Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауӕн организаци ис?

Хуыцауӕн организаци ис?

ХУЫЦАУЫ сконд дунейы кӕдӕмфӕнды ма акӕсай – алкӕмдӕр дзы фенӕн ис уаг ӕмӕ ӕгъдау (1 Коринфӕгтӕм 14:33). Фӕлӕ бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдау ӕрмӕст нӕ алыварс дунейы нӕй. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй диссаджы уаг ис уӕлӕрвты дӕр. Алцыдӕр дзы у Сфӕлдисӕджы фӕндонмӕ гӕсгӕ. Пехуымпар Данел цӕстылуайӕны федта, Хуыцауы уӕларвон паддзахбадӕны раз кӕй лӕууыд дуне зӕдтӕ. Библийы фыст ис: «Мин-минтӕ йын лӕггад кодтой ӕмӕ сӕдӕ милуаны лӕууыдысты йӕ разы» (Данел 7:9, 10). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн уыцы диссаджы ныв: ӕнӕнымӕц зӕдтӕй, сӕдӕ милуанӕй фылдӕр чи сты, уыдонӕй, алкӕмӕн дӕр ис йӕхи бынат ӕмӕ цӕттӕйӕ лӕууынц Хуыцауы ныхас сӕххӕст кӕнынмӕ ӕмӕ йын зӕххыл цы лӕггадгӕнджытӕ ис, уыдонӕн баххуыс кӕнынмӕ (Псалом 91:11).

Кӕд не Сфӕлдисӕг, Йегъовӕ Хуыцау, алцӕмӕн дӕр бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдау сӕвӕрдта, уӕддӕр уазалзӕрдӕ ӕмӕ тызмӕг Хуыцау нӕу. Йегъовӕ у амондджын Хуыцау ӕмӕ, кӕй сфӕлдыста, уыдоны се ’ппӕты дӕр фӕлмӕн уарзтӕй уарзы ӕмӕ сыл тыхсы (1 Тимофеймӕ 1:11; 1 Петры 5:7). Уый бӕрӕг у, раджы заманты Израилы адӕмӕн ӕмӕ стӕй фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн дӕр разамынд куыд лӕвӕрдта, уымӕй.

Уаг ӕмӕ ӕгъдау рагон Израилы адӕмы ’хсӕн

Йегъовӕ Хуыцау израилӕгтӕн Моисейы уылты разамынд лӕвӕрдта ӕмӕ йын куыд хъуамӕ куывтаиккой, уымӕн сын бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдау скодта. Ӕркӕсӕм, Синайы ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд-иу сӕ сӕ цатыртӕ куыд ӕвӕрын хъуыди, уымӕ. Алы бинонтӕ дӕр сӕ цатыртӕ, кӕй куыд фӕндыд, афтӕ куы ӕвӕрдтаиккой, уӕд дзы уаг ӕмӕ ӕгъдауӕн йӕ кой дӕр нӕ уыдаид. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бӕлвырд бацамыдта, алы мыггаг дӕр йӕ цатыртӕ кӕм ӕмӕ куыд ӕвӕрдзӕн, уый (Нымӕцтӕ 2:1–34). Уымӕй уӕлдай ма Моисейы закъоны бӕлвырд уагӕвӕрдтӕ уыди ӕнӕниздзинад ӕмӕ сыгъдӕгдзинады тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, дзырд дзы цыди, адӕймаг-иу йӕхи хъуыдыйӕ куы ацыд, уӕд-иу ӕй йӕ чъизитӕ баныгӕнын кӕй хъуыди, уый тыххӕй (Дыккаг закъон 23:12, 13).

Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд ноджы фылдӕр хъуыддӕгты фенӕн уыди, алцыдӕр сын бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл ӕвӕрд кӕй уыд, уый. Уыдон дихгонд ӕрцыдысты 12 мыггагыл, ӕмӕ алы мыггаг дӕр цард, цы зӕххытӕ йын радтой, уым. Хуыцау сын Моисейы уылты кӕй радта, уыцы Закъоны дзырд цыди царды ӕппӕт хъуыддӕгтыл дӕр: куыд ын хъуамӕ куывтаиккой, лӕг ӕмӕ ус, стӕй бинонтӕ иууылдӕр кӕрӕдзиимӕ куыд хъуамӕ уыдаиккой, хӕрӕн цы уыд ӕмӕ цы нӕ уыд, уый тыххӕй, стӕй ахуырад, ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгтӕ, зӕххы куыст, фосмӕ кӕсын ӕмӕ бирӕ ӕндӕр ахӕм хабӕртты тыххӕй. Кӕд дзы иуӕй-иу закъӕттӕ лыстӕг хабӕрттӕм хаудысты, уӕддӕр иууылдӕр дзурӕг уыдысты, Йегъовӕ йӕ адӕмыл кӕй тыхсти ӕмӕ сӕ кӕй уарзта, ууыл. Израилӕгтӕ уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цардысты, уӕд-иу уыдысты амондджын ӕмӕ-иу сӕ Йегъовӕ хайджын кодта йӕ хорзӕхӕй (Псалом 147:19, 20).

Кӕд Моисей сӕрӕн разамонӕг уыд, уӕддӕр сӕйраг йӕ курдиӕттӕ нӕ уыдысты. Ӕнтыстджын уыдаид ӕви нӕ, уый аразгӕ уыд, Хуыцау ын цы разамынд лӕвӕрдта, ууыл куыд фидар хӕцыдаид, уымӕй. Зӕгъӕм, Моисей-иу куыд базыдта, ӕдзӕрӕг быдыры сӕ кӕуылты ацӕуын хъӕуы, уый? Йегъовӕ йын амыдта фӕндаг – бонӕй-иу сӕ разӕй цыди мигъы хуызӕн цӕджындз, ӕхсӕв та-иу сын сӕ фӕндаг рухс кодта артау судзгӕ цӕджындз (Рацыд 13:21, 22). Уӕдӕ кӕд Йегъовӕ зӕххон адӕймӕгты уылты архайдта, уӕддӕр йӕ адӕмы ’хсӕн бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдау йӕхӕдӕг сӕвӕрдта ӕмӕ сын разамынд дӕр йӕхӕдӕг лӕвӕрдта. Ӕмӕ афтӕ уыд фыццаг ӕнусы дӕр.

Уаг ӕмӕ ӕгъдау фыццаг ӕнусы чырыстӕтты ’хсӕн

Фыццаг ӕнусы апостолтӕ ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ зӕрдиагӕй кӕй хъусын кодтой, уый фӕрцы Азийы ӕмӕ Европӕйы фӕзынд бирӕ чырыстон ӕмбырдтӕ. Кӕд уыцы ӕмбырдтӕ алы рӕтты пырх уыдысты, уӕддӕр дзы алкӕцы ӕмбырд, йӕхи куыд фӕндыд, афтӕ нӕ архайдта. Ӕмбырдты алцыдӕр ӕвӕрд уыд бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл ӕмӕ сын стыр пайда хаста, апостолтӕ сын цы разамынд лӕвӕрдтой, уый. Зӕгъӕм, апостол Павел Титы арвыста Критмӕ, цӕмӕй ӕмбырды, «раст чи нӕ уыд, уыцы хъуыддӕгтӕ сраст кодтаид», ома алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл сӕвӕрдтаид (Титмӕ 1:5). Стӕй Павел Коринфы ӕмбырдмӕ фыста, зӕгъгӕ, иуӕй-иутӕм ис «разамынд дӕттыны... курдиат» (1 Коринфӕгтӕм 12:28). Фӕлӕ фыццаг ӕнусы ӕмбырдты ахӕм уаг ӕмӕ ӕгъдау кӕй фӕрцы уыди? Павел куыд зӕгъы, афтӕмӕй «Хуыцау буар [ома ӕмбырд] афтӕ скодта», цӕмӕй дзы алцыдӕр йӕхи бынаты уа (1 Коринфӕгтӕм 12:24).

Чырыстон ӕмбырды-иу цӕстдарджытӕй кӕй сӕвӕрдтой, уыдон се ’муырнджытӕн сӕхи хицӕуттӕ нӕ кодтой. Уыдон уыдысты се ’мкусджытӕ ӕмӕ архайдтой, Хуыцауы сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, уымӕ гӕсгӕ. Стӕй уыцы цӕстдарджытӕ хъуамӕ «дзугӕн фӕзминаг уыдаиккой» (2 Коринфӕгтӕм 1:24; 1 Петры 5:2, 3). «Ӕмбырды... сӕр», кӕнӕ ӕмбырды хистӕр, цавӕрдӕр адӕймаг кӕнӕ ӕнӕххӕст адӕмы къорд никуы уыди. Ӕмбырды хистӕр у Йесо Чырысти – уый разамынд дӕтты уӕлӕрвтӕй (Ефесӕгтӕм 5:23).

Коринфы ӕмбырды чырыстӕттӕ иннӕ ӕмбырдтӕй уӕлдай цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ, сӕхимӕ растдӕр куыд касти, афтӕ аразын куы райдыдтой, уӕд сӕм Павел ныффыста: «Ау, Хуыцауы ныхас сымахӕй рацыд, науӕд ӕрмӕстдӕр сымахмӕ фӕхӕццӕ?» (1 Коринфӕгтӕм 14:36). Павел сӕм ахӕм фарста уымӕн радта, цӕмӕй сын сӕ зондахаст сраст кодтаид ӕмӕ сын бамбарын кодтаид, сӕхи зондыл кӕй цӕуынц, уый раст кӕй нӕу. Ӕмбырдтӕ апостолты разамындмӕ гӕсгӕ куы архайдтой, уӕд фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой ӕмӕ сын Хуыцау алы хъуыддаджы дӕр арфӕ кодта (Хъуыддӕгтӕ 16:4, 5).

Дзурӕг у Хуыцауы уарзондзинадыл

Цы зӕгъӕн ис нӕ рӕстӕджы тыххӕй та? Иуӕй-иуты нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй, цавӕрдӕр динимӕ баст чи у, ахӕм организацимӕ баиу уой. Фӕлӕ Библийӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй Хуыцау алкӕддӕр йӕ фӕндон ӕххӕст кодта йӕ организацийы уылты. Рагзаманты разамынд лӕвӕрдта йӕ кувӕг адӕмӕн – израилӕгтӕн. Стӕй фыццаг ӕнусы дӕр разамынд лӕвӕрдта чырыстӕттӕн, цӕмӕй йын ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кодтаиккой.

Уӕдӕ абон дӕр хъуамӕ афтӕ ма уа? Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд хъуамӕ ма дӕтта, раздӕр куыд уыд, афтӕ? Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын иумӕйаг разамынд дӕтты, ӕмӕ уый дзурӕг у йӕ уарзондзинадыл. Йегъовӕ абон дӕр йӕ организацийы уылты ӕххӕст кӕны, адӕмы тыххӕй йӕм цы фӕнд ис, уый. Фӕлӕ, Хуыцауы организаци кӕцы у, уый куыд ис базонӕн? Ӕркӕсӕм цалдӕр хъуыддагмӕ.

Хуыцау ӕцӕг чырыстӕтты баиу кодта, цӕмӕй иу хъуыддаг аразой. (Матфейы 24:14; 1 Тимофеймӕ 2:3, 4). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕной ӕппӕт адӕмтӕн дӕр. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг та бакӕнӕн нӕ уаид, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ӕгас дунейы дӕр ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы нӕ архаиккой, уӕд. Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Зӕгъӕм, иу адӕймагӕн дӕ хъӕуы бахӕрын кӕнын. Уый иунӕгӕй дӕр ӕнцонтӕй бакӕндзынӕ. Фӕлӕ дӕ мингай – суанг милуангай адӕмӕн дӕр – куы хъӕуа бахӕрын кӕнын, уӕд та дӕ бахъӕудзӕн дзӕвгар ӕххуысгӕнджытӕ. Ӕмӕ сын хъӕудзӕн бӕлвырд бацамонын, куыд ӕмӕ сӕ цы кӕнын хъӕуы, уый. Афтӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр цӕмӕй уыцы хӕс ӕххӕст кӕной, уый тыххӕй лӕггад кӕнынц «уӕхски-уӕхск», ома ӕмвӕнд-ӕмзондӕй (Софони 3:9). Цымӕ иу пъланмӕ гӕсгӕ, ӕмвӕнд-ӕмзондӕй, куы нӕ архаиккой, уӕд уый гӕнӕн уаид, ӕмӕ алы адӕмтӕн ӕмӕ алы адӕмыхӕттытӕн, стӕй алы ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл хъусын кӕной? Ницы хуызы!

Хуыцау ӕцӕг чырыстӕтты баиу кодта, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕной ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауой. Альпинист хӕхты иунӕгӕй куы уа, уӕд ӕй кӕдӕм фӕнды, уырдӕм сбырдзӕн, стӕй йӕ, нырма ӕвӕлтӕрд чи у, ахӕм альпинисттӕм йӕ хъус дарын нӕ хъӕудзӕн. Фӕлӕ фӕндагыл ӕнӕнхъӕлӕджы исты куы ’рцӕуа кӕнӕ зын уавӕры куы бахауа, ӕмӕ йӕ фарсмӕ куы ничи уа, уӕд йӕ хабар хорз нӕ уыдзӕн. Ӕцӕгдӕр, адӕймаг йӕхи иннӕтӕй дард куы ласа, уӕд уый зондыл дзурӕг нӕу (Ӕмбисӕндтӕ 18:1). Уӕдӕ чырыстӕтты дӕр хъӕуы сӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй у сӕ бон, Чырысти сын цы бахӕс кодта, уый ӕххӕст кӕнын (Матфейы 28:19, 20). Цӕмӕй чырыстӕттӕ сӕ къухтӕ ма ӕруадзой, фӕлӕ уыцы хъуыддаг дарддӕр кӕной, уый тыххӕй сӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый райсынц ӕмбырды: уым иумӕ Библи фӕахуыр кӕнынц, фехъусынц алыхуызон уынаффӕтӕ ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс бафтауынц. Ӕмӕ ахӕм ӕмбырдтӕ куы нӕ уаид, уӕд та цымӕ адӕймаг кӕдӕм ацӕуид ӕмӕ йын кӕм бацамониккой Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ? (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25).

Хуыцау ӕцӕг чырыстӕтты баиу кодта, цӕмӕй йын иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕной. Йесойы фыстӕ, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ, «хъусынц йӕ хъӕлӕсмӕ», ома йӕ разамындмӕ, ӕмӕ уый фӕрцы систы «иу дзуг» (Иоанны 10:16). Уыдон, кӕрӕдзимӕ чи ницы бар дары, ахӕм аргъуантыл ӕмӕ къордтыл дихтӕ не сты. Стӕй, Библийы цы фыст ис, уый дӕр алыхуызон не ’мбарын кӕнынц, фӕлӕ се ’ппӕт дӕр «дзурынц ӕмхуызон» (1 Коринфӕгтӕм 1:10). Цӕмӕй адӕм иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй цӕрой, уый тыххӕй се ’хсӕн хъуамӕ уа бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдау, ӕмӕ уый тыххӕй та хъӕуы, цӕмӕй сӕ исчи иумӕ ӕрӕмбырд кӕна ӕмӕ сын разамынд дӕтта. Ӕфсымӕртау иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй чи архайы, Хуыцау ӕрмӕстдӕр уыдонӕн арфӕ кӕны (Псалом 133:1, 3).

Уӕлдӕр цы хъуыддӕгтӕм ӕркастыстӕм ӕмӕ ма Библийы ноджыдӕр цы хъуыддӕгты кой цӕуы, уыдон фенӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организацийы. Ӕмӕ Хуыцауы чи уарзы ӕмӕ Библийы рӕстдзинад базонын кӕй фӕнды, милуангай ахӕм адӕм цӕуынц уыцы организацимӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас дунейы дӕр архайынц бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕмӕ афтӕмӕй иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй ӕххӕст кӕнынц Хуыцауы фӕндон. Стӕй фидарӕй зонынц, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Йегъовӕ загъта: «Ӕз цӕрдзынӕн се ’хсӕн ӕмӕ уыдзынӕн се ’хсӕн. Ӕз уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты мӕ адӕм» (2 Коринфӕгтӕм 6:16). Ацы диссаджы арфӕдзинадӕй ды дӕр хайджын уыдзынӕ, Йегъовӕ Хуыцауӕн йӕ адӕмимӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд!

[Ныв 13 фарсыл]

Израилӕгты цатыртӕ ӕвӕрд уыдысты бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ

[Нывтӕ 14, 15 фӕрстыл]

Цӕмӕй хорз хабар ӕгас дунейы дӕр хъуыстгонд цӕуа, уый тыххӕй хъӕуы организаци

Хъусын кӕнынц хӕдзарӕй-хӕдзармӕ

Ӕххуыс кӕнынц, бӕллӕхы чи бахауд, уыдонӕн

Уадзынц конгресстӕ

Аразынц хуыцауӕн кувӕн бынӕттӕ