Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бинонты цард цӕмӕн фехӕлы?

Бинонты цард цӕмӕн фехӕлы?

«Уӕд та [Йесомӕ] бацыдысты фарисейтӕ, ракъахӕм ӕй, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ бафарстой: „Лӕгӕн алцӕй тыххӕй дӕр ис йӕ усӕй хицӕн кӕныны бар?“» (Матфейы 19:3).

ЧЫРЫСТИЙЫ рӕстӕг чи цард, уыдонӕй иуӕй-иутӕм афтӕ каст, ӕмӕ лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон нӕу иумӕ цӕрӕнбонты фӕцӕрын, стӕй уый ӕнӕмӕнг дӕр кӕй нӕу. Йесо уыцы адӕмӕн загъта: «Ау, нӕ кастыстут, райдианы сӕ чи сфӕлдыста, уый сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй кӕй сфӕлдыста, ӕмӕ кӕй загъта: „Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар“? Гъемӕ дыууӕ нал сты, фӕлӕ – иу буар. Уӕдӕ Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Матфейы 19:4–6) *. Бӕрӕг у, Хуыцауы кӕй фӕндыд, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус цӕрӕнбонты иумӕ цардаиккой.

Абон бирӕ бӕстӕты бинонтӕн сӕ 40 проценты кӕнӕ фылдӕр ахицӕн вӕййынц. Цымӕ Библийы цы фыст ис, зӕгъгӕ, лӕг ӕмӕ ус цӕрӕнбонты хъуамӕ иумӕ цӕрой, уый абоны царды нал ахады? Цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Хуыцау фыццаг лӕг ӕмӕ усы куы баиу кодта, уӕд цӕмӕйдӕр фӕрӕдыд ӕмӕ абон дӕр бинонты цард уый аххосӕй фехӕлы?

Зӕгъӕм, дыууӕ бинонтӕ балхӕдтой ӕмхуызон машинӕтӕ. Иутӕ дзы сӕ машинӕмӕ хорз зилынц, стӕй йыл цӕугӕ дӕр арӕхстгай кӕнынц. Уый фӕрцы сӕ машинӕ хорз кусы. Иннӕ бинонтӕ та сӕ машинӕмӕ ӕппындӕр нӕ зилынц ӕмӕ йыл куы фӕцӕуынц, уӕд лӕмбынӕг нӕ вӕййынц. Ахӕм бинонтӕн сӕ машинӕ куы фехӕла ӕмӕ ӕнӕ машинӕйӕ куы баззайой, уӕд сын кӕй аххос уыдзӕн – машинӕйы ӕви сӕхи? Бӕрӕг у, сӕйраджыдӕр сӕхи аххос кӕй уыдзӕн.

Бинонты царды хабар дӕр афтӕ у. Бирӕтӕ кӕй ахицӕн вӕййынц, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, Хуыцау фыццаг лӕг ӕмӕ усы цард куы баиу кодта, уӕд цӕмӕйдӕр фӕрӕдыд. Уый уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ бирӕ бинонтӕ сты амондджын. Уыцы бинонты ӕрмӕст лӕг ӕмӕ ус нӕ вӕййынц амондджын, фӕлӕ сӕ сывӕллӕттӕ дӕр, стӕй сӕ фарн ӕмӕ сӕ амондӕй хайджын вӕййынц адӕм дӕр. Фӕлӕ бинонты цардмӕ дӕр хъӕуы «зилын», машинӕмӕ куыд хъӕуы зилын, афтӕ. Уӕд лӕг ӕмӕ ус цӕрӕнбонты иумӕ «а» ӕмӕ «о»-йӕ цӕрдзысты.

Дӕ цардӕмбалимӕ цалдӕр боны йеддӕмӕ нӕма цӕрыс ӕви бирӕ азты стут иумӕ – Библийы уынаффӕтӕ уын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уӕ цард фӕхуыздӕр уа ӕмӕ амондджынӕй цӕрат. Иннӕ статьяйы бакӕсдзынӕ уыцы уынаффӕтӕй цалдӕр ӕмӕ сӕ иуӕй-иутӕ царды куыд спайда кодтой, уый тыххӕй.

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Библимӕ гӕсгӕ, хицӕн кӕнӕн ис, лӕг кӕнӕ ус куы хӕта, ӕрмӕстдӕр уӕд (Матфейы 19:9).