Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Галаады скъолайы 130 кълас

Рӕсугъд бӕллицты ӕмӕ цины бон

Рӕсугъд бӕллицты ӕмӕ цины бон

ГАЛААДЫ скъолайы 130 кълас чи фӕци, уыдон тынг цин кодтой, уымӕн ӕмӕ хъуамӕ тагъд сӕххӕст уыдаиккой сӕ рӕсугъд бӕллицтӕ. 2011 азы 12 мартъийы 8500 адӕймагӕй фылдӕр ӕрӕмбырд сты, студенттӕ сӕ ахуыр кӕй фесты, уый фӕдыл. Се ’хсӕн уыдысты сӕ бинонтӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ. Се ’ппӕт дӕр зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты программӕмӕ. Алкӕй дӕр фӕндыд базонын ног миссионерты кӕцы бӕстӕтӕм арвитдзысты адӕмӕн Библийы ахсджиаг хабӕрттӕ амонынмӕ, уый.

«Амондджын сты, [Йегъовӕмӕ] чи... ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон иууылдӕр»

Ацы зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ ист сты Исайы 30:18 стихӕй. Афтӕ хуынди йӕ раныхас программӕйы сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр Джеффри Джексонӕн, Разамонӕг советӕй. Ӕфсымӕр Джексон студенттӕн раарфӕ кодта, сӕ ахуыр кӕй фесты, уый фӕдыл. Загъта сын, зӕгъгӕ, кӕд Галаады скъолайы фӕстӕ удӕгасӕй баззадыстут, уӕд абон дӕр аирвӕздзыстут. Йӕ фӕлмӕн ӕмӕ йӕ хъазӕн ныхас се ’ппӕты зӕрдӕмӕ дӕр фӕцыд. Цымӕ ног миссионертӕм фидӕны цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Джеффри Джексон Исайы 30:18–21 стихтӕм гӕсгӕ аныхас кодта ӕртӕ ахсджиаг хъуыддагыл.

Фыццаг хъуыддаг: ӕфсымӕр Джексон загъта, «ма дызӕрдыг кӕнут, Йегъовӕ уын уӕ куывдтытӕ кӕй хъусдзӕн, ууыл». Стӕй бакаст, 19 стихы цы диссаджы ныхӕстӕ ис, уыдон: «[Хуыцау дын] дӕ дзыназын... куы фехъуса, уӕд дын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн». Ӕфсымӕр Джексон бафиппайдта, дзуттаг ӕвзаджы ацы стихы цы номивӕг ис, уый кӕй ӕвдисы, Хуыцау алкӕмӕ дӕр хицӕнӕй кӕй фӕхъусы. «Йегъовӕ нӕ уӕларвон Фыд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ афтӕ никуы фӕзӕгъы, зӕгъгӕ: „Уӕртӕ-ма бакӕс, уый куыд фидар у. Ды та?“. Алкӕмӕ дӕр нӕ лӕмбынӕг байхъусы ӕмӕ нын баххуыс кӕны».

Дыккаг хъуыддаг: ӕфсымӕр Джексон загъта, зӕгъгӕ нӕ иу дӕр зындзинӕдтӕй хызт нӕ уыдзӕн. «Йегъовӕ нын афтӕ нӕ загъта, ӕдзух лӕгъз фӕндӕгтыл цӕудзыстут, зӕгъгӕ, фӕлӕ нын зӕрдӕ ’вӕры, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн»,– банысан кодта Джеффри Джексон. 20 стихӕй куыд зыны, афтӕмӕй Хуыцау израилӕгты бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, се знӕгтӕ сӕ алыварс куы ’рлӕууой, уӕд сӕ бӕллӕхтӕ ӕмӕ сӕ хъизӕмӕрттӕ уыдзысты дзул ӕмӕ донау арӕх. Фӕлӕ Йегъовӕ алкӕддӕр цӕттӕ уыд йӕ адӕмы фервӕзын кӕнынмӕ. Галаады скъолайы студенттӕ дӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдзысты, фӕлӕ, чи зоны, сӕхи кӕмӕ цӕттӕ кодтой, ахӕмтӕ ма уой. Ӕфсымӕр Джексон ма загъта: «Фӕлӕ уӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, алы фӕлварӕны дӕр Йегъовӕ уӕ фарсмӕ кӕй балӕудзӕн».

Ӕртыккаг хъуыддаг: ӕфсымӕр Джексон студентты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Исайы 30:20, 21 стихты куыд фыст ис, афтӕмӕй сын Хуыцау разамынд кӕй дӕтдзӕн, ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд хъуамӕ уыцы разамынд агурой. Джеффри Джексон загъта, зӕгъгӕ, абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр хъуамӕ лӕмбынӕг хъуса, Йегъовӕ Библийы ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы литературӕйы уылты цы дзуры, уымӕ. Ӕфсымӕр Джексон студентты фӕлмӕнӕй баразӕнгард кодта, цӕмӕй алы бон дӕр Библи кӕсой ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕной, уымӕн ӕмӕ уымӕй кӕнгӕ у адӕймагӕн йӕ цард.

«Йегъовӕйӕ тӕрсут»

Энтони Моррис, Разамонӕг советӕй, бамбарын кодта, цы нысан кӕнынц Библийы фыст ныхӕстӕ, «Йегъовӕйӕ тӕрсут», зӕгъгӕ (2 Азфыстыты 19:7). Ацы ныхӕстӕ, адӕймаг фыртӕссӕй куыд фӕзыр-зыр кӕны, уымӕ нӕ амонынц. Сӕ хъуыды уый у, ӕмӕ адӕймаджы, раст цы у, уый аразын афтӕ тынг фӕфӕнды, ӕмӕ Хуыцауӕн афтӕ тынг фӕаргъ кӕны, ӕмӕ раст йӕхимидӕг баризы. Ӕфсымӕр Моррис студентты сразӕнгард кодта: «Миссионертӕй куы лӕггад кӕнат, уӕд уӕ зӕрдӕйы ахӕм тас уӕд». Фӕлӕ цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйӕн афтӕ тынг кӕй кад кӕнынц? Ӕфсымӕр Моррис аныхас кодта дыууӕ ахсджиаг хъуыддагыл.

Фыццаг: студенттӕн загъта, цӕмӕй, Иаковы 1:19 стихы куыд фыст ис, уымӕ гӕсгӕ архайой, ома рӕвдз уой байхъусынмӕ, дзурынмӕ та тагъд ма кӕной. Йӕ раныхасы загъта, студенттӕ фондз мӕйы дӕргъы бирӕ цыдӕртӕ кӕй базыдтой, фӕлӕ-иу хъуамӕ лӕмбынӕг уой, цӕмӕй, кӕм лӕггад кӕндзысты, уым-иу сӕ зонындзинӕдтӕй ма ’ппӕлой. Ӕфсымӕр Моррис загъта: «Фыццаг уал-иу байхъусут. Байхъусут-иу уе ’мбырды хотӕ мӕ ’фсымӕртӕм, стӕй уӕ цы бӕстӕмӕ арвитой, уым разамынд чи дӕтты, уыцы ’фсымӕртӕм. Байхъусут-иу, цы дзурынц сӕ бӕстӕйы тыххӕй ӕмӕ се ’гъдӕутты тыххӕй. Исты куы нӕ зонат, уӕд уӕм „нӕ зонын“ зӕгъын худинаг ма кӕсӕд. Кӕд уын Галаады скъола баххуыс кодта, уӕд, цас фылдӕр ахуыр кӕнат, уыйас хуыздӕр ӕмбардзыстут, куыд гыццыл зонут, уый».

Дыккаг: ӕфсымӕр Моррис бакаст ӕмӕ аныхас кодта Ӕмбисӕндты 27:21 стихыл. Уым фыст ис: «Тайынгӕнӕн мигӕнӕн у ӕвзистӕн, пец – сызгъӕринӕн, адӕймаг та рабӕрӕг вӕййы, куы дзы раппӕлынц, уӕд». Энтони Моррис бамбарын кодта, сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист арты куыд батайын кӕнынц ӕмӕ йӕ чъизитӕй куыд ссыгъдӕг вӕййы, афтӕ махӕй дӕр куы раппӕлынц, уӕд рабӕрӕг вӕййы, цы нӕ фӕхуыздӕр кӕнын хъӕуы, уый. Куыд? Исчи нӕ куы феппӕлы, уӕд нын уый вӕййы фӕлварӕны хуызӕн. Чи зоны нӕхиуыл фервӕссӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард уӕм. Чи зоны та ахъуыды кӕнӕм, ӕмӕ, цы зонӕм – уый Йегъовӕйы фӕрцы, ӕмӕ нӕ ноджы тынгдӕр бафӕнда йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕфсымӕр Моррис студенттӕн загъта, цӕмӕй-иу сӕ исчи куы ӕппӕла, уӕд-иу равдисой, Йегъовӕйӕ кӕй тӕрсынц, уый.

«Цы хӕс уыл ис, уымӕн аргъ кӕнут»

Афтӕ хуынди программӕйы сӕйраг раныхас. Ныхасы рацыд Гай Пирс, Разамонӕг советӕй. Ӕфсымӕр Пирс бамбарын кодта, дзырд «миссионер» кӕй амоны, «ахсджиаг хӕс сӕххӕст кӕныны тыххӕй ӕндӕр ранмӕ кӕй арвитынц, ахӕм адӕймагмӕ». Абон бирӕ алыхуызон организацитӕ сӕ минӕвӕртты арвитынц ӕндӕр рӕттӕм алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ. Бирӕ организацитӕн сӕ нысан вӕййы рынчынтӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ политикӕйы фӕрцы адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон скӕнын. Ӕфсымӕр Пирс ног миссионертӕн загъта: «Сымахыл ӕндӕр хӕс ис». Цавӕр?

Ахуыры рӕстӕг студенттӕ бирӕ ныхас кодтой, рынчынтӕ-иу диссаджы хуызы куыд сдзӕбӕх сты, уый фӕдыл Библийы цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдоныл. Зӕгъӕм, Чырысти гыццыл чызджы куы райгас кодта, уӕд йӕ ныййарджытӕ «фырцинӕй цы акодтаиккой, уый нал зыдтой» (Марчы 5:42). Куырмытӕ цӕстӕй куы ракастысты, уӕд уыдонӕн дӕр сӕ цинӕн кӕрон нӕ уыд. Чырысти уыцы диссӕгтӕ цӕмӕн арӕзта, уыцы аххосӕгтӕй иу уыди, кӕй йӕ фӕндыд равдисын, ног дунейы цы сараздзӕн, уый. Хуыцау ацы фыддуне куы сафа, уӕд чи фервӕздзӕн, уыцы рӕстгӕнджытӕ, «тынг бирӕ адӕм», се ’ппӕт дӕр сӕ низтӕй фервӕздзысты (Раргомад 7:9, 14). Сӕ уарзон адӕм куы райгас уой, уӕд уыдон дӕр ӕнӕниз уыдзысты. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, иууылдӕр куыд цин кӕндзысты, уый!

Фӕлӕ ӕфсымӕр Пирс бамбарын кодта, адӕмы сӕ низтӕй дзӕбӕх кӕнын ӕппӕты ахсджиагдӕр кӕй нӕу. Йесо-иу кӕй сдзӕбӕх кодта, уыдон дӕр-иу фӕстӕдӕр ногӕй фӕрынчын сты. Кӕй райгас кодта, уыдон дӕр амардысты. Уымӕ гӕсгӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр уый уыди, Чырысти адӕмӕн кӕй ӕххуыс кодта, цӕмӕй Хуыцауимӕ бафидыдтаиккой. Галаады скъола чи фӕци, уыцы миссионертыл дӕр ахӕм хӕс ис. Уыдон адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Хуыцауимӕ бафидауой ӕмӕ сын цӕмӕй йӕ цӕсты хорз ном уа. Хуыцауимӕ чи бафидауа, ӕрмӕстдӕр уыдон цӕрдзысты ӕнустӕм. Ӕфсымӕр Пирс загъта: «Адӕмӕн ацы ахсджиаг хъуыддаджы куы ӕххуыс кӕнат, уӕд уый кад хӕсдзӕн Хуыцауӕн, ӕмӕ уын уӕд уӕ лӕггады бирӕ ӕнтысдзӕн».

Ӕртӕ ахсджиаг хъуыдыйы ма

«Уӕ алы бонӕй дӕр уӕ зӕрдӕ рухс кӕндзӕн?» Ацы цымыдисаг фарстайыл аныхас кодта Роберт Рейнз, Америкӕйы Иугонд Штатты филиалӕй. Ӕфсымӕр Рейнз студенттӕн загъта, зӕгъгӕ уӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй уӕ царды алы бонӕй дӕр уӕ зӕрдӕ рухс кӕна, уӕд уӕ рӕстӕгӕй раст пайда кӕнут, истӕуыл куы тыхсат, уӕд-иу разамынд агурут Хуыцауы Ныхасы ӕмӕ ӕппынӕдзух Йегъовӕмӕ кувут.

«„Рагон фӕдзӕхст“ ног уавӕрты дӕр ӕххӕст кӕндзыстут?» Ацы фарста студенттӕм радта Галаады ахуыргӕнджытӕй иу, Марк Нумар. Ӕфсымӕр Нумар аныхас кодта, 1 Иоанны 2:7, 8 стихтыл. Уым апостол Иоанн кодта «рагон фӕдзӕхсты» кой, фӕлӕ ма йӕ хуыдта «ног фӕдзӕхст» дӕр. Дыууӕ дӕр амонынц иу фӕдзӕхстмӕ – Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ кӕрӕдзийы хъуамӕ уарзой сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ӕмӕ удуӕлдайӕ (Иоанны 13:34, 35). Ацы фӕдзӕхст Иоанн рагон уый тыххӕй схуыдта, ӕмӕ йӕ Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бирӕ азты размӕ радта. Ног та йӕ уымӕн схуыдта, ӕмӕ уыцы рӕстӕг чырыстӕттӕ ӕмбӕлдысты ног фӕлварӕнтыл ӕмӕ сӕ уарзондзинад хъуамӕ равдыстаиккой ӕндӕр хуызы ӕмӕ ноджы ирддӕрӕй. Миссионертӕ дӕр уыдзысты ног уавӕрты ӕмӕ хъуамӕ ахуыр кӕной сӕ уарзондзинад уыцы уавӕрты ӕвдисын. Уый сӕ къухы цӕй фӕрцы бафтдзӕн?

«Уе сӕфт цы митӕй уынут, уӕхӕдӕг дӕр ахӕм митӕ кӕнын ма райдайут»,– загъта ӕфсымӕр Нумар. Студентты бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, не сӕфт цы митӕй уынӕм, ахӕм митӕ иннӕтӕм гӕсгӕ кӕнын куы райдайӕм, уӕд мах дӕр уыдоны хуызӕн суыдзыстӕм. Афтӕмӕй адӕймаг йӕхӕдӕг йӕхи сафы. Фӕлӕ ахӕм уавӕрты нӕ уарзондзинад равдисыныл куы архайӕм, уӕд ацы талынг дунейы «ӕцӕг рухсы» хуызӕн уыдзыстӕм.

«Уӕ уаргъ хӕссут». Ацы ахсджиаг раныхас уыди Галаады скъолайы иннӕ ахуыргӕнӕг Майкл Бернеттӕн. Ӕфсымӕр Бернетт радзырдта, сӕ сӕрыл уӕззау уӕргътӕ чи фӕхӕссы, уыцы африкӕйаг адӕмы тыххӕй. Уыдон сӕ сӕрыл ӕрӕвӕрынц тымбыл тыхт хъуымац, ката, зӕгъгӕ, цӕмӕй сӕ уаргъ ӕнцонхӕссӕн уа ӕмӕ сӕ цӕуын дӕр ма хъыгдара. Ног миссионертӕ дӕр фӕсарӕнтӕм куы ацӕуой, уӕд хӕсдзысты уӕззау «уаргъ», ома сыл уыдзӕн бирӕ хӕстӕ. Ӕмӕ сын цӕмӕй ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй сын радтой ката – Галаады скъолайы цы бирӕ ахсджиаг хабӕрттыл сахуыр сты, уый. Библийӕ цы базыдтой, уымӕй куы пайда кӕной, уӕд сын сӕ уаргъ хӕссын афтӕ зын нӕ уыдзӕн ӕмӕ сын сӕ хъуыддаджы бирӕ ӕнтысдзӕн.

Хабӕрттӕ уацамындӕй ӕмӕ интервьютӕ

Галаады скъолайы программӕмӕ хауы уацамынды цӕуын дӕр бынӕттон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ. Уильям Сэмюэлсонӕн, Библион скъолаты хайады разамонӕгӕн, уыд раныхас, «Дӕ къухтӕн ӕнцой ма дӕтт», зӕгъгӕ, ӕмӕ радзырдта, студенттыл хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ цы цымыдисаг цаутӕ ӕрцыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕ (Екклесиаст 11:6). Студенттӕ равдыстой, хорз хабар зӕрдиагӕй куыд хъусын кодтой, уый, куыд агуырдтой фадӕттӕ, цӕмӕй-иу адӕмимӕ аныхас кодтаиккой хӕдтӕхджыты, ресторанты ӕмӕ заправкӕты. Студенттӕ хъусын кодтой хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, писмоты руаджы ӕмӕ-иу сын фадат куы фӕзынд, уӕд. Уыдонӕй ӕцӕгдӕр ис зӕгъӕн, сӕ къухтӕн ӕнцой кӕй нӕ лӕвӕрдтой ӕмӕ сын ӕнтысгӕ дӕр бирӕ бакодта.

Уый фӕстӕ Кеннет Стовалл, лӕггад кӕны Галаады скъоламӕ йӕ хъус чи дары, уыцы хайады, интервью райста, бирӕ рӕстӕг миссионертӕй чи лӕггад кодта, уыцы ӕртӕ ’фсымӕрӕй. Уыдон уыдысты Берри Хилл, лӕггад кодта Эквадоры ӕмӕ Республикӕ Доминикӕйы, Эдди Мобли, лӕггад кодта Кот-д’Ивуары ӕмӕ Таб Хонсбергер, лӕггад кодта Сенегалы, Бенины ӕмӕ Гаитийы. Цы темӕйыл ныхас кодтой, «Бафӕлвар Йегъовӕйы, ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзӕн», зӕгъгӕ, уый се ’ппӕты зӕрдӕмӕ дӕр фӕцыди (Малахи 3:10). Ӕфсымӕр Хилл радзырдта, йӕ бинойнагимӕ Эквадоры куы лӕггад кодтой, уӕд зынтӕй кӕй сахуыр сты уыцы бӕстӕйы климӕтыл – ӕдзух-иу дзы уыди тӕвд, уымӕй уӕлдай дзы куы рыгӕй сулӕфӕнтӕ нӕ уыд, куы та дзы афтӕ цъыф уыд, ӕмӕ дзы ацӕуӕн нӕ уыд. Дыууӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг та сӕхи ӕхсынӕн дон хастой ведраты. Фӕлӕ уӕддӕр уырдыгӕй ацӕуыныл хъуыды дӕр никуы акодтой, уымӕн ӕмӕ уым кӕй лӕггад кодтой, уый нымадтой Йегъовӕйы арфӕдзинадыл. Ӕфсымӕр Берри загъта: «Уый уыд нӕ цард».

Программӕйы кӕрон студенттӕй иу къласы номӕй бакаст зӕрдӕмӕхъаргӕ писмо арфӕйы ныхӕстимӕ, Галаады скъолайы цы базыдтой, уый тыххӕй. Уыди дзы ахӕм ныхӕстӕ: «Нӕ уырнындзинад хохимӕ куы абарӕм, уӕд мах бӕрзонд схызтыстӕм, фӕлӕ йӕ ’мбарӕм, нырма нӕ бирӕ цӕуын кӕй хъӕуы». Уый фӕстӕ студенттӕн радтой дипломтӕ ӕмӕ сын загътой, кӕй дзы кӕцы бӕстӕмӕ ӕрвитынц, уый. Кӕронбӕттӕны ӕфсымӕр Джексон студенттӕн загъта, Йегъовӕ сын ӕнӕмӕнгдӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уӕлдайдӕр та сӕ зындзинӕдты рӕстӕг. Программӕмӕ чидӕриддӕр ӕрбацыд, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ ныфсыл ныфс бафтыд ӕмӕ райгондӕй баззадысты. Фидарӕй зӕгъӕн ис, Йегъовӕ ацы ног миссионерты уылты бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ кӕй сараздзӕн.

[Таблицӕ/​Картӕ 31 фарсыл]

КЪЛАСЫ БӔРӔГГӔНӔНТӔ

Студенттӕ цал бӕстӕйӕ уыдысты: 9

Рӕстӕмбис нымадӕй сыл цал азы цӕуы: 34

Рӕстӕмбис нымадӕй цал азы сты донаргъуыд: 19

Рӕстӕмбис нымадӕй цал азы лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг: 13

[Картӕ]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Миссионерты арвыстой, дӕлдӕр цы бӕстӕтӕ амынд сты, уырдӕм

МИССИОНЕРТЫ КӔДӔМ АРВЫСТОЙ, УЫЦЫ БӔСТӔТӔ

АРГЕНТИНӔ

СОМИХ

БУРКИНА-ФАСО

БУРУНДИ

КОНГО (КИНШАСӔ)

ЧЕХИ

ГАИТИ

ГОНКОНГ

ИНДОНЕЗИ

КЕНИ

ЛИТВА

МАЛАЙЗИ

МОЗАМБИК

НЕПАЛ

ПАПУА – НОГ ГВИНЕЙӔ

РУМЫНИ

СЕНЕГАЛ

ТАНЗАНИ

УГАНДӔ

ЗИМБАБВЕ

[Ныв 31 фарсыл]

Галаады скъолайы 130 кълас каст чи фӕци, уыдон

Ацы хыгъды рӕнхъытӕ амынд сты раззагӕй фӕстагмӕ, нӕмттӕ та – галиуырдыгӕй рахизырдӕм.

1) Молина С.; Бассолино С.; Алатсис К.; Арройо А.; Ниньо Л.; Мерклинг Ш.; Кларк М.

2) Литтл С.; Тибодо С.; Якобссон С.; Морено Дж.; Родригес А.; Ли К.; Карденас Х.; Агилар Л.

3) Клэрбуш А.; Полли А.; Колдуэлл С.; Адамэ Х.; Хильдебрандт Ш.; Шумейкер И.; Громан Н.; Гальвес Г.

4) Кларк Дж.; Бассолино А.; Пакхам К.; Адамэ Х.; Кнаус М.; Ниньо М.; Морено Р.; Гальвес Дж.

5) Родригес Д.; Жейне М.; Молина Х.; Агилар А.; Алатсис И.; Манно А.; Громан Р.; Пакхам Дж.

6) Жейне С.; Карденас М.; Арройо С.; Манно К.; Мерклинг Дж.; Ли Х.; Клэрбуш К.; Якобссон П.

7) Литтл Дж; Хильдебрандт Б.; Шумейкер М.; Кнаус К.; Колдуэлл Дж.; Тибодо Ф.; Полли К.