Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...

Цымӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр уӕлӕрвтӕм ацӕудзысты?

Цымӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр уӕлӕрвтӕм ацӕудзысты?

▪ Бирӕтӕ зонынц Йесо Чырыстийы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16). Цымӕ Чырыстийы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ йын йӕ Фыдӕн, Йегъовӕ Хуыцауӕн, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, уыдон иууылдӕр уӕлӕрвтӕм ацӕудзысты, цӕмӕй уым ӕнустӕм цӕрой?

Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм Чырыстийы ныхӕстӕм: «Иу адӕймаг дӕр уӕлӕрвтӕм не ссыд, Адӕймаджы Фырт та уӕлӕрвтӕй ӕрцыд» (Иоанны 3:13). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕ, зӕгъӕм, Ной, Авраам, Моисей ӕмӕ Давид сӕ мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм нӕ ацыдысты (Хъуыддӕгтӕ 2:34). Уӕдӕ цы фесты? Цыбыртӕй йӕ куы зӕгъӕм, уӕд абон сӕ ингӕнты мӕрдвынӕй кӕнынц, ницы ӕмбарынц, фӕлӕ сӕ йӕ рӕстӕджы Хуыцау райгас кӕндзӕн (Екклесиаст 9:5, 6; Хъуыддӕгтӕ 24:15).

Иуӕй-иутӕ сӕ мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм кӕй ссӕудзысты, уый тыххӕй фыццаг загъта Чырысти. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, зӕгъгӕ, ӕз цӕуын уӕлӕрвтӕм, цӕмӕй уын бынат ӕрцӕттӕ кӕнон (Иоанны 14:2, 3). Хуыцауы адӕмӕн уый уыди ног хабар. Фӕстӕдӕр апостол Павел бамбарын кодта, зӕгъгӕ, Чырысти куы амард, стӕй куы райгас ӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн «бакодта ног ӕмӕ удӕгас фӕндаг». Уыцы «фӕндагыл» уымӕй размӕ иу адӕймаг дӕр никуы ацыд (Дзуттӕгтӕм 10:19, 20).

Уӕдӕ, цымӕ, Чырысти уӕлӕрвтӕм фӕндаг куы байгом кодта, уӕдӕй нырмӕ Хуыцауӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, уыдон се ’ппӕт дӕр сӕ мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм ацӕуынц? Нӕ, уымӕн ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрынӕн чи райгас уыдзӕн, уыдон райгас уыдзысты бӕлвырд хӕс сӕххӕст кӕнынмӕ. Ӕмӕ уыцы хӕс ис ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутыл. Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, зӕгъгӕ, уӕларвон Паддзахады паддзахбадӕнтыл ӕрбаддзыстут, цӕмӕй тӕрхон кӕнат. Уӕдӕ бӕрӕг у, сӕ хӕс кӕй уыд, цӕмӕй Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уыдаиккой (Лукайы 22:28–30).

Апостолтӕй уӕлдай ма уыцы кадджын хӕс ӕндӕртӕн дӕр ӕрцыд лӕвӕрд. Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, уӕлӕрвты Чырыстиимӕ кӕй лӕууыдысты, чи райгас, уыдон. Иоанн ныффыста, зӕгъгӕ, уыдон уыдзысты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ ӕмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн дӕтдзысты разамынд (Раргомад 3:21; 5:10). Цымӕ цал уыдысты? Бӕстӕйӕн разамынд чи фӕдӕтты, уыдон бирӕ нӕ вӕййынц. Афтӕ у йӕ хабар уӕларвон Паддзахадӕн дӕр. Чырысти, Хуыцауы Уӕрыкк, разамынд дӕтты, «адӕмӕй... ӕлхӕд» чи ӕрцыд, уыцы 144 000 адӕймагимӕ (Раргомад 14:1, 4, 5).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауӕн раджы заманты иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, стӕй йын абон чи лӕггад кӕны, уыдонимӕ абаргӕйӕ 144 000 адӕймаджы бирӕ не сты. Ӕмӕ уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ уыдоныл ис сӕрмагонд кадджын хӕс. Зӕгъӕм, хӕдзар куы аразис, уӕд, цымӕ, цыдӕриддӕр хорз кусӕг ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр баххуырсис? Ӕвӕццӕгӕн дӕ дӕ куыстӕн цал бахъӕудзӕн, ӕрмӕстдӕр уал кусӕджы. Афтӕ Хуыцау дӕр, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдонӕн алкӕмӕндӕр нӕ бахӕс кодта, цӕмӕй Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уой.

Уыцы уӕларвон паддзахады фӕрцы Хуыцау сӕххӕст кӕндзӕн, адӕмы тыххӕй йӕм райдианы цы фӕнд уыди, уый. Чырысти ӕмӕ 144 000 паддзахы адӕмӕн разамынд дӕтдзысты, цӕмӕй ӕнӕхъӕн зӕхх дзӕнӕт суа. Уым, Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыцы ӕнӕнымӕц адӕм ӕнустӕм амондджынӕй цӕрдзысты (Исай 45:18; Раргомад 21:3, 4). Уыдонӕй уӕлдай ма дзӕнӕты цӕрдзысты, Хуыцау кӕй райгас кӕндзӕн, уыдон дӕр (Иоанны 5:28, 29).

Йегъовӕйӕн раджы заманты иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта ӕмӕ йын абон дӕр чи лӕггад кӕны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон у, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрой (Ромӕгтӕм 6:23). Иуӕй-иутӕ дзы цӕрдзысты уӕлӕрвты, цӕмӕй сыл цы кадджын хӕс ӕвӕрд ис, уый сӕххӕст кӕной, фӕлӕ сӕ фылдӕр та цӕрдзысты зӕххыл дзӕнӕты.