Баввахс у Хуыцаумӕ
«Сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу»
ХУЫЦАУӔН ӕнувыдӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм сылгоймаг загъта: «Афтӕ мӕм каст, цыма мын Йегъовӕ мӕ тӕригъӕдтӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ уыцы уаргъ цӕрӕнбонты хӕсдзынӕн». Ӕцӕгдӕр, адӕймагӕн Хуыцауы раз йӕ цӕсгом сыгъдӕг куы нӕ уа, уӕд уый уӕззау уаргъӕй уӕлдай нӕ вӕййы. Фӕлӕ йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны, уыдоны тыххӕй Библийы фыст ӕрцыд, ныфсы хос сын чи фӕуыдзӕн, ахӕм ныхӕстӕ. Ӕркӕсӕм, псаломзарӕггӕнӕг Давид цы загъта, уымӕ. Йӕ ныхӕстӕ фыст сты Псаломы 103:8–14.
Давид зыдта, «Йегъовӕ... фӕлмӕнзӕрдӕ» кӕй у ӕмӕ нын «нӕ рӕдыдтытӕ... нӕ цӕстмӕ» ӕдзух кӕй нӕ дардзӕн (8–10 стихтӕ). Адӕймаг йӕ рӕдыдыл куы ӕрфӕсмон кӕны, уӕд ын Хуыцау ӕппӕт зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕны ӕмӕ йын ӕй никуыуал ӕрхъуыды кӕны. Давид, Хуыцауы кадӕн рӕсугъд зарджытӕ, кӕнӕ псаломтӕ, чи фыста, уый, йӕ псаломтӕй иуы скодта ӕртӕ абарсты, цӕмӕй равдыстаид, Йегъовӕ куыд тынг фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый.
«Арв зӕххӕй уӕлдӕр куыд у, афтӕ стыр у йе ’нувыд уарзт, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ» (11 стих). Ӕхсӕвы стъалыджын арвмӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд ӕй нӕ зонд ахсгӕ дӕр нӕ фӕкӕны, стъалытӕ зӕххӕй куыд тынг дард сты, уый. Ацы абарсты фӕрцы нын Давид ӕмбарын кӕны, Хуыцау куыд тынг фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый. Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад та у, йе ’нувыд уарзт кӕмӕй бӕрӕг у, уыцы миниуджытӕй иу. Иу ахуыргонд ацы ныхӕсты тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ у, «чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ», ома, «сӕрныллӕг чи у ӕмӕ йын чи кад кӕны», уыцы адӕммӕ.
«Хурыскӕсӕн хурныгуылӕнӕй куыд дард у, афтӕ адард кодта махӕй нӕ тӕригъӕдтӕ» (12 стих). Ацы ныхӕстӕй нын Давид ӕмбарын кӕны, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд сӕ махӕй афтӕ дард кӕй ахӕссы, ӕмӕ уый нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын дӕр нӕ бон нӕу.
«Фыд йӕ фырттӕм куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, афтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у Йегъовӕ, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ» (13 стих). Давид йӕхӕдӕг дӕр хъӕбулы ад кӕй зыдта, уымӕ гӕсгӕ йын амонын нӕ хъуыд, йӕ цоты чи уарзы, уыцы фыды зӕрдӕ куыд вӕййы, уый. Ахӕм фыд йӕ сывӕллонӕн фӕтӕригъӕд кӕны, уӕлдайдӕр та сывӕллоны исты куы фӕтыхсын кӕны, уӕд. Давиды ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, нӕ уӕларвон Фыд йӕ зӕххон хъӕбултӕм фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый, уӕлдай тынгдӕр та, сӕ тӕригъӕдтыл куы ’рфӕсмон кӕнынц ӕмӕ «зӕрдӕсаст» куы вӕййынц, уӕд (Псалом 51:17).
Ацы ӕртӕ абарсты фӕрцы Давид бамбарын кодта, Йегъовӕ тӕригъӕдджын адӕммӕ фӕлмӕнзӕрдӕ цӕмӕн у, уый: «Уымӕн ӕмӕ хорз зоны, цӕмӕй конд стӕм, уый, сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу» (14 стих). Йегъовӕ зоны, сыджытӕй конд кӕй стӕм, бирӕ хъӕндзинӕдтӕ нӕм кӕй ис ӕмӕ алцы нӕ бон кӕй нӕу. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ «цӕттӕ [у] хатыр кӕнынмӕ» нӕ тӕригъӕдтӕ, ӕрмӕст сыл хъуамӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ’рфӕсмон кӕнӕм (Псалом 86:5).
Йегъовӕ ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй у, уый дын ӕхсызгон нӕу? Статьяйы райдиан цы сылгоймаджы кой кодтам, уый лӕмбынӕг ахъуыды кодта, Хуыцау адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ зӕрдӕйӕ кӕй хатыр кӕны, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, ууыл. Библийы цы бакаст, уый йыл тынг фӕзынд, ӕмӕ загъта: «Ӕз ӕмбарын райдыдтон, уымӕн гӕнӕн кӕй ис, цӕмӕй Йегъовӕ ме ’мбал суа, ӕмӕ ме ’ккойӕ уӕззау уаргъ ахауд» *. Нӕ дӕ фӕндид, Хуыцау куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый тыххӕй фылдӕр базонын? Цы ис саразӕн, цӕмӕй дӕм Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ уа? Кӕд ды дӕр истӕй тыххӕй дӕхи фӕсмонӕй хӕрыс, уӕд, чи зоны, дӕуӕн дӕр фенцондӕр уа.
Августы Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:
[Фиппаинаг]
^ 7 абз. Кӕс чиныг «Баввахс у Иегъовӕмӕ», 26 сӕр, «Хуыцау у „хатыргӕнаг“». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
[Хицӕнгонд текст 13 фарсыл]
«Ӕз ӕмбарын райдыдтон, уымӕн гӕнӕн кӕй ис, цӕмӕй Йегъовӕ ме ’мбал суа, ӕмӕ ме ’ккойӕ уӕззау уаргъ ахауд»