Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4. Бинонты ’хсӕн уарзондзинад нӕй

4. Бинонты ’хсӕн уарзондзинад нӕй

4. Бинонты ’хсӕн уарзондзинад нӕй

«Бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн» (2 ТИМОФЕЙМӔ 3:1–3).

● Крис кусы, бинонты ’хсӕн ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдонӕн кӕм ӕххуыс кӕнынц, ахӕм организацийы Цӕгат Уэльсы. «Иуафон нӕм иу сылгоймаг цыди. Ӕмӕ иухатт ахӕм саунадӕй ӕрбацыд, ӕмӕ йӕ зонгӕ дӕр нал бакодтон,– дзуры Крис. – Иуӕй-иу ӕфхӕрд сылгоймӕгтӕ та-иу сӕ уавӕрӕй афтӕ ӕфсӕрмы кодтой, ӕмӕ-иу сӕм сӕ цӕстытӕ хӕрдмӕ сисын дӕр худинаг каст».

ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ БӔЛВЫРДГӔНӔНТӔ? Африкӕйы бӕстӕтӕй иуы рӕстӕмбис нымадӕй алы 3-аг сылгоймагӕн дӕр гыццылӕй тыхми бакодтой. Уымӕй уӕлдай ма, иртасджытӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй уыцы бӕстӕйы нӕлгоймӕгтӕн се ’ртыккаг хайӕ фылдӕр афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ сӕ устытӕм сӕ къух кӕй сисынц, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ бинонты ’хсӕн ӕфхӕрд ӕрмӕст сылгоймӕгтӕ не ’ййафынц. Зӕгъӕм, Канадӕйы рӕстӕмбис нымадӕй алы 10 нӕлгоймагӕй дӕр 3-йы сӕ устытӕ фӕнӕмынц кӕнӕ та сӕ ӕндӕр искуыд бафхӕрынц.

БИРӔТӔ ЦЫ ФӔДЗУРЫНЦ? Бинонты ’хсӕн хылтӕ ӕмӕ ӕфхӕрд алкӕддӕр уыд. Хъуыддаг ӕрмӕстдӕр уый мидӕг ис, ӕмӕ абон уый тыххӕй арӕхдӕр дзурынц.

ӔЦӔГДӔР АФТӔ У? Раст у, фӕстаг дӕсгай азты дӕргъы адӕм фылдӕр зонынц, бинонтӕ кӕрӕдзи кӕй ӕфхӕрынц, уый тыххӕй. Фӕлӕ ахӕм фыдракӕндты кой арӕхдӕр кӕй фӕкӕнынц, уый фӕрцы сӕ нымӕц къаддӕр фӕци? Нӕ, хабар афтӕ нӕу. Абон ноджы фылдӕр ис, се ’хсӕн уарзондзинад кӕмӕн нӕй, ахӕм бинонтӕ.

ДЫ ТА ЦЫ ХЪУЫДЫ КӔНЫС? 2 Тимофеймӕ 3:1–3 стихты цы фыст ис, уый абон ӕххӕст кӕны? Бинонтӕ хъуамӕ кӕрӕдзи фӕлмӕн уарзтӕй уарзой. Фӕлӕ бирӕ бинонты ’хсӕн ахӕм уарзондзинад кӕй нӕй, уыимӕ разы нӕ дӕ?

Библийы фыст хабӕрттӕй абон нӕхи цӕстӕй кӕй уынӕм, уыдонӕй фӕндзӕм та хауы зӕхмӕ, нӕ иумӕйаг хӕдзармӕ. Уӕдӕ уымӕ дӕр ӕркӕсӕм.

[Хицӕнгонд текст 7 фарсыл]

«Бинонтӕ кӕрӕдзимӕ сӕ къух кӕй сисынц, уый у, искуы иу хатт чи рахъӕр вӕййы, ахӕм фыдракӕндтӕй сӕ иу. Сӕ лӕгтӕ кӕй нӕмынц, уыцы сылгоймӕгтӕ пъӕлицӕмӕ фӕдзурынц, ахӕм хабар сыл 35 хатты бӕрц куы ’рцӕуы, ӕрмӕстдӕр уӕд» (УЭЛЬСЫ БИНОНТЫ ’ХСӔН ӔФХӔРД ЧИ ӔЙЙАФЫ, УЫДОНӔН ӔХХУЫСГӔНӔГ ОРГАНИЗАЦИЙЫ КУСӔГ).