Ӕппӕт бӕллӕхты аххосджын чи у?
Ӕппӕт бӕллӕхты аххосджын чи у?
ӔЗ ХӔЙРӔДЖЫ мӕхи дыууӕ цӕстӕй федтон, зӕгъгӕ, загъта Иугонд Нациты Организацийы ӕфсады сӕргълӕууӕг Руандӕйы. Афтӕ та уымӕн загъта, ӕмӕ, 1994 азы Руандӕйы дыууӕ адӕмыхатты кӕрӕдзи куы цагътой, уӕд ӕфсады бон нӕ уыд уыцы тугкалдӕн кӕрон скӕнын. Уыцы ӕвирхъау хабӕрттӕн ӕвдисӕн чи уыд, ӕндӕр ахӕм адӕймаг та загъта: «Ныр дӕр ма исчи афтӕ куы зӕгъа, Хӕйрӕг нӕй, зӕгъгӕ, уӕд-ма ӕрбацӕуӕд, Руандӕйы цалдӕр мин адӕймаджы иумӕ ныгӕд кӕм сты, уыцы ингӕнмӕ». Цымӕ ахӕм фыдмиты ӕцӕгдӕр Хӕйрӕг у аххосджын?
Адӕмӕн сӕ фылдӕрмӕ афтӕ нӕ кӕсы, ӕмӕ ӕппӕт бӕллӕхты Хӕйрӕг у аххосджын. Бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, адӕм сӕхӕдӕг сты аххосджын, уымӕн ӕмӕ ӕгъатырдзинад сӕ туджы ис. Иннӕтӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ, аххосджын сты, фӕсаууонӕй чи архайы ӕмӕ ӕнӕхъӕн дуне сӕхи бакӕнынмӕ чи хъавы, ахӕм хъӕздыг ӕмӕ хъомысджын адӕмы къорд. Ис ахӕмтӕ дӕр, ӕппӕт бӕллӕхтӕ хицауады аххос чи кӕны.
Ды та цы хъуыды кӕныс? Цымӕ абон зӕххыл уыйбӕрц фыдхъуыддӕгтӕ цӕмӕн цӕуы, кӕд сын кӕрон скӕныныл архайынц, уӕддӕр? Цымӕ адӕм сӕ рӕдыдтытӕй цӕуылнӕ истӕуыл ахуыр кӕнынц ӕмӕ «сӕрсӕфӕнмӕ» сӕхи къахӕй цӕмӕн цӕуынц? Чи у аххосджын? Дунейы хицау ӕцӕгӕй чи у? Ацы фарстайӕн дзуапп куы базонай, уӕд, чи зоны, тынг бадис кӕндзынӕ.