Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы хъуамӕ зоной сывӕллӕттӕ Хуыцауы тыххӕй?

Цы хъуамӕ зоной сывӕллӕттӕ Хуыцауы тыххӕй?

Цы хъуамӕ зоной сывӕллӕттӕ Хуыцауы тыххӕй?

«Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн, раст зондыл аразынӕн» (2 ТИМОФЕЙМӔ 3:16).

СЫВӔЛЛӔТТӔ хъуамӕ зоной Хуыцау чи у, цавӕр закъӕттӕ радта адӕмӕн ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕ. Фӕлӕ уыдӕттӕ сӕ бон базонын кӕцӕй у? Ӕппӕты зындгонддӕр чиныгӕй – Библийӕ.

Библи схонӕн ис Хуыцауы писмо. Уыцы писмойы Хуыцау дзуры йӕхи тыххӕй, стӕй дзы йӕ сывӕллӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр – ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр – дӕтты уынаффӕтӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй. Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ ӕмӕ сӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕ. Уыцы уынаффӕтӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц, уый бамбардзысты суанг сывӕллӕттӕ дӕр.

Хуыцауы тыххӕй цы хъуамӕ зонӕм?

Библийы фыст ис: «Ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды кӕй дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн» (Псалом 83:18).

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хуыцау цавӕрдӕр ӕнахуыр тых нӕу, фӕлӕ йын ис миниуджытӕ ӕмӕ ном.

Библийы фыст ис: «Йегъовӕ кӕсы алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр ӕмӕ адӕймагӕн йӕ алы хъуыды ӕмӕ йӕ алы фӕнд дӕр базоны. Куы йӕ агурай, уӕд ӕй ссардзынӕ» (1 Азфыстыты 28:9).

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хуыцау алкӕйдӕр уарзы, суанг гыццыл сывӕллӕтты дӕр (Псалом 10:14; 146:9). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ базонӕм.

Библийы фыст ис: «Идӕдз усы ӕмӕ сидзӕры ма ’фхӕрут. Куы сӕ ’фхӕрай ӕмӕ мӕм куы сдзыназой, уӕд сын ӕз сӕ дзыназын ӕнӕмӕнг фехъусдзынӕн» (Рацыд 22:22–24).

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йегъовӕ хъусы суанг гыццыл сывӕллӕтты куывдтытӕ дӕр. Нӕ бон ӕм у ӕдзухдӕр кувын ӕмӕ йын дзурын, нӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ, иунӕг адӕймагӕн дӕр цы нӕ зӕгъиккам, уыдӕттӕ.

Библийы фыст ис: «Цал ӕмӕ цал хатты фӕлвӕрдтой Хуыцауы ӕмӕ цал хатты бауагътой маст Израилы сыгъдӕг Хуыцауы» (Псалом 78:41).

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Нӕ ныхӕстӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйӕн кӕнӕ циндзинад ӕрхӕссынц, кӕнӕ та йын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнынц. Уӕдӕ исты саразыны кӕнӕ исты зӕгъыны размӕ фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын.

Иннӕ адӕммӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

Библийы фыст ис: «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35).

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Кӕд Хуыцау никӕй хъулон кӕны, уӕд мах дӕр хъуамӕ макӕй хъулон кӕнӕм, буары хуызӕй ӕмӕ бакастӕй мах хуызӕн куы нӕ уой, уӕд дӕр.

Библийы фыст ис: «Алкӕддӕр цӕттӕ ут, уӕ ныфсы тыххӕй уӕ чидӕриддӕр фӕрса, уыдонӕн дзуапп раттынмӕ. Ӕрмӕст сын дзуапп дӕттут сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй» (1 Петры 3:15).

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Иннӕтимӕ Хуыцауы тыххӕй куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд хъуамӕ дзурӕм ныфсджынӕй, фӕлӕ уӕзданӕй. Хъуамӕ аргъ кӕнӕм, ӕндӕр диныл хӕст ч иу, уыцы адӕмӕн дӕр.

Нӕ бинонтӕн куыд хъуамӕ уӕм?

Библийы фыст ис: «Сывӕллӕттӕ, алы хъуыддаджы дӕр уӕ ныййарджытӕм хъусут, уымӕн ӕмӕ уый цӕуы нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ» (Колоссӕгтӕм 3:20).

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ кӕй фӕкӕсынц, уымӕй ӕвдисынц, кӕй сӕ уарзынц, стӕй сӕ кӕй фӕнды Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын дӕр.

Библийы фыст ис: «Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат» (Колоссӕгтӕм 3:13).

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Иуӕй-иу хатт нӕ суанг нӕ бинонтӕй дӕр исчи фӕхъыг кӕны. Фӕлӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй нын Хуыцау нӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕна, уӕд мах дӕр хъуамӕ иннӕтӕн хатыр кӕнӕм (Матфейы 6:14, 15).

Ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ хӕларзӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

Библийы фыст ис: «[Ныууадзут] мӕнг ныхас, ӕмӕ уӕ ныр алчидӕр иннӕмӕн дзурӕд, ӕцӕг цы у, уый» (Ефесӕгтӕм 4:25).

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Ӕцӕг цы у, уый куы дзурӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы кӕй фӕзмӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм. Фӕлӕ мӕнг ныхӕстӕ куы кӕнӕм, уӕд та уыдзыстӕм Хуыцауы знаг Хӕйрӕджы хуызӕн, уымӕн ӕмӕ уый у «мӕнгдзинады фыд» (Иоанны 8:44; Титмӕ 1:2).

Библийы фыст ис: «Алы хъуыддаджы дӕр [уӕ] куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр» (Матфейы 7:12).

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хъуамӕ кад кӕнӕм нӕ бинонтӕн дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмӕн дӕр. Аргъ сын кӕнӕм се ’нкъарӕнтӕн ӕмӕ сӕ хъуыдыйӕн, стӕй-иу куы хъӕуа, уӕд-иу сӕ фарсмӕ балӕууӕм. «Иннӕты рыст» нӕм куы хъара, уӕд нӕм уыдон дӕр хорз цӕстӕй кӕсдзысты (1 Петры 3:8; Лукайы 6:38).

Куыд федтам, афтӕмӕй Библийы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон сывӕллӕттӕн баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй сӕ ахӕм адӕймӕгтӕ рауайа, ӕмӕ хорздзинадӕн аргъ кӕнын зоной, иннӕтӕн кад кӕной ӕмӕ сын сӕ рыст ӕмбарой. Фӕлӕ уыдӕттыл сывӕллӕтты чи хъуамӕ ахуыр кӕна?