Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Петр Корнилимӕ ацӕуыны размӕ цармы куыстгӕнӕг Симонмӕ кӕй бацыд, уый цӕуыл дзурӕг у?

Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «Петр дзӕвгар рӕстӕг фӕци Иоппийы, цармы куыстгӕнӕг Симоны хӕдзары [...] денджызы был чи цӕры, уымӕ» (Хъуыддӕгтӕ 9:43; 10:6). Дзуттӕгтӕ цармы куыст нымадтой чъизи ӕмӕ ӕгад хъуыддагыл. Талмуды фыст уыд, зӕгъгӕ, цармы куыстгӕнджытӕ уыдысты, фаджысимӕ чи архайдта, уыдонӕй ӕгаддӕр. Симон-иу ӕдзух фосы мӕрдтимӕ кӕй архайдта, уый тыххӕй Закъонмӕ гӕсгӕ сыгъдӕгыл нымад никуы уыд (Левит 5:2; 11:39). Ацы хъуыддаджы фӕдыл цалдӕр энциклопедийы фыст ис, зӕгъгӕ, Симон, ӕвӕццӕгӕн, йӕ куысты пайда кодта денджызы донӕй. Кусгӕ та кодта горӕтгӕрон, уымӕн ӕмӕ, цармы куыст кӕм кодтой, уырдыгӕй-иу тынг ӕвзӕр тӕф калди.

Фӕлӕ уӕддӕр Петр Симонмӕ бафысым кодта. Ӕмӕ уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ иннӕ дзуттӕгтау Петр, чъизийыл нымад чи уыд, уыцы адӕмыл былысчъил нӕ кодта. Уыцы хъуыддаджы фӕзмыдта Чырыстийы (Матфейы 9:11; Лукайы 7:36–50).

Куыд ӕмбаргӕ сты Чырыстийы ныхӕстӕ, «дӕхӕдӕг ӕй куы загътай», зӕгъгӕ?

Хистӕр сауджын Кайафӕ Чырыстийы куы бафарста, Хуыцауы Фырт у ӕви нӕ, уӕд ын Йесо дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы загътай» (Матфейы 26:63, 64). Цымӕ йӕ ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты?

Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Йесойы Кайафӕйы фарстайӕн комкоммӕ дзуапп раттын нӕ фӕндыд. Ацы ныхӕстӕ, «дӕхӕдӕг ӕй куы загътай», зӕгъгӕ, дзуттӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, раздӕр арӕх дзырдтой. Афтӕ-иу загътой, истӕимӕ-иу разы куы уыдысты, уӕд. Зӕгъӕм, Иерусалимаг Талмуды (н. э. 4 ӕнус) фыст ис иу хабар. Иу лӕджы чидӕр бафарста, ахуыргӕнӕг амард, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын уый дзуапп радта: «Ды йӕ загътай». Уыцы ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, ахуыргӕнӕг ӕцӕгдӕр кӕй амард.

Йесо йӕ зыдта, хистӕр сауджынӕн бар кӕй уыд, цӕмӕй йӕ расомы кӕнын кодтаид, кӕй нӕ сайы, уый тыххӕй. Уымӕй уӕлдай Йесо хъусӕй куы лӕууыдаид, уӕд Кайафӕ, чи зоны, афтӕ ахъуыды кодтаид, ӕмӕ йӕхи Чырыстийыл нӕ нымайы. Уӕдӕ Йесо хистӕр сауджынӕн афтӕ кӕй загъта, «дӕхӕдӕг ӕй куы загътай», зӕгъгӕ, уымӕй йын йӕ фарстайӕн разыйы дзуапп радта. Матфейы чиныгӕй уӕлдай ма ацы хабары тыххӕй фыст ис Марчы чиныджы дӕр. Кайафӕ Йесойы комкоммӕ куы бафарста, Мессийӕ дӕ, зӕгъгӕ, уӕд ын Чырысти фидарӕй дзуапп радта: «О, ӕз дӕн» (Марчы 14:62; кӕс ма Матфейы 26:25 ӕмӕ Марчы 15:2).

[Ныв 18 фарсыл]

Цармы куыст кӕнынц Фесы, Мароккойы