Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зӕххыл уымӕй ӕгаддӕр тӕрхон никуы уыд

Зӕххыл уымӕй ӕгаддӕр тӕрхон никуы уыд

РАДЖЫ ЗАМАН цы тӕрхӕттӕ цыди, уыдонӕй, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ацы тӕрхонӕй зындгонддӕр иу дӕр нӕу. Библийы цыппар хицӕн чиныджы, цыппар Евангелийы, лыстӕг хабӕртты онг фыст ӕрцыд, Йесо Чырыстийы куыд ӕрцахстой, куыд ын тӕрхон кодтой ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг куыд амардтой, уый. Уыцы хабӕрттӕ зонын цӕмӕн хъӕуы? Фыццаг уый, ӕмӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын йӕ мӕлӕт бӕрӕг кӕной, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы зонын, уыцы мӕлӕтмӕ цы тӕрхон ӕркодта, уый тыххӕй. Стӕй хъуамӕ зонӕм, Йесойы цы хъуыддӕгты аххосджын кодтой, уыдоны ӕцӕгдӕр уыди аххосджын ӕви нӕ. Уымӕй уӕлдай, Чырысти йӕ цард барвӕндӕй нывондӕн кӕй радта, уый нын стыр пайда хӕссы абон ӕмӕ уымӕй кӕнгӕ у нӕ фидӕн (Лукайы 22:19; Иоанны 6:40).

Йесойӕн куы тӕрхон кодтой, уӕд Палестинӕ уыди Ромы дӕлбар. Ромӕгтӕ дзуттаг дины разамонджытӕн бар лӕвӕрдтой, цӕмӕй дзуттӕгтӕн сӕхи ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ тӕрхон кодтаиккой, фӕлӕ сын, куыд зыны, афтӕмӕй уый бар нӕ лӕвӕрдтой, ӕмӕ-иу фыдгӕнджытӕн мӕлӕты тӕрхон рахастаиккой ӕмӕ-иу сӕ амардтаиккой. Уӕдӕ Йесойы дӕр ахсгӕ ӕркодтой йе знӕгтӕ, дзуттаг дины разамонджытӕ, маргӕ та йӕ акодтой ромӕгтӕ. Йесо хъусын кӕнгӕйӕ уыцы разамонджытӕн сӕ хъуыддӕгтӕ хурмӕ кӕй калдта, уый тыххӕй йӕм афтӕ тынг мӕсты кодтой, ӕмӕ бауынаффӕ кодтой, зӕгъгӕ, хъуамӕ амӕла. Фӕлӕ сӕ Йесойы амарын афтӕ фӕндыди, цӕмӕй адӕм хъуыды кодтаиккой, ӕмӕ уыцы хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ раст у. Сӕ фыдвӕнд бакӕныныл цавӕр мадзӕлттӕй архайдтой, уый иртасгӕйӕ иу профессор ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыд, зӕгъгӕ, «тӕрхоны хъуыддаджы амӕй ӕвирхъаудӕр фыдракӕнд никуы ӕрцыди» *.

Иу фыдракӕнд иннӕйы фӕдыл

Хуыцау Моисейы уылты Израилы адӕмӕн цы Закъон радта, уый тыххӕй иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, «зӕххыл уымӕй хуыздӕр ӕмӕ уымӕй растдӕр закъон никуы уыд». Фӕлӕ Йесо зӕххыл куы цард, уӕдмӕ, закъон ӕмӕ алыхуызон уагӕвӕрдтӕ сӕйраг кӕмӕн уыдысты, уыцы раввинтӕ Моисейы закъонмӕ бафтыдтой, сӕхӕдӕг кӕй ӕрымысыдысты, бирӕ ахӕм ӕгъдӕуттӕ. Уыцы ӕгъдӕуттӕ фӕстӕдӕр фыст ӕрцыдысты Талмуды, дзуттӕгты дины хабӕрттӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы чиныджы. (Кӕс рамкӕ  «Дзуттаг закъӕттӕ нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусты», 20 фарс.) Цымӕ Йесойӕн куыд тӕрхон кодтой, уый Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ма йӕм дзуттӕгтӕ цы закъӕттӕ бафтыдтой, уыдонмӕ гӕсгӕ раст уыди?

Цӕмӕй-иу адӕймаджы закъонмӕ гӕсгӕ ӕрцахстаиккой, уый тыххӕй-иу дыууӕ ӕвдисӕны хъуамӕ иухуызон загътаиккой, ахӕм ӕмӕ ахӕм фыдракӕнд сарӕзта, зӕгъгӕ. Цымӕ Йесойы хабар дӕр афтӕ уыди? Фыццаг ӕнусы-иу Палестинӕйы дзуттӕгтӕй искӕмӕ афтӕ куы фӕкаст, ӕмӕ чидӕр закъон фехӕлдта, уӕд-иу тӕрхондонмӕ хъаст бахаста, тӕрхонгӕнджытӕ-иу иумӕ куы ӕрӕмбырд сты, уыцы рӕстӕг. Тӕрхонгӕнджытӕн бар нӕ уыд, цӕмӕй-иу, хъаст кӕуыл бахастой, уыцы адӕймаджы тӕрхоны раз ӕрлӕууын кодтаиккой. Сӕ бон уыди уыцы хъуыддагмӕ ӕнӕуи ӕркӕсын. Адӕймаджы аххосджын кӕныны бар та уыди ӕрмӕстдӕр ӕвдисӕнтӕн, ома фыдракӕнд йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдонӕн. Адӕймагӕн-иу тӕрхон кӕнын райдыдтой, уыцы иу хъуыддаджы фӕдыл-иу ӕппынкъаддӕр дыууӕ ӕвдисӕны иухуызон куы дзырдтой, уӕд. Тӕрхонгӕнджытӕн-иу ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ уыди сӕ бон уыцы адӕймаджы ӕрцахсын кӕнын. Цӕмӕй-иу адӕймаджы фӕаххосджын кодтаиккой, уый тыххӕй иу ӕвдисӕны ныхас фаг нӕ уыди (Дыккаг закъон 19:15). Фӕлӕ Йесойы хабар та афтӕ уыди, ӕмӕ дзуттаг дины разамонджытӕ «хуыздӕр фадат» агуырдтой, цӕмӕй дзы фервӕзтаиккой. Гъемӕ сын ахӕм «хорз фадат» фӕзынд ӕхсӕвы, «йӕ алыварс адӕм» куы нӕ уыд, уӕд, ӕмӕ йӕ ӕрцахстой (Лукайы 22:2, 5, 6, 53).

Чырыстийы ӕрцахстой, ничи йӕ ницӕмӕй фӕаххосджын кодта, афтӕмӕй. Сауджынтӕ ӕмӕ Синедрион, дзуттӕгты сӕйраг тӕрхондон, ӕвдисӕнтӕ агурын райдыдтой, куы йӕ ’рцахстой, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ (Матфейы 26:59). Фӕлӕ сӕ бон нӕ уыд, иухуызон чи дзырдтаид, дыууӕ ахӕм ӕвдисӕны ссарын. Уӕвгӕ ӕвдисӕнтӕ агурын сӕ хъуыддаг дӕр нӕ уыди. Иу адвокат ӕмӕ фыссӕг, А. Тейлор Иннес, куыд зӕгъы, афтӕмӕй «адӕймагӕн цы фыдракӕнды тыххӕй тӕрхон кӕнынц, уый куы не сбӕлвырд кӕной, ӕмӕ йын афтӕмӕй куы тӕрхон кӕной,– уӕлдайдӕр та дзырд йӕ цардыл куы цӕуа,– уӕд уымӕй стырдӕр хӕрамдзинад нӕй».

Йесойы чи ӕрцахста, уыдон ӕй акодтой, раздӕр хистӕр сауджынӕй чи лӕггад кодта, уыцы Аннӕйы хӕдзармӕ, ӕмӕ йӕ уый ӕрфарста (Лукайы 22:54; Иоанны 18:12, 13). Мӕлӕты тӕрхон кӕй тыххӕй хастой, ахӕм хъуыддӕгтӕ закъонмӕ гӕсгӕ ӕвзӕрстой ӕхсӕвыгон нӕ, фӕлӕ боныгон. Аннӕ уыцы закъоны сӕрты ахызти. Стӕй цыфӕнды хъуыддаг дӕр ӕвзӕрстой сусӕгӕй нӕ, фӕлӕ ӕргом, адӕмы раз. Йесо зыдта, Аннӕ закъонмӕ гӕсгӕ кӕй нӕ архайдта, ӕмӕ йын загъта: «Мӕн цӕмӕн фӕрсыс? Мӕ ныхӕстӕм мын чи хъуыста, уыдоны бафӕрс. Цы дзырдтон, уый уыдон зонынц» (Иоанны 18:21). Аннӕ хъуамӕ фарстаид ӕвдисӕнты, кӕй аххосджын кодтой, уый нӕ, фӕлӕ. Аннӕ ӕнӕхӕрам тӕрхонгӕнӕг куы уыдаид, уӕд Йесойы ныхӕстӕм байхъуыстаид ӕмӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ тӕрхон кодтаид, фӕлӕ йӕ раст тӕрхоны мӕт нӕ уыди.

Йесо Аннӕйӕн ахӕм дзуапп кӕй радта, уый тыххӕй йӕ хъахъхъӕнджытӕй иу ныдздзӕхст кодта – ӕниу ыл ахӕм хабар уыцы ӕхсӕв фӕстаг хатт не ’рцыди (Лукайы 22:63; Иоанны 18:22). Библийы Нымӕцты чиныджы 35 сӕры ӕмбӕхсӕн горӕтты тыххӕй цы закъон фыст ис, уымӕ гӕсгӕ-иу, кӕй аххосджын кодтой, уыцы адӕймаджы ӕфхӕрӕн нӕ уыд, цалынмӕ-иу аххосджын кӕй уыд, уый не сбӕрӕг кодтаиккой, уӕдмӕ. Ӕмӕ Йесойӕн дӕр цалынмӕ йӕ хъуыддаг ӕвзӕрст не ’рцыдаид, уӕдмӕ йӕ ӕфхӕрӕн нӕ уыди.

Уый фӕстӕ Йесойы акодтой хистӕр сауджын Кайафӕйы хӕдзармӕ ӕмӕ йын уым ӕхсӕвы дарддӕр тӕрхон кодтой, кӕд закъонмӕ гӕсгӕ уый бар нӕ уыд, уӕддӕр (Лукайы 22:54; Иоанны 18:24). Сауджынтӕ агурын райдыдтой «мӕнгӕвдисӕнтӕ Йесойы ныхмӕ, цӕмӕй йын мӕлӕты тӕрхон рахастаиккой», ӕмӕ афтӕмӕй рӕстдзинадыл сӕ къух систой. Фӕлӕ дзы дыууӕ ахӕм ӕвдисӕны нӕ уыди, сӕ ныхӕстӕ кӕрӕдзийыл кӕмӕн бадтаиккой (Матфейы 26:59; Марчы 14:56–59). Ӕмӕ уӕд хистӕр сауджын афтӕ райдыдта архайын, цӕмӕй Йесо йӕхи ныхмӕ исты загътаид. «Ницы дзурыс? – бафарста йӕ Кайафӕ.– Дӕ ныхмӕ цы дзурынц, уый тыххӕй дӕхӕдӕг та цы зӕгъдзынӕ?» (Марчы 14:60). Афтӕ кӕй архайдтой, уымӕй равдыстой, закъон сӕм фыст дӕр кӕй никуы уыди. Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы адвокат Иннес зӕгъы: «Тӕрхон кӕмӕн кодтой, уымӕн-иу йӕхи куы фарстой ӕмӕ-иу ын йӕ ныхӕстӕ йӕхи ныхмӕ куы арӕзтой, уӕд уый афтӕ нымад уыди, ӕмӕ раст тӕрхон къӕхты бын ныссӕстой».

Ӕппынфӕстаг тӕрхонгӕнджытӕ Йесойы ныхӕсты ссардтой, цы сӕ хъуыди, уый. Бафарстой йӕ: «Ды дӕ Чырысти, Арфӕгонд Хуыцауы Фырт?» Ӕмӕ сын Йесо загъта: «О, ӕз дӕн. Ӕмӕ сымах Адӕймаджы Фырты фендзыстут Ӕппӕтхъомысджыны рахиз фарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон мигътимӕ ӕрцӕйцӕугӕ». Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ сауджынтӕ Йесойы банымадтой Хуыцауы фауӕгыл, ӕмӕ «иууылдӕр загътой, хъуамӕ амӕла, зӕгъгӕ» (Марчы 14:61–64) *.

Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ тӕрхоны хъуыддӕгтӕ хъуамӕ ӕвзӕрст цыдаиккой адӕмы раз (Дыккаг закъон 22:24; Руф 4:1). Фӕлӕ Йесойӕн та тӕрхон кодтой сусӕгӕй. Иу ахӕм адӕймаг дӕр дзы нӕ уыди, Йесойы сӕрыл чи сдзырдтаид, ӕмӕ ахӕм бар дӕтгӕ дӕр никӕмӕн ракодтой. Стӕй Йесойы ныхӕстӕ, ӕз дӕн Мессийӕ, зӕгъгӕ, ӕцӕг уыдысты ӕви нӕ, уый сбӕлвырд кӕнынӕн сӕ къух доны дӕр нӕ атылдтой. Уымӕй уӕлдай йын уый фадат дӕр нӕ радтой, цӕмӕй йӕхи сӕрыл дзурынӕн ӕвдисӕнтӕ ссардтаид. Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ не схъӕлӕс кодтой, аххосджыныл ӕй нымайынц ӕви нӕ, уый фӕдыл, кӕд закъон афтӕ домдта, уӕддӕр.

Пилаты раз

Куыд базыдтам, афтӕмӕй дзуттӕгтӕн ахӕм бар нӕ уыди, цӕмӕй Йесойы амардтаиккой, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ акодтой Понтий Пилатмӕ, ромаг хицаумӕ. Ӕмӕ уал сӕ Пилат фыццаг бафарста: «Ацы адӕймаджы цавӕр хъуыддаджы аххосджын кӕнут?» Уыдон ӕй зыдтой, Йесойӕ афтӕ кӕй дзырдтой, Хуыцауы фауы, зӕгъгӕ, уый Пилатӕн кӕй ницӕуыл дзурӕг уыд. Ӕмӕ ууыл архайын райдыдтой, цӕмӕй Йесойӕн йӕ хъуыддагмӕ кӕсгӕ дӕр ма ӕркодтаид, афтӕмӕй йын тӕрхон рахастаид. Загътой йын: «Уый фыдгӕнӕг куы нӕ уаид, уӕд ӕй дӕумӕ не ’рбакодтаиккам» (Иоанны 18:29, 30). Пилат сын сӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардта, ӕмӕ уӕд Йесойы аххосджын кӕнын райдыдтой ӕндӕр хъуыддаджы: «Ацы лӕг нын нӕ адӕмы сафы, нӕ уадзы паддзахӕн хъалон фидын, йӕхицӕй та дзуры, ӕз, дам, дӕн Чырысти, паддзах» (Лукайы 23:2). Афтӕмӕй, гыццыл раздӕр Хуыцауы фауӕг чи уыд, уый ныр фестад, паддзахадыл гадзрахатӕй чи цӕуы, ахӕм фыдгӕнӕг.

Афтӕ дзы кӕй загътой, зӕгъгӕ, «нӕ уадзы паддзахӕн хъалон фидын», уый дӕр уыди мӕнг ныхас, ӕмӕ йӕ чи аххосджын кодта, уыдон ӕй сӕхӕдӕг дӕр хорз зыдтой. Йесо адӕмы бынтон ӕндӕр зондыл арӕзта (Матфейы 22:15–22). Кӕд ма йӕм ахӕм азым дӕр хастой, йӕхицӕй, дам, паддзах аразы, зӕгъгӕ, уӕддӕр Пилат уайтагъд бамбӕрста, йӕ разы чи лӕууы, уыцы адӕймаг Ромы паддзахадӕн тӕссаг кӕй ницӕмӕй у. Ӕмӕ загъта: «Ӕз ацы адӕймагмӕ ницы аххос ссардтон» (Иоанны 18:38). Цалынмӕ Йесойӕн тӕрхон кодтой, уӕдмӕ ма Пилат ацы ныхӕстӕ ноджыдӕр цалдӕр хатты загъта.

Дзуттӕгтӕм ахӕм ӕгъдау уыди, ӕмӕ-иу сын Куадзӕны рӕстӕг иу ахст лӕджы ссӕрибар кодтой. Гъемӕ Пилат архайдта уыцы ӕгъдауӕй спайда кӕныныл, цӕмӕй Йесойы ссӕрибар кодтаид. Фӕлӕ хабар афтӕ рауад, ӕмӕ Йесойы бӕсты рауагъта Вараввӕйы – адӕмы хицауады ныхмӕ чи сыстын кодта ӕмӕ кӕйдӕр чи амардта, уыцы фыдгӕнӕджы (Лукайы 23:18, 19; Иоанны 18:39, 40).

Пилатӕн уымӕй куы ницы рауад, уӕд та афтӕ архайын райдыдта, цӕмӕй Йесойы дӕр ссӕрибар кодтаид ӕмӕ дзуттӕгты зӕрдӕхудты дӕр ма бацыдаид. Йесойы ехсӕй фӕнӕмын кодта, уый фӕстӕ йын йӕ уӕлӕ скӕнын кодта тарсырх дарӕс, йӕ сӕрыл та – сындзытӕй быд кадыхуд, ӕмӕ йӕ ӕфсӕддонтӕ цавтой ӕмӕ дзы хынджылӕг кодтой. Ӕмӕ та уый фӕстӕ ногӕй загъта, Йесо аххосджын кӕй нӕу. Пилат афтӕ кӕй бакодта, уымӕй йӕ цыма сауджынтӕн афтӕ зӕгъын фӕндыд, уый уын фаг нӕу, зӕгъгӕ. Ӕвӕццӕгӕн ӕй ныфс уыди, Йесойы ромӕгтӕ цы над фӕкодтой, уый фенгӕйӕ дзуттӕгтӕн сӕ маст кӕй ссӕудзӕн ӕмӕ кӕй ӕрсабыр уыдзысты кӕнӕ йын кӕй фӕтӕригъӕд кӕндзысты (Лукайы 23:22). Фӕлӕ никуы ӕмӕ ницы.

Уӕд «Пилат ногӕй архайын райдыдта, куыд ӕй ссӕрибар кӕна, ууыл. Фӕлӕ дзуттӕгтӕ хъӕр кодтой: „Куы йӕ рауадзай, уӕд Ромы паддзахӕн ӕмбал нӕ дӕ. Йӕхицӕй паддзах чи аразы, уый Ромы паддзахы ныхмӕ цӕуы“» (Иоанны 19:12). Уыцы рӕстӕг Ромы паддзах уыди Тиберий. Уый ахӕм паддзах уыди, ӕмӕ-иу йӕ зӕрдӕ кӕмӕ фехсайдта, зӕгъгӕ, паддзахадыл гадзрахатӕй цӕуы, уымӕн-иу мӕлӕты тӕрхон рахаста. Суанг стыр бынат чи ахста, ахӕм хицӕуттыл дӕр-иу нӕ бацауӕрста. Пилатмӕ дзуттӕгтӕ ӕнӕуи дӕр мӕсты уыдысты, ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, дарддӕр ма сӕ йӕхи ныхмӕ кодтаид, уый. Уӕлдайдӕр та йӕ уый нӕ фӕндыд, ӕмӕ йӕ фӕаххосджын кодтаиккой, паддзахадыл гадзрахатӕй цӕуы, зӕгъгӕ. Дзуттӕгты ныхӕстӕй Пилат бамбӕрста, куыд ын зӕгъынц, афтӕ куы нӕ бакӕна, уӕд йӕ хабар хорз кӕй нӕ уыдзӕн, ӕмӕ йӕхицӕн старст. Гъемӕ адӕмы ныхасмӕ байхъуыста ӕмӕ Йесойы, рӕстаг адӕймаджы, байтындзын кодта (Иоанны 19:16).

Цӕуыл дзурӕг сты бӕлвырдгӕнӕнтӕ

Йесойӕн куыд тӕрхон кодтой, уый тыххӕй Евангелиты цы фыст ис, уый иртасгӕйӕ бирӕ юристтӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдысты, зӕгъгӕ дзы раст тӕрхонӕн йӕ кой дӕр нӕ уыди. «Ахӕм хъуыддаг ӕмбисӕхсӕв кӕй райдыдтой ӕвзарын ӕмӕ райсоммӕ тӕрхон хаст кӕй ӕрцыд, уый уыди стыр фыдракӕнд дзуттаг закъоны ныхмӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕуи рӕстдзинады ныхмӕ дӕр»,– ныффыста иу адвокат. Иу профессор та загъта: «Уыцы хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ тӕрхонгӕнджытӕ уыйбӕрц ӕнӕзакъон хъуыддӕгтӕ ӕмӕ стыр фыдракӕндтӕ сарӕзтой, ӕмӕ зӕгъӕн ис, Йесойы сӕхӕдӕг амардтой».

Йесо аххосджын нӕ уыди. Фӕлӕ йӕ зыдта, Хуыцауы коммӕ чи кӕсы, уыцы адӕм ӕрмӕстдӕр йӕ мӕлӕты фӕрцы кӕй фервӕздзысты (Матфейы 20:28). Йесо рӕстдзинад афтӕ тынг уарзта, ӕмӕ цӕттӕ уыди зӕххыл ӕппӕты стырдӕр хӕрамдзинад йӕхиуыл бавзарынмӕ. Йесо уыдӕттӕ бавзӕрста мах хуызӕн тӕригъӕдджын адӕмы тыххӕй. Уый нӕ хъуамӕ рох макуы уа.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 3 абз. Чырыстон аргъуантӕ ӕруагътой стыр рӕдыд – Йесойы мӕлӕты тыххӕй Евангелиты цы фыст ис, уымӕй афтӕ пайда кодтой, цӕмӕй адӕмы дзуттӕгты ныхмӕ скодтаиккой. Фӕлӕ, Евангелитӕ чи фыста, уыдонӕн ахӕм хъуыды сӕ сӕрмӕ дӕр никуы ӕрцыди, уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр уыдысты дзуттӕгтӕ.

^ 11 абз. Хуыцауы фауӕгыл нымадтой, Хуыцауы номӕй чи хынджылӕг кодта кӕнӕ, ӕрмӕстдӕр Хуыцаумӕ чи ӕмбӕлы, уыцы бартӕ йӕхи бакӕнынмӕ чи хъавыд, ахӕм адӕймаджы. Фӕлӕ Йесойы чи аххосджын кодта, уыдонӕн сӕ бон нӕ уыд, уыцы хъуыддӕгтӕй иу дӕр кӕй сарӕзта, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссын.

[Рамкӕ/​Ныв 20 фарсыл]

 Дзуттаг закъӕттӕ нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусты

Дзуттӕгты ӕрымысгӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ фыст ӕрцыдысты н. э. фыццаг ӕнусты, фӕлӕ сӕ уӕддӕр нымадтой, раджы замантӕй чи ӕрхӕццӕ, ахӕмтыл. Дӕлдӕр фыст сты уыцы уагӕвӕрдтӕй иуӕй-иутӕ:

▪ Мӕлӕты тӕрхон кӕй тыххӕй хастой, ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕвзаргӕйӕ-иу фыццаг байхъуыстой, адӕймаджы сӕрыл чи дзырдта, уыдонмӕ.

▪ Тӕрхонгӕнджытӕ-иу хъуамӕ, сӕ бон цы уыди, уый сарӕзтаиккой адӕймаджы фервӕзын кӕнынӕн.

▪ Тӕрхонгӕнджытӕн-иу сӕ бон уыди адӕймагӕн йӕ сӕрыл дзурын, йӕ ныхмӕ нӕ, фӕлӕ.

▪ Ӕвдисӕнты-иу бафӕдзӕхстой, сӕ ныхӕстӕй бирӕ кӕнгӕ кӕй у.

▪ Ӕвдисӕнты-иу кӕрӕдзийы раз нӕ фарстой, фӕлӕ хицӕнтӕй.

▪ Фыдракӕнд кӕд, кӕм, цафон ӕрцыд ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг хабӕртты фӕдыл ӕвдисӕнты ныхӕстӕ хъуамӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ ма уыдаиккой.

▪ Мӕлӕты тӕрхон кӕй тыххӕй хастой, ахӕм хъуыддӕгтӕ-иу хъуамӕ ӕвзӕрст цыдаиккой боныгон ӕмӕ-иу уынаффӕ дӕр хъуамӕ хаст ӕрцыдаид боныгон.

▪ Ахӕм хъуыддӕгтӕ-иу хъуамӕ сабаты хӕдразмӕ бон кӕнӕ бӕрӕгбоны хӕдразмӕ ма цыдаиккой ӕвзӕрст.

▪ Ахӕм хъуыддӕгтӕ-иу ӕвзарын цы бон райдыдтой, уыцы бон-иу сӕ ахицӕн кӕнӕн уыди, кӕд-иу адӕймаджы ӕнаххосыл банымадтой, уӕд; кӕд-иу ӕй аххосджыныл банымадтой, уӕд та-иу тӕрхон фехъусын кӕнӕн дӕр ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕнӕн дӕр уыди ӕрмӕстдӕр дыккаг бон.

▪ Мӕлӕты тӕрхон кӕй тыххӕй хастой, ахӕм хъуыддӕгтӕ-иу ӕвзӕрстой ӕппынкъаддӕр 23 тӕрхонгӕнӕджы.

▪ Адӕймаг аххосджын у ӕви нӕ, уый аскъуыддзаг кӕнынӕн-иу тӕрхонгӕнджытӕ схъӕлӕс кодтой кӕстӕрӕй райдайгӕйӕ; писыртӕ-иу тӕрхонгӕнджыты ныхӕстӕ ныффыстой.

▪ Адӕймаджы-иу ӕнаххосыл банымайӕн уыди, йӕ сӕрыл чи дзырдта, уыцы тӕрхонгӕнджытӕ-иу иу адӕймаг дӕр фылдӕр куы уыдысты, уӕд дӕр, фӕлӕ-иу ӕй цӕмӕй аххосджыныл банымадтаиккой, уый тыххӕй та-иу, йӕ ныхмӕ чи дзырдта, уыдон хъуамӕ уыдаиккой дыууӕ адӕймаджы фылдӕр; йӕ ныхмӕ чи дзырдта, уыдон-иу ӕрмӕстдӕр иу адӕймаг фылдӕр куы уыдысты, уӕд-иу сӕм дыууӕ тӕрхонгӕнӕджы бафтыдтой, ӕмӕ-иу афтӕ кодтой, цалынмӕ-иу уынаффӕ закъонмӕ гӕсгӕ хаст не ’рцыдаид, уӕдмӕ.

▪ Адӕймаджы сӕрыл-иу иу тӕрхонгӕнӕг дӕр куы нӕ рахӕцыд, афтӕмӕй-иу ӕй аххосджыныл куы банымадтой, уӕд-иу уыцы уынаффӕ закъонмӕ гӕсгӕ йӕ тыхы нӕ бацыд; тӕрхонгӕнджытӕ-иу адӕймаджы ӕмхъӕлӕсӕй куы банымадтой аххосджыныл, уӕд-иу уый афтӕ нымад уыди, «ӕмӕ йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодтой».

Йесойы тӕрхонгӕнджытӕ цавӕр закъӕтты сӕрты ахызтысты

▪ Тӕрхонгӕнджытӕ нӕ байхъуыстой, Йесойы сӕрыл чи сдзырдтаид, иу ахӕм адӕймагмӕ дӕр.

▪ Тӕрхонгӕджытӕй иу дӕр йӕ сӕрыл не сдзырдта – се ’ппӕт дӕр уыдысты йе знӕгтӕ.

▪ Сауджынтӕ мӕнгӕвдисӕнтӕ агуырдтой, цӕмӕй Йесойӕн мӕлӕты тӕрхон рахастаиккой.

▪ Тӕрхон ын кодтой ӕхсӕвыгон, сусӕгӕй.

▪ Хъуыддаг ӕвзарын райдыдтой ӕмӕ йӕ ахицӕн кодтой иу боны мидӕг, бӕрӕгбоны хӕдразмӕ.

▪ Йесойы ӕрцахстой, ничи йӕ ницӕмӕй фӕаххосджын кодта, афтӕмӕй.

▪ Йесойы ныхӕстӕ, ӕз Мессийӕ дӕн, зӕгъгӕ, ӕцӕг уыдысты ӕви нӕ, уый не сбӕлвырд кодтой, афтӕмӕй йӕ Хуыцауы фауӕгыл банымадтой.

▪ Пилаты раз ӕй куы ’рлӕууын кодтой, уӕд ӕй аххосджын кӕнын райдыдтой ӕндӕр хъуыддаджы.

▪ Чи йӕ аххосджын кодта, уыдоны ныхӕстӕ уыдысты мӕнг.

▪ Пилат зыдта, Йесо аххосджын кӕй нӕ уыд, фӕлӕ йын уӕддӕр мӕлӕты тӕрхон рахаста.

[Рамкӕ 22 фарсыл]

Ӕнаххос адӕймаджы туг-иу уыди ӕвдисӕнты сӕрыл

Дзуттӕгтӕ-иу, мӕлӕты тӕрхон кӕй тыххӕй хастой, ахӕм хъуыддӕгтӕ куы ӕвзӕрстой, уӕд-иу, цалынмӕ ӕвдисӕнтӕ сӕ ныхас нӕ загътой, уӕдмӕ-иу сӕ бафӕдзӕхстой, дзырд адӕймаджы цардыл кӕй цӕуы.

Загътой-иу сын: «Кӕд, мыййаг, тӕрхондоны ацы адӕймаджы ныхмӕ цы зӕгъинаг дӕ, уый кӕмӕйдӕр фехъуыстай кӕнӕ дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕймаг фыдракӕнд сарӕзта, афтӕмӕй та хабар бӕлвырдӕй нӕ зоныс, йе та ӕвдисӕнтӕй иу иннӕмӕн цы радзырдта, уый фехъуыстай ӕмӕ дӕхицӕн цыдӕр хатдзӕг скодтай; кӕнӕ та, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ йӕ ӕз кӕмӕй фехъуыстон, уыцы адӕймаг сайгӕ никуы фӕкӕны; йе та, кӕд, мыййаг, нӕ зоныс, бӕстон дӕ кӕй ӕрфӕрсдзыстӕм. Уӕд ӕй зон: фӕллоимӕ баст хъуыддӕгтӕ ӕмӕ мӕлӕты тӕрхон кӕй тыххӕй фӕхӕссынц, ахӕм хъуыддӕгтӕ иухуызон закъӕттӕм гӕсгӕ нӕ фӕцӕуынц ӕвзӕрст. Фӕллоимӕ баст хъуыддаг куы цӕуа ӕвзӕрст, уӕд адӕймаг ӕхца бафиддзӕн, ӕмӕ йӕ ссӕрибар кӕндзысты. Фӕлӕ, мӕлӕты тӕрхон кӕй тыххӕй фӕхӕссынц, ахӕм хъуыддаг ӕвзӕрст куы цӕуа ӕмӕ ӕнаххос адӕймаджы аххосджыныл куы банымайой, уӕд уыцы адӕймаджы туг дӕр ӕмӕ дзы чи рацыдаид, уыцы байзӕддӕгты туг дӕр уыдзӕн мӕнгӕвдисӕны сӕрыл» («Талмуд, Санхедрин», 4 сӕр, 5 пункт, Н. Переферковичы тӕлмац, уырыс.).

Адӕймаджы-иу аххосджыныл куы банымадтой, уӕд-иу ӕвдисӕнтӕ дӕр хъуамӕ уыдаиккой, кӕй къухӕй хъуамӕ амардаид, уыдоны ’хсӕн (Левит 24:14; Дыккаг закъон 17:6, 7).