Кӕроны тыххӕй цыппар фарстайӕн дзуапп
Кӕроны тыххӕй цыппар фарстайӕн дзуапп
ЙЕСО ЧЫРЫСТИ дзырдта, фидӕны «кӕрон» кӕй ӕрцӕудзӕн. Уыцы рӕстӕджы тыххӕй ма афтӕ дӕр загъта: «Уӕд уыдзӕн, дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыди, ахӕм стыр бӕллӕх – нӕ уыди, ӕмӕ нал дӕр уыдзӕн» (Матфейы 24:14, 21).
Йесо кӕроны тыххӕй цы загъта, стӕй ма уый тыххӕй Библийы иннӕ рӕтты дӕр цы фыст ис, уый фӕдыл адӕммӕ фӕзыны ахсджиаг фарстатӕ. Хорз нӕ уаид, дӕ Библи куы бакӕнис ӕмӕ дзы уыцы фарстатӕн дзуапп куы бакӕсис?
1 Кӕрон цӕмӕн ӕрцӕудзӕн?
Библи афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ цы зӕххыл цӕрӕм, уый фесӕфдзӕн. Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста афтӕ: «Ды [Хуыцау] зӕхх сӕвӕрдтай фидар бындурыл, ӕмӕ ӕнустӕм, мыггагмӕ дӕр, нӕ фенкъуысдзӕн» (Псалом 104:5). Уӕдӕ Библийы афтӕ дӕр нӕй фыст, ӕмӕ зӕхх басудздзӕн ӕмӕ йыл удӕгасӕй ницыуал баззайдзӕн (Исай 45:18). Йесо йӕхӕдӕг загъта, адӕмӕй чидӕртӕ кӕй фервӕздзысты (Матфейы 24:21, 22). Уӕдӕ уӕд кӕрон цӕмӕн ӕрцӕудзӕн? Библи уый тыххӕй цы зӕгъы?
Кӕрон ӕрцӕудзӕн, йӕ бон кӕмӕн ницы у, уыцы зӕххон хицауӕдтӕн. Хуыцау пехуымпар Данелӕн ныффыссын кодта ахӕм ныхӕстӕ: «Уӕларвон Хуыцау сфидар кӕндзӕн, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн, ахӕм паддзахад. Уыцы паддзахад ӕндӕр адӕмы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн. Уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм» (Данел 2:44).
Кӕрон ӕрцӕудзӕн хӕстытӕн, зӕхх ничиуал чъизи кӕндзӕн. Хуыцау цы сараздзӕн, уый тыххӕй Псаломы 46:9 фыст ис: «Зӕххы кӕрӕтты онг уромы хӕстытӕ. Сӕтты ӕрдынтӕ, дыууӕ дихы кӕны ӕрцытӕ ӕмӕ хӕстон уӕрдӕттӕ судзы». Библийы ма афтӕ дӕр фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцау, «зӕхх чи сафы, уыдоны фесафдзӕн» (Раргомад 11:18).
Кӕрон ӕрцӕудзӕн фыдракӕндтӕн ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕн. Хуыцауы Ныхас нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Зӕххыл цӕрдзысты рӕстзӕрдӕ адӕм, баззайдзысты йыл, ӕнӕфау чи у, уыдон. Фыдгӕнджытӕ та зӕххӕй фесӕфдзысты, Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22) *.
мӕнгард адӕмӕй йыл иу дӕр нал баззайдзӕн» (2 Кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн?
Йегъовӕ Хуыцау фыддзинадӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн ӕмӕ йӕ Паддзахад ӕнӕхъӕн зӕххӕн дӕр уынаффӕ кӕнын кӕд райдайдзӕн, уымӕн снысан кодта бӕлвырд «рӕстӕг» (Марчы 13:33). Фӕлӕ нын Библи комкоммӕ зӕгъы, кӕрон бӕлвырдӕй кӕд уыдзӕн, уый нӕ бон банымайын кӕй нӕу. Йесо загъта: «Уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – уый зоны ӕрмӕстдӕр мӕ Фыд» (Матфейы 24:36). Фӕлӕ Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дзырдтой, кӕроны размӕ зӕххыл цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уыдоны тыххӕй. Кӕрон ӕрцӕудзӕн, дӕлдӕр цы хабӕрттӕм ӕркӕсдзыстӕм, уыдон иууылдӕр уыцы иу рӕстӕг ӕмӕ ӕгас дунейы дӕр куы цӕуой, уӕд.
Политикӕйы, ӕрдзы ӕмӕ ӕхсӕнады уавӕр ныртӕккӕ куыд у, афтӕ никуы уыд. Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕроны тыххӕй куы бафарстой, уӕд сын дзуапп радта: «Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ. Стӕй куы иу ран, куы иннӕ ран уыдзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг. Уыдӕттӕ уыдзысты тухитӕн сӕ райдиан» (Марчы 13:8). Апостол Павел та ныффыста: «Фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг. Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг, хиппӕлой, сӕрбӕрзонд, Хуыцауы фаудзысты, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсдзысты, хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзысты, уыдзысты мӕнгард, бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн, уыдзысты зындзырд, иннӕты фыдкой кӕндзысты, хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, уыдзысты ӕгъатыр, хорздзинад нӕ уарздзысты, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты, уыдзысты хивӕнд, сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсдзысты, Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ» (2 Тимофеймӕ 3:1–5).
Ӕгас дунейы дӕр алы ӕвзӕгтыл хъуыстгонд цӕуы хорз хабар. Йесо загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14).
3 Кӕроны фӕстӕ цы уыдзӕн?
Библи афтӕ нӕ дзуры, ӕмӕ хорз адӕм иууылдӕр зӕххӕй ист ӕрцӕудзысты ӕмӕ ӕнустӕм уӕлӕрвты дзӕнӕты цӕрдзысты. Йесо дзырдта, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй ӕппӕты райдианы цы фӕнд уыди, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн. «Амондджын сты, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ зӕхх бынӕн райсдзысты»,– загъта Йесо (Матфейы 5:5; 6:9, 10). Кӕрон цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ чи амард ӕмӕ чи амӕла, уыдоны тыххӕй та Библи зӕгъы, фидӕны кӕй райгас уыдзысты (Иов 14:14, 15; Иоанны 5:28, 29).
Йесо Чырысти, Хуыцауы Паддзахады Паддзах, хицауиуӕг кӕндзӕн уӕлӕрвтӕй. «Ӕхсӕвы цӕстылуайӕнты федтон,– ныффыста пехуымпар Данел,– уӕларвон мигътимӕ адӕймаджы фырты хуызӕн чидӕр [ома Йесо йӕ райгасы фӕстӕ] кӕй ӕрбацӕйцыд. Уымӕн бар лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй, раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис, уымӕ [ома Йегъовӕ Хуыцаумӕ] бацыдаид, ӕмӕ йӕм ӕй бакодтой. Ӕмӕ йын [ома Йесойӕн] лӕвӕрд ӕрцыдысты хицауы бартӕ, кад ӕмӕ паддзахад, цӕмӕй адӕмтӕ, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдон се ’ппӕт дӕр уымӕн лӕггад кӕной. Уый хицау уыдзӕн ӕнустӕм, йӕ хицауы бартӕ йын никуы байсдзысты, ӕмӕ йӕ паддзахад никуы ныппырх уыдзӕн» (Данел 7:13, 14; Лукайы 1:31, 32; Иоанны 3:13–16).
Йӕхи Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи бакӕна, уыдон зӕххыл ӕнустӕм ӕнӕнизӕй ӕмӕ ӕнӕмастӕй цӕрдзысты. «Адӕм хӕдзӕрттӕ араздзысты ӕмӕ дзы цӕрдзысты,– ныффыста пехуымпар Исай.– Садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты. Афтӕ нӕ уыдзӕн, цӕмӕй хӕдзар саразой, ӕмӕ дзы ӕндӕр исчи цӕра, сӕнӕфсирдон Исай 65:21–23). Уыцы рӕстӕджы тыххӕй апостол Иоанн та ныффыста: «Акӕс-ма! Хуыцауы цатыр ис адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау цӕрдзӕн семӕ, ӕмӕ уыдон уыдзысты йӕ адӕм. Ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг уыдзӕн семӕ. Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Раргомад 21:3, 4).
скӕной, ӕмӕ йын йӕ дыргъ ӕндӕр исчи хӕра» (4 Цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй, кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд удӕгасӕй баззайай?
Апостол Петр дзырдта, зӕгъгӕ, кӕроны рӕстӕджы уыдзӕни ахӕмтӕ, ӕмӕ худдзысты, Хуыцау адӕмы хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркӕсдзӕн ӕмӕ зӕххыл фыддзинадӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, уыцы хъуыдыйыл (2 Петры 3:3, 4). Фӕлӕ уӕддӕр нӕ рӕстӕджы цӕрӕг адӕмы Петр разӕнгард кӕны, дӕлдӕр цӕй кой цӕуы, уымӕ.
Раздӕр цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй зонд райс. «Хуыцау ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууагъта рагон дуне дӕр, фӕлӕ рӕстдзинад хъусынгӕнӕг Нойы ӕмӕ ма йемӕ авд адӕймаджы фервӕзын кодта. Ӕнӕхуыцау адӕмы дунейыл та доны хъаймӕт рауагъта»,– фыста Петр (2 Петры 2:5). Хуыцауы ныхӕстыл худгӕ чи кӕны, уыдоны тыххӕй та Петр загъта: «Уыдон зонгӕ-зонын ницӕмӕ дарынц уыцы хабар, рагзаманты дӕр кӕй уыди арв ӕмӕ зӕхх – Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ уыцы фидар зӕхх зынди донӕй ӕмӕ лӕууыд дӕтты астӕу. Ӕмӕ уыдонӕй уӕдыккон дуне сӕфт ӕрцыди, доны бын куы фӕци, уӕд. Фӕлӕ уыцы ныхасӕй ныртӕккӕйы арв ӕмӕ зӕхх * ӕвӕрд сты артӕй басудзынмӕ ӕмӕ лӕууынц, ӕнӕхуыцау адӕмыл тӕрхон кӕд сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ кӕд фесӕфдзысты, уыцы бонмӕ» (2 Петры 3:5–7).
Хуыцау хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕр. Кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд удӕгасӕй баззайын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ «сыгъдӕг цард кӕной ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион уой»,– фыста Петр (2 Петры 3:11). Дӕ хъус-ма ӕрдар, Петр дзуры, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй адӕймаг «сыгъдӕг цард кӕна» ӕмӕ «иузӕрдион уа». Уӕдӕ фаг нӕу, ӕмӕ адӕймаг ӕнӕуи дзура, уырны мӕ, зӕгъгӕ, кӕнӕ фӕстаг минут райдайа Хуыцауы зӕрдӕ балхӕныныл архайын.
Цымӕ цавӕр цард, цавӕр хъуыддӕгтӕ цӕуынц Хуыцауы зӕрдӕмӕ? Хорз нӕ уаид, цы зоныс, уый, Библи ацы хъуыддаджы фӕдыл цы дзуры, уыимӕ куы абарис? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты. Зӕгъ-иу сын, цӕмӕй дын дзуаппытӕ дӕхи Библийы равдисой. Уый фӕрцы фидӕнӕй нӕ тӕрсдзынӕ, фӕлӕ йӕм зӕрдӕрухсӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕ, кӕд, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон адӕмыл тас ӕфтауынц, уӕддӕр.
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 8 абз. Кӕс ма ацы журналы 22 фарсыл статья «Цымӕ алкӕмӕндӕр ӕмхуызон фадӕттӕ ис Хуыцауы базонынӕн?».
^ 19 абз. Ам Петр зӕххы кой кӕны ахӕсгӕ хуызы. Библийы ма ӕндӕр рӕтты дӕр ис зӕххы кой ахӕсгӕ хуызы (Псалом 96:11). Кӕуыл цӕрӕм, уыцы зӕххӕн йӕ бон «цинӕй райын» куыд нӕу, афтӕ сӕфгӕ дӕр уыцы зӕхх нӕ фӕкӕндзӕн. Петр куыд зӕгъы, афтӕмӕй фесӕфдзысты ӕнӕхуыцау адӕм.
[Хицӕнгонд текст 7 фарсыл]
Зӕхх нӕ фесӕфдзӕн, фӕлӕ йӕ чи сафы, уыдон