Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут

Афтӕ дӕм искуы касти, цыма дӕ иннӕтӕ не ’мбарынц?

Афтӕ дӕм искуы касти, цыма дӕ иннӕтӕ не ’мбарынц?

АДӔЙМАГӔЙ иннӕтӕ сӕхи дард куы фӕласынц, уӕд ӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма йӕ не ’мбарынц. Чи зоны иннӕтӕй фӕхицӕн кӕны йӕ буары хуызӕй кӕнӕ ӕндӕр ӕдӕмыхаттӕй кӕй у, уымӕй. Кӕнӕ та сӕ хицӕн кӕны, куыд дзуры ӕмӕ йӕхи куыд дары, уымӕй. Дӕумӕ дӕр афтӕ фӕкӕсы, цыма дӕ иннӕтӕ не ’мбарынц?~ *

Ӕркӕсӕм-ма, афтӕ кӕмӕ каст, иу ахӕм адӕймаджы хабармӕ. Йӕ ном хуынди Мемфивосфей. Базонӕм, чи уыди ӕмӕ афтӕ цӕмӕн хъуыды кодта, уый. Кӕд дӕумӕ дӕр афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ дӕ иннӕтӕ не ’мбарынц, уӕд дын Мемфивосфейы хабар баххуыс кӕндзӕн.

Мемфивосфей уыд Давиды ӕмбал Ионафаны фырт. Ионафан хӕсты куы фӕмард, уымӕй йын гыццыл раздӕр Давид зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ цоты йын кӕй нӕ ферох кӕндзӕн. Давид паддзах куы сси, уымӕй цалдӕр азы фӕстӕ Ионафаны ныхӕстӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты. Уӕдмӕ ма Мемфивосфей уыд ӕгас. Гыццылӕй йыл ӕрцыд иу бӕллӕх – йӕ дыууӕ къахӕй дӕр фӕкъуылых ӕмӕ цӕрӕнбонты тухӕн кодта. Куыд дӕм кӕсы, Мемфивосфей афтӕ цӕмӕн хъуыды кодтаид, иннӕтӕ мӕ не ’мбарынц, зӕгъгӕ?~

Давиды фӕндыд, цӕмӕй Ионафаны фыртӕн исты хорздзинад ракодтаид ӕмӕ Мемфивосфейы ӕрцӕрын кодта Иерусалимы, йӕхимӕ хӕстӕг. Стӕй-иу фынгыл дӕр Мемфивосфей бадт йӕ фарсмӕ. Уымӕй уӕлдай ма Давид загъта Сивӕйӕн, цӕмӕй йӕ фырттимӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытимӕ Мемфивосфейӕн лӕггад кодтаид. Бӕрӕг у, Давид Ионафаны фыртӕн стыр кад кӕй скодта. Фӕлӕ уый фӕстӕ цы ’рцыд, уый зоныс?~

Давидӕн йӕ фырттӕй иу, Авессалом, йӕ ныхмӕ рацыд, уымӕн ӕмӕ йын бӕллыд йӕ бынатмӕ. Давиды бахъуыд алидзын. Йе ’мбӕлттӕ зыдтой, паддзахӕй йӕ Хуыцау кӕй сӕвӕрдта, уый ӕмӕ уыдон дӕр йемӕ алыгъдысты. Мемфивосфейы дӕр бӕргӕ фӕндыд семӕ ацӕуын, фӕлӕ къуылых кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон не сси.

Уӕд Сивӕ Давидӕн загъта, зӕгъгӕ, Мемфивосфей уый тыххӕй нӕ ацыд, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй паддзах суыдаид. Давид ын йӕ ныхӕстыл баууӕндыд ӕмӕ, Мемфивосфеймӕ цыдӕриддӕр уыд, уый Сивӕйӕн радта. Уыцы хабарӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Давид Авессаломыл хӕсты фӕуӕлахиз ӕмӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ ӕрыздӕхт. Мемфивосфей йын алцыдӕр радзырдта, фӕлӕ йын уӕддӕр Давид загъта, цӕмӕй Сивӕимӕ зӕххытӕ кӕрӕдзийыл адих кодтаиккой. Куыд хъуыды кӕныс, цымӕ Мемфивосфей куыд бакодта?~

Мемфивосфей сразы ис Давиды уынаффӕимӕ ӕмӕ уӕлдай ницыуал загъта. Ӕмбӕрста йӕ, алыхуызон быцӕутӕ Давиды йӕ паддзахы хӕстӕ ӕххӕст кӕнын кӕй хъыгдардзысты. Ӕмӕ йын уый тыххӕй Мемфивосфей загъта, иууылдӕр Сивӕйы уӕнт, зӕгъгӕ. Ӕппӕты ахсджиагдӕр ын уыд, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг, Давид, фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ кӕй ӕрыздӕхт ӕмӕ та ногӕй йӕ паддзахбадӕныл кӕй ӕрбадт, уый.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Мемфивосфей бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Арӕх-иу ӕм каст афтӕ, цыма йӕ ничи ’мбары. Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ уарзта ӕмӕ йын ӕххуыс кодта. Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?~ Раст цы у, уый куы фӕаразӕм, уӕд дӕр нӕ, чи зоны, исчи мӕнг ныхӕстӕ дзура. Йесо Чырысти афтӕ загъта: «Кӕд уӕ ацы дуне йе сӕфт уыны, уӕд ӕй зонут, сымахӕй раздӕр мӕнӕй кӕй федта йе сӕфт». Чырыстийы суанг маргӕ дӕр акодтой! Фӕлӕ фидарӕй зонӕм иу хъуыддаг: раст цы у, уый куы аразӕм, уӕд нӕ ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырысти уарздзысты.

Дӕ Библийы бакӕс

1 Самуилы 20:15–17, 41, 42

2 Самуилы 4:4; 9:1–10; 19:24–30

Иоанны 15:18

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Сывӕллонимӕ йӕ куы кӕсай, уӕд ацы нысан (~) цы хъуыдыйады фӕстӕ лӕууа, уым хъӕуы иу гыццыл ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон йӕ хъуыды зӕгъа.