Кӕстӕртӕн
Раст дины фарс хӕц!
Хӕслӕвӕрд. Скӕн ӕй, кӕм дӕ ничи хъыгдардзӕн, ахӕм бынаты. Библи куы кӕсай, уӕд дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма ды дӕр уым дӕ: чи цы аразы, уый дӕхи цӕстӕй уыныс ӕмӕ, цы дзурынц, уый хъусыс. Дӕхи сӕвӕр сӕйраг архайджыты бынаты ӕмӕ бацархай, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарыныл.
Сӕйраг архайджытӕ: Илийа, Ахав ӕмӕ Ваалы пехуымпартӕй иу-450 адӕймаджы
Цӕуыл цӕуы ныхас: Илийа равдыста, Йегъовӕ кӕй у ӕцӕг Хуыцау, Ваал та – мӕнг
1 АХЪУЫДЫ КӔН АЦЫ СКЪУЫДДЗАГЫЛ. БАКӔС 1 ПАДДЗӔХТЫ 18:17–40.
Гӕххӕттыл нынныв кӕн, дӕумӕ гӕсгӕ Илийа ӕмӕ Ваалы пехуымпартӕ кӕм лӕууыдысты ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕнтӕ кӕм уыдысты, уый.
26–29 стихты цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдон кӕсгӕйӕ дӕ хъустыл цы уайы?
․․․․․
Куыд дӕм кӕсы, Илийа Ваалы пехуымпартӕм цавӕр хъӕлӕсыуагӕй дзырдта?
․․․․․
2 ЛӔМБЫНӔГДӔР АХЪУЫДЫ КӔН.
Илийайы хъӕбатырдзинад цӕмӕн хъуыд, цӕмӕй Ахавимӕ фембӕлдаид ӕмӕ, цалдӕр сӕдӕ мӕнг пехуымпары чи фегад кодтаид, ахӕм фӕлварӕн скодтаид? (Дзуапп ссарынӕн дын баххуыс кӕндзӕн 1 Паддзӕхты 18:4, 13, 14.)
․․․․․
Цы литературӕ дӕм ис, уым Ваалӕн кувыны тыххӕй исты ӕрмӕг ссар. Зӕгъӕм, Ваалӕн кувынимӕ цавӕр ӕгъдӕуттӕ баст уыдысты? Уыцы дин Израилы адӕмыл куыд фӕзынд?
․․․․․
Куыд хъуыды кӕныс, Илийа Йегъовӕйы нывондхӕссӕны алыварс къанау цӕмӕн скъахта ӕмӕ йӕ донӕй цӕмӕн байдзаг кодта?
․․․․․
3 ЦЫ БАЗЫДТАЙ, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ. НЫФФЫСС, ЗОНДӔН ЦЫ РАЙСТАЙ...
...раст дины фарс рахӕцынӕн цы хъӕбатырдзинад хъӕуы, уый тыххӕй.
․․․․․
...ахӕм хъӕбатырдзинад чи равдисы, уыдонӕн уый куыд фӕпайда вӕййы, уый тыххӕй.
․․․․․
ДАРДДӔР КУЫД АРХАЙДЗЫНӔ.
Раст дины фарс рахӕцыныл куы цӕуа дзырд, уӕд цавӕр хъуыддӕгты у дӕ бон фылдӕр хъӕбатырдзинад равдисын?
․․․․․
4 АЦЫ ХАБАРӔЙ ӔППӔТЫ ТЫНГДӔР ДӔ ЗӔРДӔМӔ ЦЫ ФӔЦЫД ӔМӔ ЦӔМӔН?
․․․․․
Кӕд дӕм Библи нӕй, уӕд зӕгъ Йеговӕйы Ӕвдисӕнтӕн кӕнӕ та йӕ кӕс сайты www.watchtower.org
[Рамкӕ 31 фарсыл]
Хъусинаг облӕстон конгрессты тыххӕй
Облӕстон конгресстӕ кӕд ӕмӕ кӕм цӕудзысты, уый ныр базонӕн ис Интернеты, сайты jw.org