Чырысти «дунейы тӕригъӕдтӕ ахӕсдзӕн»
Аргъауӕг Иоанн загъта, зӕгъгӕ, Йесо Чырысти «дунейы тӕригъӕдтӕ ахӕсдзӕн» (Иоанны 1:29). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, ӕнӕ Чырыстийӕ коммӕгӕс адӕмӕн фервӕзӕн кӕй нӕй.
Фӕлӕ Йесойы тӕригъӕдджын адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй амӕлын цӕмӕн бахъуыди?
Барвӕндонӕй йӕ цард кӕй радта, уый фӕрцы йын цы бантыст?
Йӕ мӕлӕт пайда кӕмӕн хӕссы?
Уый дӕ цардыл куыд фӕзындзӕн?
Алы аз дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрӕмбырд вӕййынц, цӕмӕй сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕной Чырыстийы мӕлӕт. Ацы аз уыцы ахсджиаг хабар уыдзӕн 17 апрелы, хуыцаубоны, хурныгуылды фӕстӕ.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕ зӕрдиагӕй хонынц, цӕмӕй базонай, Чырыстийы мӕлӕт ахсджиаг цӕмӕн у, уый. Уӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдонӕн дзуапп лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн Библимӕ гӕсгӕ.
Дӕ бон у ӕрбацӕуын, дӕ хӕдзармӕ хӕстӕгдӕр кӕм ӕмбырд кӕндзысты, уырдӕм. Дӕ хорзӕхӕй, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бафӕрс, уыцы фембӕлд бӕлвырдӕй кӕд ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уый тыххӕй.