ ма уыцы ӕрвылазон чиныджы фыст ис, ядерон хӕцӕнгарз ӕрмӕст уыцы бӕстӕты кӕй нӕй. Уыцы фарста иртасджытӕ зӕгъынц, Индийы, Пакистаны ӕмӕ Израилы дӕр кӕй ис фӕйнӕ 60–80 ядерон бомбӕйы. Зӕгъынц ма, ӕгас дунейы схӕцын кӕнын ӕввонгӕй кӕй лӕууы 8 392 ядерон хӕцӕнгарзы!
Климӕт кӕй ивы, уый, гӕнӕн ис, ӕркӕна бӕллӕхмӕ. «Климӕт кӕй ивы, уый дӕр, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ядерон хӕцӕнгарзы хуызӕн тӕссаг у»,– фыст ис, уӕлдӕр цы бюллетены кой кодтам,
уым («Bulletin of the Atomic Scientists»). Ацы ныхӕстӕ адӕймаджы хъуыдытыл ӕфтауынц. Ӕмӕ семӕ разы сты зындгонд ахуыргӕндтӕ: Стивен Хокинг, Кембриджы университеты сгуыхт профессор (ныртӕккӕ профессоры куыст нал кӕны), ӕмӕ Мартин Рис, Кембриджы университеты Тринити колледжы сӕргълӕууӕг. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, техникӕйӕ раст кӕй нӕ пайда кӕнынц ӕмӕ адӕймаджы тыххӕй ӕрдз кӕй ивы, уый уымӕ ӕркӕндзӕн, ӕмӕ зӕххыл цард бынтондӕр фӕивдзӕн кӕнӕ та адӕм бынтондӕр фесӕфдзысты.Бӕстысӕфты тыххӕй цы дзурынц, уый милуангай адӕмы мӕты ӕфтауы. Интернеты зындгонд информациагурӕг системӕтӕй сӕ иуы дзырдбаст «бӕстысӕфт» кӕнӕ «дунейы кӕрон» ӕмӕ «2012» аз куы бахӕссай, уӕд фендзынӕ, сӕдӕгай фӕрстыл дзы кӕй цӕуы дзырд, уыцы аз кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй. Цымӕ уыцы аз цӕмӕн? Адӕмыхатт майӕйы рагон къӕлиндары, «Даргъ нымад», зӕгъгӕ, рӕстӕг нымад цӕуы 2012 азы онг ӕмӕ уым фӕвӕййы. Ӕмӕ бирӕтӕ тӕрсынц, мыййаг, дам, кӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уӕд зӕххыл адӕмӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн.
Уырнӕг адӕмӕй бирӕты уырны, ӕмӕ Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, кӕуыл цӕрӕм, уыцы зӕхх фесӕфдзӕн. Ӕцӕг уырнджытӕ, дам, се ’ппӕт дӕр ист ӕрцӕудзысты уӕлӕрвтӕм, иннӕ адӕм та, дам, зӕххыл баззайдзысты (зӕхх та уыдзӕн ӕмтъеры) ӕмӕ хъизӕмар кӕндзысты кӕнӕ та зындонмӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзысты.
Фӕлӕ цымӕ Библи ӕцӕгдӕр афтӕ зӕгъы, ӕмӕ зӕхх ахӕм уавӕрмӕ ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йыл цӕрӕн мауал уа, кӕнӕ фесӕфдзӕн? «Алы пехуымпар-ныхасыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ-иу базонут, пехуымпар-ныхӕстӕ Хуыцауӕй сты ӕви нӕ»,– фӕдзӕхста апостол Иоанн (1 Иоанны 4:1). Иннӕтӕ цы дзурынц, ууыл ӕууӕндыны бӕсты хуыздӕр нӕ уаид, Библи дӕхӕдӕг куы райсис ӕмӕ дзы куы бакӕсис, дунейы кӕроны тыххӕй цы дзуры, уый? Цы фыст дзы ис, уый дӕм, чи зоны, диссаг фӕкӕса.
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 2 абз. Ацы ныхӕстӕ ист сты статьяйӕ «Бӕллӕхты тыххӕй адӕм дзурынц, бӕстысӕфт кӕй уыдзӕн», уыд Интернеты MSNBC-йы веб-сайты, 2005 азы 19 октябры («Disasters Fuel Doomsday Predictions»).
^ 5 абз. Сабырдзинады фарстатӕ иртасӕг ӕхсӕнадӕмон институт (Стокгольм).
^ 5 абз. Ацы ӕрвылазон чиныджы цы хыгъд ис, уый бацӕттӕ кодтой Шеннон Кайл, хистӕр зонадон кусӕг ӕмӕ, цӕмӕй ядерон хӕцӕнгарз ма бирӕ кӕной ӕмӕ йӕ ма парахат кӕной, уый фӕдыл СИПРИ цы программӕ скодта, уый разамонӕг; Виталий Федченко, уыцы программӕйы архайӕг ахуыргонд; ӕмӕ Ханс Кристенсен, Америкаг ахуыргӕндты федерацийы ядерон информацийы программӕйы директор.
[Ныв барлӕвӕрдӕй 4 фарсыл]
Mushroom cloud: U.S. National Archives photo; hurricane photos: WHO/League of Red Cross and U.S. National Archives photo