Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Амондджын цард абон дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр

Амондджын цард абон дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр

Амондджын цард абон дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр

АБОН дӕр амондджынӕй цӕрӕн ис. Цӕй фӕрцы? Библийы хорз уынаффӕты фӕрцы. Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.

УЫНАФФӔ. Паддзах Соломон загъта: «Царды мидӕг адӕймагӕн уымӕй хуыздӕр ницы ис... куы хӕра, куы нуаза ӕмӕ йӕ уӕззау фыдӕбонӕй йӕ удӕн хорзӕй исты куы уынын кӕна» (ЕККЛЕСИАСТ 2:24).

Адӕймаг афтӕ конд у, цӕмӕй йӕ куыстӕй йӕ зӕрдӕ райа. Абон цыфӕнды зын уавӕрты дӕр куы цӕрӕм, уӕддӕр, зӕрдӕбынӕй ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй куы фыдӕбон кӕнӕм, уӕд нӕ цардӕй райгонд уыдзыстӕм.

УЫНАФФӔ. «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (ХЪУЫДДӔГТӔ 20:35).

Бирӕтӕ йӕ сӕхицӕй зонынц, иннӕтӕн исты хорздзинад куы саразынц, зӕгъӕм, бахъуаджы сахат сын, сӕ бон цӕмӕй вӕййы, уымӕй куы баххуыс кӕнынц, уӕд сын уый стыр циндзинад кӕй ӕрхӕссы ӕмӕ бирӕ амондджындӕр кӕй вӕййынц. Соломон загъта: «Дӕ къух куы амона, уӕд тыхст адӕймагӕн хорздзинад ма бавгъау кӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 3:27).

Иу нӕлгоймаг, Ральф, зӕгъгӕ, пенсийы куы ацыд, уӕд уый дӕр йӕ бинойнагау йӕ хъарутӕ иууылдӕр сарӕзта уымӕ, цӕмӕй адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй дзырдтаид. Сӕ дыууӕ дӕр сӕ рӕстӕг не ’вгъау кӕнынц ӕмӕ, Библийы цы фыст ис, уый адӕмӕн амонынц. Ральф дзуры: «Изӕры хӕдзармӕ кӕд фӕлладӕй ӕрбацӕуӕм, уӕддӕр нын уый ӕхсызгон вӕййы, уымӕн ӕмӕ, фӕллад уый тыххӕй нӕ вӕййӕм, ӕмӕ ныл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, фӕлӕ нӕ уӕларвон Фыдӕн кӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ иннӕтӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уымӕй. Уымӕй хуыздӕр ма адӕймаг цӕмӕй хъуамӕ бафӕллайа!» Ральф йӕ бинойнагимӕ сты амондджын, уымӕн ӕмӕ сын царды сӕйрагдӕр у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын.

УЫНАФФӔ. «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр» (ӔМБИСӔНДТӔ 17:17).

Адӕймагӕн йӕ зын сахат йӕ фарсмӕ исчи куы ӕрбалӕууы, уӕд ын ӕнцондӕр вӕййы. Англисаг фыссӕг Фрэнсис Бэкон, загъта, зӕгъгӕ, хорз ӕмбӕлттӕ кӕмӕн нӕй, уый «цӕры ӕдзӕрӕг быдыры». Хорз ӕмбӕлттӕ кӕмӕн ис ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр хорз ӕмбал чи у, уыдон амондджындӕр вӕййынц.

УЫНАФФӔ. «Амондджын уыдон сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны!» (ЛУКАЙЫ 11:28).

Ацы ныхӕстӕй Чырысти бамбарын кодта иу ахсджиаг хъуыддаг: кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй, Хуыцау зӕрдӕ цы хорздзинӕдтӕй ӕвӕры, уыдонӕй хайджын уӕм, уӕд ын хъуамӕ йӕ ныхасмӕ хъусӕм ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнӕм. Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы, Библийы, ӕмбарын кӕны, цӕй тыххӕй нӕ сфӕлдыста ӕмӕ цӕмӕн цӕрӕм, уый. Ӕмӕ нын уый хӕссы стыр циндзинад ӕмӕ амонд. Айразмӕ статьяйӕ базыдтам, Библи нын кӕй ӕргом кӕны, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый. Уымӕй уӕлдай ма ацы чиныгӕй нӕ бон у базонын, зӕххыл цӕмӕн цӕрӕм, уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ӕвзарӕм ӕмӕ нӕ бон куыд у Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын. Ацы хабӕрттӕ зонын тынг ахсджиаг у, цӕмӕй адӕймаг амондджын уа ӕмӕ йӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ райа. Библи ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг чи не ’вгъау кӕны ӕмӕ цы базоны, уымӕ гӕсгӕ йӕ цард чи аразы, уыдон сты амондджын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы ӕнгомдӕр кӕнынц Сфӕлдисӕгимӕ, «амондджын Хуыцау» Йегъовӕимӕ (1 Тимофеймӕ 1:11).

УЫНАФФӔ. «Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы... цалынмӕ не ’рхӕццӕ сты фыдбонтӕ, цалынмӕ не ’рцыдысты, цард мын ад нал кӕны, зӕгъгӕ, кӕмӕй зӕгъдзынӕ, уыцы азтӕ» (ЕККЛЕСИАСТ 12:1).

Ацы ныхӕстӕ паддзах Соломон загъта ӕрыгӕттӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон нӕ фӕхъуыды кӕнынц, цард сӕм алыхатт йӕ мидбылты кӕй нӕ худдзӕн, ууыл. Фӕлӕ Соломоны ныхӕстӕ хауынц не ’ппӕтмӕ дӕр. Ӕппӕты сӕйрагдӕр дын Хуыцау куы уа, уӕд дӕ цард дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн. Дӕхи хъахъхъӕн ахӕм зондахастӕй: «Цӕй, хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм,– уӕддӕр райсом амӕлдзыстӕм» (1 Коринфӕгтӕм 15:32). Екклесиаст 8:12 стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй дын Хуыцау фыццаг бынаты куы уа, уӕд дӕ царды алцыдӕр «хорз уыдзӕн».

Иу чызг, Уенди, зӕгъгӕ, йӕхицӕй зоны, уый афтӕ кӕй у. Уенди ӕмӕ йӕ хо испайнаг ӕвзаг сахуыр кодтой ӕмӕ ацыдысты Республикӕ Доминикӕмӕ, уымӕн ӕмӕ уым нӕ фаг кодта Библийы хорз хабар хъусынгӕнджытӕ. «Цӕмӕй, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран лӕггад кодтаиккам, уый тыххӕй нӕ нӕ царды бирӕ цыдӕртӕ бахъуыд аивын. Фӕлӕ уым цы ӕхсӕз мӕйы фестӕм, уыдон ницӕимӕ ис абарӕн. Уый уыд диссаджы рӕстӕг! Хуыцау нӕ цы хорздзинӕдтӕй схайджын кодта, уыдонимӕ абаргӕйӕ, нӕхи цӕмӕй фӕцух кодтам, уыдӕттӕ ӕппындӕр ницы сты».

Адӕймаг Хуыцауыл иузӕрдион куы уа, уӕд уыдзӕн амондджын

Адӕймаг куы фӕархайы, цӕмӕй Хуыцауимӕ ӕнгом уа, уӕд уый йӕ цардыл тынг фӕзыны. Куыд? Хӕйрӕг Адам ӕмӕ Евӕйы Хуыцауы ныхмӕ скодта, стӕй ма сдзырддаг кодта, фӕлварӕнты иу адӕймаг дӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй кӕй нӕ баззайдзӕн (Иов 1:9–11; 2:4). Уый мӕнг ныхас кӕй у, уый дӕ бон у дӕ цардӕй равдисын. Уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауыл иузӕрдион уай, йӕ закъӕттӕ йын ӕххӕст кӕнай ӕмӕ дӕ цардӕй бӕрӕг уа, кӕй йӕ ’мбарыс, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый амоныны бар ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй ис (Раргомад 4:11).

Иузӕрдионӕй цӕрын нӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй, чи зоны, зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм. Цымӕ уыцы зындзинӕдты аххосӕй нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ нӕ рухс кӕндзӕн? Зӕгъӕм, нӕ фыдызнаг нын не ’мбалы кӕнӕ нӕ бинонтӕй искӕй фыдкой кӕны. Уыцы адӕймаджы сӕрыл куы рахӕцӕм ӕмӕ нын уыцы фыдгойгӕнӕг исты знаггад куы ракӕна, уӕд уый тыххӕй нӕ цардӕй райгонд нал уыдзыстӕм? Ахӕм хъуыддаджы тыххӕй ӕфхӕрд баййафын ӕхсызгон дӕр ма вӕййы. Афтӕ у йӕ хабар Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын кӕй фӕнды, уымӕн дӕр. Абоны зын уавӕрты Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стӕм, уымӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

Амондджын цард ӕнустӕм

Уӕдӕ бацархай, цӕмӕй фылдӕр базонай Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндоны тыххӕй. Йесо Чырысти загъта: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3). Йегъовӕмӕ райдианы зӕххы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый куы сӕххӕст уа, уӕд рӕстгӕнджытӕ бафсӕддзысты, ӕппӕты райдианы сын кӕй ӕрцӕттӕ кодта, ахӕм цардӕй – «ӕнусон цардӕй» зӕххыл дзӕнӕты. Уӕд адӕм сӕ риуыдзаг сулӕфдзысты ӕмӕ уыдзысты ӕцӕг амондджын (Псалом 145:16).

Ӕмӕ, цымӕ, куыд хъуамӕ базонӕм Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы? Хуыцауы фӕндӕй фыст чиныг Библийы фӕрцы. Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй дын уыцы хъуыддаджы исчи баххуыс кӕна, уӕд ныффысс, ацы брошюрӕ мыхуыры чи рауагъта, уыдонмӕ. Уыдон батыхсдзысты, цӕмӕй дӕм исчи бацӕуа ӕмӕ, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый базонай.