Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сӕрмагонд раныхас

Абоны зын царды нын цы баххуыс кӕндзӕн?

Абоны зын царды нын цы баххуыс кӕндзӕн?

Абон цавӕрфӕнды хъуыддаджы фӕдыл дӕр ис уынаффӕтӕ ссарӕн. Чингуыты, стӕй телевизоры алы ӕмӕ алыхуызон программӕты адӕмӕн амонынц, зындзинӕдты сӕрты куыд ис ахизӕн, уый. Фӕлӕ уӕддӕр зындзинӕдтӕ къаддӕр нӕ кӕнынц. Ӕмӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс, искуы ахӕм уынаффӕтӕ ссарӕн ис, ӕмӕ сыл ӕцӕгдӕр ӕууӕндӕн уа, зӕгъгӕ. Бӕгуыдӕр, ис!

Кӕд Библи цалдӕр мин азы размӕ фыст ӕрцыд, уӕддӕр дзы ис, зӕронд чи нӕ кӕны, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Ӕмӕ уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ дзуапп базонӕн ис ахӕм фарстатӕн:

▪ Адӕмимӕ хӕларӕй куыд цӕрон?

▪ Амондджын цӕй фӕрцы уыдзынӕн?

▪ Цардамӕлттӕ кӕнын куы фӕзын вӕййы, уӕд мын цы кӕнгӕ у?

▪ Цы хъӕуы, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕт кӕнон?

Ацы фарстатӕн дзуапп лӕвӕрд цӕудзӕн сӕрмагонд раныхасы «Библи нын абоны зын царды исты ӕххуыс у?». Ацы раныхас арӕзт у Библийыл ӕмӕ йӕ дзурдзысты ӕгас дунейы дӕр 230 бӕстӕйӕ фылдӕры. Байхъусӕн ӕм уыдзӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕм ӕмбырд кӕнынц, уыцы залты. Уый уыдзӕн 2011 азы 1 майы, хуыцаубоны.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй зӕгъдзысты, бӕлвырдӕй кӕм ӕмӕ цафон уыдзӕн, уый. Зӕрдиагӕй дӕ хонӕм.