Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Облӕстон конгресстӕ Уӕрӕсейы хӕссынц стыр циндзинад

Облӕстон конгресстӕ Уӕрӕсейы хӕссынц стыр циндзинад

УӔРӔСЕЙЫ цӕрджытӕ тынг уарзынц сӕ рӕстӕг ӕрдзыхъӕбысы ӕрвитын ӕмӕ сӕ бирӕтӕ алы сӕрд дӕр бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй сӕхи айсынц дачӕтӕм ӕмӕ сӕрд уым арвитынц. Уый фӕрцы горӕты тыхст цардӕй гыццыл баулӕфынц. Фӕстаг цалдӕр азы Уӕрӕсейы цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр алы сӕрд стыр къордтӕй ацӕуынц ӕрдзыхъӕбысмӕ, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ ӕнӕуи сӕ рӕстӕг арвитой.

Кӕд Уӕрӕсейы иуӕй-иу горӕтты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъусын кӕнын хъыгдарынц, уӕддӕр дарддӕр дӕр иумӕ ӕмбырд кӕнынц, цӕмӕй Хуыцауӕн кувой, уымӕн ӕмӕ сын уыцы бар ис закъонмӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ хицӕуттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ кӕй фехъусынц, стӕй православон сауджынтӕ сӕ ныхмӕ кӕй фӕцӕуынц, уый тыххӕй сын хатт ӕнцон нӕ вӕййы, алы аз дӕр сын сӕрды цы облӕстон конгресстӕ вӕййы, уыдон ауадзынӕн бынат ссарын. Уымӕ гӕсгӕ конгресстӕ скӕнынц ӕрдзыхъӕбысы, искуы хъӕды кӕнӕ быдыры. 2007 азӕй 2009 азмӕ ӕгас Уӕрӕсейы дӕр ахӕм «куывдтӕ» скодтой 40 хатты бӕрц 25 раны.

Уӕрӕсейы конгресстӕм бирӕ азты дӕргъы чи цӕуы, иу ахӕм ӕфсымӕр афтӕ зӕгъы: «Раздӕр-иу стыр горӕтты стадионтӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕстыхӕйттӕ куы баххуырстам, уӕд-иу сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕй ӕмӕ бынӕттон хицӕуттӕй бирӕтӕ сӕхи цӕстӕй федтой нӕ сыгъдӕгдзинад ӕмӕ нӕ уаг ӕмӕ не ’гъдау, ӕмӕ-иу уый фӕрцы хуыздӕр бамбӕрстой, чи стӕм, уый. Фӕлӕ нӕ ныр конгресстӕ уадзын хъӕуы хъӕды, ӕмӕ нӕ уым хъӕддаг сырдты йеддӕмӕ ничи „уыны“. Хъыгагӕн, уый фадат нал ис, ӕмӕ адӕм уыной, уыцы диссаджы фембӕлдты алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у, алыхуызон уавӕрты чи схъомыл ӕмӕ алыхуызон динтыл хӕст чи уыд, ахӕм адӕм иумӕ куыд ӕрӕмбырд вӕййынц, уый».

Кӕд Хуыцауы адӕмӕн ахӕм фембӕлдтӕ стыр цины хос вӕййынц, уӕддӕр бирӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц. Мӕнӕ цы загъта иу Ӕвдисӕн: «Не ’муырнджытӕ цыфӕнды зын уавӕрты дӕр Йегъовӕйыл куыд иузӕрдион сты ӕмӕ йын куыд удуӕлдайӕ лӕггад кӕнынц, уый уынгӕйӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы. Фӕлӕ нӕ хицауад конгресстӕ уадзын куы фӕхъыгдары, уӕд уыйбӕрц цыдӕртӕ бахъӕуы саразын, ӕмӕ, раст зӕгъгӕйӕ, нӕ сӕрыл куырой разилы. Стӕй уый тыххӕй нӕ бон нӕ вӕййы Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кувын». Уӕрӕсейы цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы зындзинӕдты сӕрты куыд ахизынц?

Конгресстӕ хъӕды

Арӕх-иу афтӕ рауад, ӕмӕ-иу конгрессы тыххӕй дзуапп чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕртӕ кӕимӕ баныхас кодтой, уыдон-иу конгрессы хӕдразмӕ разы нал уыдысты бынат раттыныл. Ӕмӕ-иу ӕфсымӕртӕн ӕндӕр бынат ссарынӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр бацӕттӕ кӕнынӕн цалдӕр боны йеддӕмӕ нал баззад. Зӕгъӕм, 2008 азы горӕт Чебоксары (Республикӕ Чуваши) Ӕвдисӕнты облӕстон конгресс ауадзын бахъуыд стыр турбазӕйы. Уыцы турбазӕ ис бӕрзбӕлӕсты астӕу ӕмӕ уырдыгӕй зыны Волгӕйы цӕугӕдон. Ӕфсымӕртӕм ӕнхъӕлмӕ каст бирӕ куыст. Конгресмӕ хъуамӕ ӕрбацыдаид 1 930 адӕймаджы ӕмӕ дзы 1 700 адӕймагӕн, кӕм фынӕй кодтаиккой, ахӕм бынӕттӕ скӕнын хъуыди турбазӕйӕн йӕхи мидӕг. Хъуыди хихсӕн бынӕттӕ ӕмӕ раковинӕтӕ сӕвӕрын ӕмӕ сӕм хъарм ӕмӕ уазал дон бауадзын, стӕй туалеттӕ сӕвӕрын ӕмӕ рухс бауадзын дӕр. Уымӕй уӕлдай ма сӕ ууыл дӕр хъуыди батыхсын, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр хӕринаг уыдаид.

Ӕфсымӕртӕ бирӕ бафыдӕбон кодтой, цӕмӕй ӕппӕт дӕр бацӕттӕ кодтаиккой. Ссардтой пълотниктӕ, электриктӕ ӕмӕ сантехниктӕ. Конгрессы бынат бацӕттӕ кӕнынӕн ӕххуыс кодтой 350 Ӕвдисӕны. Уыдонӕй 14 адӕймаджы дӕс боны дӕргъы ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр уыдысты уым. Уыцы ӕфсымӕртӕ фастой фӕйнӕджытӕ, хъӕмп хастой ӕмӕ йӕ зӕххыл тыдтой, стӕй пъалаткӕтӕ, хихсӕн бынӕттӕ ӕмӕ туалеттӕ ӕвӕрдтой. Цалдӕр ӕфсымӕры та горӕтмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ дыууӕрдӕм кодтой, цӕмӕй-иу, цы хъуыди, уыдӕттӕ балхӕдтаиккой. Холодильниктӕ дзы кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕртӕ бауынаффӕ кодтой, бон ӕртӕ хатты хӕринаг уым кӕй кӕндзысты, цӕмӕй алчидӕр хъарм хӕринаг хӕра. Турбазӕйы хицауимӕ баныхас кодтой, ӕмӕ сын цалдӕр кусӕджы радта, цӕмӕй, конгресмӕ чи ӕрбацыд, уыдонӕн хӕринаг кодтаиккой. Иудзырдӕй, бынат разынд алкӕмӕн дӕр: 500 адӕймаджы семӕ ӕрбахастой пъалаткӕтӕ, 150 адӕймаджы баххуырстой, турбазӕмӕ хӕстӕг цы хӕдзӕрттӕ уыди, уыдон, 15 адӕймагмӕ та ахӕм амонд ӕрхауд, ӕмӕ бӕхдоны хосыл хуыссыдысты, иннӕтӕ та фынӕй кодтой, ӕфсымӕртӕ кӕй сарӕзтой, уыцы пъалаткӕты.

Адӕм конгресмӕ куы ’рхӕццӕ сты, уӕд федтой дуне ӕрвхуыз пластмасс бандӕттӕ рӕгъ-рӕгъ ӕвӕрдӕй. Разӕй та уыди, дидинджытӕй кӕй срӕсугъд кодтой, дыууӕ ахӕм хуымӕтӕг сценӕйы: иу – программӕмӕ уырыссаг ӕвзагыл чи хъуыста, уыдонӕн, иннӕ та – чувашаг ӕвзагыл ӕм чи хъуыста, уыдонӕн. Библийыл арӕзт программӕ се ’ппӕты зӕрдӕмӕ дӕр тынг фӕцыд ӕмӕ бузныг уыдысты, конгресс бацӕттӕ кӕныныл чи фыдӕбон кодта, уыдонӕй. Хӕринаг чи кодта, уыцы кусджытӕй сӕ иу фырдиссагӕй загъта: «Адӕттӕ мӕхи цӕстӕй куы нӕ федтаин, уӕд мӕ никуы бауырныдтаид, зӕххыл ахӕм организаци кӕй ис, ӕмӕ дзы алцыдӕр афтӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уа!» Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ та дзырдтой, уыцы конгресс сын сӕ зӕрдыл кӕй ӕрлӕууын кодта Халагъудты бӕрӕгбон, раджы заманты Израилы адӕм кӕй бӕрӕг кодтой, уыцы бӕрӕгбон.

Ӕндӕр горӕтты та-иу арӕх афтӕ рауад, ӕмӕ-иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн уыдис ӕрмӕстдӕр иу бон, цӕмӕй облӕстон конгресс ауадзынӕн ӕндӕр бынат ссардтаиккой ӕмӕ ӕппӕт дӕр бацӕттӕ кодтаиккой. Зӕгъӕм, Нижний Новгороды конгресс ауадзынӕн цы бынат ссардтой, уым ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзи ивгӕйӕ куыстой ӕнӕхъӕн бон ӕмӕ ӕхсӕв. Хъуыди дзы бӕлӕстӕ ӕмӕ къутӕртӕ акалын, кӕрдӕг ныккӕрдын ӕмӕ хос бапырх кӕнын, цӕмӕй хъӕндилтӕ ӕмӕ мӕлдзыджытӕ макӕуыл фӕхӕцыдаиккой. Майрӕмбоны райсомӕй адӕмы ӕрцыдмӕ ӕфсымӕртӕ сӕвӕрдтой 2 000 пластмасс бандоны, дӕс туалеты ӕмӕ хихсӕн раковинӕтӕ. Стӕй ма сӕвӕрдтой сценӕ, генератор ӕмӕ аппаратурӕ дӕр, цӕмӕй-иу сценӕйӕ чи дзырдтаид, уымӕн йӕ ныхас алкӕмӕ дӕр хорз хъуыстаид. Мӕнӕ цы загъта иу ӕфсымӕр: «Диссаг уый уыди, ӕмӕ ӕнӕхъӕн суткӕ ӕнӕрулӕфгӕйӕ чи фыдӕбон кодта, уыцы ӕфсымӕртӕ сӕхицӕн кад нӕ агуырдтой, фӕлӕ программӕйы рӕстӕджы дӕр иннӕтӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кодтой. Уыдон сӕ удтыл нӕ бацауӕрстой, цӕмӕй ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты мацы хъыгдардтаид ӕмӕ программӕмӕ дзӕбӕх байхъуыстаиккой».

Иу ӕфсымӕр та ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Афтӕ мӕм касти, цыма зиуы дӕн – не ’ппӕт дӕр иумӕ фыдӕбон кодтам. Кӕд ӕфсымӕртӕ ӕрдзыхъӕбысы конгресс фыццаг хатт уагътой ӕмӕ сын рӕстӕг дӕр бирӕ нӕ уыди, уӕддӕр алцӕуыл дӕр батыхстысты, цӕмӕй конгрессы рӕстӕджы, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, къаддӕр къуылымпытӕ уыдаид. Куыст куы фестӕм, уӕд нӕ иуӕй дӕр афтӕ зӕгъӕн нӕ уыди, ӕмӕ бафӕллад. Йегъовӕ ныл раст цыма базыртӕ басагъта, афтӕ уыдыстӕм!»

Хуыцауы тыхы ӕххуыс

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн конгрессты рӕстӕджы цы зындзинӕдтӕ фӕзыны, уыдоны фӕрцы кӕрӕдзимӕ ноджы ӕнгомдӕр фӕвӕййынц ӕмӕ сын Хуыцау йӕ тыхӕй куыд ӕххуыс кӕны, уый фенынц. Зӕгъӕм, Смоленскы ӕфсымӕртӕ цӕрӕнбынӕтты тыххӕй кӕимӕ баныхас кодтой, уыдонӕй бирӕтӕ конгрессы хӕдразмӕ сӕ ныхас фӕивтой. Иу хистӕр нӕлгоймаг зӕгъы: «Ӕхсӕвы фыццаг сахатыл ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ автобустыл ӕрхӕццӕ сты, кӕм сӕ ӕрцӕрын кодтаиккам, уый та нӕ уыди. Ӕмӕ фыртыхстӕй ныккуыдтон, уымӕн ӕмӕ сӕ цы фӕкодтаиккам, уымӕн ницы зыдтон. Гъемӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдтон, баххуыс-ма нын кӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ сахаты фӕстӕ се ’ппӕтӕн дӕр бынӕттӕ куы ссардтам, уӕд ма мӕнӕй амондджындӕр кӕм уыд! Уый уыди ӕцӕгдӕр диссаг. Афтӕмӕй федтам, Йегъовӕ рӕстгӕнӕджы кӕй никуы ныууадзы!» Ӕндӕр ран та конгрессы рӕстӕджы ӕфсымӕртӕ бахатыдысты хъӕуы цӕрджытӕм, цӕмӕй конгресмӕ чи ӕрцыдаид, уыдоны сӕхимӕ ӕрцӕрын кодтаиккой. Ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн уыцы хъӕуы хорз ном кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ хъӕуы цӕрджытӕ сразы сты 2 000 адӕймагӕн бынӕттӕ раттыныл.

«Конгресс ауадзын нын кӕй бантыст, уый фӕрцы ноджы хуыздӕр бамбӕрстон, цыфӕнды уавӕры дӕр нӕ бон кӕй у нӕ ныфс Йегъовӕйы ӕххуысыл дарын»,– загъта иу Ӕвдисӕн. Уый-иу уӕлдай тынгдӕр рабӕрӕг, конгресмӕ-иу ӕнӕхуынд уазджытӕ куы ’рбацыд ӕмӕ-иу змӕнтын куы райдыдтой, уӕд. Зӕгъӕм, Новошахтинскы конгресс кӕм цыди, уырдӕм ӕрбацыдысты православон сауджынтӕ ӕмӕ ма семӕ ноджыдӕр бирӕ ӕндӕр адӕм. Уыдон микрофонӕй хъӕрӕй гимнтӕ ӕмӕ сӕ дины зарджытӕ зарыдысты, цӕмӕй, раныхас кӕмӕн уыд, уый мачиуал хъуыстаид. Фӕлӕ сӕ милицӕйы кусджытӕ конгресс бакъуылымпы кӕнын нӕ бауагътой. Змӕнтджытӕй сӕ иуӕн, православон диныл хӕст сылгоймагӕн, тӕвды йӕ зӕрдӕ бахъарм, ӕмӕ йӕ ӕфсымӕртӕ конгрессы Фыццаг ӕххуысы хайадмӕ баскъӕфтой ӕмӕ йын уым баххуыс кодтой. Сылгоймагмӕ тынг диссаг фӕкаст, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ йын афтӕ кӕй баххуыс кодтой, уый.

Дисы бафтыдысты

Уӕрӕсейы бирӕ адӕм иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййынц, уӕд ӕрмӕст бынӕттон цӕрджыты цӕсты нӕ бахауынц. Терроризмӕй тӕссаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ахӕм фембӕлдтӕм сӕ хъус лӕмбынӕг фӕдарынц барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтӕ дӕр. Зӕгъӕм, Волжскийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъӕды конгресс куы уыди, уӕд сӕм ӕрбацыдысты милицӕйы кусджытӕ, экстремизмы ныхмӕ чи тох кӕны, уыцы хайадӕй. Сӕ иуӕн конгрессы рӕстӕджы йӕ телефон фесӕфт, фӕлӕ йын ӕй ӕфсымӕртӕ, сӕфт дзаумӕттӕ кӕдӕм бахӕссынц, уым ссардтой. Гыццыл фӕстӕдӕр ӕм йӕ хицау телефонӕй ӕрбадзырдта ӕмӕ йӕ бафарста, конгрессы исчи фыдхъуыддӕгтыл кӕнӕ экстремизмыл ардауы, зӕгъгӕ. Милиционер ын дзуапп радта: «Цӕй экстремизм ӕмӕ цӕй цыдӕр! 5 000 адӕймаджы дзы ис, фӕлӕ дзы ӕвзӕрӕй ничи ницы аразы. Дӕхӕдӕг-ма ахъуыды кӕн, мӕ телефон фесӕфт, ӕмӕ йӕ уыдон ссардтой ӕмӕ мын ӕй фӕстӕмӕ радтой!»

Иу хъахъхъӕнӕджы та дисы бафтыдта, конгресс кӕм цыд, уым куыд сыгъдӕг уыди, уый. Ноджы тынгдӕр та ууыл бадис кодта, ӕмӕ дзы кӕд бирӕ сывӕллӕттӕ уыди, уӕддӕр зӕххыл иу къафеты цъар дӕр нӕ федта. Иннӕ ран та конгрессы рӕстӕджы милицӕмӕ фӕхабар кодтой, бирӕ дингӕнӕг адӕм иумӕ ӕрӕмбырд сты, зӕгъгӕ. Гъемӕ милицӕйы кусджытӕ, конгресс кӕм цыди, уыцы турбазӕйы хицаумӕ бацыдысты. Хицау милицӕйы лейтенанты агъуысты ӕртыккаг уӕладзыгмӕ балкъонмӕ скодта ӕмӕ йын загъта: «Дӕ цӕст-ма сыл ахӕсс! Акӕс-ма, цы уаг ӕмӕ сӕм цы ’гъдау ис!» Турбазӕйы хицаумӕ диссаг фӕкаст, Ӕвдисӕнтӕй нуазгӕ дӕр кӕй ничи кодта ӕмӕ тамако дӕр кӕй ничи дымдта, уый. Конгресс куы фӕци, уӕд та сӕ фӕстӕ афтӕ сыгъдӕгӕй ныууагътой, цыма уым дӕр нӕ уыдысты – суанг ма сӕ бырӕттӕ дӕр семӕ ахастой. Уый загъта: «Раст цыма дзӕнӕтмӕ бахаудтӕн, афтӕ уыди!»

Хуыцауы адӕмы ’хсӕн ӕцӕгдӕр ис иудзинад

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иу ран хъӕды конгресс куы ауагътой, уӕд уырдӕм хӕстӕг хъӕутӕй иуы хицау загъта: «Кӕсын уӕм, ӕмӕ иуӕй хуымӕтӕг, сабыр адӕм стут, иннӕмӕй та уӕм ис стыр тых. Махӕй алчидӕр мыстау йӕ хуынчъы бабырыд ӕмӕ уым бады, сымах та адӕмы иу кӕнут!» Уӕрӕсейы цӕрджыты Калининградӕй суанг Камчаткӕйы онг дисы ӕфтауы Хуыцауы адӕмы иудзинад, ӕмӕ уыцы иудзинад уӕлдай тынгдӕр бӕрӕг вӕййы, се стыр «куывдты» куы ’рӕмбырд вӕййынц, уӕд. Кӕд хатт Хуыцауы адӕмы сӕ пълӕнттӕ ӕнӕнхъӕлӕджы фӕивын бахъӕуы, уӕддӕр иу хъуыддаг нӕ ивы – уыдон алкӕддӕр кад кӕнынц ӕмӕ нымайынц хицӕутты, стӕй иннӕ адӕмы дӕр.

Уӕдӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн Уӕрӕсейы сӕ уавӕр куыдфӕнды ма ива, уӕддӕр уыдон дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ иумӕ ӕмбырд кӕнынц, цӕмӕй Хуыцауы уынаффӕтӕ ӕмӕ амындтӕм хъусой. Уыдон кувынц «паддзӕхты ӕмӕ, стыр бынӕттӕ чидӕриддӕр ахсы, уыдоны тыххӕй, цӕмӕй [Хуыцауы адӕмӕн] сӕ бон уа сӕхицӕн ӕнцад ӕмӕ сабырӕй цӕрын, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр уой Хуыцауыл иузӕрдион ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст» (1 Тимофеймӕ 2:2).

[Хицӕнгонд текст 27 фарсыл]

Конгресс ауадзынӕн Ӕвдисӕнтӕй чи ӕххуыс кодта, уыдонӕй сӕ иу

[Хицӕнгонд текст 29 фарсыл]

Уӕрӕсейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дарддӕр дӕр «сӕхицӕн ӕнцад ӕмӕ сабырӕй цӕрынц, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр уой Хуыцауыл иузӕрдион»

[Нывтӕ 28 фарсыл]

Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ сыгъдӕг кӕнынц конгрессы бынат ӕмӕ мингай адӕмӕн хӕринаг кӕнынц

[Нывтӕ 29 фарсыл]

Программӕ се ’ппӕты зӕрдӕмӕ дӕр тынг фӕцыд ӕмӕ бузныг уыдысты, конгресс бацӕттӕ кӕныныл чи фыдӕбон кодта, уыдонӕй