Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...

Цымӕ Хуыцау уыцы иу рӕстӕг алы ран дӕр вӕййы?

Цымӕ Хуыцау уыцы иу рӕстӕг алы ран дӕр вӕййы?

▪ Кӕцыдӕр динтӕ амонынц, зӕгъгӕ, Хуыцау уыцы иу рӕстӕг вӕййы алы ран дӕр. Зӕгъӕм, иу энциклопедийы фыст ис, Хуыцау кӕй «ис алы ран дӕр ӕмӕ алцӕй мидӕг дӕр» (New Catholic Encyclopedia). Джон Уэсли, методистты динӕн бындур чи ӕрӕвӕрдта, уый дӕр йӕ раныхасы, Хуыцау алы ран дӕр кӕй ис, уый фӕдыл, ныффыста: «Дун-дунейы ӕмӕ уымӕй дарддӕр цы ис, уым, Хуыцау кӕм ма уа, иу ахӕм бынат дӕр нӕй» (On the Omnipresence of God).

Цымӕ Библийы та цы фыст ис? Хуыцау ӕцӕгдӕр уыцы иу рӕстӕг уӕлӕрвты дӕр, зӕххыл дӕр ӕмӕ адӕмӕн сӕхи мидӕг дӕр цӕры?

Библи комкоммӕ зӕгъы, Хуыцауӕн кӕй ис бӕлвырд цӕрӕнбынат – уӕлӕрвтӕ. Зӕгъӕм, фыст дзы ис, паддзах Соломон Хуыцаумӕ афтӕ кӕй куывта: «Фехъус уӕлӕрвтӕй, дӕ цӕрӕнбынатӕй» (1 Паддзӕхты 8:43). Йесо Чырысти дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты кувын куы ахуыр кодта, уӕд сын загъта, цӕмӕй куывтаиккой, «нӕ уӕларвон Фыд», зӕгъгӕ (Матфейы 6:9). Библийы фыст ис, Чырысти куы райгас, уӕд кӕй ссыд «комкоммӕ уӕларвмӕ, ӕмӕ ныр уый ис уӕлӕрвты, цӕмӕй... ӕрлӕууа Хуыцауы раз» (Дзуттӕгтӕм 9:24).

Ацы стихтӕй бӕрӕг у, Хуыцау Йегъовӕ алы ран нӕ, фӕлӕ уӕлӕрвты кӕй цӕры. Ацы стихты цы «уӕлӕрвты» кой ис, уый нӕдӕр, зӕххы алыварс цы атмосферӕ ис, уый у, нӕдӕр космос у. Сфӕлдисӕгӕн ӕнӕхъӕн Дун-дуне дӕр къуындӕг у (1 Паддзӕхты 8:27). Библийы фыст ис: «Хуыцау у ӕнӕуынгӕ» (Иоанны 4:24). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕргӕ дӕр кӕны ӕнӕуынгӕ уӕлӕрвты, ома, цы Дун-дуне сфӕлдыста, уымӕ чи ницы бар дары, ахӕм ран (1 Коринфӕгтӕм 15:44).

Фӕлӕ, чи зоны, кӕмӕдӕр афтӕ фӕкӕса, Библийы иуӕй-иу стихтӕ уымӕ кӕй амонынц, ӕмӕ Хуыцау алы ран дӕр ис. Зӕгъӕм, Псалом 139:7–10 стихты паддзах Давид Хуыцауы тыххӕй загъта: «Кӕдӕм фӕцӕудзынӕн дӕуӕй, ӕмӕ кӕдӕм фӕлидздзынӕн дӕ цӕсгомӕй? Уӕлӕрвтӕм ссӕуон – уым дӕр мӕ фендзынӕ. Мӕ хуыссӕн ингӕнмӕ ныххӕссон – уым дӕр мӕ ссардзынӕ. Сӕуӕхсиды базыртӕ дӕр куы райсин, цӕмӕй ӕппӕты дарддӕр денджызы был ӕрцӕрон, уӕддӕр мӕ уым дӕр кӕнид дӕ къух». Цымӕ ацы стихтӕм гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ дзы цы бынӕтты кой цӕуы, Хуыцау уыдонӕй алкӕцыйы дӕр кӕй цӕры?

Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, Давид йӕ ныхас афтӕ кӕй райдыдта: «Кӕдӕм фӕцӕудзынӕн дӕуӕй [«дӕ тыхӕй», фиппаинаг]?» * Йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы Хуыцау алцыдӕр уыны, стӕй йӕ цыфӕнды дард ран дӕр исты саразын куы хъӕуа, уӕд дӕр ӕй уый тыххӕй уырдӕм цӕуын кӕнӕ уым цӕрын нӕ хъӕуы. Зӕгъӕм, кӕд Марс Зӕххӕй цалдӕр милуан километры дарддӕр у, уӕддӕр фӕстаг азты ахуыргӕндтӕ иртасын райдыдтой, уыцы планетӕ цы элементтӕй конд у, уый. Уый сӕ бон цӕй фӕрцы сси? Сӕхӕдӕг Марсмӕ нӕ атӕхынц, фӕлӕ сӕм алыхуызон аппаратты фӕрцы цы къамтӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕрмӕг фӕхӕццӕ вӕййы, уый руаджы.

Уӕдӕ цӕмӕй Йегъовӕ, Дун-дунейы кӕм цы цӕуы, уый зона, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй алы ран дӕр уа. Библийы фыст ис: «Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдонӕй ахӕм ницы ис, ӕмӕ йӕ ма уына» (Дзуттӕгтӕм 4:13). Йегъовӕйы архайгӕ тых, ома йӕ сыгъдӕг тых, алкӕдӕм дӕр ӕххӕссы, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон у алцыдӕр уынын ӕмӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын иу ранӕй – уӕлӕрвты йын цы «сыгъдӕг цӕрӕнбынат» ис, уырдыгӕй (Дыккаг закъон 26:15).

[Фиппаинаг]

^ 8 абз. Ам «тых»-ӕй цы дзуттаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый амоны Хуыцауы архайгӕ тыхмӕ, ома йӕ фӕндон кӕй фӕрцы ӕххӕст кӕны, уыцы тыхмӕ.

[Ныв барлӕвӕрдӕй 27 фарсыл]

IAC/​RGO/​David Malin Images