Скӕсӕн Азийы цӕрӕг – Италийы?
ЦЫМӔ 2 000 азы размӕ Скӕсӕн Азийы цӕрӕг Роммӕ куыд ӕрбафтыд? Ахӕм фарста фӕзынд, 2009 азы археологтӕ хуссар Италийы иу адӕймаджы стӕгдар куы ссардтой, уӕд.
Ссардтой йӕ рагон ромаг уӕлмӕрдты Ваньярийы. Уыцы бынатӕй горӕт Баримӕ ис 60 километры бӕрц. Ахуыргӕндтӕ дзы ӕдӕппӕтӕй скъахтой 75 адӕймаджы стӕгдары. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй сӕ фылдӕр уырдыгон цӕрджытӕ уыдысты. Фӕлӕ ахуыргӕндты стыр дисы бафтыдта уыцы стӕгдартӕй иу. Анализ (анализ митохондриальной ДНК) куыд равдыста, афтӕмӕй йӕ мад уыди Скӕсӕн Азийӕ *. Ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыцы адӕймаг царди нӕ эрӕйы фыццаг кӕнӕ дыккаг ӕнусы. Ныры онг Скӕсӕн Азийӕ рацӕугӕ адӕймаджы стӕгдар Ромаг паддзахады никуыма ссардтой. Цымӕ уыцы адӕймаг чи уыди?
Ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, фыццаг ахӕм хъуыды фӕзыны, ӕмӕ уыцы адӕймаг, Китайӕ Роммӕ зӕлдаг хъуымац чи ласта, уыдонӕй уыди. Фӕлӕ, афтӕ уыдаид, уый зын зӕгъӕн у, уымӕн ӕмӕ Китайӕ Италимӕ ис 8 000 километры, ӕмӕ ахӕм дард фӕндагыл кӕрӕй-кӕронмӕ уыцы иу адӕймаг нӕ цыдаид. Цӕмӕй-иу ласинаг Роммӕ фӕхӕццӕ уыдаид, уый тыххӕй-иу ӕй иуцасдӕр иутӕ аластой, дарддӕр – иннӕтӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр.
Уыцы стӕгдар Ваньярийы кӕй ссардтой, уый та нын цӕуыл дзурӕг у? Раджы заманты уыцы хъӕу уыди паддзахы къухы. Кодтой дзы алыхуызон куыстытӕ, зӕгъӕм, ӕфсӕйнаг дзы тайын кодтой ӕмӕ дзы ӕлыгӕй арӕзтой хӕдзарӕмбӕрзӕн дуртӕ. Уым чи куыста, уыдонӕй бирӕтӕ уыдысты цагъартӕ ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, цы адӕймаджы кой кӕнӕм, уый дӕр уыди цагъар. Афтӕ уымӕн зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ цы ингӕны ссардтой, уый мӕгуыр лӕджы ингӕн у – йӕ ингӕны иу дурын йеддӕмӕ ницы уыд, йӕ уӕлӕ та ма ’вӕрд уыд ӕндӕр мард.
Уыцы хабар цымыдисаг цӕмӕн у? Чырыстӕттӕ н. э. фыццаг ӕнусы хорз хабар кӕйонг фӕхӕццӕ кодтой, уый баст уыд, уӕды заманты-иу адӕм кӕйонг балц кодтой, уыимӕ. Библийы фыст ис, н. э. 33 азы, Фӕндзайӕм бон кӕй хуыдтой, уыцы бӕрӕгбоны фӕстӕ хорз хабар дардыл кӕй апарахат, Иерусалиммӕ ӕндӕр рӕттӕй чи ’рцыд, уыцы адӕмы руаджы (Хъуыддӕгтӕ 2:1–12, 37–41). Кӕд ӕппын ницы, уӕддӕр ацы стӕгдармӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, уыцы заманты дӕр-иу Скӕсӕн Азийӕ иуӕй-иутӕ Зӕххастӕу денджызы онг кӕй бахӕццӕ сты *.
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 3 абз. Ацы анализӕй адӕймагӕн йӕ фыды тыххӕй ницы ис базонӕн.
^ 6 абз. Ныгуылӕн бӕстӕтӕй дӕр Скӕсӕн Азимӕ кӕй цыдысты, уымӕн дӕр ис бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Кӕс 2009 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», статья «Как далеко на восток могли добраться миссионеры?».
[Картӕ 29 фарсыл]
(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)
РОМ
Ваньяри
Зӕххастӕу денджыз
СКӔСӔН АЗИ
САБЫР ОКЕАН
[Ныв 29 фарсыл]
Рагон ромаг уӕлмӕрдты ссардтой Скӕсӕн Азийӕ рацӕугӕ адӕймаджы стӕгдар
[Барлӕвӕрдӕй]
© Su concessione del Ministero per i Beni e le Attività Culturali - Direzione Regionale per i Beni Culturali e Paesaggistici della Puglia - Soprintendenza per i Beni Archeologici della Puglia