Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Едемы цӕхӕрадон. Райдианы адӕм уым цардысты?

Едемы цӕхӕрадон. Райдианы адӕм уым цардысты?

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн рӕсугъд дыргъдон. Уым адӕймаджы цӕстӕн алцыдӕр у ӕхсызгон, никуыцӕй дзы хъуысы горӕты тыхст царды хъӕлӕба. Ницы халы уыцы рӕсугъд цӕхӕрадоны сабырдзинад. Фӕлӕ ӕппӕты ӕхсызгондӕр та уый у, ӕппындӕр кӕй ницӕуыл тыхсыс ӕмӕ саг-сӕгуытау ӕнӕниз кӕй дӕ. Дӕ зӕрдӕ у райдзаст, ӕмӕ ӕрдзы рӕсугъддзинӕдтӕм кӕсынӕй не ’фсӕдыс.

Дӕ алыварс алыхуызон дидинджытӕ хъулон-мулон гауызтау зӕхх бамбӕрзтой. Гыццыл дарддӕр, хурмӕ цӕхӕртӕ калгӕйӕ, згъоры суадон. Дымгӕ куы радымы, уӕд бӕлӕсты сыфтӕртӕ фырцинӕй сӕ мидбынаты скафынц. Йӕ рог уддзӕфӕй дӕ буар ӕхсызгон хъыдзы кӕны, ӕмӕ дидинджыты адджын тӕф дӕ фындзыл уайы. Дард кӕцӕйдӕр хъуысы, дон йӕхи къӕдзӕхыл куыд хойы. Цъиутӕ кӕрӕдзимӕ сидынц, ӕмӕ сӕ рӕсугъд зард уӕлдӕфы зӕлы. Мыдыбындзытӕ уыцы хъуыддагхуызӕй куы иу дидинӕгыл абадынц, куы иннӕйыл, ӕмӕ сӕ гуыв-гуыв зӕрдӕйӕн цыдӕр ӕхсызгондзинад хӕссы. Цымӕ ма дӕ уыцы ранӕй дӕ къах искуыдӕм хӕссид?

Ӕнӕхъӕн дунейы дӕр адӕмы уырны, фыццаг нӕ фыдӕлтӕ ахӕм уавӕрты кӕй цардысты. Ӕнусты дӕргъы, чырыстон, пысылмон ӕмӕ дзуттӕгты диныл хӕст чи уыд, уыдонӕн сӕ разамонджытӕ амыдтой, Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы кӕй ӕрцӕрын кодта Едемы цӕхӕрадоны. Библи куыд зӕгъы, уымӕ гӕсгӕ фыццаг лӕг ӕмӕ ус цардысты фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй. Фӕрнӕй цардысты кӕрӕдзиимӕ, сырдтимӕ ӕмӕ сын уыцы диссаджы бынат ӕнустӕм цӕрынӕн чи радта, уыцы Хуыцауимӕ (Райдиан 2:15–24).

Индуизмыл хӕст чи у, уыдон дӕр ӕууӕндынц, зӕххыл кӕддӕр дзӕнӕт кӕй уыд. Буддистты та уырны, сӕ дины разамонджытӕ, ома буддӕтӕ, кӕй райгуырынц, дуне дзӕнӕты хуызӕн куы вӕййы, ахӕм сызгъӕрин рӕстӕджы. Африкӕйы дӕр бирӕ динтӕм ис, Библийы Адам ӕмӕ Евӕйы тыххӕй цы хабар фыст ис, уыцы хабары хуызӕн таурӕгътӕ.

Кӕддӕр зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыд, уыцы хъуыды зыны бирӕ динты ӕмӕ ӕгъдӕутты. Иу фыссӕг загъта: «Бирӕ адӕмты уырныдта, раздӕр зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыд. Уым иууылдӕр уыдысты ӕххӕст, сӕрибар, амондджын, уыди дзы фарн ӕмӕ дзы алцыдӕр уыд парахатӕй, ничи дзы ницӕмӕй тыхст ӕмӕ се ’ппӕт дӕр кӕрӕдзи ӕмбӕрстой. [...] Ӕппӕт адӕмты дӕр дзӕнӕты хабар уымӕн уырны, ӕмӕ тынг мысынц, чи фесӕфт, фӕлӕ кӕй нӕ ферох кодтой, уыцы дзӕнӕт, стӕй сӕ тынг фӕнды, цӕмӕй та фӕстӕмӕ ахӕм уавӕрты цӕрой».

Цымӕ ӕппӕт уыцы таурӕгътӕн сӕ «уидаг» иу у? Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ, ӕппӕт адӕмты хъуыдыйы дӕр цы хабар баззад, уый ӕцӕг уыдаид? Цымӕ Едемы цӕхӕрадон ӕцӕгдӕр уыд, стӕй Адам ӕмӕ Евӕ дӕр ӕцӕгдӕр уыдысты?

Кӕмӕдӕрты уыдӕттӕ худӕгау кӕсынц. Наукӕ размӕ кӕй ацыд, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ ахӕм хабӕрттӕ хонынц таурӕгътӕ ӕмӕ аргъӕуттӕ. Фӕлӕ диссаг уый у, ӕмӕ уыцы хабӕрттыл чи не ’ууӕнды, уыдонӕй кӕйдӕрты Хуыцау кӕй уырны. Зӕгъӕм, дины разамонджытӕй бирӕтӕ зӕгъынц, Библи цы Едемы кой кӕны, ахӕм бынат кӕй никуы уыд ӕмӕ уыцы хабар комкоммӕ ӕмбарын кӕй нӕ хъӕуы, зӕгъынц, зӕгъгӕ, уый у ӕрымысгӕ хабар, фӕсномыг ныхас.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библийы фӕсномыг ныхӕстӕ дӕр ис. Уыдонӕй ӕппӕты зындгонддӕр чи сты, уыдон радзырдта Йесо Чырысти йӕхӕдӕг. Фӕлӕ Едемы хабар фӕсномыг ныхас нӕу. Уый у ӕцӕг хабар, хуымӕтӕг ӕмӕ бӕлвырд. Уыцы хабар ӕрымысгӕ куы уаид, уӕд Библийы иннӕ хабӕрттыл дӕр куыд уаид ӕууӕндӕн? Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Едемы цӕхӕрадон кӕй уыд, уый иуӕй-иуты цӕуылнӕ уырны ӕмӕ сӕ ныхасы уӕз ис ӕви нӕ. Уый фӕстӕ та аныхас кӕндзыстӕм, уыцы хабар махмӕ куыд хауы, ууыл.