Галаады скъолайы 129 кълас
«Абон у сымах бӕрӕгбон!»
ДУНЕ адӕм, 8 000 бӕрц, 2010 азы 11 сентябры ӕрӕмбырд сты ахсджиаг хъуыддаджы фӕдыл – Галаады скъолайы 129 къласы студенттӕ ахуыр фесты. Сэмюэл Хёрд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советӕй, студенттӕн загъта: «Абон у сымах бӕрӕгбон, ӕмӕ мах ам ӕрӕмбырд стӕм, цӕмӕй уемӕ уӕ циныл фӕцин кӕнӕм!»
«Чи хъусы, уыцы хъус»
Фыццаг ныхасы рацыд ӕфсымӕр Хёрд. Ӕфсымӕр Хёрд ӕрныхас кодта, Ӕмбисӕндты 20:12 стихы цы фыст ис, ууыл. Хуыцау адӕймагӕн радта, «чи хъусы, уыцы хъус», ӕмӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ раст пайда кӕной, сӕ бон хъусын кӕй у, уыцы курдиатӕй – лӕмбынӕг хъусой, Хуыцауы Ныхас цы дзуры, уымӕ. Ӕфсымӕр Хёрд студенттӕн загъта: «Фӕстаг цалдӕр мӕйы сымах лӕмбынӕг хъуыстат Йегъовӕмӕ ӕмӕ афтӕ кӕндзыстут амӕй фӕстӕмӕ дӕр, суанг ӕнустӕм дӕр».
Сэмюэл Хёрд ног миссионертӕн загъта, уыдон дӕр уыцы курдиатӕй ӕмбаргӕйӕ кӕй пайда кӕндзысты, Хуыцауы Ныхасмӕ лӕмбынӕг куы хъусой, уӕд. Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ацы программӕйы фехъусдзыстут, миссионертӕй лӕггад кӕнынӕн уын чи баххуыс кӕндзӕн, бирӕ ахӕм хъуыдытӕ».
«Уӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарут Йегъовӕйыл»
Ацы ахсджиаг фарстайыл аныхас кодта Геррит Лёш, Разамонӕг советӕй. Ӕфсымӕр Лёш радзырдта бирӕ хабӕрттӕ, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ раджы заманты дӕр ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куыд дардтой, уый тыххӕй.
Ӕфсымӕр Лёш загъта: «Миссионертӕ дӕр сӕ ахсджиаг куыст кӕнгӕйӕ хъуамӕ сӕ зӕрдӕ Хуыцауыл дарой. Чи зоны, мӕт кӕнут: „Цымӕ мӕ бон ног ӕвзаг сахуыр кӕнын бауыдзӕн? Ӕндӕр адӕмы ’хсӕн цӕрын сахуыр уыдзынӕн? Мӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ дард цӕрын мӕ бон бауыдзӕн, тынг ӕй нӕ мысдзынӕн?“» Цавӕр дзуапп раттӕн ис ацы фарстатӕн? «Уӕ зӕрдӕ дарут Йегъовӕйыл»,– сразӕнгард кодта студентты Геррит Лёш.
Ӕфсымӕр Лёш ма бакаст Ӕмбисӕндтӕ 14:26 стих дӕр: «Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уый йыл йӕ зӕрдӕ фидарӕй дары». Нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл тынгдӕр дардзыстӕм, цы бирӕ арфӕдзинӕдтӕй нӕ хайджын кӕны, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд.
Йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дары, ахӕм адӕймаджы тыххӕй Библийы фыст ис: «Уыцы адӕймаг уыдзӕн доны был сагъд бӕласы хуызӕн, йӕ уидӕгтӕ цӕугӕдонмӕ чи ауагъта, ахӕм бӕласы хуызӕн. Тӕвд ӕм нымады дӕр нӕ уыдзӕн ӕмӕ сыфтӕрӕй нӕ зындзӕн» (Йереми 17:7, 8).
Ацы ныхӕстӕй нӕ бон зондӕн райсӕн цы у, уый бӕлвырд у. «Разӕй уӕм цыфӕнды ма ӕнхъӕлмӕ кӕса – уӕ зӕрдӕ дарут Йегъовӕйыл»,– загъта ӕфсымӕр Лёш.
«Фӕзмут иузӕрдион зӕдты»
Ацы раныхасимӕ рацыд Стивен Летт, уый дӕр у Разамонӕг советӕй. Стивен Летт загъта, зӕдты нӕ бон бирӕ цӕмӕйдӕрты кӕй у бафӕзмын. «Зӕдты тыххӕй Библийы цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у – алцӕмӕй дӕр нын сты фӕзминаг»,– загъта ӕфсымӕр Летт. Стӕй ранымадта, зӕдтӕм цы миниуджытӕ ис, уыдонӕй цыппар: фидардзинад, сӕрныллӕгдзинад, ӕххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй сты, стӕй иузӕрдиондзинад.
Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй иу зӕд 21 боны лӕууыд «Персы паддзахады кънйазы» ныхмӕ, ома тыхджын дӕлимоны ныхмӕ (Данел 10:13). Уыцы зӕд равдыста фидардзинад. Ӕфсымӕр Летт загъта, зӕгъгӕ, чырыстӕттӕ дӕр тох кӕнынц «фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ» (Ефесӕгтӕм 6:12). «Хъӕбатырӕй тох кӕнут, цӕмӕй уӕ лӕггад ма ныууадзат»,– загъта студенттӕн.
Тӕрхонгӕнджыты 13:17, 18). Ӕфсымӕр Летт студенттӕн загъта: «Исчи уӕ ӕгӕр куы ’ппӕла ӕмӕ уын уӕ курдиӕттыл куы дис кӕна, уӕд-иу уӕхицӕй ма ныббуц ут, фӕлӕ-иу сӕрныллӕгӕй зӕгъут, Йегъовӕ ӕмӕ уӕ йӕ организаци кӕй ахуыр кӕнынц» (1 Коринфӕгтӕм 4:7).
Самсоны фыд Маной зӕды йӕ номӕй куы бафарста, уӕд ын ӕй нӕ загъта. Уымӕй уыцы зӕд равдыста сӕрныллӕгдзинад (Чырысти йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ Гефсиманийы дыргъдоны куы уыди, уӕд ӕм «уӕларвӕй ӕрцыди зӕд ӕмӕ йӕ бафидар кодта» (Лукайы 22:43). Уымӕй уыцы зӕд равдыста, ӕххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уый. Ӕфсымӕр Летт загъта: «Хуыцаумӕ-иу кувут, цӕмӕй бамбарат, кӕм лӕггад кӕнут, уым адӕмы фылдӕр цавӕр ӕххуыс хъӕуы, ӕмӕ сын стӕй, Йегъовӕйы фӕрцы, уӕ бон цы у, уымӕй ӕххуыс кӕнут».
Хӕйрӕджы фӕдыл зӕдтӕн ӕрмӕстдӕр сӕ къаддӕр хай ацыд. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у зӕгъын, сӕ фылдӕр нын сӕ иузӕрдиондзинадӕй фӕзминаг кӕй сты (Раргомад 12:4).
«Уыцы иузӕрдион зӕдтау Хӕйрӕджы ныхмӕ тох кӕнут,– сразӕнгард кодта студентты Стивен Летт.– Йӕ ныхмӕ фидар слӕуут, ӕмӕ уӕ алидздзӕн».
Ноджыдӕр ма ӕртӕ ахсджиаг хъуыдыйы программӕйӕ
«Йегъовӕ уӕд уӕ зӕрдӕйы „къӕдзӕх“». Ацы цымыдисаг раныхас арӕзт уыди 73-ӕм псаломы 26 стихыл (фип.), радзырдта йӕ Гэри Бро, Америкӕйы Иугонд Штатты филиалы комитетӕй. Ӕфсымӕр Бро студенттӕн баххуыс кодта бамбарын, куыд ахсджиаг сын у Йегъовӕйыл сӕ ныфс дарын. Йегъовӕйы къӕдзӕхимӕ абарӕн цӕмӕн ис? Ӕфсымӕр Бро загъта: «Тыхджын дымгӕ гӕххӕтты гӕбаз куы фелваса ӕмӕ йӕ куы ахӕсса, уӕд ӕй къӕдзӕх бауромдзӕн. Раст афтӕ уыл Йегъовӕ дӕр йӕ фидар къухӕй хӕцдзӕн ӕмӕ уын йӕ фарн уӕ зӕрдӕ хъахъхъӕндзӕн». Нӕ фидардзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд нӕ, чи зоны, нӕ зӕрдӕ рӕдыд зондыл дӕр араза (Йереми 17:9). Миссионертӕ сӕмбӕлынц алыхуызон зындзинӕдтыл. Зӕгъӕм, хъӕуы сӕ ахуыр кӕнын ӕндӕр климӕт ӕмӕ ӕндӕр хӕринӕгтыл, стӕй, миссионерты хӕдзары кӕимӕ цӕрой, уыдонимӕ кӕрӕдзи ӕмбарыныл. Уыдӕттӕй сын исты, гӕнӕн ис, ахӕм фӕлварӕн суа, ӕмӕ сӕ бафӕнда сӕ лӕггад ныууадзын. Ӕфсымӕр Бро загъта: «Ахӕм уавӕрты-иу бахаудзыстут, ӕмӕ уӕ ӕнӕмӕнгӕй хъӕудзӕн ахъуыды кӕнын, куыд бакӕнат ӕмӕ цавӕр уынаффӕ рахӕссат. Йегъовӕйы зӕрдӕ чи барухс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕ рахӕсдзыстут? Кӕд о, уӕд Йегъовӕ суыдзӕн уӕ зӕрдӕйы „къӕдзӕх“. Уый уын раст фӕндаг амондзӕн».
«Уыйбӕрц уырнындзинад уӕм ис, цӕмӕй уӕ „къӕхтӕ схуылыдз кӕнат“?» Ацы раныхас арӕзт уыди Йесо Навины чиныджы 3 сӕрыл, радзырдта йӕ Сэм Роберсон, Галаады скъолайы ахуыргӕнджытӕй иу. Цымӕ цалдӕр милуан израилагӕн сӕ бон куыд сси Иорданы ивылд дӕтты сӕрты ахизын? Йегъовӕ Йесо Навинӕн загъта, цӕмӕй сауджынтӕн бафӕдзӕхстаид, зӕгъгӕ, «доны бахизут ӕмӕ уым ӕрлӕуут». Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта: «Сауджынтӕ куыддӕр сӕ къах Иорданы доны ӕрӕвӕрой, афтӕ... [дӕттӕ] ӕрлӕудзысты ӕмӕ донуромӕн къулау слӕудзысты» (Йесо Навин 3:8, 13). Ӕфсымӕр Роберсон студенттӕн загъта: «Уӕ размӕ дӕр-иу уыдзӕн, Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕй уӕ сӕ бон ӕнӕхай фӕкӕнын кӕмӕн у, ахӕм „цӕугӕдӕттӕ“». Чи зоны сын ахӕм «цӕугӕдон», ома зындзинад, суа, иннӕ миссионертимӕ кӕрӕдзийы куы не ’мбарой, уый. Ахӕм уавӕры сӕ цы бакӕнын хъӕудзӕн? «Кусджытӕм ма кӕсут, фӕлӕ куыстмӕ»,– загъта ӕфсымӕр Роберсон. Стӕй ног миссионерты баразӕнгард кодта: «Уыйбӕрц уырнындзинад уӕм куы разына, цӕмӕй уӕ „къӕхтӕ схуылыдз кӕнат“, уӕд уын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн, миссионертӕй лӕггад кӕнгӕйӕ цы „цӕугӕдӕттыл“ ӕмбӕлат, уыдоны сӕрты хизынӕн».
«Архайут, цӕмӕй уӕ фӕндтӕ уӕ къухы бафтой». Афтӕ хуынди Галаады ахуыргӕнӕг Уильям Сэмюэлсоны раныхас. Йӕ раныхас арӕзт уыди Ӕмбисӕндтӕ 16:3 стихыл. Уым фыст ис: «Дӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы бар бакӕн, ӕмӕ дӕ фӕндтӕ дӕ къухы бафтдзысты». Ӕфсымӕр Сэмюэлсон студенттӕм радта ахӕм фарста: «Цымӕ ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ „уӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы бар бакӕнынӕй“ дарддӕр уӕ ницы аразын хъӕуы, цӕмӕй уӕ фӕндтӕ уӕ къухы бафтой?» Нӕ, уый афтӕ нӕу, загъта ӕфсымӕр Сэмюэлсон, уымӕн ӕмӕ Ӕмбисӕндтӕ 16:1 стихы фыст ис: «Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ йӕхицӕй аразгӕ сты». Ӕфсымӕр Сэмюэлсон загъта: «Йегъовӕ уын диссаджы хуызы уӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ растырдӕм нӕ араздзӕн. Уӕхӕдӕг хъуамӕ архайат, цӕмӕй раст фӕндагыл цӕуат. Библи куы ахуыр кӕнат, куы куват ӕмӕ, кӕм лӕггад кӕнут, уыцы бӕстӕйы филиалимӕ ӕмгуыст куы кӕнат, уӕд уӕ уӕ зӕрдӕ никуы асайдзӕн ӕмӕ уын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕ фӕндтӕ уӕ къухы бафтой».
Хабӕрттӕ уацамындӕй ӕмӕ интервьютӕ
Студенттӕ Галаады скъолайы куы ахуыр кодтой, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бынӕттон ӕмбырдтимӕ хорз хабар хъусын кӕнынмӕ дӕр цыдысты. Марк Нумар, уый дӕр Галаады скъолайы ахуыргӕнӕг, цалдӕр студентӕй райста интервью, ӕмӕ сӕ бафарста, уацамынды куы уыдысты, уӕд сыл цавӕр цымыдисаг хабӕрттӕ ’рцыд. Цы хабӕрттӕ радзырдтой, уыдонӕй бӕрӕг уыди, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы агургӕйӕ кувын куыд ахсджиаг у, уый.
Иу хабар уыд ахӕм. Студенттӕй дыууӕйӕ, лӕг ӕмӕ ус, бацыдысты кафемӕ. Кафейы кусӕг бафиппайдта, хӕрды размӕ сӕхинымӕр кӕй скуывтой. Уӕд сӕм бацыд ӕмӕ сӕ бафарста, зӕгъгӕ, мыййаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ не стут. Куы йын загътой, о, зӕгъгӕ, уӕд сын радзырдта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бинонты ’хсӕн кӕй схъомыл, фӕлӕ раст фӕндагӕй кӕй адзӕгъӕл. Суанг ма цыдӕр фыдракӕнд дӕр ракодта ӕмӕ ахӕстонмӕ дӕр бахауд. Фӕлӕ ныр уыцы лӕппуйы фӕндыд фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхын. Радзырдта ма сын, кафемӕ куы ’рбацыдысты, уый размӕ Хуыцаумӕ кӕй куывта, цӕмӕй йын баххуыс кӕна йӕ рӕдыдтытӕ сраст кӕнынӕн. Ӕмӕ йын Хуыцау йӕ куывд фехъуыста!
«Бафӕлварут ӕмӕ базонут, Йегъовӕ куыд хорз у, уый» – ацы хъуыдыйыл аныхас кодта Руди Хартл, лӕггад кӕны, Библи ӕмӕ ӕндӕр литературӕйы фӕдыл кӕсджытӕн сӕ фарстатӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы хайады. Ӕфсымӕр Хартл интервью райста, Галаады скъола каст чи фӕци, ӕртӕ ахӕм ӕфсымӕрӕй – Уэн Риджуэйӕ (лӕггад кӕны Мозамбикы) Джейсон Ридӕй (лӕггад кӕны Чилийы) ӕмӕ Кэндзи Чичиийӕ (лӕггад кӕны Непалы). Ацы ӕфсымӕртӕ ӕргом радзырдтой, миссионертӕй лӕггад кӕнын куы райдыдтой, уӕд цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, хъуыди сӕ ӕндӕр ӕвзаг базонын, ӕндӕр ӕгъдӕуттыл ахуыр кӕнын ӕмӕ, сӕ райгуырӕн бӕстӕ тынг кӕй мысыдысты, уыцы ӕнкъарӕнимӕ тох кӕнын. Ӕфсымӕр Чичии загъта: «Мӕ бинойнагимӕ нын цы баххуыс кодта, уыцы хъуыддӕгтӕй иу уыди уый, ӕмӕ ног ӕмбырды нӕхицӕн уайтагъд ӕмбӕлттӕ агурын кӕй райдыдтам. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл нӕхи цас тынгдӕр бастам, уыйас къаддӕр мысыдыстӕм нӕ райгуырӕн бӕстӕ».
56 студенты сӕ дипломтӕ куы райстой, уӕд къласы номӕй иу ӕфсымӕр бакаст зӕрдӕмӕхъаргӕ фыстӕг арфӕйы ныхӕстимӕ. Сӕ фыстӕджы бузныг загътой Разамонӕг советӕн дӕр: «Не ’ппӕт дӕр нӕхиуыл банкъардтам уӕ уарзондзинад, уынӕм ӕй, уӕхиуыл кӕй нӕ ауӕрдут, уый. Бацӕттӕ нын кодтат программӕ ахуыр кӕнынӕн, къласы дӕр-иу нӕ абӕрӕг кодтат ӕмӕ-иу нын нӕ уырнындзинад чи бафидар кодта, ахӕм уынаффӕтӕ радтат. Уӕ уарзондзинад нын кӕй нӕ хӕлӕг кодтат, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр, кӕм лӕггад кӕндзыстӕм, уым архайдзыстӕм, цӕмӕй сымахау адӕмы уарзӕм, уӕм фӕразон, сӕрныллӕг ӕмӕ алы адӕймагӕн дӕр йӕ цин ӕмӕ йӕ маст ӕмбарӕм».
[Хицӕнгонд текст 28 фарсыл]
«Исчи уӕ ӕгӕр куы ’ппӕла... уӕд-иу уӕхицӕй ма ныббуц ут»
[Хицӕнгонд текст 29 фарсыл]
«Уӕ размӕ дӕр-иу уыдзӕн... „цӕугӕдӕттӕ“»
[Таблицӕ/Картӕ 31 фарсыл]
КЪЛАСЫ БӔРӔГГӔНӔНТӔ
Цал бӕстӕйӕ уыдысты: 9
Цал студенты дзы уыди: 56
Цал къайы уыдысты: 28
Рӕстӕмбис нымадӕй сыл цал азы цӕуы: 33,0
Рӕстӕмбис нымадӕй цал азы сты донаргъуыд: 17,9
Рӕстӕмбис нымадӕй цал азы лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг: 13,3
[Картӕ]
(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)
Миссионерты арвыстой, дӕлдӕр цы бӕстӕтӕ амынд ис, уырдӕм
МИССИОНЕРТЫ КӔДӔМ АРВЫСТОЙ, УЫЦЫ БӔСТӔТӔ
БОЛИВИ
БОТСВАНӔ
БОЛГАРИ
КОНГО (КИНШАСӔ)
КОТ-Д’ИВУАР
ГАМБИ
ГЕРМАНИ
ИНДИ
ИНДОНЕЗИ
КЕНИ
ЛИБЕРИ
МАКЕДОНИ
МАДАГАСКАР
МАЛАЙЗИ
МОЗАМБИК
ПАНАМӔ
ПЕРУ
ПОЛЬШӔ
РУМЫНИ
СЕРБИ
СЬЕРРА-ЛЕОНЕ
СВАЗИЛЕНД
ТАНЗАНИ
УГАНДӔ
ЗИМБАБВЕ
[Ныв 30 фарсыл]
Галаады скъолайы студенттӕ ӕвдисынц уацамындӕй иу хабар
[Ныв 31 фарсыл]
Галаады скъолайы 129 кълас каст чи фӕци, уыдон
Ацы хыгъды рӕнхъытӕ амынд сты раззагӕй фӕстагмӕ, нӕмттӕ та – галиуырдыгӕй рахизырдӕм.
1) Мунаретто Р.; Улофссон И.; Баден Н.; Найджон Л.; Мойя Дж.; Тревиньо Г.; Дион А.; Флиджел А.
2) Смит Дж.; Майкл Радж Дж.; Смит Ш.; Парамо А.; МакДоналд Дж.; Динс М.; Джойел С.; Уотсон Л.
3) Джойел С.; Кроли Т.; Хакер Д.; Шинкаренко Дж.; Напп Т.; Эйлинг Дж.; Хайли К.; Улофссон Б.
4) Фицпатрик М.; Найджон Б.; Скаллеруд Л.; Харрис Э.; Харрис С.; Баден Р.; Парамо Й.; Скаллеруд К.
5) Кроли Б.; Майкл Радж Дж.; Лодж Э.; Лодж Р.; Гермс Н.; Фицпатрик Дж.; Мойя Р.; Мунаретто П.
6) Уотсон С.; Динс М.; Хакер Дж.; МакДоналд Дж.; Тревиньо Дж.; Харрис Ш.; Гермс К.; Харрис П.
7) Шинкаренко В.; Хайли Т.; Смит А.; Дион Дж.; Эйлинг Р.; Смит Б.; Напп Т.; Флиджел Б.